Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Кочысаты Мухарбег
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Кочысаты Мухарбег 

(1920-1944) 

Æрыгон ирон поэт, хæстон.  

 

 
Мухарбег райгуырдис Ольгинскæйы хъæуы, Кочысаты Григорийы хæдзары. Ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны педагогон институты. Фæлæ йын йæ ахуыр фæуын нæ бантыстис – райдытта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Мухарбег фæстаг курсы ахуыргæнгæйæ ацыдис йæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ. Хæцыдис хæбатырæй фашистты ныхмæ. Фыста æмдзæвгæтæ дæр, мысыдис Ирыстон, йæ ныййарæг мады, йæ адæмы.  

Фæлæ йын нал бантысти уыдоны фенын. 1944 азы Кочысаты Мухарбег фæмарди г. Ямполь сæрибар кæнгæйæ.  

Мухарбегæн йæ фыццаг чиныг рацыдис йæ мæлæты фæстæ 1947 азы. 1977 азы та мыхуыргонд æрцыдис йæ поэтикон сфалдыстад æмбæрдгондæй.  

Кочысаты Мухарбег йæ арæхсджынæй æвдыста йæ фæлтæры хъуыдытæ, æнкъарæнтæ æмæ домæнтæ. Йæ æмдзæвгæты зæрдиагæй зарыдис йæ райгуырæн бæстæйыл, æрдзы рæсугъддзинадыл. Йæ хæстон лирикæйы æххæстæй æвдыст цæуы, уæлахизыл куыд æууæндыдис æмæ йæм куыд æнхъæлмæ кастис.  

Мухарбеджы æмдзæвгæтыл фæстæдæр æрцыдысты арæзт бирæ лирикон зарджытæ. Адæм сæ тынг бауарзтой, æмæ абон дæр Кочысаты Мухарбеджы хъæлæс ирдæй хъуысы не 'хсæн.  

 

 

Кочысаты Мухарбеджы зарæг. 

Мухарбегæн йæхи ныхæстыл, Суанты Федыр мелоди. 

 

Мыййаг, хæсты быдыры искуы 

Куы фæуон мард, 

Охх, æмæ куы аскъуыйа æмбисыл 

Мæ рæзгæ цард. 

 

Мыййаг, куынал фæуон кæронмæ  

Мæ зарæг æз, 

Охх, æмæ куы бамыр уа бынтондæр 

Мæ сонт хъæлæс, 

 

Мыййаг куы фæсыкк уой мæ фæндтæ  

Мæ рухс фæндаг. 

Охх, æмæ ой, куырын уæ ме 'мбæлтæ , 

Аз иу хъуыддаг, 

 

Зæгъут-иу мæ мадæн, 

Куы фæуа тугкалæн хæст, 

Охх, æмæ йæ цæхæры фæмард дæн 

Цытимæ æз, 

 

Зæгъут-иу ноджыдæр 

Кавказæн салам мæ нæй,  

Охх. æмæ хъæбулау æй куы уарзтон  

Зæрдæ бынæй. 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ