Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Цардæй ист æмæ цардимæ баст цаутæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Кавказаг æгъдау  

 

1960-1970 æзты Хъæдгæроны уыдис хистæрты зындгонд фолклорон къорд. Сæ нывтæ иу арæх фæзындысты Мæскуыйы журналтæ æмæ газетты дæр. Уæдæ-иу сæ хуыдтой концерттæм Уæрæсейы стыр горæттæм (сахартæм). Сæ хистæр Сокаты Афæхъойыл цыдис 100 азæй уæлæмæ, уæддæр ма-иу цæрдæг кафыдис æмæ зарыдис. Иумæйаг концертты æмбæлдыстæм, æмæ-иу сæ рагон хабæрттæ дзурын куы райдыттой, уæд сæм мах, æвзонг лæппутæ, хъусынæй не ‘фсæстыстæм.  

 

Цæвиттон, иу афон Мæскуыйæ цыдысты нæхимæ. Æмæ Ростовы æфсæнфæндаджы вокзалы рахызтысты цухъаты, сыгъдæг уæлдæфæй аулæфынмæ. Уæд дзы иуыл (Хаутаты Агуыбе цыма уыдис, хорз æй нал хъуыды кæнын) университеты студенттæ æрымбырд сты, сæрдыгон арæзтадон къорды чи куыста ахæмтæ.  

Уæгъд æй нал уадзынц, дæ хъама нæм равдис, зæгъгæ. Уыдон дзы болат æфсæйнаг æнхъалдтой. Ома, кавказаг зæронд адæммæ ма ахæмтæ вæййы, зæгъгæ, æвæццæгæн арæх хъуыстой. 

Ныр уым та цæй хъама! Æддейы кæрддзæм рæсугъд арæзт, мидæгæй та алумины гæбаз, хъамайы хуызы. Сæрмагондæй-иу сæ арæзтой кафджытæн, цæмæй сын рог «хъамаимæ» кафын æнцондæр уа. Кæрддзæмæй сласын хатгай комгæ дæр нæ кодтой.  

Афтæмæй зæронд лæг ныссырх ис, ныссуйтæ фыр æфсæрмæй. Сæфы, худинаг кæны. Куыд равдиса кадджын ирон хистæр хъамайы бæсты цыдæр хъазæн?  

Адон йæ алыварс æртыгуыр сты æмæ йæ уæгъд нал уадзынц.  

Уæд сæ къорды разамонæг, Бокоты Солтан иуварс лæууыдис, æмæ хъуыддаг цæй мидæг ис, уый куы бамбæрста, уæд дзы иу студенты хъусы бадзырдта:  

- Ныууадзут ма мæгуыр лæджы, уæ хорзæхæй! Уый йæ хъама цæуылнæ сласы, уый не мбарут? Хæххон адæмы рагон æгъдаумæ гæсгæ, хъама кæрддзæмæй куы сласай, уæд ын фæстæмæ æнæ тугæй самæнтгæ æвæрæн нал ис... (Оставьте старика, ради Бога. Вы же не знаете, почему он не показывает кинжал! По обычаям гор, если вытащить кинжал из ножен, его нельзя обратно ложить, не вымазав в крови...)  

Цæсты фæныкъуылдмæ дзы студенттæй иу дæр уым нал аззадис...  

 

 

Хуыцауы тæрхон  

(Ирон адæм былæсчъилæй дихтæ чи кæны, уыдон мæ нæуынон сты. Фæлæ кæрæдзийы æфсымæртæ æмæ хотау уарзгæйæ хъазæн ныхасы аипп мæнмæ гæсгæ нæй) 

 

Ирон адæм, дам, иу афон æгæр схъал сты. Сæхицæй сæм зондджындæр, хъаруджындæр æмæ зæрдæргъæвддæр ничиуал кастис. Кусын сæ сæрмæ нал хастой æмæ кæрæдзийы дæр хорз нал æмбæрстой. Суанг ма Хуыцаумæ дæр нал куывтой. Æрмæстдæр цал кодтой, æмæ сæ сгухтдзинæдтæ мысыдысты.  

Ацы уавæр Хуыцауы зæрдæмæ нæ фæцыдис, æмæ Ирæн фесафыны тæрхон рахаста, раст кæддæр Нарты куыд фесæфта афтæ. Йæ æххуысгæнджытæй иумæ фæдзыртта, æмæ йын цыбыр рæстæгмæ тæрхон сæххæст кæныны бадзырд радта.  

Рацыдис иу цасдæр рæстæг. Хуыцау æрдомтта дзуапп, бадзырд куыд æрцыдис æххæстгонд уыуыл. Æмæ уæд рабæрæг ахæм цау.  

 

Скъахтой æртæ дынджыр дзыхъхъы, кæцыты ныддих кодтой цæгатаг ирæтты, хуссайраг иры (къуыдар) æмæ дыгурæтты. 

Фыццаг дзыхъхъæн йæ сæр ныууагътой гомæй, суанг ма дзы нарæг асин дæр сæвæрттой.  

Дыккаг дзыхъæн йæ сæр ахгæд æрцыдис, фæлæ дзы сарæзтой къаннæг дуар.  

Æртыккаг дзыхъхъæн та йæ сæр бæзджын бетонæй æнгом ныхгæттой, мысты хуынкъ дæр дзы нал ныууагътой. .  

Хуыцау куы бафарста, цæмæн афтæ алыгъуызон конд сты, зæгъгæ, уæд ын йæ æххуысгæнæг дзуапп радта:  

"Мæнæ фыццаг дзыхъхъы сты Цæгат Ирæттæ. Дзыхъ кæд гом у, уæддæр сын уырдыгæй схизыны амал нæй. Адонæй асиныл иу куы сцæйхиза, уæд æй иннæтæ хæрдмæ не суаддзысты. "Кæдæм бырыс нæ разæй!" - зæгъгæ, йæ фæстæмæ æрдавдзысты...  

Дыккаг дзыхъхъы ты сты Хуссар Ирæттæ - Къуыдар. Адон сты хъайтар æмæ сæрыстыр адæм. Æнæ тохæй нарæг дуарыл сбырын сæ сæрмæ не'рхæсдзысты...."  

 

"О, фæлæ уæд мæнæ адоны та æнгом цæмæн ныхгæдтат?"- Бафарста Хуыцау.  

"Ооо! Адон Дыгур сты! Æнгом æхгæд та уымæн сты, æмæ дзы иугæр иунæг куы сирвæза, уæд се'ппæты дæр йæ фæдыл сласдзæн!..."  

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ