Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ЦÆХДЖЫН ХОЙРАДЖЫ АРГЪ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ЦÆХДЖЫН ХОЙРАДЖЫ АРГЪ 

 

Цардис мæгуыр лæг йæ фыртимæ. Иубон мæгуыр лæг йæ фыртмæ фæдзырдта æмæ йын афтæ зæгъы: 

— Цалынмæ ма удæгас дæн, уæдмæ фæцу мæ рагон хæлармæ æмæ дзы мæ хæс дæр æрхæсс. Дæ фæндаг дард уыдзæн, æмæ дын фæдзæхсын: фæндагыл уа, бынаты, уæддæр кæрдзын иунæгæй макуы бахæр. 

Сцæттæ кодтой лæппуйæн фæндаггаг, æмæ ацыд балцы, уæдæ цы уыдаид. Цас фæцыдаид, чи йæ зоны, фæлæ бахæццæ иу суадонмæ. 

Суадоны цур бады иу зæронд лæг, хæринаг æм ницы, йæ фæллад уадзы. Мæгуыр лæджы фырт систа йæ фæндаггаг æмæ дзуры зæронд лæгмæ: 

— Барвæсс, зæронд лæг, мæ хус къæбæрыл, цæхджын хойраг адæмæн æмхуызон у. 

Зæронд лæг арфæ ракодта лæппуйæн, æмæ бахордтой аходæн. Цæуынтæ райдыдтой æмæ изæры бахæццæ сты, лæппу цы хъæумæ цыди, уырдæм. Зæронд лæг хъæугæрон фæдæлдзæх ис, æмæ лæппу иунæгæй бацыд йæ фысымтæм. 

Хорз суазæг кодтой лæппуйы йæ фыды хæлæрттæ. Радтой йын хæсы ’хца, скодтой йын хорз фæндаггæгтæ, æмæ та дыккаг бон лæппу рараст йæ фыды хæдзармæ. 

Иу дзæвгар куы рауадис хъæуæй, уæд та кæсы, æмæ уæртæ зæронд лæг фæцæуы. 

— Аипп ма уæд, ме ’мбæлццон, фæлæ кæй фæхицæн дæ, уый мын хъыг уыди. Мæ фысым нæ дыууæйы дæр суазæг кодтаид. 

— Афтæ у, лæппу, фæлæ æз дæр дæ фысыммæ уыдтæн. 

— Ау, уæдæ дæ æз куы нæ федтон? 

— Лæг нæ дæн æз, — загъта зæронд, — удхæссæг дæн æз æмæ дæ фысымы уд исынмæ уыдтæн. Ныронг дæр æм цыдаин, фæлæ йын хатыр уыд: афтæ куывта, хуыцау, хæсджынæй мæ ма амар, зæгъгæ. 

Лæппу фæхъыг кодта йæ фысымы зианыл, фæлæ ма дзы цы рауадаид. 

Аходæн афон куы ’рцыди, уæд та кæрдзын иумæ бахордтой, æмæ уæд лæппу фæрсы: 

— Уæдæ мын мæ уд хæссынмæ та кæд æрцæудзынæ? 

— Лæппу, хуыздæр уыдаид, уымæй мæ куы нæ фæрсис, уæд. Дæ зæрдæ йемæ дзурдзæн, æмæ дын зын уыдзæн. 

— Кæм фембæлдыстæм, уым уæлдай нал у, зæгъ мын æй. 

— Ус куы ракурай æмæ йæ куы ’рхæссай, уæд ног чындзы сæрзæдыл куыддæриддæр бафæдзæхсой, афтæ æрцæудзынæн дæ уд хæссынмæ. 

Лæппуйæн йæ ускурæн афон æрцыди, фæлæ ма кæм куымдта ус курын. Хæстæгæй-хицонæй йæм æрхатыдысты, æмæ йын гæнæн куы нал уыд, уæд сразы. Удхæссæг ын куыд загъта, уый зæгъын та йæ сæрмæ нæ хаста. 

Æрхаста ус, уæдæ цы уыдаид. Ног чындзы сæрзæдыл куыддæриддæр бафæдзæхстой, афтæ удхæссæг лæппуйы уæлхъус февзæрд. 

— Æххæст ма мæ фыдимæ аныхас кæнон, — зæгъгæ, лæппу бар ракуырдта удхæссæгæй æмæ йæ фыдмæ бацыд. Радзырдта йын, удхæссæг æм кæй æрцыд, уый. 

— Æнхъæлдæн, лæппу, цы дын фæдзæхстон, уый дæ зæрдыл нæ бадардтай. 

— Мæ хуыцау — ме ’вдисæн, дыууæ хатты фембæлдтæн ацы зæронд лæгыл, æмæ дыууæ хатты дæр иумæ бахордтам кæрдзын. 

— Уæдæ йæм бацу æмæ йын зæгъ: «Цæхджын хойрагæн ницы аргъ кæныс?» 

Лæппу бацыд æмæ загъта удхæссæгæн, йæ фыд ын куыд бацамыдта, афтæ. Удхæссæг уымæн дзуапп раттын нæ бафæрæзта æмæ фæцыд мæрдты бæсты æмæ хуыцауы тæрхоны лæгтæм. Иннæ абонæй иннæ абонмæ фæтæрхон кодтой æмæ нæ бафæрæзтой саргъ кæнын цæхджын хойрагæн, уыйбæрц зынаргъ сæм фæкаст цæхджын хойраг. 

Уыйадыл ногусджын удæгасæй баззад. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ