Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Дыгъуызтӕ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Дыгъуызтӕ
 

 

Ӕртӕ ӕфсымӕры Коц, Гӕзза ӕмӕ Дыгъуыз цардысты Дзауы районы Чеселты комы. Дыгъуыз уыд ӕфсымӕртӕн сӕ кӕстӕр, уыд тынг рӕсугъд. Ӕфсымӕрты хуыз йӕ рӕсугъддзинадӕй кӕй иста, уымӕ гӕсгӕ йыл ном сӕвӕрдтой Дыгъуыз, ома, дыууӕ ӕфсымӕры хуыз дӕр исы. Ӕфсымӕртӕ куы ралӕгтӕ сты, уӕд сӕ мад ӕмӕ фыд Коцы ныууагътой Чеселты, ӕмӕ ӕрцардысты Ципраны, Гӕзза бинонты хицау куы бацис, уӕд йӕ ныййарджытӕ Дыгъуызимӕ ралыгъдысты Чапарохмӕ. 

 

Цыдис рӕстӕг. Ӕфсымӕрты цот фылдӕрӕй фылдӕр кодтой, зӕхх сын нал фаг кодта ӕмӕ цардагур алырдӕм фӕцыдысты. Дыгъуызтӕ ралыгъдысты, ныртӕккӕ Сатихъар кӕм ис, уырдӕм. Фӕлӕ та сӕ уырдыгӕй дӕр бахъуыд фӕцӕуын ӕндӕр рӕттӕм. Иутӕ ӕрбынат кодтой Знауыры районы Хуриты хъӕуы, иннӕтӕ — Гуры, аннӕтӕ — Ленингоры районы Чардахы хъӕуы, Тбилисы ӕмӕ Рустауы. Бирӕтӕ дзы ӕрцардысты Дзӕуджыхъӕуы, Алагиры, Ногиры, Донгӕроны, Елхоты, Джызӕлы, станицӕ Змейкӕйы ӕмӕ ӕндӕр рӕтты. 

 

Сатихъар у Хуссар Ирыстоны рагондӕр хъӕутӕй иу. Ис алӕмӕтаг ӕрдзы хъӕбысы. Дидинӕгджын ӕрдузтӕ, гауызвӕлыст хъугӕмттӕ, ӕнусон нӕзыты къох, къутӕрджын бӕзджын хъӕдтӕ диссаджы рӕсугъд кӕнынц ацы дзӕнӕтон хъӕуы. Дыгъуызтӕ дзы ӕрцардысты 200 азы размӕ. Зӕхх сын кӕй нӕ фаг кодта, уымӕ гӕсгӕ ралыгъдысты быдираг дурджын зӕхмӕ. Хъӕу раздӕр хуынд «Дурджын». Дыгъуызтӕ уыдысты фӕллойуарзаг зӕхкусджытӕ, ӕмӕ сӕ цӕрӕн бынӕттӕ ныссыгъдӕг кодтой дуртӕй, хъӕдтӕй, бырӕттӕй. Сарӕзтой хӕдзӕрттӕ, цӕхӕрадӕттӕ, скодтой фос. Фӕстӕдӕр фӕцалх сты халсар ӕмӕ дыргъы куыстыл дӕр, ӕмӕ хъӕуы фӕзындысты ӕвӕджиауы дыргъдӕттӕ, сӕндӕттӕ ӕмӕ алыхуызон халсартӕй хъӕздыг цӕхӕрадӕттӕ. Хъӕу ссис дидинӕгӕфтауӕг ӕмӕ царддӕттӕг. Фӕстӕдӕр ӕй схуыдтой Сатихъар. 

 

Нудӕсӕм ӕнусы кӕрон гуырдзиаг ӕлдӕртты бафӕндыд сатихъайрӕгты зӕххытӕ ӕмӕ фос байсын. Фӕлӕ сӕрибаруарзаг Дыгъуызты мыггаг хъӕбатырӕй сӕ ныхмӕ стох кодтой. Хабар та уыд афтӕ. Паддзахы инӕлар Иосеб Амилахвари нымад уыд Гуры зылды хъӕздыгдӕр кънйазыл. Цы бирӕ хъӕутӕ йӕм уыд, уыдонмӕ хаудта Сатихъар дӕр. 

 

1902 азы уалдзӕджы сатихъайрӕгтӕ сӕ фос раскъӕрдтой сӕ сӕрвӕттӕм. Кънйазы фӕсдзӕуинтӕ хъавыдысты хъӕуккӕгты фос байсынмӕ ӕмӕ уыйадыл се ‘хсӕн загъд рауади. Фӕсдзӕуинтӕй иу фӕмард, уӕззау цӕф фӕцис сатихъайраг фыййау Дыгъуызты Макси дӕр. 

 

Цӕмӕй сатихъайрӕгты бафхӕрдтаид, уый тыххӕй инӕлар Амилахварийы ӕртӕсӕдӕ салдаты ӕмӕ афицеры ӕртӕ мӕйы дӕргъы тухӕнӕй мардтой хъӕуы зӕхкусджыты. Ӕргӕвстой сын сӕ фос, сыгътой сын сӕ мӕкъуылтӕ, истой сын сӕ мулк… 

 

Ӕмӕ уӕд сатихъайрӕгтӕ сӕ Ныхасы уынаффӕ рахастой, хъӕуы дзырддзӕугӕдӕр лӕгтӕ Дыгъуызты Естъайы, Датикъа ӕмӕ Габейы Дзӕуджыхъӕумӕ, Ирыстоны номдзыд поэт ӕмӕ мӕгуыр адӕмы сӕрхъуызой Хетӕгкаты Къостамӕ арвитын, цӕмӕй сын баххуыс кӕна. 

 

«Къоста ныл тынг зӕрдӕбынӕй бацин кодта, цыма йӕ рагон хӕлӕрттӕ уыдыстӕм, афтӕ. Лӕмбынӕг нӕм байхъуыста ӕмӕ нын ныфс бавӕрдта баххуыс кӕнынӕй. Фӕстӕмӕ куы цыдыстӕм, уӕд нӕ срӕвдз кодта фӕндаггӕгтӕй, нӕ рифтӕгтӕ нын байдзаг кодта алыхуызон хӕринӕгтӕ ӕмӕ нуазинӕгтӕй ӕмӕ нӕ афтӕмӕй афӕндараст кодта», — мысыд фӕстӕдӕр Естъа. 

 

1902 азы июлы Къоста Арвы комы фӕндагыл ацыд Тифлисмӕ ӕмӕ райдыдта сатихъайрӕгты хъуыддӕгты тыххӕй зилын, уыд Кавказы ӕфсӕддон зылды, бацыд Кавказы минӕвары къӕнцылармӕ. Дӕс боны фӕцис Тифлисы, ӕппӕт хъӕугӕ документтӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ арвыста Бетъырбухмӕ. Дыгъуызты мыггаг абоны онг дӕр стырӕй, чысылӕй сӕ зӕрдыл дарынц номдзыд поэты ӕххуыс. 

 

Куыд Хуссар Ирыстоны ӕппӕт адӕм, афтӕ Дыгъуызтӕ дӕр бавзӕрстой бирӕ фыдӕбӕттӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ 1920 азы. 

 

Гуырдзиаг меньшевиктӕ сӕм ницыуал ныууагътой, фӕхастой сын сӕ фӕллӕйттӕ, стӕй арт бафтыдтой Сатихъары хъӕуыл. Чи аирвӕзт, уыдон ма тыхамӕлттӕй фӕлыгъдысты Цӕгат Ирыстонмӕ. Меньшевиктӕ дӕрӕнгонд куы ӕрцыдысты, уӕд хъӕуы цӕрджытӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ та сӕндидзын кодтой сӕ сыгъд хӕдзӕрттӕ. Цард та сӕм ногӕй йӕ мидбылты бахудт… 

 

Фӕлӕ та ӕрбалӕууыдис 1941 аз. Райгуырӕн бӕстӕ бахъахъхъӕныны тыххӕй хӕстмӕ Сатихъарӕй ацыдис 65 лӕппуйы ӕмӕ дзы бирӕтӕ сӕ сӕр нывондӕн ӕрхастой. 

 

Фӕсхӕст та цадӕггай хъӕу сӕндидзыдта. Кӕрӕдзи ӕххуысӕй адӕм царды амӕлттӕ кодтой. Дардтой фос, кодтой зӕххы куыст. Хъӕу рӕзт, йӕ цӕрджытӕ райгонд уыдысты сӕ цардӕй. Фӕлӕ та бирӕ нӕ ахаста уыцы цард дӕр. Ӕрбалӕууыдысты ӕмтъеры 90-ӕм азтӕ ӕмӕ та сӕргой фесты. Алырдыгӕй сӕм лӕбурдтой гуырдзиаг ӕнӕформалтӕ, тардтой сын сӕ фос, дӕрӕн сын кодтой сӕ цӕрӕн хӕдзӕрттӕ. Ӕмӕ уыдӕттыл куы баззадаиккой, фӕлӕ сыл ӕрцыд бирӕ зиантӕ дӕр. Уыцы хӕсты фӕмард Дыгъуызты Гарик. Ереды хъӕуы удӕгасӕй кӕй баныгӕдтой, уыцы дыууадӕс адӕймагимӕ уыдысты Дыгъуызты Иван ӕмӕ Важа дӕр. 

 

Дыгъуызты мыггаг лӕгдзинад ӕвдыстой канд знӕгтимӕ тохы нӕ, фӕлӕ ма сӕхицӕн кад ӕмӕ ном скодтой царды ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр: ахуырады, спорты, культурӕйы, наукӕйы ӕмӕ ӕндӕр къабӕзты. Дыгъуызты мыггаг сӕрыстыр сты сӕ номдзыд адӕймӕгтӕй. Дыгъуызты Тотырбег (хиуӕттӕ, хӕстӕджытӕ, сыхбӕстӕ ӕмӕ йӕ хъӕубӕстӕй бирӕтӕ фырбуцӕн хуыдтой Тото) дӕргъвӕтин рӕстӕг кад ӕмӕ радӕй йӕ райгуырӕн хъӕу Ногиры фӕкуыста партион ӕмӕ советон оргӕнты разамонӕг бынӕтты. Куыд Ирыстоны разагъды лӕгтӕй иу, афтӕ йын 2000 азы саккаг кодтой Горӕтгӕрон районы кадджын гражданины ном. Мыггаджы кадджындӕр адӕймӕгтӕй иу уыд Хуссар Ирыстоны педагогон институты ректор Дыгъуызты Павел. Горӕххсткомы сӕрдарӕй фӕкуыста Дыгъуызты Шалва, уыд партийы обкомы базарады хайады сӕргълӕууӕг. Курдиатджын нывгӕнӕг, Дыгъуызты Георги, ӕнӕзӕрдӕхудтӕй бирӕ азты директорӕй фӕкуыста Тугъанты Махарбеджы номыл училищӕйы, йе ‘фсымӕр Барис та йӕхи снывонд кодта спортӕн, бирӕ курдиатджын ахуыргӕнинӕгтӕ йын уыдис стъолы теннисӕй. Хуссар Ирыстоны фыццаг Съезды депутат, бирӕ азты дӕргъы Сатихъары администрацийы сӕргълӕууӕг Дыгъуызты Къоли Гарсеваны фырт. 

 

Уӕдӕ чи нӕ зоны Дыгъуызты Тотырбеджы фырт Тимуры, РЦИ-Аланийы Паддзахадон автоинспекцийы управленийы хицауы раздӕры хӕдивӕджы, барадон оргӕнты булкъоны, йе ‘фсымӕр Русланы — Горӕтгӕрон районы Минӕвӕртты ӕмбырды депутаты. 

 

Дыгъуызты мыггаг сӕрыстыр сты «Ростуризм»-ы хицау Дыгъуызты Валерийы чызг Зӕринӕйӕ, Европӕйы ӕмӕ дунейы чемпионтӕ армрестлингӕй Дыгъуызты Малхаз ӕмӕ Миленӕйӕ, зындгонд поэт, Уӕрӕсейы Фысджыты ӕмӕ Журналистты цӕдисты уӕнг, ӕхсӕнадон архайӕг Дыгъуызты Тенгизӕй, Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры артисткӕ, Республикӕ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткӕ Дыгъуызты Жаннӕйӕ, кинорежиссер, РЦИ-Аланийы сгуыхт артист Дыгъуызты Аланӕй, курдиатджын кафӕг Дыгъуызты Хъазыбегӕй, зындгонд футболисттӕ Дыгъуызты Альберт ӕмӕ Асланӕй, ӕрыгон, курдиатджын поэтессӕ, литературон конкурс «Булӕмӕргъ»-ы лауреат Дыгъуызты Зӕлинӕйӕ, ӕрыгон курдиатджын тӕлмацгӕнӕг ӕмӕ журналист, литературон конкурс «Булӕмӕргъ»-ы лауреат Дыгъуызты Роксанӕйӕ, зындгонд журналист Дыгъуызты Гришайӕ, бизнесмен ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Дыгъуызты Виссарионӕй, акционерон ӕхсӕнад «Осетия-Полиграфсервис»-ы хайады хицау Дыгъуызты Валерийӕ, уӕззау атлетикӕйӕ спорты мастертӕ, ӕфсымӕртӕ Дыгъуызты Омар ӕмӕ Нодарӕй, зындгонд агроном, хъӕууон хӕдзарады министры раздӕры фыццаг хӕдивӕг Дыгъуызты Таймуразӕй, хъӕууон хӕдзарады сгуыхт кусӕг, зындгонд экономист ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Дыгъуызты Хасанӕй, зындгонд эстрадон зарӕггӕнӕг Дыгъуызты Мӕдинӕйӕ. 

 

Дыгъуызты мыггагӕн дӕргъвӕтин рӕстӕг бӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕ нӕ уыд фадат мыггаджы совет саразынӕн, фӕлӕ 2018 азы сӕ райгуырӕн уӕзӕг Сатихъары скодтой мыггаджы куывд. Уым рахастой бирӕ хорз уынаффӕтӕ. Равзӕрстой мыггаджы ныхасы лӕгтӕ, фӕкӕсинаг адӕмӕн ӕххуыс кӕнынӕн сарӕзтой мыггаджы фонд. 

 

Дыгъуызты Алыксандр, 

 

мыггаджы советы сӕрдар 

 

 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ