Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Кокайты Барис
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 
 

Йæ алыварсон курдиатæй лæггад кæны адæмæн.
 

 

Рог æмæ зæрдæмæдзæугæ, сценæмæкæсæг æхцонæй кæй айсы, йæ зæрдæ йын музыкæйы зæлтæй чи барухс кæны, уыдоны фыццæгтæм хауы композитор. Растæндæр уый курдиат, йæ æвæллайгæ фыдæбоны фæрцы райгуырынц зæрдæмæхъаргæ зæлтæ. Фæлæ уæддæр уыцы уацмыс æххæст куыстгонд нæма уыдзæн, сценæмæкæсæджы зæрдæ æххæстæй нæ бахъæлдзæг кæндзæн, йæ арф æнкъарæнтæ йын нæ бацагайдзæн, зарæггæнæг æй æввахс йæхимæ куынæ æрбайса, йæ минмырон хъæлæсæй йæ куынæ радæтта, уæд. Æрдз, нæ алфæмблай æрдз, адæймаг æрвылбон дæр кæй уыны æмæ кæуыл æмбæлы, уыцы аивдзинад æмæ рæсугъд фæлыст хатт хатгæ дæр нæ фæкæны. Фæлæ ис ахæм курдиаты хицау, йæ цæстæн-гасæй уыцы фæлгонцтæ ирдæй чи фæуыны, стæй сæ махмæ чи радæтты, чи нын сæ базонын кæны, уый та нывгæнæг у. 

Аивады æртæ хуызы. Сæ иуæй се ‘ннæ ахадæндæр, сæ иуæй се ‘ннæ — мидисджындæр, кæцыты фæрцы адæймаг банкъары æнцойдзинад, фæдæтты йын ныфс æмæ хъару, фæхоны йæ царды хорздзинæдтæ тауынмæ. Уыцы хæрзиуджытæй хайджын фæци композитор, зарæггæнæг æмæ нывгæнæг Кокайты Барис Владимиры фырт дæр. Уыцы æртæ тæмæнкалгæ цæхæрæй аивадуарзджыты йæ цырен рухсæй чи тавы, йæ нуарджын куыст æмæ æвæллайгæ фæллойы фæрцы йæ радтæг адæмæн чи лæггад кæны, уыдонæй у Кокайы фырт дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон нæу дæ табугæнджыты зæрдæтæ рухс кæнын, сæ зæрдæйы равгыл сын хорзæрдæм æндавын. Уыдон та йæ къухы æфтынц йæ æвæллайгæ æмæ иузæрдион фæллой æмæ æрдзон курдиаты фæрцы. 

Кокайты Барис райгуырд æмæ схъомыл, аивадæй æххæст чи уыд, ахæм бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Владимир (Чермен) уыд Цæгат Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамблы кафæг æмæ зарæггæнæг-солист, уæлдай рæвдздæр та уыд ирон адæмон зарджытæ æххæст кæнынмæ. Аивадæй хайджын уыд йæ ныййарæг мад дæр, уый та хорз цагъта ирон фæндырыл. 

Йæ фыды аивады тых йæ зæрдæмæ арф айста æмæ къаннæг лæппуйæ фæцалх зарыныл. Фæлæ фæстæдæр цыма фæиппæрд аивадæй. Скъолайы бакаст 8 къласы, стæй ахуыр кодта профтехахуыргæнæндоны, арæзтады æххæст кодта сæрдæн куыстытæ. Æмхиц уыд спорты хуыз — хъæбысхæстмæ дæр, уыд къласикон хъæбысхæстæй республикон чемпионаты уæлахиздзау. Фæстæдæр йе ‘мбæстагон хæс бафыста Советон Æфсады рæнхъыты Красноярскы крайы. Ам, йæ сæрибар рæстæгæй пайда кæнгæйæ, сахуыр гитарæйыл цæгъдын, зарыд зындгонд эстрадон зарджытæ, æрбатымбыл-иу ыл сты йе ‘мбæлттæ æмæ йын зæрдиагæй хъуыстой йæ зарджытæм. 

Æфсадæй æрыздæхыны фæстæ Барис фидарæй аскъуыддзаг кодта, музыкæйы фæндагыл кæй æрлæудзæн, уый тыххæй. Аивадмæ æмхиц лæппу уæвгæйæ, уый фыццаг каст фæци Дзæуджыхъæуы аивæдты ахуыргæнæндон: 1971 азы — культурон-рухсадон куысты хайад æмæ 1978 азы та — теоретикон хайад. Йæ зæрдæ ма дзырдта композиторы ахуырадмæ дæр æмæ уый дæр бафтыд йæ къухы — 70-æм азты кæрон ахуыр кæнын райдыдта Мæскуыйы П. И. Чайковскийы номыл паддзахадон консерваторийы композицийы къласы профессор А. С. Леманмæ. Уæд æвзонг композитор ныффыста сюитæ скрипкæ æмæ фортепианойæн, вариаци фортепианойæн, сонатæ виолончелæн æмæ фортепианойæн, тæнон квартет æмæ симфонион поэмæ. Мæскуыйы ахуыры рæстæджы райста композитор æмæ эстрадон зарæггæнæг-вокалисты дæсныйæдтæ. Ахуырад райсыны фæстæ къухдариуæг кодта Цæгат Ирыстоны вокалон-инструменталон хæдархайгæ ансамблтæн. Уыд Цæгат Ирыстоны Композиторты цæдисы сæрдары хæдивæг. 1989 азæй у Композиорты цæдисы уæнг, 1994 азæй та у Уæрæсейы Нывгæнджыты цæдисы уæнг, РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг æмæ национ преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат. Барис у егъау музыкалон мадзæлтты хайадисæг. 

Кокайы фырты сæххæстгонд хуыздæр зарджытæ зæлынц æмæ æхцондзинад хæссынц аивадуарзджытæн, æххæст сæ кæнынц куыд профессионалон, афтæ ма хæдархайгæ зарæггæнджытæ. Зындгонд сты йæ ахæм зарджытæ, куыд «Рухсанæ» (Хъайтыхъты Георы ныхæстæ), «Уалдзыгон изæр» (ныхæстæ Кокайты Тотрадзы), «Ме стъалы (Уырымты Петяйы ныхæстæ), «Дæ рудзынг» (Чеджемты Æхсары ныхæстæ) æмæ æндæртæ. 

Йе сфæлдыстадон фæндаджы райдианы Кокайы фырт кæд фылдæр сфæлдыста, лирикон апп кæмæн уыд, ахæм уацмыстæ, уæд фæстæдæр та сæ тематикæ зынгæ рауæрæхдæр, фæзындысты йæм, патриотикон æмæ æмбæстагон хъуыды кæм зынд, ахæм зарджытæ. Уыдон нымæцмæ ахæссын хъæуы «Сабитæ» (Уырымты П. ныхæстæ), «Гæздæнты æфсымæрты зарæг» (Кокайты Т. ныхæстæ), «Джимиты Петры зарæг» (Ситохаты Саламджерийы ныхæстæ), «Цæр, зæхх» (Кокайты Т. ныхæстæ) æмæ æндæртæ. 

Барис 90-æм азты уæхскуæзæй æмгуыст кæнын райдыдта Цæгат Ирыстоны хъазахъаг адæмон хоримæ æмæ сын ныффыста 30 зарæгæй фылдæр. 

Уый уарзы театр, Цæгат Ирыстоны драмтеатры артисттæ æмæ режиссерты хъуыдымæ гæсгæ йæ музыкæ у зæрдæмæдзæугæ, артистты цырын кæны сæ рольтæ æххæст кæнынмæ. Уымæ гæсгæ музыкæ цы спектакльтæн ныффыста, уыдон сценæмæкæсджыты ‘хсæн систы тынг популярон, уыцы нымæцы сты «Охх, ацы фæсивæд», «Усгур». Мæнæ куыд загъта Кокайты Барисы тыххæй композитор Плиты Христафор: «Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Кокайты Барис у нæ республикæйы иууыл популярондæр профессионалон композитор зарæджы жанры». Уымæй дарддæр ма Кокайы фырт хуызфыссынады дæр у дæсны архайæг, йæ куыстытæ фылдæр сты Ирыстоны хæххон пейзажы фæдыл. Куыд нывгæнæг, афтæ хайад фæисы алыгъуызон равдыстыты. Йæ зæрдæмæдзæугæ куыстыты тыххæй дзы иу æмæ дыууæ хъарм ныхасы нæ загътой Бедойты Ш., Остъаты Т., Мундиров В., Челехсаты М. 

Цы ма зæгъæн ис ахæм зындгонд адæймæгты фæстæ! Æнтысы йын æмæ йын ноджыдæр æнтысæд! 

 

Хуыбиаты Никъала 

 

Æрмæг ист у: http://new.xurzarin.ru/jae-alyvarson-kurdiataej-laeggad-kaeny-adaemaen/ 

 

Кокайты Барисы фыст зарджытæ
 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ