Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Байтуганти (Байтуган) Барасби
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Байтуганти (Байтуган) Барасби  

(1899-1986) 

 

 
Барасби ахуыр кодта Бетъырбухы. Октябыры революцийы фæстæ барвæндонæй бацыдис Урс æфсады рæнхъытæм, æмæ хæцыдис большевикты (коммунистты) ныхмæ. Урсытæ састы бынаты куы баззадысты, уæд Барасби лигъдæттимæ ацыдис фæсарæнтæм, æмæ æрбынат кодта Прагайы. Уым кæронмæ ахæццæ кодта йæ ахуыр университеты. 

Къуындæг бастдзинæдтæ дардта Ныгуылæн æмæ Хурыскæсæн Европæйы эмигрантты æхсæнадтимæ.1930 азты Варшавайы мыхуыры уагъта журнал «Кавказы Хæххонтæ». 1934 азы уыцы журнал йæ ном раивта, ссис «Цæгат Кавказ», Европæйы кавказаг адæмы сæйраг мыхуыр. 

Дунеон хæсты фæстæ Байтуганти Барасби цардис Лондоны, æмæ ахъаззаг æххуыс кодта зындгонд ахуыргонд, ирон истори æмæ цард иртасæг, сэр Г.В.Бейлийæн.  

 
 

1953 азы Б.Байтуган æрбаздæхтис Германмæ, æмæ хуынд æрцыдис кусынмæ Советтон адæмты редакцийы, Цагат-Кавказаг хайадмæ (Радио «Сæрибардзинад») 

Амардис 1986 азы Мюнхены. 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ