Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Чермены зарӕг
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Чермены зарӕг  

 

Чермен уыди хъӕбатыр лӕг; ӕнтысти йын хъӕбатырдзинад ӕппӕт дӕр; уыцы ранмӕ гӕсгӕ йӕ алы ранмӕ дӕр хуыдтой хъӕбатырдзинадмӕ. Ныронджы рӕстӕджы иу Калакмӕ дӕр цыдысты. Уыцы рӕстӕджы Калачы хъӕбысӕйхӕцджытӕ дӕр уыд. Калачы уынджы лӕууыдысты, ӕмӕ иу хъӕбысӕйхӕцӕг сцӕйцыдис. Черменӕн йе 'мбӕлттӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр адӕм дӕр дзы фӕйнӕрдӕм лыгъдысты. Чермен дзы нӕ лыгъди. Загъта йын хъӕбысӕйхӕцӕп «Цавӕр дӕ, цӕуылнӕ алыгътӕ ды?» ӕмӕ йын йӕ цонгыл ныххӕцыди, алырдӕм ӕй ӕнкъуыста Чермены ӕмӕ йын ничердӕм акуымдта. Чермен ын загъта: «Ды мӕм тӕлмац ракӕн,— де 'взагӕй нӕ зонын». Адзырдта уыцы сахатыл ӕмӕ йӕм ӕрбацыд сомихаг тӕлмац. Цавӕр дӕ, зӕгъгӕ, йын загъта хъӕбысӕйхӕцӕг. Ирон дӕг дӕн зӕгъгӕ йын загъта.  

«Хъӕбысӕй хӕцынмӕ искуы уыдтӕ?» Нӕ уыдтӕн зӕгъгӕ йын загъта. «Цӕй уӕдӕ хӕцӕм». Сразы и Чермен дӕр хӕцыныл, адзырдта йе 'мбӕлттӕм: «ӕрцӕут ма, цӕмӕй тӕрсут?» Хъӕбысӕй хӕцыдысты, иудзӕвгар фӕтухӕн кодтой, стӕй Чермен загъта: «Цы уӕ фӕнды, ме 'мбӕлттӕ?» Уыдон ын загътой: «Ма нӕ фахудинаг кӕн, кӕд дӕ бон у, уӕд». Уӕд уыцы хъӕбысӕйхӕцӕджы йӕ сӕрмӕ систа Чермен ӕмӕ йӕ зӕххыл ныццӕлхъ ласта, хъама йӕм фелвӕста ӕмӕ йӕ ӕргӕвдгӕ кодта. Гуырдзы йыл бакалдысты ӕмӕ йӕ байстой, ма 'ргӕвд, ирон, зӕгъгӕ. Гуырдзиаг хъӕбысӕйхӕцӕг ацыд ӕмӕ топп ӕрхасга, ӕхсӕм, ирон, зӕгъгӕ. Уӕд Чермен загъта: «Йеныр мын Беслӕны топп рахӕссут». Радтой йын Беслӕны топп. Фӕткъуы хъилыл бакодтой, гуырдзиаг ӕй фехста 'мӕ йӕ адавта. Дыккаг бакодтой, ӕмӕ йӕ Чермен фехста ӕмӕ йӕ уый дӕр адавта. Ноджыдӕр та гуырдзиагӕн бакодтой фӕткъуы ӕмӕ йӕ гуырдзиаг фехста ӕмӕ йӕ адавта. Черменӕк дӕр та бакодтой ӕмӕ йӕ уый дӕр адавта. Ноджыдӕр та гуырдзиагӕн бакодтой фӕткъуы ӕмӕ йӕ... Чермен та йӕ фехста ӕмӕ йӕ адавта. Ацыди та гуырдзиаг ӕмӕ бӕх ӕрласта. Уӕд Чермен загъта: «Мӕхи уӕззау бӕх мын раласут — ацы бӕх мӕн нӕ бауромдзӕн». ӕрбаластой йын йӕхи бӕх, кӕлмӕрзӕн сын ӕрӕвӕрдтой зӕххьь Кӕлмӕрзӕнмӕ ӕвналгӕйӕ гуырдзиаг ахауд ӕмӕ йӕ мӕкъуыстӕг асаст. Чермен кӕлмӕрзӕны иу ӕртӕ исты скодта, ӕндӕр ӕй йе 'мбӕлттӕ нал бауагътой. Уыцы хъӕбысӕйхӕцӕгыл чи хӕцыди (чи йӕ дардта йӕхицӕн, уыцы хъӕздыг лӕг), уый сӕ бахуыдта йӕхимӕ ӕмӕ сӕ хорз федта; ӕхцайӕ дӕр сӕ сбуц кодта цасдӕр. Черменӕй куырдта: «Ам лӕу, зиан не скӕндзынӕ». Чермен нӕ ныллӕууыди: йӕ сӕрмӕ йӕ не 'рхаста. Рацыдысты уырдыгӕй.  

Уыцы рӕстӕджы иу арӕх цыдысты лӕбурынмӕ ирон адӕм. Лӕбурынмӕ чи цыд, уыдон агуырдтой-иу алчидӕр Чермены. Чермен уыди кӕвдӕсард лӕг, хъыг касти йе^лдӕрттӕм, кӕй тынгдӕр нымадтой Чермены адӕм, уый сын тынг хъыг уыди. Уый фыддӕрадӕн, Чермен уым нӕ уыди, афтӕмӕй байуӕрстой ӕрнӕджытӕ ӕмӕ сӕрвӕттӕ (ӕрнӕг — хъӕуӕн ӕхсӕны зӕхх, фос хизынӕн — пастбищное место; сӕрвӕт — ӕхсӕны зӕхх уыгӕрдӕнты, йе хуымты астӕу. Уыгӕрдӕнтӕ 'мӕ хуымтӕ куы сисынц, уӕд дзы хизынц). Черменӕн хай нӕ бакодтой. Чермен хӕтынмӕ уыди (хӕтынмӕ — ома лӕбурынмӕ, фос ракӕнынмӕ). ӕрцыди, ӕмӕ бады йӕ мад ӕнкъардӕй. «Цы кӕныс, нана,— зӕгъгӕ йын загъта,— цӕмӕн ӕнкъард дӕ?» «Цы кӕнон, абон ӕрнӕджытӕ байуӕрстой, дӕуӕн хай нӕ бакодтой». «Ма тӕрс, нана, зӕххӕй хуыздӕр кӕм уа, уый уыдзӕни нӕ хай». Араст и. Лӕдзӕг йӕ къухы ахаста, бацыди Алыккаты Беслӕнмӕ. «Беслӕн, ӕрнӕджытӕ байуӕрстат?» — фарста йӕ Чермен. «Байуӕрстам». «Мӕ хай та чердыгӕй и?» «Ау, ӕмӕ дӕ хуызӕттӕн хгй кӕнӕм! Уӕд нын ахӕмтӕ (кӕвдӕсӕрдтӕ)  

бирӕ куы и». Йӕ къухы уыди фатхъӕд, зӕххыл ӕй ныццӕлхъ ласта ӕмӕ кӕрӕдзийы мидӕг ныууади. ӕмӕ загъта Беслӕнӕн: «Гъеныр дӕ дондзау донмӕ рарвит, дӕ куыройдзау куыроймӕ рарвит». Стыхсын сӕ кодта иу дыууӕ къуырийы. Аргӕвста сын сӕ галтӕ ӕмӕ сӕ ӕддзармӕй ныкъкъуыхтӕ кодта ӕмӕ сӕ байуӕрста мӕгуыртӕн. Иу дыууӕ къуырийы сӕ стыхсын кодта, кусынмӕ дӕр нал дзы уӕндыдысты. Стӕй ӕрхъуыды кодтой: «Цӕй, хай йын бакӕнӕм» ӕмӕ уый агъоммӕ (уый размӕ) сфӕнд кодтой марынмӕ, йе 'лдӕрттӕй хъаруджындӕр ӕмӕ йӕ адӕм фылдӕр кӕй нымадтой, уымӕ гӕсгӕ: «Хай йын бакӕнӕм, уӕддӕр ӕй амардзыстӕм ӕмӕ йӕ хай нӕхи нӕ уыдзӕн». Хай йын бакодтой. Хуыздӕр дӕр ма йын бахай кодтой, цӕмӕй сыл баууӕндыдаид, уый тыххӕй. ӕрӕууӕндыди сыл, ӕмӕ та царди. ӕрхъуыды кодтой, цы хин ын скӕнӕм, цӕмӕй йӕ амарӕм. Кӕсӕгмӕ цом лӕбурынмӕ,  

зӕгъгӕ йын загътой. Ракодтой йӕ, уӕртӕ Пхӕсы рагъмӕ (ӕрджынарӕг, фаллаг фарс) схӕццӕ сты. ӕрӕнцадысты уым ӕмӕ йын загътой: «Бӕласы сӕрмӕ ма схиз ӕмӕ ахъахъӕ — ӕппын никуы ницы фенай». Бӕласы сӕрмӕ схызти Чермен. Уӕд сӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Йеныр ӕй йӕ раны ссардтам». Бӕласы сӕрмӕ йӕ фехстой сеппӕт дӕр йе 'мбӕлттӕ. Бӕласы  

сӕрӕй рахауд ӕмӕ амард. Сӕ сӕрмӕ не 'рхастой уый, нӕхуыддӕг ӕй амардтам, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын йӕ мард бахастой Хъобанмӕ. Уӕддӕр ӕй адӕм бамбӕрстой, сӕхуыддӕг ӕй кӕй амардтой, уый. Уымӕн ӕмӕ бынӕй хӕрдмӕ цӕфтӕ уыди. Уый агьоммӕ дӕр бирӕ лӕбурдтыты фӕци Чермен, бирӕ схауӕн ранты, кӕцытӕ сеппӕт нӕ зонӕм. 

 

Чермены каджытӕ , таурӕгътӕ, зарджытӕ. Бацӕттӕ сӕ кодта Бзарты Руслан. // Мах дуг. 1997. № 3 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ