Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Уататы Бибо
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 
УАТАТЫ БИБО (1939-2000) 

 

Цæгат Ирыстоны рагон хъæутæй Бæтæхъойы хъæуы 1939 азы 15 мартъийы Уататы Зауырбеджы фæрнджын хæдзары лæппуйы райгуырды куывды арфæтæ кодтой. «Иры дзыхъхъы сыгъдæг номимæ цæрын фæразæд!»..Дзырдарæхст лæгтæ цы фарны куывдтытæ фæкодтой чысыл Бибойæн, уыдон ыл æрцыдысты. Скъоладзау уæвгæйæ –иу Бибо æмхиц уыд литературæ æмæ аивадмæ. Бибойы тынг фæндыд зындгонд артист суæвын. Уыцы курдиат ам суанг скъоолайы ахуыр кæнгæйæ рабæрæг. Æвзыгъд лæппу куыддæр астæуккаг скъола каст фæци, афтæ горæтмæ рацыди. Йæ фæндаг та уыдис театрмæ. Фæрæстмæ йæ фыццаг фæлварæн дæр. Аив, зæрдæмæхъаргæ бакаст Хетæгкаты Къостайы «Лæскъдзæрæн». Тæбæхсауты Бало лæппуйыл цæстуарзонæй сæмбæлди. Бибо Къостайы уацмыс кæсын куы райдыдта, уæд ыл йæ цæст æрæвæрдта. Баззад дзы разыйæ æмæ йын загъта: «Курдиат дæм ис, фæлæ уый раст фæндагыл куынæ саразай, уæд бамынæг уыдзæн. Театрон ахуырад хъуамæ райсай Мæскуы æмæ Ленинграды». Дыууæ азы акуыста ирон театры Бибо. Балойы æххуысæй уый бирæ ногдзинæдтæ базыдта, бирæ миниуджытæ дзы райста æмæ уый фæстæ араст ис Мæскуымæ. Мæскуыйы Бибо фæлварæнтæ æнтыстджынæй радта æмæ сси Вахтанговы Щукины номыл студийы студент. Ам йæ хуыздæр ахуыргæнджытæй иу уыди номдзыд уырыссаг артист æмæ режиссер Юрий Любимов. Æвзонг лæппуйы бирæвæрсыг курдиатæн уый байгом кодта стыр аивадмæ уæрæх фæндæгтæ. -Сценæйы курдиат кæмæ нæй, - дзырдта –иу йæ ахуыргæнинæгтæн Ю.Любимов,- уымæн театримæ иумæйагæй ницы ис. Фæлæ цыфæнды стыр курдиатæн дæр фидар базыртæ куынæ басадзай, уæд искуы фæсвæд цъывцасты ныссæддзæн. Æмæ бамынæг уыдзæн. Уымæ гæсгæ, æхсæвæй-бонæй хъуамæ агурай ахæм æндон базыртæ. Бибойыл ахæм æндон ныфсы базыртæ чи ныссагъта, уыдонæн сæ фыццæгты фыццагдæр уыдис Тæбæхсауты Бало. Æмæ йæ уыцы базыртæ систой театралон æмæ киноаивады бæрзæндтæм. Бибо æнтыстджынæй ахуыр фæци æмæ кусын райдыдта ирон театры. Йæ фыццаг роль ахъазыд киноныв «На семи ветрах»-ы. Киноныв: «На семи ветрах». Бибо-Мамаевы ролы. 1962 аз. 

 

Бибойæн цыбыр рæстæгмæ йæ бон бацис цалдæр вазыгджын фæлгонцы саразын: Таймураз – (Гаглойты Владимиры «Кадæг уарзондзинадыл»), Аслæнбег- «Саламты Къолайы трагеди «Сæрмæт æмæ йæ фырттæ»), Данко – (Горькийы радзырдтæм гæсгæ), Тыбылты Верæйы фыст пьесæ «Судзгæ зæрдæ» æмæ æндæртæ. Бибомæ Душанбейæ фыстæг сæрвыста ССР Цæдисы паддзахадон премийы лауреат, Таджикистаны ССР-йы адæмон артист, зындгонд режиссер Борис Кимягаров. Уый фыста: «Ды мæ нæ зоныс, æз дæ Щукины номыл училищæйы чысыл ныв хъазгæ федтон. Исын киноныв Социалистон Фæллойы Хъæбатыр, Ленины премийы лауреат, Таджикистаны адæмон поэт Мирзо Турсун-Задейы хъуыстгонд поэмæ «Хасан-Аракабеш-мæ гæсгæ. Хонын дæ Хасаны ролы ахъазынмæ. Бибо сразы ис кинорежиссеры курдиатыл. Киноныв «Хасан-Аракабеш». Бибо-Хасаны ролы 1965 аз. 

 

Одессæйы киностуди сарæзта киноныв «Прощай». Уым Бибойæн йæ бæрны бакодтой Кинадзейы фæлгонц. Ам дæр та йæ хъазт фæрæстмæ. Уый фæстæ не мбæстаджы фæхуыдта ленинградаг кинорежиссер Роман Тихомиров. Бибо уый арæзт киноныв «Князь Игор»-ы ахъазыд хан Канчакы роль. Уый фæстæ та йæ ахуыдта киностуди «Узбекфильм». Киноныв «Прощай». Бибо – Омари Кикнадзейы ролы. 1966 аз. «Князь Игорь». Кончак. 1969 аз. 

Бибо уыдис курдиатджын, рæстзæрдæ адæймаг. Æртын кинонывæй фылдæры ахъазыд сæйраг ролты, сæ фылдæр та Астæуккаг Азийы. Уымы адæмтæ дæр æй сæхи хуыдтой. Стыр аргъ ын кодтой йæ бирæвæрсыг курдиатæн. Уыцы рæстæг Ашхабады цы кинофестиль уыд, уым Уатайы фырт Хасаны роль æппæтæй хуыздæр кæй ахъазыд, уый тыххæй райста фыццаг къæпхæны преми. Киевы Æппæтцæдисон кинофестивалы та райста дыккаг къæпхæны преми. Нæ бæстæйы æппæт киностудиты кинорежиссертæ Уатайы-фырты хонын райдыдтой сæхимæ. Кæрæдзийы фæдыл ныккалдысты ролты киноты: «Одной жизни мало», «Так велит сердце», «Сказание о Рустаме», «Рустам и Сухраб», «Именем закона, «Чермен» æмæ æндæртæ. Бибо Чермены фæдгонц саразынмæ бæллыди тынг рагæй. Æмæ йæ аразгæ дæр скодта киностуди «Грузия фильм»-ы. Бибойы театралон ролтæй ма зæрдæйы баззадысты «Сæрмæт æмæ йæ фырттæ»-ы Аслæнбег, «Паддзах Эдипы», «Хазби» æмæ æндæртæ. 

Панамæйы дунеон кинофестивалы æмæ Тбилисы, Ашхабады, Кишиневы Æппæтцæдисон кинофестивалы Уататы Бибойæн лæвæрд æрцыд премитæ, нæлгоймаджы роль хуыздæр кæй ахъазыд, уый тыххæй. Фирдоусийы генион поэмæ «Шах-наме»-мæ гæсгæ арæзт кинонывы тыххæй Цæгат Ирыстоны АССР-йы адæмон артист Уататы Бибойæн радтой Таджикистаны Рудакийы номыл паддзахадон преми. Фæстæдæр ын лæвæрд æрцыди УСФСР-йы сгуыхт артисты ном. Нæ Цæдисы кинематографийы Уататы Бибо сарæзта алы адæмыхæттыты минæвæртты фæлгонцтæ, алкæмæн дæр дзы ссардта аккаг ахорæнтæ, алы фæлгонцæн дæр раргом кодта йæ миддуне, йæ миниуджытæ. 

Æвæдза, ирон аивады цæхæрадоны цас æмæ цас рæсугъд дидинджытæ фæзыны æрвылуалдзæг дæр, уый диссаг у , æгæр диссаг… Адæймаджы цæст сæм нал фефсæды æмæ нал фефсæды кæсынæй. Фæлæ дзы уæддæр се хсæн уæддæр фæзыны иу æнахуыр рæсугъд дидинæг, кæцы уæлдай æхцондзинаддæр фæхæссы зæрдæйæн. Уый уæлдай тынгдæр æркæсын кæны адæмы йæхиимæ. Гъе, фæлæ уыцы алæмæтты дидинæгыл иу заман цæст куынæуал æрхæцы, йæ тæккæ дидинæгкалгæйæ йын цыргъ цæвæг йæ рæсугъд зæнг куы адзæнгæл ласы, уæд адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма уый йемæ ахæссы æрдзы æппæт рæсугъддзинад дæр. 

Уыцы дидинæгау нæм каст нæ уарзон актер Уататы Бибо дæр. Фæлæ…. Хурбон арв куыд ныннæры, уыйау 2000 азы, Уæлахизы бон, 9 майы Ирыстоныл айхъуыст фыдуацы хаба: йæ тæккæ лæджы кары бацæугæйæ, æваст цардæй ахицæн, адæм бирæ кæй уарзтой, сценæйы фидауц кæй хуыдтой, кæсынæй æмæ хъусынæй кæмæ не фсæстыты, уыцы номдзыд актер, зынгæ æхсæнадон архайæг, Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист, агургæйæ æнаргæ режиссер, диссаджы зарæггæнæг, къахæй сæрмæ æнæхъæнæй дæр æцæг ирон лæг чи уыд, уый, ирон паддзахадон Академион театры аивадон разамоног Уататы Бибо. 

Бибо тынг бирæ уарзта аивад, æнувыд уыд йæ хæстæджытыл, йæ алыварс адæмыл, йе мкусджытыл. «Хæрзконд»- афтæ йæ хуыдта Тæбæхсауты Бало. Æрдзæй рахаста тынг зæрдæхæлар, йæ бирæ æрдхæрттæн кæрон нæ уыд. Адæмы кæрæдзиуыл баста, уый та бирæты къухы не фты. Бибо стыр æнувыд лæггад фæкодта нæ театрæн, нæ экранæн. Артист размæ цæугæйæ фæкæлын нæ зыдта, над фæндагыл акъахдзæф кæнын йæ сæрмæ никуы хаста. Аивады, сфæлдыстадон мадзæлттæ, ногдзинæдтæ, ног фæзилæнтæ, ног арæнтæ агуырдта. Стыр æнкъарæнты хицау уыд Бибо экраныл дæр æмæ сценæйыл дæр. Литературон æвæрцццæг персонажы рагагъоммæ цæргæсы уд бауадзы, бирæгъы зæнг ыл ныссадзы, сæгуыты уæнгты конд ын ратты æмæ йæ адæмы тæрхонмæ афтæмæй рахæссы. 

Уататы Бибо йæ адæмыл куыд иузæрдион уыд, куыд бирæ сæ уарзта æмæ сын сæ кад куыд бæрзонд систа иннæ адæмты цæсты , уыйбæрц бирæты къухы нæ бафтыд. Бибойы зыдтой Уæрæсейы æмæ Советон Цæдисы иннæ республикæты, уæлдайдæр та - «Уататы Бибо æмбæлтты цæстæй».Астæуккаг Ази æмæ Фæскавказы. Уымæ гæсгæ, уыц курдиат æмæ зондахастмæ, сæрызонд æмæ зæрдæйы кондмæ гæсгæ аргъ кодтой ирон адæмæн. Бибойы курдиат дисы æфтыдта Ираны æмæ Хæстæг Хурыскæсæны бæстæты киноаивадуарзджыты. Фирдоусийы «Шах-наме»-йы Рустамы фæлгонц аивадон кинойы тынг хорз кæй сарæзта, уый тыххæй йын Ираны саккаг кодтой дунеон преми. Уататы Бибойы курдиатыл, йе сфæлдыстадыл, йæ цардвæндагыл бирæ уацтæ, мысинæгтæ фыст æрцыд. Уыцы арфæйаг хъуыддагмæ йе вæрæн бахаста фыссæг Дауыраты Дамир дæр. Рауагъта чиныг: «Уататы Бибо æмбæлтты цæстæй». 

Ирыстоны уарзондæр хъæбултæй иу, Уататы бимболат (Бибо) уыди, æмæ абон дæр у уыдонæй иу. Уый у хъуыстгонд канд Ирыстоны нæ, фæлæ бирæ æндæр бæстæты дæр. Зындгонд фысджытæ æмæ журналисттæ йын æвдыстой йæ диссаджы курдиат æмæ йæ диссаджы уды конд. Уый йе ппæт цард дæр радта йæ адæмы хорздзинадæн. Сыгъди нæ Ирыстонмæ уарзондзинады арты æмæ дзы кæд басыгъди, уæддæр æй схъæрзгæ никуы ничи федта. Йæ рæстæджы Бибойæн йæ фадæттæм гæсгæ йæ бон уыди æндæр бæстæйы йæ царды уавæртæ саразын, йæ зæрдæ куыд загъта, афтæ. Йæ бон уыди бирæ мулк бакусын, бонджын суæвын. Фæлæ уый равзæрста, æхсæвæй-бонæй йын æнцойдзинад чи нæ лæвæрдта, йæ цæсты рухс чи уыди, уыцы Райгуырæн Ирыстон æмæ æрбаздæхт йæ ирон зæхмæ. Уымæн æмæ йæм сидтысты йæ ирондзинад æмæ йæ æгæрон уарзондзинад йæхи адæммæ Йæ бирæ хорз миниуджытæй тынгдæр зæгъын фæнды йæ ирондзинады тыххæй. Æгъдау, æфсарм, æвзаджы сыгъдæгдзинад, хистæрæн кад кæнын, сылгоймагмæ сыгъдæг уарзондзинад, кæстæртæн зондамонæг, уыдон уыдысты йæ царды æппæтæй зынаргъдæр миниуджытæ. (Хуытыгаты Хъазыбег). 

Уататы Бибойы хуызæн фæрнджын лæгтæ цардæй куы ацæуынц, уæд дуне цама сафтид вæййы, адæймагмæ афтæ фæкæсы. Зæгъæм дæсгай æмæ ноджыдæр фылдæр милуантæ цы бæстæты фæцæры, уыдоныл дæр ма куы фæзыны ахæс стыр лæджы ацыд. Уæд ирæттæ та, армыдзаг йеддæмæ куы не стæм, æмæ ма мах та цы зæгъæм. (Ходы Камал). 

Уататы Бибойæн йе сфæлдыстад уыд бирæ къабазджын, сценæйы, кинойы цы зæрдæмæхъаргæ фæлгонцтæ сарæзта, уыдонæн абон дæр аивадуарзаг дзыллæтæ кæнынц стыр аргъ, уæдæ куыд курдиатджын зарæггæнæг, арæхстджын разамонæг, афтæ дæр æм бирæ хæлæггæнджытæ уыд. Бибо йæ куыстмæ æхцайы, мулчы цæстæй никуы каст. Йæ цæсты уæлдай кадджындæр уыдысты , удварнæй сыгъдæг æмæ удыхъæдæй хъæздыг чи уыд, ахæм адæймæгтæ. Уыдонæй иу уыд йæхæдæг. 

Ирон зæххыл ирон лæгæй фæцæрын æнцон нæу. Бирæ ахсджиаг æмæ йыл вазыгджын хæстæ æвæрд вæййы. Уыдон кæронмæ сæххæст кæнын та бирæты къухы нæ бафты. Ирон лæджы ном кæд кад æмæ радимæ исчи фæхаста, уæд уыцы фæрнджындæр лæгтæй иу уыд Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Уататы Бибо. Бибо æрмæст аивады не схызт бæрзонд къæпхæнмæ. Уымæн йæ цард, йæ зæрдæйы сагъæстæ æдзухæйдæр баст уыдысты Ирыстоны æппæт цæрджыты хъысмæтимæ. Уый уыд иузæрдион æмбал, хæларзæрдæ, æргомдзырд, цардуарзон æмæ рæстдзинадыл тохгæнæг адæймаг. Йæ бирæ хорз хъуыддæгтæй фæзминаг у нæ кæстæртæн. Зæгъæн ис афтæ, æмæ Бибо уыдис Адæмы лæг. Уыцы кадджын номæй та дзыллæтæ фæхайджын кæнынц æрмæстдæр ахæм лæгты, кæцытæ сæ зæрдæтæм арф райсынц сæ адæмы зæрдæты рис, сагъæстæ, бæллицтæ æмæ кæддæриддæр цæттæ вæййынц адæмы сæрвæлтау сæ цард радтынмæ дæр. 

Бибойæн Уæрæсейы æмæ дунейы алы къуымты уыдис тынг бирæ хæлæрттæ. Йæ курдиат анхъæвзта Ирыстоны арæнтæй, æмæ йын алы ран дæр йæ аивадæн адæм кодтой стыр аргъ. Уый уыдис йæ Райгуырæн бæстæйы æцæг патриот æмæ интернациалист. Бибо уæлдæр куыд загътам, афтæмæй уыдис Адæмы лæг, æмæ хорз уаид, уымæ цы бирæ хорз миниуджытæ уыд, уыдон абон куы фæзмиккой нæ кæстæртæ æмæ сæ уыйау царды рæсугъдæй куы хæсиккой размæ. Бибойæн абон дæр йæ ном, йæ фарн сты æвидигæ. Æмæ афтæ чи зæгъы, æз Ирон дæн, уый зæрдæйы æнустæм дæр цæрдзæн Бибойы Ном. 

Фæлæ Бибо кæд абон не хсæн нал ис, уæддæр уый цæргæйæ баззад нæ зæрдæты, æмæ цалынмæ зæххыл ирон адæм цæрой, уæдмæ йæ ном цæрдзæн уæлæуыл. Стыр курдиæттæн сæ удтæ фестынц цæхæркалгæ стъалытæ æмæ сæхи бæрзонд арвмæ сисынц. Уататы Бибо не хсæн кæдæй нал ис, уæдæй фæстæмæ нæм йæ бæсты цъæх арвæй æрттивы æмæ тæмæнтæ калы йе стъалы. Уыцы стъалы та æнцон ссарæн у. Ирыстоны сæрмæ æппæтæй тынгдæр чи ферттивы, уый у Бибойы стъалы. 

Æмгары мæлæт. Уататы Бибойы мысгæйæ. Ныррызти бындзарæй нæ адæмы зæрдæ, Йæхимæ ныхъхъуыста Хъазыбеджы хох. Æруагътам ныллæгмæ нæ риутыл нæ сæртæ. Уæлæмæ нæ нал уадзы скæсын фыдох. Ныуувагъта дæ. Азæ дæ иунæг æфсымæр Хæрзиунæгæй, калыс æнæвгъау цæссыг. Кæмæй уыдтæ хохы, быдыры ныфсæвæрд. Йæ бындзарæй афæлдæхт уыцы мæсыг. Цы лæппу каст хохау сæрыстыр, бæрзондæй, Нæ дзыллæйæн чи кодта кад æмæ цыт, Зæды хуызæн чи уыди бакастæй, кондæй, Фæци уый йæ зæххон зын фæндæгтыл цыд. Ирыстоны арвы бын фидар лæууыди Цæджындзау, уыдыстæм дзы буц æмæ хъал, Йæ хъазт æмæ зардæн кæм уыди æмбал! Йæ фæлмæн зæрдæйæн кæм уыди æмбал! Цы кæнæм? Хъысмæты раз фидæм нæ хæстæ. Бимболат фæраздæр, æрхуыссыд йæ зынг… Хæлæрттæ нын бирæ ныууагъта йæ фæстæ, Ныууагъта йæ фæстæ æнæкæрон хъыг. Дзасохты Музафер. 

ЙÆ ХÆРЗИУДЖЫТÆ ÆМÆ КАДДЖЫН НÆМТТÆ: 

Орден Дружбы. 

Народный артист РСФСР.  

Заслуженный артист РСФСР  

Народный артист СОАССР  

Заслуженный артист СОАССР  

Государственная премия Таджикской ССР им. Рудаки (1973)  

Государственная премия СОАССР им. К. Л. Хетагурова. З 

вание «Человек — народное достояние России». 

 

 

 

 

 

 

Уататы Бибойы зарæг
 

 

Ныхæстæ: Кокайты Т, музыкæ: Тедеты Ш.
 

 

Ды хордтай Иры зæххæй ард,  

Сыгъдис йæ сæрвæлтау дæ цард.  

Йæ цинтæн кодтай ды лæггад,  

Йæ кадмæ хастай кад.  

 

Ды хастай Иры зынты уаргъ,  

Ды кодтай Иры цинтæн аргъ.  

Уыдтæ нæ зæрдæты паддзах.  

Дæу уарзтам бирæ мах.  

 

О, Хуыцау, — дæ уд уæлæрвтæм ныр фæтахт. 

Ды уагътай нын дæ хъыгты уаргъ, —  

Уæддæр дæ уарзæм мах.  

 

Уыдтæ ды фарны цинæй дзаг.  

Уыдтам дæ рæсугъд уды уаг,  

Уыдтам дæ раст хъуыдыты таг,  

Уыдтам дæ рухс фæндаг.  

 

Ды хастай Иры зынты уаргъ,  

Ды кодтай Иры цинтæн аргъ.  

Уыдтæ нæ уарзты рухс паддзах.  

Дæу бирæ уарзтам мах.  

 

О, Хуыцау, — дæ фарн уыд Иры зæххыл баст.  

Ныр Ирæн баззади дæ уарзт.  

Æгас æрцу, æгас!  

 

Ды самадтай бæрзонд мæсыг,  

Уым бавæрдтай дæ цин, дæ зын.  

Уым бандзаг ис дæ рухс цæссыг  

Æмæ нæ Иры хъыг.  

 

Ды хастай Иры зынты уаргъ,  

Ды кодтай Иры цинтæн аргъ.  

Уыдтæ нæ уарзты рухс паддзах.  

Дæу бирæ уарзтам мах.  

 

О, Хуыцау, — дæ фарн уыд Иры зæххыл баст.  

Ныр Ирæн баззади дæ уарзт.  

Æгас æрцу, æгас!  

 

 

 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ