Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Фыды фарн
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ФЫДЫ ФАРН 

 

Цæгæраты Максим 

 

Хорз лæг адæмæй хæс дары  

Ирон æмбисонд 

 

 

Аргъау авд дзыхæй фæдзуры.  

Аргъау авд низы дæр суры, 

Аргъау – диссæгтæн сæ сæр.  

Аргъау райгуыры нæ сæнтты, –  

Ахæссы нæ уый бæрзæндты...  

Иу дзы ракæнон æз дæр... 

 

Гъе, æрмæст кæд уыд – нæ зонын, – 

Азты хыгъд кæдæмдæр хоны...  

Цæй, цы ма йыл кæнæм загъд?  

Иутæн раджы уыди, раджы,  

Иннæтæн уыди æрæджы.  

Аргъау авдсæрон у, авд1... 

 

Царди Иры хæхты иу лæг, – 

Уыд йæ бирæ зынты иунæг.  

Хохаг лæг... Æдзух фæллад...  

Лæг йæ удæй арт куы цагъта, –  

Зæхх йæ ныхты бынтæй къахта, –  

Афтæмæй æрвыста цард... 

 

Бон нæ фаг кодта йæ куыстæн,  

Уазал... Никуы схъарм йæ лыстæн2, –  

Бинонты йæ дарын хъуыд.  

Хосæн сæрсæфæнтæ карста,  

Залты мит фыййагæй марзта, –  

Рафтыд хъизæмæрттæй фыд... 

 

Лæг йæ уæззау куыст нæ уагъта, –  

Зæхх йæ ныхбынтæй фæкъахта, –  

Бинонтæ уæддæр – хуыздзыд.  

Саумæр йе 'ккой хохмæ хаста3,  

Рахауд, дурмæ сæр æрхаста,  

Тыхст, йæ фæстаг бон æрцыд. 

 

Уалдзæг сæрды хъармæй райы,  

Цъити хуры артæй тайы,  

Хурмæ бахус вæййы нæуу.  

Лæг цæрæнбонты нæ цæры, –  

Фæлтæр раивы фæлтæры, –  

Уд мыггагмæйы фаг нæу... 

 

Загъта: «Уый цы 'рцыди хурыл, –  

Саудалынг куы ныцци иууыл?  

Фырттæм мын фæдзурут цырд...  

Хæхтыл уыдон цинæй хаттæн,  

Зæххыл уыдон ныфсæй цардтæн, – 

Абон сын зæгъон мæ дзырд...» 

 

Кæстæр... Раст цыма йæ фыны –  

Фыд æм цæссыгæй нæ зыны,  

Ризы, сусæгæй кæуы.  

Иннæ дыууæ дæр йæ фарсмæ  

Хъусынц хистæры ныхасмæ, –  

Сагъдæй цавддуртау лæууынц. 

 

«Фыд йæ фарн мæрдтæм нæ хæссы.  

Уадзын уын мæ ном мæ бæсты,  

Хæхты хуссæрттыл – нæ зæхх.  

Иу бон уæм зындзæн хæрзгæнæг,  

Ма йæ фенхъæлут тыхгæнæг, –  

Бацин ыл кæнут дзæбæх... 

 

Иу хорз уын кæндзæн æвзæрстæй,  

Ма йæм ракæсут мæрддзæстæй4,  

Иугай уæ куы фæрса, уæд...»  

Фыд фæстаг улæфтæй загъта  

Æмæ боны рухс ныууагъта...  

Фырттæн баззади йæ мæт. 

II 

Бонтæ бонты фæдыл уайынц,  

Мæйтæ мæйты фæдыл тайынц,  

Рæстæг – дугъон бæхау раст.  

Кæм хъæргæнгæ згъорынц дæттæ,  

Кæм цъæх-цъæхид дарынц хъæдтæ,–  

Лæг дæллаг галау фæлмаст... 

 

Систой лæппутæ сæ саутæ,  

Скодтой хистæрæн æгъдау дæр,–  

Нæй, сæ хæрзгæнæг нæ зынд.  

Хинымæр тæрхæттыл систы:  

«Кæд нæ фыд фæрæдыд исты?  

Ау, куыд нæ сайдтаид фыд?» 

 

Хæрзгæнæг та бон-изæрмæ  

Касти лæппутæн хуыздæрмæ –  

Кæд нæма сцæттæ сæ фæнд...  

Хинымæр тыхсæгау кодта,  

Ард сын фыды номæй хордта: 

«Се 'взæрст – амондæн фæуæд...» 

 

Иу бон хистæр фырт йæ хуымæй  

Рацæйцыд æнкъард, æрхуымæй, –  

Хуымы иу æфсир дæр нæй...  

Февзæрд хæрзгæнæг йæ цуры,  

Лæппумæ фæлмæнæй дзуры: 

«Цæр æнæнизæй, фæрнæй... 

 

Æз дæ фыды фарн, йæ цытæн  

Кад ыскæнынмæ æрцыдтæн –  

Цавæр хорз мæ курыс – зæгъ...»  

Фыртты хистæр сæр æруагъта,  

Хæрзгæнæгæн сабыр загъта:  

«Зæхх... Мæ уд... Фылдæр мын зæхх...» 

 

Лæг йæ ехс5 дæрдты фæхаста,  

Хафт, зæгъгæ, фыддзæф нылласта, –  

Бæстæ фестади хуымзæхх.  

Кæм нартхор фæцыд уæларвмæ,  

Кæм мæнæу фæйлыдта дардмæ,  

Кæм нæртон халсартæ – цъæх. 

 

Ноджы дыргътæ. Диссаг – адæй,  

Састысты бынмæ фыр задæй, –  

Рæгътыл цас уыдысты, цас !..  

Систа зæххæн фырт хъæбыстæ:  

«Адон иууылдæр мæн ысты-ы!  

Лæуу, мæ сонт зæрдæ, фæраз...» 

III 

Аргъау авд æвзагæй зоны,  

Аргъау авд фæндагыл хоны, –  

Сараз ын йæ фæд æрмæст.  

Цæй, цы баци цымæ дыккаг?  

Куыд, куыд рауади йæ хъуыддаг?  

Уый дæр радзурон æххæст. 

 

Лæг йæ мæллæг хъуджы хизы,  

Уарынмæ ныххуылыдз, ризы, –  

Хъугæн давджытæй тæрсы.  

«Цæй, кæм ысты, фыд, дæ хæрзтæ?  

Нæй нæм иу зынæг дæ фæстæ...»  

Афтæ хинымæр фæрсы. 

 

Февзæрд хæрзгæнæг йæ цуры,  

Лæппумæ фæлмæнæй дзуры:  

«Цæр æнæнизæй, фæрнæй...  

Æз дæ фыды фарн, йæ цытæн  

Кад ыскæнынмæ æрцыдтæн,  

Цавæр хорз мæ курыс, цæй?» 

 

Дыккаг фырт йæ сæр æруагъта,  

Хæрзгæнæгæн ризгæ загъта:  

«Фос... Фос мæ удæн у йæ хос !»  

Лæг йæ ехс дæрдты фæхаста,  

Хафт, зæгъгæ, фыддзæф нылласта, –  

Бæстæ иууыл фестад фос. 

 

Рæгътæ нал зынынц ыстурæй –  

Хъулæттæй, сырхытæй, буртæй.  

Зæхх сæ нал уромы, нал!  

Фысдзуг... Иу цыбыр ныхасæй,  

Дуне бацахстой æгасæй.  

Минтæй цал уыдысты, цал! 

 

Ноджы галрæгъæуттæ, бæхтæ, –  

А бæстыл нæ уыд дзæбæхдæр –  

Хур сæ нард фæсонтыл сыгъд...  

Хæхтæй дзæбидыртæ, хъазгæ,  

Згъордтой нæл сæгътæн сæ размæ, –  

Иу дзы уæтæрæй нæ лыгъд... 

 

Фыййæуттæ къуыззиттæй зарынц.  

Байрæгтæ чъыллиппæй хъазынц,  

Малы къамбецтæн – дзæнæт.  

Алкæм цыхтытæй кæритæ,  

Тонынц хæндыгæн йæ чъилтæ.  

Царвæй хъомгæстæ – сæлæт6... 

 

Фырт гæдыхъæдау7 ныррызти,  

Цæссыг уадултыл æрмызти –  

Мигъау атади йæ рыст.  

«Адон иууылдæр дæу ысты...  

Макуы бафхæр ды æххуырсты-ы!»  

Дардæй ма кæйдæр дзырд хъуыст… 

 

 

Фырт нæ баууæндыд йæ хъустыл, –  

Цæссыг ахуыссыд йæ рустыл 

Зонгуытыл æрхауд. 

«Адон иууылдæр дæу ысты... 

Макуы бафхæр ды æххуырсты...»  

Ног кæйдæр карз фæдзæхст уад... 

IV 

Аргъау авд æвзагæй зоны,  

Аргъау авд фæндагыл хоны, –  

Базон ын йæ фæд æрмæст.  

Уæд сæ кæстæр та хæларæн  

Зæгъ, цы ракуырдта лæварæн? –  

Цæй, зæгъон уын æй æххæст. 

 

Хистæрæн мæхъитæ8 баста,  

Быдырæй сырх мæнæу ласта,  

Алы ран цырагъау сыгъд9.  

Дыккаг дæр æй рох нæ уагъта, –  

Арæх бæхты бынтæ хафта,  

Цумайæн æдзух – æвзыгъд. 

 

Иу бон афынæй и мусы10,  

Дымгæ смидæг и йæ хъусы,  

Систа хъусбынтæ хъыдзы:  

«Тагъд дæм хæрзгæнæг зындзæни,  

Хорзæхæй дæ уый фæрсдзæни, –  

Фест, цы йын зæгъдзынæ, цы?..» 

 

Лæппу фестъæлфыд, фæмæсты, 

Дымгæ адымдта йæ фæрсты – 

Ацу, быдырты йæ сур. 

– Гъæйтт, мæ хæсгæ мæрдтæ! – загъта, 

Æфсымæрты уым ныууагъта – 

Цыд йæ рахиз фæрсты хур... 

 

Аззад хъæдрæбын йæхи хъæу,  

Зылд фæрсгæ-фæрсгæ хъæуи-хъæу – 

Раст ма хæхтæм дæр ысхызт.  

Чи йæ дæснытæм æрвыста,  

Чи йæ дауджытыл фæдзæхста, –  

Иу дзы зæрдæйыл нæ тыхст... 

 

Ахызт авд хохæн сæ сæрты, –  

Бады иу зæронд йæ кæрты, –  

Бахус, къозойау нымпылд.  

Лæппу зæронд лæгмæ дзуры,  

Лæппу зæронд лæгæй куры:  

«Бахатыр мын кæ, нæ фыд... 

 

Æз дæу агурын æвдæм бон, –  

Раттæд дын Хуыцау цæрæнбон. 

Уæд дæ кадджын ном бæрзонд! 

Ис мын, иу дзырдæй, хæрзгæнæг, 

«Цы?» – фæрсдзæни мæ йæхæдæг –  

Курын, бацамон мын зонд...» 

 

«Зонд Хуыцау дæтты лæварæн...  

Æз – зæронд къодах – цы ‘мбарын?  

Рагæй нал цæуын хуынды, –  

Зæронд батылдта йæ фист сæр, –  

Авд хохы фæстæ – мæ хистæр...  

Уый дзы бафæрс, мæ хур, ды...» 

 

Лæппу та фæраст и хæрды,  

Мигъты, тымыгъты лæгæрды,  

Хохæй хохмæ згъоры цырд.  

Ахызт авд хохæн сæ сæрты,  

Сау зæронд та бады кæрты, –  

Уый дæр къозойау нымпылд. 

 

«Æз дæ кæстæрæй æрвыст дæн...  

Раст дæм авд хохыл æрхызтæн, –  

Уæд дæ кадджын ном бæрзонд...  

Ис мæ амондæн хæрзгæнæг, –  

Зæгъ, цы ракурон хуыздæрæн?  

Курын, бацамон мын зонд...» 

 

«Цард æнусон у, æнусон,  

Мах та иу уысмы – йæ хъузон11, –  

Алкæй бирæ цард фæнды... –  

Лæг уæззауæн систа мит сæр –  

Авд хохы фæстæ нæ хистæр,  

Уый дзы бафæрс, мæ хур, ды...» 

 

Лæппу аджих и: «Æризæр...  

Уагæр цавæр у сæ хистæр?  

Кæд мæ амонд у æцæг?»  

Лæг цыма дзырдта йæхицæн:  

«Айс,– мæ номæй дын æвдисæн», –  

Радта лæппуйæн лæдзæг. 

 

Лæппу та фæраст и хæрды,  

Мигъты, тымыгъты лæгæрды,  

Хохæй хохмæ згъоры цырд.  

Ахызт авд хохæн сæ сæрты,  

Лæг нæ разынди йæ кæрты,–  

Фæсрагъ хос кæрдынмæ уыд... 

 

Лæппу аджих и, фæкуыддæр:  

«Кæстæртæ – зæронд, цыфыддæр,  

Уый та хосдзау у, куыстхъом.  

Уый куыд ысфардæг и фахсыл? 

Стæй уыгæрдæнтæ куыд дасы?  

Кæд фæивддзаг и йæ ном?..» 

 

Лæппу дистæгæнгæ араст,  

Рагъæй уыгæрдæнтæм акаст, – 

Куыст цæджджинагау фыцы12.  

Лæг йæ цæвæг дард фæхæссы, –  

Аззайы мæкъуыл йæ фæстæ,–  

Диссагæй цы кæныс, цы! 

 

Лæг кæсы цæргæсау размæ,  

Авд фырты кæрдынц йæ фарсмæ, – 

Иу дзы иннæмæй лæгдæр.  

«Адæмæн куыст у сæ дарæг» –  

Хæхтыл азæлы сæ зарæг,  

Дæттæ йæ фæзмынц кæмдæр... 

 

Уддзæф13 хосдзауты рæвдауы,  

Кæрдæг денджызау фæйлауы,  

Хосы тæфæй зилы сæр.  

«О, мæ дарджытæ-тырынтæ,  

Мад уын бахæра уæ рынтæ!» –  

Хъуысы комрæбынæй хъæр. 

 

Фыд йæ хос кæрдын фæуагъта,  

Цæвæг уисрæбын æрсагъта,  

Хур йæ цæстытæй ыскаст.  

Фырттæ уыцы згъорд фæластой, –  

Мады хъæбысы ысхастой, –  

Мад сæ цин уыди, сæ уарзт... 

 

Чындзытæ æд хуын, æд ронгæй14  

Уадысты сæ фæдыл рогæн, –  

Алы хæрдгæйæ15 фæлыст.  

Хистæры раз сæртæ 'руагътой,  

Былты змæлдæй «бон хорз» загътой, –  

Фырттæн асырдтой сæ рыст... 

 

Фыд йæ халас рихи дауы,  

Кæстæрты цæстæй рæвдауы,  

Мадæн – мидбылты йæ худт.  

Судзынц амондæй йæ рустæ –  

Дзулы ног фыхау – хæмпустæ,  

Мадæн – бинонтæ йæ уд... 

 

Рагъыл уазæг лæппу федтой, 

Кæстæртæ йæ фынгмæ 'ркодтой, 

Тынг ыл бацин кодтой, тынг. 

Чи йын бур физонæг давта, 

Чи йæ буц ныхасæй тавта, –  

Ахæм никуы федта фынг. 

 

«Æз дæ кæстæртæй æрвыст дæн, –  

Загъта, – къæдзæхтыл æрхызтæн...  

Уæд дæ кады ном бæрзонд!  

Ис мæ амондæн хæрзгæнæг,  

Зæгъ, цы ракурон хуыздæрæн?  

Курын, бацамон мын зонд...» 

 

Лæппу радта лæгмæ лæдзæг,  

Лæг ныццин кодта, фæхъæлдзæг,  

Стæй фæтарæрфыг æваст.  

Æфсин батыхсти: «Нæ зонын,  

Бон цæмæн фæтар æмбойны?  

Хур йæ дзаг цæстæй куы каст...» 

 

Лæг фæцарæхст, усмæ дзуры:  

«Ды куы уай æдзух мæ цуры,  

Уæд нæ ахуысдзæн мæ хур...»  

Дзырдтæ зæрдæтæ рæвдыдтой,  

Дзырдты къæдзæхтæ фæзмыдтой:  

«Уæд нæ ахуысдзæн мæ хур...» 

 

Лæппу цыд, ыздæхт фæстæмæ,  

Хурты хур сыгъди йæ сæрмæ,  

Зæрдæ рухс уыди, куыд нæ...  

Уæнгтæ рог, фæллад нæ зыдтой,  

Хæхтæ, быдыртæ фæзмыдтой:  

«Хур нæ ахуысдзæни, нæ...» 

 

Иу ран афынæй фæлладæй, –  

Хъустыл та æрцыди дардæй:  

«Фест, хæдзардарæг дæ ныр...  

Æз дæ хæрзгæнæг дæн... Курын,  

Бацин кæн дæ равзæрст хурыл...  

Фест, хæдзардарæг дæ ныр... 

 

Иры авд комыл æрзылдтæн,  

Сыхаг хъæутæм дæр фæцыдтæн, –  

Иу дзы мах аккаг нæ уыд.  

Чи фыр уæзданæй – æддæкъах,  

Чи фыдрæсугъдæй – хæндыгкъах16,  

Чи та магуса, фæлывд. 

 

Иу ран иу дзæбæх хæдзары  

Ссардтон иу зæронд хæлары,  

Разынд уыцы лæгæн чызг...»  

Лæппу фехъал и, йæ зæрдæ  

Сонтæй акодта куыддæртæ,  

Фемæхст цæстытæн сæ сыг... 

 

Донбыл къуыбырыл – цъæхсæртæ  

Калынц дунемæ цæхæртæ,  

Кæрт – æфснайд æмæ рæсугъд.  

Кæм – кæрчытæ, хъазтæ, гогыз,  

Хъазы уæрыккимæ нард фыс, –  

Уд сæ баззайдзæни, уд... 

 

Хур сызгъæрин тынтæй уары,  

Саурæсугъд сæм фæдджи дары,  

Худы лæппумæ фæлмæн:  

«Хуры тынтыл уæд дæ фæндаг,  

Уæнт дæ хъуыддæгтæ мæ фæндиаг.  

Æз – дæ сæрылхаст... Дæу дæн...» 

Аргъау – диссæгтæ, тæмæстæ,  

Аргъау – диссæгтæн сæ бæстæ,  

Аргъау – аргъауæн йæ мад,  

Иу бон ахæм дуг æрцæуы, –  

Хорзæн хорз зæгъын фæхъæуы,  

Хорзæн ралæууы йæ рад... 

 

Бонтæ бонты фæдыл уайынц,  

Мæйтæ мæйты фæдыл тайынц,  

Рæстæг – дугъон бæхау раст.  

Кæм хъæргæнгæ згъорынц дæттæ,  

Кæм цъæх-цъæхид дарынц хъæдтæ,  

Рæгътыл уыгæрдæнтæ карст... 

 

Фæззæг дисты диссаг басгуыхт,  

Бæркад тугты тугыл аскъуыд,  

Зæхх йæ бирæ хæрзтæй – хъал.  

Чи йæ фосмæ зилы, кусы,  

Чи йæ хортæ 'фснайы мусы, –  

Бон сын нал фаг, кæны, нал... 

 

Хорз лæг адæмæй хæс дары,  

Расты алкæм дæр ыссары,  

Хорзæх рохгæнгæйæ нæу.  

Афтæ иу райсом йæ кæртæй  

Рараст хæрзгæнæг бызгъуыртæй, –  

Фæсрагъ аззади йæ хъæу... 

 

Лæг йæ сæнтты хи рæвдауы:  

«Хистæр кæстæрæн æгъдау у,  

Хистæрæй фæуæд мæ балц...  

Уый хъæддыхдæр уыдзæн зондæй,  

Кæд нæ ракæсид бæрзондæй...  

Уымæй райдайон мæ балц...» 

VI 

Фæндæгтæн сæ рыг сæ сæрмæ  

Дымгæ аскъæфы цæхгæрмæ,  

Нал и уæрдæттæн æнцой.  

Мусты кæритæ – къæдзæхтæ,  

Цæст нæ хæцы галтыл, бæхтыл, –  

Ласынц быдыртæн сæ сой... 

 

Уддзæф, уддзæф та цы хъæрзы?  

Уый кæйдæр кæуын цы фæзмы?  

Бæстæ райдзаст куы у, уæд?  

Фондзæй нал лæууынц сæ зæнгтыл,  

Размæ бахауынц... Сæ уæнгтыл  

Баззад тугæрхæмттæй фæд... 

 

«Нæй кæрон йæ ис, йæ бонæн,  

Мах та сау мæгъæлда17 тонæм,  

Нал у донгдонæй нæ бон.  

Йуæн не' схæцдзæн йæ уаргъыл,  

Иумæ йе 'рхиздзæн йæ саргъæй...» –  

Дзурынц алы ран æргом. 

 

Хæрзгæнæг йæ къæрид кæрцы  

Февзæрд хъæздыгæн йæ кæрты,  

Дзуры: «Бахъуыд мæ дæ сæр...  

Бастади мæ бæх фæндагыл,  

Нал у, нал, мæгуыр, йæ уагыл...  

Хор мын иу кæфой18 уæддæр...» 

 

Хъæздыг бухъхъ ныхасæй дзуры:  

«Фесæф, мауал лæуу мæ цуры,  

Нæу дзæгъæлдзутæн мæ мулк.  

Уынгты цал кура кæфойтæ,  

Уал куы ныхила мæ гонтæм,  

Уæд куы байсысдзæн мæ мулк...» 

 

Лæг нымæтын ехс ысласта, 

Цъыкк, зæгъгæ, фыддзæф нылласта, – 

Хорæй нал аззади мур... 

Хъæздыг дуррæбынтæ къахы, 

Зæхх йæ ныхбынтæй фæлдахы, 

Рагъыл аныгуылди хур... 

 

Дыккаг ноджы фыддæр разынд, –  

Адæмæн сæ удтæй хъазыд, –  

Бæстæ – талынг æмæ тутт...  

Зарын ничи зыдта хуынды,  

Симын ничи зыдта симды,  

Кæмтты нал фидыдта худт... 

 

Адæм нал зыдтой ныййарæг,  

Кодтой сусæгæй сæ хъарæг, – 

Се 'лдар – саузæрдæ, мæнгард...  

Зилынц адæмыл йæ зинтæ19,  

Тауынц алы ран сæ рынтæ, –  

Бæстæ – сау ингæн, æнкъард. 

 

Хæрзгæнæг йæ къæрид кæрцы20  

Февзæрд хъæздыгæн йæ кæрты,  

Дзуры: «Бахъуыд мæ дæ сæр...  

Райсом хист кæнын мæ мадæн...  

Уый тыххæй фæцыдтæн ардæм…  

Ратт мын иу далыс уæддæр...» 

 

Хъæздыг тарæрфыгæй дзуры:  

«Фесæф! Мауал лæуу мæ цуры,  

Бамбар иу цæвиттон хорз:  

Уынгты цал цæуа мæгуыртæ,  

Уал куы ныхила мæ бынтæм,  

Уæд цæй фос ысты мæ фос?.. » 

 

Лæг нымæтын ехс ысласта,  

Цъыкк, зæгъгæ, фыддзæф нылласта, –  

Фосыл тыгъды зæй æрцыд...  

Хъæздыг фосы дзугтæй «бафсæст»,  

Бады, дуры цъуппыл баргъæвст...  

Хур дæр фæсрагъмæ ныттылд... 

 

VII 

Хæрзгæнæг та йе 'гъдау домдта...  

Бон изæрдалынгтæ кодта,  

Афтæ кæстæрмæ фæраст.  

Хистæртæй рыст уыд йæ зæрдæ –  

Иу дзы иннæмæй æвзæрдæр, –  

Цæй, цы ма сæ кæна хъаст?.. 

 

Хæрзгæнæджы адæм федтой, –  

Уынгты 'рцæйцыд, хызын – йе 'ккой,  

Уыд фæллад æмæ тызмæг.  

Сæры иу хъуыды æвзæры:  

«Цымæ кæстæр та куыд цæры?  

У кæд хистæртау фыдлæг?» 

 

Лæг гæдыхъæдау ныррызти,  

Хъарæг... Сусæг хъарæг хъуысти,  

Хъарæг зæрдæйыл æртыхст.  

Сау мигъ сау арвыл фæздæгау  

Апырх, дондзæстæй ныффæскъау,  

Раст ма уый зæрдæ дæр рыст... 

 

Талынг – кæстæры цъæхсæртæ,  

Нæй йæ къонайы цæхæр дæр,  

Мигъты бын ныттымбыл мæй.  

Хъарæг улæфæнтæ ахсы.  

Хъарæг уды норттæ ласы,  

Кæрты цъиуызмæлæг нæй21... 

 

Хъарæг – сусæгæй уæззаудæр,  

Хъарæг иунæгæй у саудæр,  

Хъарæг удхæссæг у, рын...  

Уазæг нал фæлæууыд, куры,  

Фысыммæ тыхстхуызæй дзуры:  

«Дон мын... Дойныйæ мæлын...» 

 

Хъарæг уыцы минут фенцад, 

Фысым уазæджы раз фестад, 

Ус дæр разгъордта, фæцырд: 

«Уазæг фарн хæссы йæ разæй, 

Афтæ хъуыстон æз мæ мадæй... 

Фарн хæссæнт дæ ном, дæ цыт...» 

 

Уазæг хъавгæ цыдæй бараст 

Къуымты афæлгæсыд, акаст, –  

Уæтты иу кæуæг нæ зынд.  

Æфсин амбæхста йæ хъыгтæ,  

Уайтагъд ацæттæ сты фынгтæ,  

Уазæг сыстади уырдыг. 

 

Райста сау бæгæны. Кувы:  

«Бæсты фарн, дæуæй æз курын,  

Айс нæ кæстæртæн сæ рыст!»  

Лæппу фестъæлфыди мардæй,  

Рабадт, арæдывта авдæн,  

Хурау уазæгыл ныттыхст... 

 

Мæй сæ кæрты къуымты кафыд,  

Бонвæрнон22 йæ фæдыл бафтыд,  

Стъалытæн æрцыд сæ рад.  

Мигътæ апырх ысты дардыл,  

Иу дзы нал аззади арвыл,  

Дымгæ къæдзæхтыл фæкалд... 

 

Уазæг бафарста: «Мæ размæ  

Куыд нæ уыд иу сыхаг уæ фарсмæ?  

Батыхст уайсадæгау мад:  

«Иуæй – сыхæгтæн нæ загътон,  

Иннæмæй – æхсæв, æнафон...  

Хистæр не скодтам нæ мард...» 

 

Кæс, ныххæррæтт кодтой адæм,  

Згъордтой дзаг хуынтимæ ардæм...  

Ахæм ран дæ уд дæр ратт!  

Алы хорз лæгтæм фæдзырдтой,  

Хорз лæгæн мæн дæр æрхуыдтой,  

Хæрзгæнæг мæ фарсмæ бадт... 

 

Мæй – цырагъдарæй нæ сæрмæ,  

Хур та – бонцъæхæй изæрмæ,  

Донау ивылы нæ зард.  

Дымгæ цъæх сыфтæртæй хъазы,  

Зæрдæ рог уддзæфæй нуазы,  

О, куыд адджын фæдæ, ЦАРД!.. 

 

Аргъау – диссæгтæн сæ диссаг,  

Аргъау – зæрдæтæн сæ риссаг,  

Аргъауæн мæлæт дæр нæй.  

Аргъау цалынмæ æгас уа,  

Аргъау цалынмæ нæ фарс уа,  

Уалынмæ цæрут фæрнæй... 

 

Фиппаинæгтæ:  

 

1. Аргъау æвдсæрон у – ома аргъауы мидис тынг уæрæх у, бирæ æмбæхст хъуыдытæ дзы ис, бирæ цæуылдæрты ахуыр кæны. 

2. Лыстæн – хъæмпæй конд хуыссæн (уырыс. «подстилка из травы, соломы или сена»). 

3. Саумæр йе ‘ккой хохмæ хаста – хохы æвадат уавæрты зæхх нæ фаг кодта. Мæгуыр лæгмæ-иу цы зæххы гæбаз æрхауд, уый та дурджын, хуырджын уыди; æмæ-иу æндæр рæттæй саумæр хастой сæ зæххы гæппæлмæ, цæмæй йыл исты æрзайа, уый тыххæй. 

4. Мæрддзæст – чъынды. 

5. Нымæтын ехс – аргъæуты алæмæты ехс, исты дзы куы æрцæвай, уæд, цы дæ фæнда, уый фестдзæн. 

6. Сæлæт – æлгъæд (уырыс. «пресыщение, связанное с отвращением к пище», в т.ч. от переедания). 

7. Гæдыхъæд, гæдыбæлас – бæласы мыггаг (уырыс. «осина», «тополь»)  

8. Мæхъи – бæрз бæласы къалиутæй бынæвæрæн хосы мæкъуылæн  

9. Цырагъау сыгъд – лæггад кодта. 

10. Мус – хор найгæнæн бынат (уырыс. «овин, ток, гумно»). 

11. Хъузон – 1) дугътæм-иу алы бæхæн дæр æххуысмæ цы барджытæ уагъд æрцыд, уыдон; 2) ахæс. нысан.: «æххуысгæнæг», «размæ схойæг» (уырыс. «содействующий, толкач»). Ам: æмдзугæнæг (уырыс. «попутчик»)  

12. Куыст цæджджинагау фыцы – куыст æхсиды (ахæс. нысан). Цæджджинаг – 40 ведрайы онг кæм цыд, ахæм æрхуы аг бæгæны фыцынæн. 

13. Уддзæф – рог дымгæ. 

14. Ронг – рагон нæртон нуæзт. 

15. Хæрдгæ (кæнæ хæрдгæхуыд) – сызгъæрин кæнæ æвзист æндæхтæй хуыд (уырыс. «шитый серебром, золотом», «золотое шитье»).  

16. Хæндыгкъах – фидис; хæндыгæй цыхтытæ чи давы, ахæм адæймаг. 

17. Мæгъæлда – зайæгой (уырыс. «куколь»). 

18. Кæфой – уистæй быд мигæнæн хор æвгæнынæн кæнæ дымгæмæ дарынæн (уырыс. «совок из прутьев»). 

19. Зин – æввахс лæууы дæлимонтæм, бады фæсвæд рæтты: цъымараты, арф кæмтты, рындзтыл æмæ а.д.  

20. Къæрид кæрц – зæронд, скъуыдтæ кæрц. 

21. Кæрты цъиуызмæлæг нæй – кæрты æппындæр ничи ис.  

22. Бонвæрнон – сæумæйы стъалы, планетæ Венерæ. 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ