Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Тæгиаты лыгъд Туркмæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ТÆГИАТЫ ÆЛДÆРТТЫ АРХАЙД МУХАДЗЫРАДЫ XIX ÆНУСЫ ДЫККАГ ÆМБИСЫ  

 

Кавказаг адæмты, стæй ирон адæмæй пысылмон диныл хæст чи уыд, уыдоны дзыллон алыгъд се ‘мдин Туркмæ, уыд хохаг адæмтæм паддзахы политикæйы ахасты комкоммæ фæстиуæг. 

Уыцы алыгъд хуынд æрцыд мухадзырад, у араббаг дзырд, нысан кæны «алыгъд» (уырыссагау «переселение») – Кавказаг хæсты фæстæ састы бынаты кæй баззадысты, уыцы цауимæ чи нæ сразы, кавказаг адæмты уыцы минæвæртты дзыллон алыгъд Осмайнаг империмæ æмæ Æввахс Скæсæны бæстæтæм. Иззет Айдемир, адыгаг мухадзырты байзæддаг, йæ монографи «Переселение: история переселения северокавказцев»-ы фыста, зæгъгæ, 1859-1864 азты чи алыгъд Кавказæй, уыдон сæ цæрæнбынæттæ ныууагътой барвæндонæй, фæстæдæр чи алыгъд, уыдон та сæ райгуырæн бæстæйæ æрцыдысты тард… Ахуыргонд куыд æмбарын кæны, афтæмæй паддзахы хицауад архайдта, цæмæй чи алыгъд, уыцы хохаг адæмæн фæстæмæ сæ райгуырæн зæхмæ сæ фæндаг æрæхгæна [1,85]. 

Ирон адæмы алыгъд Туркмæ райдыдта XIX æнусы æмбис æмæ цыд æртæ фæлтæрæй. Фыццаг фæлтæр (этап) уыд 1859 азы. Уæд алыгъдысты æрмæст хъæздыг, цытджын мыггæгты минæвæрттæ сæ хъазайрæгтимæ [2, 175]. Уыцы лигъдæтты-мухадзырты сæргъы лæууыд Абысалты Алимырза, дыгуры баделятæй. 

Эмигрантты дыккаг уылæны (1860-1861) разамонæг та сси куырттатаг тауби Цæлыккаты Ахмæт. Уæд сæ фыдыуæзæг ныууагътой 300-350 хæдзары бинонтæ, уыдонимæ уыдысты тæгиатæй 13 хæдзары: 

 

Дудараты Тау-Солтаны фырт Уывыдзыхъо (1805 азы гуырд). Чысыл Кæсæджы пъырыстыф сотник Тургийы–фырт Дзæуджыхъæуы хæстон окруджы хицау Ильинскимæ цы рапорт фыста, уым загъдæуыд, зæгъгæ, Шамил хæстон змæлдмæ куы цæттæ кодта, уæд Анзоров Магомет-Мирзайы бæсты рæстæгмæ наибæй нысангонд æрцыд Дудараты Уывыдзыхъо. Анзоров уыцы рæстæг йæ адæмæй цалдæримæ уыд Кæсæджы æмæ Кубаны зæххыл алы хæслæвæрдтимæ [4, 20]. Уывыдзыхъойы фыццаг ус уыд Куындыхаты Налхъуыттæ, тæгиатæй, æлдары чызг; йæ дыккаг бинойнаг дæр уыд тæгиатæй, æлдары чызг – Тугъанон. Уывыдзыхъо йæ бинонтимæ Туркмæ алыгъд 1860 азы [5, 50]. Йемæ алыгъдысты йæ фырттæ: корнет Дженардыхъо (1831 азы гуырд), Аслæныхъо (1841 азы гуырд), Хъæрæсе (1844 азы гуырд), Хасан (1847 азы гуырд) æмæ Изырыхъо (1851 азы гуырд). 

 

Дудараты Елмæрзайы фырт Пшимахо (1809 азы гуырд), юнкер, уыцы цины хаст æрцыд 27 сентябры 1860 азы «Хæстон-Ирон зылды штаб-, обер-офицерты æмæ юнкерты номхыгъд»-мæ [5, 44]. Йæ бинойнаг уыд тæгиатæй, æлдары чызг Мамсыраты Фердæуыз. 1861 азы йæ бинонтимæ алыгъд Туркмæ.  

 

Дудараты Гæбисы фырт Ислам (1823 азы гуырд), поручик; уыцы цины хаст æрцыд 27 сентябры 1860 азы «Хæстон-Ирон зылды штаб-, обер-офицерты æмæ юнкерты номхыгъд»-мæ [5, 53]. Уыд тæлмацгæнæг Терчы зылды æфсады штабы [6, 13]. Йæ бинойнаг уыд кæсгон уæздантуг æлдары чызг Гошепаж Анзорова. 1861 азы алыгъд Туркмæ, йемæ алыгъдысты йе ‘ фсымæр Исмаилы цот: Пшимахо (1847 азы гуырд), Келемæт (1855 азы гуырд) æмæ Муссæ (1858 азы гуырд).  

 

Дудараты Индрисы фырт Елбыздыхъо (1819 азы гуырд), подпоручик, йæ служба райдыдта 18 сентябры 1846 азы Кавказаг-Хохаг æрдæгэскадроны Лейб-гвардийы хотыххæссæгæй [7, 31]. Подпоручикы цин райста 1851 взы, 5 майы [8, 291]. 1861 азы алыгъд Туркмæ. 

 

Дудараты Дауыты фырт Сæрæби (1829 азы гуырд), майор; уыцы цины 27 сентябры 1860 азы хаст æрцыд «Хæстон-Ирон зылды штаб-, обер-офицерты æмæ юнкерты номхыгъд»-мæ [9, 54-66]. 1861 азы алыгъд Туркмæ. 

 

Дудараты Тау-Солтаны фырт Хъасболат (1820 азы гуырд), подпоручик [5, 51]. 1861 азы йæ бинонтимæ алыгъд Туркмæ. Уыд 1861 азы Туркмæ цы ирæттæ алыгъд, уыдоны æууæнклæг, сæ минæвар [10, 13]. Йæ бинойнаг уыд тæгиатæй, æлдары чызг Тылаттаты Сæлимæт. Йемæ Туркмæ алыгъдысты йæ фырттæ: Бимболат (1845 азы гуырд), Хъамболат (1847 азы гуырд), Аслæн-Джери (1850 азы гуырд), Аслæнбег (1851 азы гуырд), Мæхæмæт-Джери (1852 азы гуырд), стæй йæ хæрæфырт Ибрагим, уый хъомыл кодта йæ хæдзары. 

 

Дудараты Мамсыры фырт Хадзы-Албахсид (1809 азы гуырд), подпоручик [11, 15]. Йæ бинойнаг уыд кæсгон уæздæттæй, Тага Шипшева. Сæрæби 1861 азы йæ бинонтимæ алыгъд Туркмæ, службæ кодта туркаг æфсады, фæмард уырысимæ хæсты [5, 50]. Йемæ Туркмæ алыгъдысты йæ фырттæ: Дударыхъо (1845 азы гуырд) æмæ Хадзыбечыр (1849 азы гуырд). 

 

Дудараты Иссæйы фырт Хатæхцыхъо (1819 азы гуырд), йæ бинойнаг уыд дыгуры баделятæй, Хъуыбадты Фатимæ. 1861 азы алыгъдысты Туркмæ. 

 

Хъаныхъуаты Долат-Гирейы фырт Хъаныхъо (1814 азы гуырд), юнкер. уыцы цины хаст æрцыд 27 сентябры 1860 азы «Хæстон-Ирон зылды штаб-, обер-офицерты æмæ юнкерты номхыгъд»-мæ [12, 416]. Йæ бинойнаг уыд тæгиатæй, æлдар Дудараты Едыхъы чызг Госæгъыз. 1861 азы алыгъд Туркмæ йæ цотимæ: Хъæсай (1847 азы гуырд), Асиат (1849 азы гуырд), Гæба (1850 азы гуырд), Хъуырманхъыз (1852 азы гуырд), Ислам (1856 азы гуырд), Фатимæ (1856 азы гуырд). 

 

Хъаныхъуаты Тарасы фырт Дудар (1824 азы гуырд), подпоручик, ацы цинимæ хаст æрцыд 27 сентябры 1860 азы «Хæстон-Ирон зылды штаб-, обер-офицерты æмæ юнкерты номхыгъд»-мæ [13, 17 об]. Йæ ус уыд тæгиатæй, æлдар Дудараты Дзанхотты чызг Хадзыхъыз. 1861 азы алыгъдысты Туркмæ «на всегдашнее жительство», уый фæдыл ист æрцыдысты йæ подпоручикы цин æмæ æлдары бартæ. 

 

Хъаныхъуаты Хъазиханы фырт Хъуыдæберд (Хъуда) (1829 азы гуырд). Йæ бинойнаг уыд тæгиатæй, æлдар Санаты Саулохы чызг Хъултыхъыз (Культикиз). 1861 азы йæ бинойнаг æмæ йæ фырт Муссæимæ алыгъд Туркмæ. 

 

Хъаныхъуаты Дзанхотты фырт Науырыз (1829 азы гуырд), йæ ус уыд тæгиатæй, æлдар Куындыхаты Аслæнджерийы чызг Лафинæ (1836 азы гуырд). 1860 азы, 18 июлы «Йæ Бæрзонддзинад, Комитеты хъуыддæгтæ æвзарæджы» номыл цы курдиат балæвæрдта, (Комитеты хæс та уыд «разбор личных и поземельных прав туземцев Военно-Осетинского округа» ), уым Хъаныхъуаты Науырыз фыста: «Ме ‘рвадæлтæй Джызæлы хъæуы чи цæры, уыдон хицауады барвæндмæ гæсгæ тагъд рæстæджы цæрынмæ лидзынц Брутмæ. Мæн дæр фæнды мæ мыггаг кæм цæры, уыцы хъæуы æрцæрын. Уымæ гæсгæ курын Уæ Бæрзонддзинады, цæмæй мæнæн дæр мæ бинонтимæ, 19 адæймагимæ (уыдонимæ мæ фæсдзæуинтæ дæр), Хъобанæй Брутмæ алидзыны бар раттат». Фæлæ Науырыз æмæ йæ фырттæ хицауадæй разыйы дзуапп нæ райстой, æмæ сын цæрæнбынатæн снысан кодтой Джызæл [14, 2]. 1861 азы Науырыз йæ бинойнаг æмæ йæ фырт Тæрасимæ (1858 азы гуырд) алыгъдысты Туркмæ. Йæ фæстагæттæ хæссынц мыггаг Soydan. 

 

Тугъанты Созырыхъойы фырт Базырыхъо (1809 азы гуырд). Йæ фыццаг бинойнаг уыд дыгуры цæргæсатæй, Хъарабугъаты Айдаболы чызг Кенжехан, йæ дыккаг ус та – тæгиатæй, æлдар Санаты Тотиккы чызг Гаха. 1861 азы алыгъдысты Туркмæ [15, 102]. 

 

Хохæгтæ Туркмæ кæй лыгъдысты, уый аххосæгтыл куы дзурæм, уæд æнæзæгъгæ нæй: уыцы рæстæг Уæрæсе Парижы фидыды домæнтæм гæсгæ бахауд тынг зын уавæры – йæ мидполитикæйы уыд тынг бирæ æнæхæлд фарстатæ. Уыцы уавæрты Уæрæсе архайдта, цæмæй фервæза зæрдæхсайгæ адæмæй, змæстытæй кæмæй тарст, уыдонæй. Уыцы адæм къуылымпы кодтой Уæрæсейы политикон æмæ экономикон æндæвдад Цæгат Кавказыл парахат кæныны хъуыддаг. Цы зæххытæ суæгъд, уыдоныл хицауады зæрды æрцæрын кæнын уыди бæстæйы мидæггаг губерниты цæрджыты, хъазахъхъæгты, цæмæй уæрæсейаг хицаудзинад ам ныффидар уа.  

 

Уымæй уæлддай-ма уыцы цаутæ уыдысты Осмайнаг империйы интересты дæр. Турчы йæ арæнтæ æрфидар кæнынмæ, стæй пысылмон диныл хæст адæмы нымæц фæфылдæр кæнынмæ хъуыд хъæбатыр, æхсарджын æфсæддон тыхтæ. Æрцæрын-иу сæ кодтой Турчы империйы бæлвырд облæстты, чырыстон адæмы æхсæн «тæлмгай цæрын кæныны» принципмæ гæсгæ (уырыс. «принцип полосного поселения»). Уымæй уæлдай паддзахады мидæггаг æдасдзинадыл хуыздæрырдæм æнæфæзынгнæ нæ уыдаид,туркаг æфсады кавказаг лæджыхъæдджын адæмтæй рацæугæ хæстонты нымæц фылдæр куы кодтаид, уымæн æмæ уыдон хъомылгонд уыдысты хъæбатырдзинад, æхсар, æууæнчы традицитыл. 

 

Ацы цауы иннæ аххосаг уыд дины фарста, уымæн æмæ «уыцы рæстæг Кавказ сси чырыстон æмæ пысылмон динты æхсæн тохы быдыр». Уырыс архайдтой Кавказы чырыстон дин рапарахат кæныныл, уымæ гæсгæ дысвæлдæхтæй архайдтой. Туркаг эмиссарты агитаци æмæ пропагандæйæн-ма æххуысгæнæг уыдысты уырыссаг агенттæ дæр. Ахæм уавæрты уыдоны архайд йæ нысаныл æмбæлд. Сарæх сты ахæм сидтытæ: «Дин сæфы нæ бæстæйы, цæйнæфæлтау мæнгдиныл хæст адæмимæ цæрай, фæлтау де ‘мдин адæмы æхсæн амæл», «нæй цæрæн мæнгдиныл хæст адæмы паддзахады, уыдонимæ хъæуы кæнæ тох кæнын, кæнæ пысылмон бæстæтæм лидзын», «лидзын, цæрæнбынат ивын – уый у хъысмæт», «пысылмонæн дзæнæт ис кæнæ æхсаргæрдты аууон, кæнæ Стыр, номдзыд халифы дæлбазыр». Æппæт уыцы архайæг тыхтæ сæ куыст бакодтой, æмæ мингай кавказæгтæ ныууагътой сæ Фыдыбæстæ. 

 

Зындгонд ирон фыссæг æмæ этнограф Хъаныхъуаты Иналы фыдыфсымæр, æфсæддон кавалерийы майор йе ‘фсымæры куы разæнгард кодта Туркмæ лидзынмæ, уæд ын дзырдта: «Цы кусдзынæ ам, иунæгæй уырысы æхсæн куы баззайай, уæд?», «Цы кусдзынæ ам, нæ мыггаджы хуыздæртæ Стамбулмæ куы цæуынц, уæд, – ау, ды уыцы хуыздæртæй нæ дæ?» [16, 211-212] 

Цæгат Кавказы адæмты дзыллон алыгъд сиу Уæрæсейы реформæты райдианимæ, фыццаджыдæр та хъазайраг дуджы кæронимæ. Хохаг феодалтæй бирæтæ ныууагътой сæ фыдыбæстæ, цæмæй сæ бартæ сæ хъазайрæгтыл хъахъхъæд æрцæуой. 

Хохаг феодалты эмиграцийæн йæ сæйраг ратæдзæн сты æхсæнадон цард æмæ ахастыты хицæнхуыздзинад, бæлвырддæр та адæмы хъуыдыкæнынады, зондахасты куыд ныффидар сты, уый. 

 

1878 азы газет «Кавказ» хъусын кодта, зæгъгæ Карсскы облæстæй (уый сси Уæрæсейы хай Сан-Стефановски фидыды бадзырдмæ гæсгæ) Тифлисмæ ссыд 1860-æм азы Туркмæ чи алыгъд, уыцы ирæтты минæварад, уыдонимæ уыдысты: Тугъанты Хъасболат, Хъаныхъуаты Темыр-Болат, Абысалты Умар æмæ Хосонты Мæхæмæт. Уыдон фехъусын кодтой, зæгъгæ, ирæттæ алыгъдысты Туркмæ сæ дæлбар чи баззад, уыцы цагъайрæгтæ æмæ хъазайрæгтимæ» [17, 2]. 

Афтæ рауад, æмæ лигъдæттæй бирæтæн сæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты ног царды уавæртæ æмæ сфæнд кодтой фæстæмæ сæ Райгуырæн бæстæмæ раздæхын. 1861 азы Терчы облæстæй Туркмæ цы 685 хæдзары бинонтæ алыгъд (æдæпæтæй 8 мин адæймаджы бæрц), уыдонæй уыцы аз фæстæмæ сыздæхт 403 хæдзары бинонтæ (3800 адæймаджы), 1862 азы та – 36 хæдзары бинонтæ (350 адæймаджы бæрц) [8,15]. 

 

Паддзахы хицауад алы фæрæзтæй архайдта, цæмæй чи алыгъд, уыдон фæстæмæ мауал сыздæхой. Уырыссаг минæварад, стæй Скæсæны æппæт консуладтæ дæр 1864 азы райстой иумæйаг бардзырд, цæмæй «Кавказæй æмæ Фæскавказæй рацæугæ адæмæй туркаг дæлхицауад (уырыс. – «подданство») чи райста, æмæ фæстæмæ йæ райгуырæн бæстæмæ здæхынвæнд чи скодта, уыдонæн ногæй сын уæрæсейаг дæлхицауад райсынæн бар чи дæтты, ахæм документтæ æмæ паспорттæ ма дæттой». Фæлæ уæддæр хохæгтæй бирæтæ, Уæрæсейы минæварадæй æппæрццæгæг дзуапп райсгæйæ, сусæгæй здæхтысты сæ Фыдыбæстæмæ. 

 

Кавказмæ сыздæхын кæй фæндыд, уыдоны нымæц фылдæрæй-фылдæр кæй кодта, уый тыххæй Кавказаг æфсады командыгæнæг 1861 азы, ноябры мæйы бацæттæ кодта сæрмагонд «Фæтк», Туркæй здæхæг хохæгты фæстæмæ здахынæн æмæ сæ Кавказæй дард æрцæрын кæнынæн. Фæстæмæ чи здæхт, уыдон хъуамæ æрцардаиккой Фæсурал æмæ Оренбурджы губернийы, Уæрæсейы астæуккаг губерниты æмæ Доны былтыл. Хицауадæн бар уыд, лигъдæттæй иуты фæстæмæ тыхæй Туркмæ аздахын, бар кæмæн радтой сыздæхынæн, уыдоны та суанг сæ ног цæрæнбынæттæм хæццæ кодтой карз цæстдардимæ. 

 

Æппæт уыцы цаутæ нæ хынцгæйæ та 1865 азы тынг бирæ ирæттæ сыстадысты сæ цæрæнбынæттæй æмæ араст сты Туркмæ – уый уыд æппæты егъаудæр сыстад æмæ алыгъд. Разамынд ын лæвæрдта тæгиатаг æлдар, уырыссаг æфсады инæлар-майор Куындыхаты Муссæ. Уæд Туркмæ алыгъд фондз мин хæдзары бинонты бæрц, уыдонимæ 27 уыдысты тæгиатæй, æлдæртты бинонтæ [10, 325-326]: 

 

Æлдаттаты Темыр-Болаты фырт Елмæрза (1831 азы гуырд). 1865 азы алыгъд Туркмæ йæ мад Куындыхаты Дзан, йæ бинойнаг Санаты Залихан æмæ йе ‘фсымæртимæ: Эльберд (1834 азы гуырд), Мырзабег (1841 азы гуырд) æмæ Зауырбег. Семæ алыгъдысты сæ хъазайрæгтæ Мæхæмæт, Ибрагим, Паго. 

 

Дудараты Батуйы фырт Темыр-Болат (Тембулат) ,1824 азы гуырд, дæлбулкъон. Йæ службæ райдыдта 17 апрелы 1858 азы Кавказаг Хохаг æрдæгэскадроны Лейб-гвардийы. Уырдæм та ивд æрцыд кавалерийы ротмистртæй [209, 208]. 1865 азы алыгъд Туркмæ. 

 

Дудараты Куыцыккы фырт Тæтæрхъан (1831 азы гуырд), юнкер, йæ ном 1861 азы хаст æрцыд «Терчы Бæхджын-Иррегулярон полчъы дивизионы службæгæнæг юнкертæ, урядниктæ æмæ барджыты номхыгъдмæ». Служба кодта Ирон дивизионы фыццаг сотняйы [6, 76]. 1865 азы алыгъд Туркмæ. Йемæ алыггъдысты йæ бинойнаг Минæт, йæ фырттæ: Хъанымæт (1850 азы гуырд), Хадзымæт (1852 азы гуырд), Мæхæмæт (1854 азы гуырд), Ахмæт (1859 азы гуырд), йæ чызг Дзго (1856 азы гуырд), йе ‘фсымæр Хатæхцыхъо (1833 азы гуырд), стæй йæ кæвдæсард Дауыт. 

 

Есенаты Мæхæмæты фырт Мысырыхъо (1839 азы гуырд). 1865 азы алыгъд Туркмæ йæ бинойнаг Куындыхаты Мамсыры чызг Айсæт, йæ фырт Елбыздыхъо æмæ йе ‘фсымæр Самырзæйы лæппу Саламджериимæ (1856 азы гуырд). Семæ-ма алыгъдысты Мæхæмæты номылус. Магди æмæ йæ цот: Хæвди, Мысырби æмæ Дауырбег. 

 

Есенаты Угъалыхъы фырт Беслæн (1832 азы гуырд). Йæ ус уыд тæгиатæй, æлдар Хъаныхъуаты Дзæботыры чызг Хъызмыдæ. 1865 азы йæ бинонтимæ алыгъд Туркмæ. Семæ-ма алыгъдысты сæ цот: Тæтæрхъан (1849 азы гуырд), Даха, Саламджери, Дико, Косерхан. Беслæны хо Есенаты Госæда уыд Куырттатаг тауби Цæлыккаты Гуыргъохъойы фырт Дзæрæхмæты бинойнаг. Сæ цот: Хъазымæт (1852 азы гуырд), Хадзымæт (1854 азы гуырд), Хадзы-Бечыр (1829 азы гуырд) (1856 азы гуырд), Ибрагим (1856 азы гуырд). Уыдон та Туркмæ алыгъдысты 1860 азы.  

 

Хъаныхъуаты Тугъаны фырт Афæхъо (1849 азы гуырд). 1865 азы алыгъд Туркмæ. 

 

Хъаныхъуаты Мысосты фырт Хæтæни, йæ бинойнаг уыд тæгиатæй, æлдар Тугъанты Иналы чызг Мидæ. 1865 азы алыгъд Туркмæ йæ цотимæ: корнет Темыр-Болат (1839 азы гуырд) æмæ Мæхæмæт-Мырза (1844 азы гуырд), Хъамболат (1854 азы гуырд) æмæ Госæнагуы. Йæ фæстагæттæ хæссынц мыггаг Текау. 

 

Хъаныхъуаты Алхасты фырт Долæт-Мырзæ (1809 азы гуырд). 1865 азы йæ бинонтимæ алыгъд Туркмæ, уым йæ фæстагæттæ хæссынц мыггаг Dalgic. Йемæ Туркмæ алыгъдысты йæ мад – Куындыхаты Куыцыккы чызг Куарæ, йæ бинойнаг – Тугъанты Осмæны чызг Госæмайхо, сæ фырттæ: Муссæ (1851 азы гуырд), Знауыр (1853 азы гуырд), Иналды (1856 азы гуырд), Хадзы-Бечыр, сæ чызджытæ: Лезинка, Фатимæ, Минæт (1860 азы гуырд), Долфсымæт-Мырзæйы хо Фатимæ, æфсымæртæ: Смайли (1824 азы гуырд), Куыцыкк (1834 азы гуырд), йæ фыдыфсымæр – Хъайтыхъойы фырт Исмаил (Цицо) (1779 азы гуырд) йæ ус Гуытазимæ. 

 

Куындыхаты Алхасты фырт Муссæ (1818-1889), инæлар-майор. 1865 азы йæ бинонтимæ алыгъд Туркмæ: йæ бинойнаг Хъуыбадты Иналыхъойы чызг Косерхан, йæ фырттæ: Аслæнбег æмæ Хадзы-Бечыр, йæ хо Лезинка, хæрæфырттæ: Хазби (1856 азы гуырд), Хадзы-Умар, Хани. Семæ-ма ацыдысты йе ‘фсымæр Афæхъо (1833 азы гуырд) йæ бинойнаг Хъуыбадты Иналыхъойы чызг Фæрдауыз сæ цотимæ: фырт Хадзы-Мурат, стæй чызджытæ Гуытаз, Минæт æмæ Паше. Семæ-ма ацыдысты нудæс сæ дæлбар зæхкусджытæй. 

1867 азы Куындыхаты Муссæ сси паша «Мир-Лива».  

Терчы облæсты æфсæдты командыгæнæг М.Т. Лорис-Меликов фыста, Куындыхаты Муссæ йын комкомæ кæй загъта цæмæн æрлæууыд Туркмæ лидзджыты сæргъы, уый – «йæ зæрды уыд бынæттон цæрджыты фыдбылызтæй фервæзын кæнын, фыдбылызæн та æнæрцæугæ нæ уыд, уымæн æмæ тæссаг уыд гæрзифтонг растадæй» [21, 119]. 1877-1878 азты уырыссаг-туркаг хæсты активонæй хæцыд Уæрæсейы ныхмæ, Турчы фарс. Муссæ амард 1889 азы горæт Эрзерумы, ныгæд дæр æрцыд уым, мæзджыт Нарманлы Джамийы 

 

Куындыхаты Муссæйы фырт Хадзы-Бечыр (Бекир Сами-бей) (1865-1932) райгуырд йæ бинонтæ Туркмæ цы аз ралыгъдысты, уыцы аз. Уыд Кемаль Ататюркы тæккæ хæстæгдæр æмархайæг, æмтохгæнæг. Уыд Сивасы конгрессы делегат, уыцы конгресс сси Турчы националон, бартыл тоххы змæлды райдиан. Уый фæстæ Куындыхаты Хадзы-Бечыр уыд Бурсы, Бейруты, Алеппойы губернатор, ВНСТ-йы (Турчы Стыр националон æмбырд) депутат (Токат, 1920). Дыууынæм азты та уыд Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр. 1921 азы архайдта Лондоны конференцийы, кæцыйы ныхас цыд Æввахс Хурыскæсæны фарстатыл, уым адæмы размæ рахаста проект Кавказаг республикæ саразыны тыххæй. 1921 азы, майы мæйы ацыд отставкæйы. 1924 азы уыд Прогрессивон-республикон партийы архайæг. Уыцы партийы ауагъды фæстæ бынтон ныууагъта йæ политикон архайд [22, 126-127]. Йæ бинойнаг уыд тæгиатæй, æлдар Дудараты Дудары чызг Блюхан. 

 

Куындыхаты Алхасты фырт Хъасболат (1816 азы гуырд), подпоручик, хæцыд Шамилы фарс. Нысангонд æрцыд Цæцæны ныгуылæн хайы наибæй. 1852-1854 азты наиб Хасбулат Арштинскийы номимæ æрзылд Ирыстоны пысылмон районтыл, уыд Тæгиаты æхсæнады зæххыты, Уæлладжыры, Дыгургомы. Уæд Дыгуры æлдæрттæ Шамилыл иузæрдиондзинадыл ард бахордтой [23, 1-7]. Йæ Фыдыбæстæмæ куы сыздæхт Хъасболат, уæд ын æппæт уыцы хъуыддæгтæ ныббарстой, фæлæ ист æрцыдысты йæ офицеры цин, стæй йæ зæххытæй 1400 дæсæтины. 1860 азы, 3 февралы Хæстон-Ирон зылды Хицау Кавказы æфсæдты Галиу хайы командыгæнæг, инæлар-адъютант,кавалер, граф Евдокимовмæ фыста: «Каспулат Кундухов в 1839 г. за отличие в делах против горцев произведен в прапорщики и производством ему жалования 215 руб. сер. в год. В 1851 г. отлучился он к непокорным горцам — чеченцам, где находился до мая месяца 1852 г. Не сделавши никакого преступления и раскаявшись чистосердечно в своем поступке, возвратился с разрешения начальства и водворился в своем ауле, где и поныне проживает» [24, 5].  

 

Уыцы хъуыддаджы фæдыл ма фыстæуыд: «Господин Управляющий Военным Министерством отзывом от 5 сего июня за № 2848 уведомил Господина Командующего Армиею, что Государь Император, согласно ходатайства Господина генерал-фельдмаршала князя Барятинского, Высочайше повелеть соизволил: возвратить жителю Владикавказского округа тагаурскому алдару Каспулату Кундухову чин прапорщика. Уведомляя о сем Ваше Сиятельство, имею честь присовокупить, что о возврате означенному азиатцу чина прапорщика объявлено в приказе по Армии от 28 июня № 291 м» [24, 25]. Уыцы фыстæджы-ма хъусын кодтой, зæгъгæ, уый æд бинойнаг ацыд æнæсæттон хохæгтæм, йæ фырттæ та баззадысты Хицауады фарс. 

Куындыхаты Хъасболаты фыццаг бинойнаг уыд кæсгон къниазы чызг Насипхан Казиева, йæ дыккаг ус та – кæзгон уæзданы чызг Джан Клишбиева. 1865 азы йæ бинонтимæ алыгъд Туркмæ. Йемæ алыгъдысты йæ дыууæ усы дæр, йæ фырттæ Хъамболат, Бимболат, Мырзабег, Хъази-Мæхæмæт, Иналыхъ, стæй йæ чызджытæ: Чабæхан, Бабух, Газыга, Лана. 

 

Куындыхаты Аслæн-Джерийы фырт Дзамболат (1828 азы гуырд), прапорщик [13,5]. 1865 азы йæ бинонтимæ алыгъд Туркмæ. Йемæ алыгъдысты йæ ус Мамсыраты Хъазийы чызг Зæли, йæ фырттæ Хъамболат (1857 азы гуырд), Мæхæмæт (1861 азы гуырд), йæ чызджытæ Сæлимæт æмæ Хамысиат. 

 

Куындыхаты Буйы фырт Джамбор (1823 азы гуырд), хæцыд Шамилы фарс, уыд йæ наибтæй иу [25, 91]. Сыздæхт йæ Фыдыбæстæмæ, æмæ йын ныббарстой уыцы хабæрттæ. Уыд Кавказаг-Хохаг Дивизионы прапорщик [9, 54-66], уыцы цины 27 сентябры 1860 азы хаст æрцыд «Хæстон-Ирон зылды штаб-, обер-офицерты æмæ юнкерты номхыгъд»-мæ [13, 6 об]. 1865 азы йæ бинонтимæ алыгъд Туркмæ. Уым йæ фæстагæттæ хæссынц мыггаг Basbulut. Йемæ алыгъдысты йæ бинойнаг Фатимæ, йæ фырт Зауырбег (амард 1939 азы) æмæ йæ чызг Нагъо. 

 

Куындыхаты Сослан-Джери алыгъд Туркмæ йæ мад Зæлиимæ, йе ‘фсымæр Абаз-Джериимæ, йæ хотæ Арыхъыз æмæ Госишахимæ, йæ хæрæфырттæ Иналыхъ æмæ Дзанхотимæ. 

 

Куындыхаты Буйы фырт Ислам (1832 азы гуырд). 1865 азы йæ алыгъд Туркмæ йæ бинойнаг Хуре æмæ йæ фырт Мæхæмæтимæ. 

 

Куындыхаты Базырхъойы фырт Али (1842 азы гуырд), йæ ном 1861 азы хаст æрцыд «Терчы Бæхджын-Иррегулярон полчъы дивизионы службæгæнæг юнкертæ, урядниктæ æмæ барджыты номхыгъдмæ» [6, 76 об] 1865 азы йæ мад Чендзе, йæ бинойнаг Хъаныхъуаты Хазбийы чызг Зекие, йе ‘фсымæр Агуыбечыримæ (1850 азы гуырд) алыгъд Туркмæ. Уым йæ фæстагæттæ хæссынц мыггаг SAHIN. Йемæ алыгъд йæ кæвдæсард Мæгæмæт. 

 

Куындыхаты Инарыхъойы фырт Уывыдзыхъо (1835 азы гуырд), юнкер. Уыцы цины 27 сентябры 1860 азы хаст æрцыд «Хæстон-Ирон зылды штаб-, обер-офицерты æмæ юнкерты номхыгъд»-мæ [9, 26, 54-66]. 1865 азы йæ бинойнаг Дудараты Тасолтаны чызг Госæгъыз, йæ фырт Индрис æмæ йæ чызг Сæлимæтимæ алыгъд Туркмæ. Семæ алыгъдысты йæ кæвдæсард Самыр йæ ус Гуысини. 

 

Куындыхаты Еналдыйы фырт Габа (1808 азы гуырд). Йæ ном 1861 азы хаст æрцыд «Терчы Бæхджын-Иррегулярон полчъы дивизионы службæгæнæг юнкертæ, урядниктæ æмæ барджыты номхыгъдмæ» [6, 76 об] 1865 азы йæ ус Дудараты Гæбисы чызг Сасинкъаимæ, йæ фырттæ: Елмæрза (1842 азы гуырд), Али-Мырза (1846 азы гуырд), Тасолтан (1847 азы гуырд) æмæ Хъази-Мæхæмæтимæ (1850 азы гуырд). алыгъд Туркмæ. Йæ фæстагæттæ хæссынц мыггаг Konak. 

 

Куындыхаты Мамсыры фырт Тæтæрхъан (1842 азы гуырд), 1865 азы йæ мад Хъаныхъуаты Саукуыдзы чызг Айсæимæ, йæ бинойнаг Есенаты Беслæны чызг Косерханимæ, йæ фырт Мæхæмæт, йæ хо Налхъыз æмæ йе ‘фсымæртæ: Темыр-хъан (1844 азы гуырд), Темырыхъо (1846 азы гуырд) æмæ Исламимæ алыгъд Туркмæ.  

 

Куындыхаты Аслæн-Джерийы фырт Пшимахо (1833 азы гуырд), подпоручик [9, 84-96], 1865 азы алыгъд Туркмæ йæ мад Æнзораты Мысосты чызг Хухаимæ, йæ бинойнаг Госæгъаимæ, йæ чызг Чабæханимæ, йæ хо Сахар æмæ йе ‘фсымæр Аслæн-Мырзаимæ (1841 азы гуырд). Семæ алыгъд йæ кæвдæсард Саукуыдз. 

 

Мамсыраты Мæхæмæты фырт Елдзарыхъо (1834 азы гуырд), юнкер, уыцы цины хаст æрцыд 7 сентябры 1860 азы «Хæстон-Ирон зылды штаб-, обер-офицерты æмæ юнкерты номхыгъд»-мæ [26, 208об.-209]. 1865 азы йæ мад, Тылаттаты Сахар æмæ йе ‘фсымæр Чагоимæ алыгъд Туркмæ. 

 

Мамсыраты Аслæнбеджы фырт Бат-Гирей (1850 азы гуырд), 1865 азы алыгъд Туркмæ йæ мад Тылаттаты Хуме æмæ йæ хотæ Буту æмæ Ханиимæ. Семæ алыгъд йæ кæвдæсард Коки дæр. 

 

Мамсыраты Аслæнбеджы фырт Хъази-Мæхæмæт (1834 азы гуырд). 1865 азы алыгъд Туркмæ. Йемæ ацыдысты: йæ мад Дзантиаты (Жантиева) Дзатоимæ (Соха), йæ бинойнаг Дудараты Дзыллæ, йæ чызг Гæсанæ. Семæ-ма алыгъдысты йæ фыдыфсымæр Осмæны лæппутæ: Темырболат (1843-1899) æмæ Хъанболат (1851 азы гуырд), сæ мад Куындыхаты Алхасты чызг Гаха, сæ хъазайрæгтæ Тума æмæ Тæтæрхъан æмæ кæвдæсард Æхсар 

 

Мамсыраты Сикъойы фырт Умар (Бибо) (1829 азы гуырд). 1865 азы алыгъд Туркмæйæ бинонтимæ: йæ ус Куындыхаты Хадзы-Мырзæйы чызг Уки, йæ фырттæ Хъырым-Солтан (1852-1936) æмæ Темыр-Солтан (1853-1941), йæ чызг Годæци. Йæ фæстагæттæ хæссынц мыггаг Temurlenk. Семæ ацыдысты йæ кæвдæсард Æхсар йæ ус Боба æмæ йæ мад Астаимæ, Æхсары æфсымæр Азæмæт æмæ йæ хотæ Дзажи æмæ Начи. 

 

Тхостаты Аслæнбеджы фырт Иуан (1795 азы гуырд). 1865 азы алыгъд Туркмæ. Йемæ ацыдысты йæ ус Хæдарцаты Айсе, йæ хо Зæликæ (1825 азы гуырд), йæ фырттæ: Дзамболат (1839 азы гуырд) йæ ус Мамсыраты Умары чызг Уликаимæ, юнкер Тотрадз (1820 азы гуырд) йæ бинойнаг Есенаты Мæхæмæты чызг Дзан æмæ сæ цот Абубечыр (1865 азы гуырд), Госерхан (1858 азы гуырд) æмæ Хуте (1860 азы гуырд). Али-Мырзæ (1829 азы гуырд) йæ бинойнаг Тугъанты Дзанхоты чызг Цицимæ; йæ чызджытæ Казымæт (1850 азы гуырд) Хадзыхъыз (1853 азы гуырд), йæ хæрæфырттæ, Хъæвдыны фырттæ: Мырзæ (1851 азы гуырд) æмæ Хъамболат (1857 азы гуырд). 

 

Тхостаты Уцийы фырт Цомахъ (1825 азы гуырд) 1865 азы алыгъд Туркмæ йæ ус Хани æмæ йæ чызг Чобанимæ. 

 

Тхостаты Иуаны фырт Елмæрзæ (1834 азы гуырд). Йæ ном 1861 азы хаст æрцыд «Терчы Бæхджын-Иррегулярон полчъы дивизионы службæгæнæг юнкертæ, урядниктæ æмæ барджыты номхыгъдмæ». Уыд 1-аг Ирон дивизионы барæг [6, 76об]. 1865 азы алыгъд Туркмæ йæ бинойнаг Куындыхаты Фатимæтимæ, йæ фырттæ Беслæн æмæ Исламимæ. 

 

XIX æнусы дыккаг æмбис-ма ноджыдæр тæгиатаг æлдæрттæй цалдæр хæдзары бинонтæ алыгъдысты Ирыстонæй Туркмæ. Уыдоны æхсæн уыдысты: 

 

Тугъанты Беслæны фырт Мæхæмæт, æфсæнвæндаджы æфсады 4-æм æфсæнвæндаджы батальоны капитан [27, 13, 21]. 1863 азы, апрелы мæй алыгъд Туркмæ. 

 

Дудараты Ильясы фырт Ахмæт (1854 азы гуырд) йе ‘фсымæртæ Хъылцыхъо (1840 азы гуырд) æмæ Афæхоимæ (1852 азы гуырд), стæй Хъылцыхъойы фырттæ Аслæнбег (1872 азы гуырд) æмæ Мырзабегимæ (1877 азы гуырд) XIX æнусы кæрон алыгъд Туркмæ. Йæ фæстагæттæ хæссынц мыггаг Yilal. Иннæ лигъдæттимæ æрбынат кодта Сивасы провинцийы, хъæу Калаклыкайы. 

 

Дудараты Агуыбечыры фырт Абдул-Азиз (1872 азы гуырд), каст фæци Дзæуджыхъæуы реалон училище. XIX æнусы кæрон алыгъд Туркмæ. 

 

Дудараты Умары фырт Батырбег (1859 азы гуырд). 1877 азы, 23 январы йæ ном хаст æрцыд «Терчы Бæхджын-Иррегулярон полчъы 1-аг сотняйы цинты номхыгъдмæ» [5, 11, 86]. Архайдта уырыссаг-туркаг хæсты 1877-1878 азты. XIX æнусы кæрон алыгъд Туркмæ. 

 

Дудараты Умары фырт Хъауырбег, XIX æнусы кæрон алыгъд Туркмæ. 

 

Куындыхаты Бесæйы фырт Диан (1798 азы гуырд), прапорщик, уыцы цины хаст æрцыд 27 сентябры 1860 азы «Хæстон-Ирон зылды штаб-, обер-офицерты æмæ юнкерты номхыгъд»-мæ [13, 6об]. Алыгъд Туркмæ. Йæ бинойнаг уыд тæгиатæй, æлдары чызг Тхостон. 

 

Тæгиаты æлдæрттæй бирæты нæмттæ, 1859 азы номдарады номхыгъдтæм гæсгæ зындгонд чи уыдысты, уыдон 1860 азы фæстæ нал ис ссарæн архивты документты, бинонты номхыгъдты. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Туркмæ чи лыгъд, уыцы адæмæй иутæ номхыгъдтæм нæ бахаудтой. Чи зоны, æмæ уыдонæн сæ кæцыдæр хай уыд уыцы лигъдæтты æхсæн.  

Хъыгагæн, Туркмæ алидзæг адæмæй бирæты хъысмæт баззад æбæрæгæй. Кавказаг мухадзырты æрцæрын кодтой Турчы алы къуымты æмæ се ‘хсæн бастдзинад хæлд кæй æрцыд, уый аххосæй Есенаты, Æлдаттаты, Тугъанты, Дудараты æмæ æндæр æлдæрттæй кæйдæр бинонты фæдтæ сæфт æрцыдысты. 

 

 

Æрмæджы автор: 

Мæрзойты Темырхъаны фырт Ислам-Бекисторион зæнæдты доктор, Абайты Васойы номыл Цæгат-Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты хистæр зонадон кусæг. 

is-bek@yandex.ru 

 

Æрмæг ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Брытъиаты Анжела. 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ