Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

6. БÆРГЪУАН
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

БÆРГЪУАН 

Нартæй æртæ бонцау æддæдæр Нозы фырт Бæргъуан царди. Нарты 

Борæимæ хæлар нæ 

– фыдызнæгтæ уыдысты. Æмæ дын зæрватыкк уый сæрты фæцæйтахт. 

Бæргъуан æм дзуры: 

– Кæцæй тæхыс, ацы зæрватыкк? 

– Кæд нырма уый нæ зоныс, уæд дæ исчи æд хуыссæнтæ хæсдзæни. 

Нартæ æртæ боны дæргъы тугкалæн хæст кæнынц гуымиртимæ, æмæ сæ удмæ 

сты. 

Бæргъуаны нæ бауырныдтой уыцы ныхæстæ, æмæ Хуракæсæнхохмæ 

ссыди. Акасти Гуымиртыбæстæм, æмæ нал зыны Гуымиртыбæстæ рыгæй. 

Тохы хъæр æрвнæрæгау кæны. 

Раздæхти фæстæмæ Бæргъуан, æмæ ныхъхъæркодта й' адæмыл: 

– Фæдис фæцыди, фæлæ æрымбырд ут! 

Бæргъуаны адæм æртæ хъæуы цардысты, æмæ дыууæ хъæуæй æрæмбырд 

ысты. Бæргъуан цæ фæрсы: 

– Исчи ма не 'рцыди? 

– Дæллагхъæуæй иу ызмæлæг дæр нæй. 

– Нырвитут цæм искæй. 

Нырвыстой Дæллагхъæумæ 'мæ цæ фæрсынц: 

– Цæуылнæ цæут фæдисы? 

– Мах æмбырдæй æмбырд ыстæм, фæлæ кæцырдæм цæуæм? 

– Нарты ныхмæ. Гуымиртæн баххуыскæнæм. 

Дæллагхъæу не сразы сты 'мæ загътой: 

– Махæн Нартимæ хæцгæйæ нæу. Кæд хæцæм, уæд гуымиртимæ. 

Фехъусынкодтой Бæргъуанæн Дæллагхъæуы фæнд. Æмæ Бæргъуан 

загъта йе фсадæн: 

– Нарт гуымирты куы басæттой, уæд райсом та мах басæтдзысты. 

Дæллагхъæу кæд æххуысмæ нæ цæуынц, уæд махæн цæстысындз ысты, æмæ 

цæ фæцæгъдæм. 

Бæргъуаны фæндыл ысразы сты æфсæдтæ. Изæрдалынг бакодтой 

сæхиуыл, æмæ цæм талынджы ныббырстой. Лæджы мыггаг нал ныууагътой. 

Усы та маргæ ничи кодта уыцы заман. Сæ хæдзæрттыл цын арт 

бандзæрстой, æмæ Бæргъуаны 'фсад æмæхсæвæджы араст ысты сæ фæндагыл 

гуымиртæн æххуысмæ. 

Фæцыдысты бирæ. Кæм фæлмæцгæ кодтой, кæм – тухæн. Æмæ 

ныххæддзæ сты иу хус быдырмæ. Дойныйæ мардысты. Иу ран дон 

ыссардтой, æмæ дзы зыднуæзт бакодтой. Фæрынчынтæ сты, æмæ сæ сæрæн 

нал уыдысты, фæлæ сæ цыд ыской кодтой уæддæр. 

Ныххæддзæ сты гуымиртыбæстæм Бæргъуаны 'фсад. 

 

ЗÆРИСÆРЫ ЧЫЗГ 

Дæллагхъæуы ма баззад иу зæронд лæг – Зæрисæр. Ракодтой йæ 

Дæллагхъæуы чызг-фæсивæд, æмæ йæ фæрсынц: 

– Цы нын амоныс уæддæр хуыздæрæн? 

– Мæнмæ иу фæнд ис, æмæ уын æй нæ сусæгкæнын. Уыд ахæм хабар. 

Æз рынчын уыддæн. Нæ чысыл лæппу хуым бакодта, фæлæ йæ баласын йæ 

бон нæ уыд. Нарты Дзылæу адæг ацауæзта, æмæ йæ баластой иумæ. Нарт 

æххуысæн æххуыс ысты, хæстæн – хæст. Нартæн баххуыскæнын фарны 

хъуыддаг у, Бæргъуанæн та ацы маст ма ныббарут. 

Зæрисæры чызг сыхыл азылди, æмæ сæ сыхы чызг-фæсивæды йемæ 

тархъæдмæ акодта. Иу тулдзбæласы цур æрæмбырд ысты, æмæ бахордтой 

æрдхæрæны ард. Уыйфæстæ сæхи хæстахуыр кодтой. Милмæ фæлвæрдтой, 

кардæй хæцыдысты. 

Къуырийы дæргъы гуымиртæ 'мæ Бæргъуаны 'фсæдтæ æнцой нæ 

уагътой Борæ 'мæ Болатбæрзæйы. Къуырийы фæстæ та ногæй ысхæцыдысты. 

Æмæ цæ Зæрисæры чызг-æфсад чъылдымдзæф фæкодтой. Бæргъуаны 'фсад 

куынæг байдыдтой... 

Зæрисæры чызг-æфсадыл ызгъæртæ конд уыди, лæгдарæсы уыдысты. 

Æмæ цæ ничи зыдта, чи сты, уый. 

Уæд, Болатбæрзæй дзуры Борæмæ: 

– Чи уыдзысты ацы 'фсад? 

– Зын зæгъæн у. Чи сты, уый фæсхæст рабæрæгуыдзæн. 

Æхсæвы гуымиртæ авд хатты фæфылдæр ысты, стæй куы 'рбабон, 

уæдта ногæй хæцын байдыдтой. 

Зæрисæры чызг дæр йе фсадимæ смидæг и гуымирты астæу. Æртывæр 

фыддæр ысхæцыдысты. Болатбæрзæй гуымирты афтæ фæцагъта, æмæ дон нал 

зынди сæрыкъуыдыртæй. Фæлæ та цæ дыггаг бон ногæй хæцгæйæ уыдта. 

Фæхæцыдысты бон-изæрмæ, æмæ изæры Болатбæрзæй Луанылæгæтмæ бафтыди. 

Борæ нал федта Болатбæрзæйы. Болатбæрзæйыл гуымиртæ хох 

бафæлдæхтой. Æмæ ахсты бахаудта лæппу. 

Луанылæгæты гуымирты хистæр Æвдсæроны 'фсымæр аууоны йæ фæллад 

уагъта, æмæ йæм Болатбæрзæй дзуры: 

– Ды та кæцы дæ? 

– Æз де уазæг, ма мæ амар! Æвдсæрон уæйыджы кæстæр æфсымæр 

дæн. М' амардæй дыл ницы бахæцдзæн, фесæфдзынæ, æмæ ды дæр ам 

бамбидзынæ. Фæлтау дæ ауадзынкæндзынæн мæ сæры аргъмæ. 

Болатбæрзæй йæ нал фæцагайдта. Борæ та Болатбæрзæйы агуырдта. 

Æмæ талынджы, хæст куы банцади, уæд Борæ сæхимæ фæцæйцыд. 

Луанылæгæты фæрсты æрцæйызгъордта, æмæ йæ Болатбæрзæй базыдта. 

– Бафæрс-ма-иу нæхимæ, цы сæртæ алыгкæнын, уыдон та дыггаг бон 

куы райгас вæййынц. Æмæ уый цæй аххос у? 

Борæ нæ базыдта Болатбæрзæйы. Фæлæ уæддæр сæхимæ фæрсы 

Сæуæссæйы: 

– Сæртæ ракæнæм, доны цæ бакалæм, фæлæ та райсоммæ 

райгасвæййынц, æмæ хæцын байдайынц. Уый, цæмæн афтæ у? 

– Уæ, æвзæртæ, хæцын нæ зонут. Гуымирты хæст сымах афтæмæй нæ 

фæуыдзыстут. Уыдонмæ сидын куыдхистæрæй хъæуы, кæннод кæстæры сæр 

хистæр йæхиуыл асæрфы, æмæ та райгасвæййы. 

– Ме фсымæр дæр, нæ зонын, цы фæуыдаид... 

– Уый гуымиртæ хинæй æрцахстаиккой. Уыдонмæ йæ хъæуы агурын. 

Уæд Борæ нызгъордта Куырдалæгонмæ. 

– Мæ карды ком мын фæцыргъдæркæн. 

Куырдалæгон кард сырх зынг ыскодта, æмæ йæ уыйфæстæ 

сойæсæрстæй цъитидоны нытътъыста. Кард сыгъдæг болат фестади. Æмæ 

Борæ фæстæмæ ратындзыдта. 

Райсомы та хур куыддæр ыскасти, афтæ авд æфсымæры хистæр 

Æвдсæрон радыгай æрвыста гуымирты, фæлæ цæ Борæ быныцагъд кодта. 

Æвдсæронæн дæр ма цы гæнæн уыд, уынгæджы фæци, æмæ загъта: 

– Фæуадз мæ иу къуыри. Фенон ма мæ кæстæр æфсымæры. Стæй мæ 

амар. 

– Дзырд мын радт, ме фсымæры дæр мын кæй æркæндзынæ. 

Уый йын ард бахордта. 

Æвдсæрон уæйыг Луанылæгæтмæ суади 'мæ хох рафæлдæхта. 

Цæугæ де фсымæрмæ зæгъгæ йын загъта Болатбæрзæйæн. 

– Æмæ ды кæдæм цæуыс? 

– Къуыримгъуыдæй дзы мæхи ракуырдтон. Мæ иунæг æфсымæр ам 

уыди, уый зыдтон. Уадзгæ дæр дæ уый тыххæй акодтон. Уыййæддæмæ ам 

бамбыдаис. 

Болатбæрзæй ауагъта Æвдсæроны. Уый йе фсымæры аскъæфта, æмæ йæ 

уæйгуытæм ысхаста. 

– Авд æфсымæры уыдыстæм, фондзæй цагъды фестæм. Мæхицæн дæр мæ 

кæрон æрцыди, фæлæ гъиай нæ кæстæр у, æмæ уе уазæг уæд. 

Æмæ скуыдта Æвдсæрон. 

– Цæуыл кæуыс, æгас куы дæ? 

– Нартыл нæ бон тых кæнын нæу. Уагæры ма фылдæр куы бауой! Уæд 

цын тыхгæнæг тых нал ыссардзæн. 

Уыцы ныхас уæйгуытæм тæлммæ фæкасти æмæ загъта сæ хистæр: 

– Хорз бакодтай, æмгъуыд кæй райстай, уымæй. Мах уæдмæ 'фсад 

ыскæндзыстæм, æмæ дæм зындзыстæм. 

Æвдсæрон раздæхти. Уæйгуыты хистæр æфсад æрæмбырдкодта 

гуымиртæй æмæ уæйгуытæй. Арвæй уал æртахы не рхаудтаид, уыдон цас 

уыдысты. 

Æвдсæрон дæр та хæцын райдыдта. Уæд фæзындысты уæйгуыты 

хистæры 'фсæдтæ. 

Зæрисæры чызг цæ куы федта, уæд загъта: 

– Фылдæр æфсадæй та 'рцæуынц гуымиртæ. 

Сæхи ныццавтой чызг-æфсад, æмæ Бæргъуаны 'фсæдты бынтон 

ыскуынæгкодтой. Бæргъуанæн гæнæн нал уыди, æмæ фæцæйлыгъд, фæлæ 

Зæрисæры чызг йæ размæ февзæрди 'мæ йæм дзуры: 

– Гъей, лидзгæ бæргæ кæныс, фæлæ кæдæм? 

Кæрдтæм февнæлдтой. Зæрисæры чызгæн йæ сæрзæнт æрхауди, æмæ йæ 

дзыггутæ 'ркалдысты. 

Болатбæрзæй уæд йе фсымæрмæ 'рцæйцыди, ауыдта чызджы, æмæ йæм 

хибарæй хъавыди. Ницы загъта Борæйæн. 

Чызг-æфсад се хсæн фæкодтой Зæрисæры чызджы. Йæ сæрзæнт ыл 

акодтой, æмæ та схæцыдысты гуымирты 'фсæдтимæ. Бон-изæрмæ 

фæхæцыдысты. Изæры ныууагътой сæ хæцын. Зæрисæры чызг Бæргъуаны сæр 

ахауын кодта, æмæ йæ талынджы Дæллагхъæумæ 'рхаста. Хъилыл æй 

ныссагъта, æмæ йæ сæвæрдта, Бæргъуан кæй фæцагъта, уыдонæн сæ 

зæппадзы сæрмæ. Йæхæдæг та æмæхсæвæджы ацыди йæ чызг-æфсæдтæм. 

Райсомы Зæрисæр зæппадзыл ауыдта Бæргъуаны сæр хъилыл сагъдæй. 

Хъæу базмæлыди 'мæ цинкодтой сеппæт дæр Бæргъуаны сæфтыл. 

Гуымиртæй ма чи баззади, уыдон Борæмæ барвыстой: "Бауадз нæ улæфын 

бонæмгъуыдмæ". 

Борæ сразы 'мæ загъта Болатбæрзæйæн: 

– Мах дæр уал нæ фæллад ысуадзæм. 

Æмæ бонæмгъуыдмæ сæ хæст ныууагътой. 

 

БОЛАТБÆРЗÆЙ 

Болатбæрзæй æнкъардкодта, æмæ йæ Борæ базыдта. Иуизæр куы 

уыди, уæд æй фæрсы: 

– Цы кæныс, ме фсымæр, бинонтæ кæнын ма 'рымыс... 

– Уый нæ, фæлæ, нæ фарс цы 'фсад хæцы, уыдон мæ фæнды базонын. 

– Æз дзы иу чызджы федтон æмæ, Нартæн цы бавæййы, уый мын æнæ 

базонгæ нæй ахсæв. 

– Дæхи уал хъахъхъæ, базондзыстæм æй! 

– Æнæ цæугæ йæм нæй. 

Борæ ницыуал загъта, æмæ Болатбæрзæй æхсæвы хæрзæввахс бацыди 

чызг-æфсæдтæм. Уæд Æвдсæрон гуымир æрбацæйхъуызыди. Зæрисæры чызг 

йæхи 'хсадта, æмæ йæ буары уындæй мæй тæмæнтæ калдта. Болатбæрзæй 

ныхъхъавыди Æвдсæронмæ. Фат Æвдсæроны цæсты смидæг и, æмæ гуымир 

уыраугæ алыгъд. 

Зæрисæры чызг фæзылди, ауыдта Болатбæрзæйы, æмæ йæм дзуры: 

– Ды уыддæ, ды фехстай Æвдсæроны? 

– Уо, æз уыддæн. 

Афарста дын уæд Болатбæрзæй чызджы: 

– Чи дæ? Нартæн цы бавæййыс? 

– Нартæн хæстæг ницæмæй дæн, фæлæ цæ иу ыстыр хорз мæ зæрдыл 

дарын. Мæ фыд æй арæх æрымысы. Рынчын уыди нæ фыд, æмæ мæ чысыл 

æфсымæрæн та йæ хуым – æнæласт, æмæ йын æй Нартæй иу лæппу баласта. 

Нарт æххуысæн æххуыс ысты кæддæриддæр зæгъгæ фæдзуры нæ фыд ныр дæр 

ма. Æмæ цын мах дæр нæ рохкæнæм сæ дзæбæх. 

– Æмæ цæ кæцы уыди, цымæ, Нартæй? 

– Дзылæу æй хуыдтой. 

– Уый ме фсымæр уыд. Й' адæг æмæ йæ сагтæ ныр дæр нæхимæ сты. 

Уæд дын Болатбæрзæй æмæ Зæрисæры чызг кæрæдзийы бауарзой. Æмæ 

райсом бонысцъæхтæм Болатбæрзæй уым баззади. Стæй æрцыди уыйфæстæ 

сæхимæ. 

– Мæ цыд рæстмæ фæци. – загъта БОлатбæрзæй Борæйæн. 

– Чи дын уыди уыцы чызг? 

– Уый Зæрисæры чызг уыди. Дзылæу цын кæддæр сæ хуым баласта 

адæгæй, æмæ нæм ныр æххуысмæ 'рцыди. Чызг-æфсад æркодта. 

Бонæй та ногæй хæст ыстынг и. Болатбæрзæй ысмидæг и гуымиртæ 

'мæ уæйгуыты 'хсæн. Уыйас æфсад Болатбæрзæйы се хсæн фæкодтой, æмæ 

йæ 'рцахстой. Болатбæрзæй цæ бирæ фæцагъта. Изæры та ныууагътой сæ 

хæст. Гуымиртæ 'мæ уæйгуыты 'фсад кæрдтæй цавтой Болатбæрзæйы. Фæлæ 

сæ кæрдтæ цъулатæй истой, иу хъуын дæр н' алыгкодтой. Уæд ын йæ 

уæнтырдыгæй сысчъилкодтой йе згъæр. Уым ын гомæй федтой йæ буар. 

Арцыл æй систой. Æрсагътой арц зæххыл, æмæ йæ афтæмæй хъеллаугæнгæ 

ныууагътой тыгъд быдыры. 

Борæ нæ базыдта Болатбæрзæйы сæфт, æмæ талынджы бацыди чызг- 

æфсадмæ. Зæрисæры чызгмæ бадзырдта 'мæ йæ фæрсы: 

– Ме фсымæр нæ зыны, кæд сымахмæ нæй? 

– Нæй ам. Уый абон æфсады 'хсæн бахауд, æмæ кæд уа, уæддæр 

уыдонмæ. 

Акастысты дыууæ, æмæ федтой арцыл иу цыдæр хъеллаугæнгæ. 

Зæрисæры чызг дзуры йе фсадмæ: 

– Цæуын иунæгæй, уæртæ хъеллау чи кæны, уымæ, хъуамæ йæ 

рахæссон. 

– Уæ, иунæгæй дын зын уыдзæни! Искæй нæ ауадз æмбалæн. 

– Ничи мæ хъæуы. 

Æмæ араст и Зæрисæры чызг, æмæ бадзырдта Æвдсæронмæ: 

– Д' ард – де уазæг, ды куы фæсайай, æмæ мæм æргом куы нæ 

рацæуай! 

– Фод афтæ! 

Æвдсæрон дæр æргомæй рацыд йæ бæхыл, æмæ уæйгуыты 'фсад 

гуымиртимæ ракалдысты йемæ. 

Зæрисæры чызг æм дзуры: 

– Дур фестæд, махмæ 'ввахс чи 'рбацæуа! 

Æмæ 'рлæууыдысты æфсад. Æвдсæрон æмæ Зæрисæры чызг хæцынтæ 

систой. Кæрдтæй цæхæр акæлы, æмæ бæстæ арт ысуадзы. Зæрисæры чызг 

кард фæхаста, æмæ Æвдсæрон-гуымирæн йæ иу сæр атахт. Ратылд дæлæмæ, 

æмæ Борæйы цур банцад. Борæ сæрыкъуыдырмæ дзуры: 

– Æ, фæлитой! Нал дын и аирвæзæн! 

Зæрисæры чызг дыггаг риуыгъд ракодта, æмæ та Æвдсæроны сæртæй 

иу атылди, æмæ чызг-æфсæдты цур банцади. Æркастысты йæм, æмæ 

загътой. 

– Бирæ цæрæнбон дын нал и! 

Уалынмæ æртыггаг сæр дæр ысхъиудтытæгæнгæ доны смидæг и. Йæ 

фæстæ цыппæрæм, фæндзæм, æхсæзæм... Иу сæр ма уыди Æвдсæроныл æмæ 

дзуры: 

– Мауал мæ амар. Фæлтау бафидауæм – æнусты мастæй æнустæм 

хæлар цард хуыздæр у. 

– Фод афтæ! 

Иу къуырмагуымир фæзынди уым уыцы рæстæг. Сæ ныхæстæ цын нæ 

фехъуыста. Фæстæты 'рбахъуызыд æмæ дзæккорæй чызджы фæрсчытæ 

ныццавта. 

Зæрисæры чызг та кардæй нырриуыгъта Æвдсæроны. Æвдсæронæн йæ 

сæр ахауын кодта. Къуырмагуымиры та йе фцæгготæй фелвæста, 

Болатбæрзæйы æд арц раскъæфта, æмæ 'рцыди Борæйы цурмæ. Борæ 

къуырма гуымиры дыууæ фарсты акодта. 

Болатбæрзæйы 'рхастой Нартæм, æмæ йын зæппадз ыскодтой. Уым æй 

бавæрдтой. Стæй йын йæ уæлкъæсæр къуырмагуымиры иу æрдæг сæвæрдтой, 

йæ иннæ 'рдæг та йын куыйтæн аппæрстой. 

Гуымирты хистæр уый куы федта, уæд нал ауагъта хæцынмæ йе 

фсады 'мæ дзуры Борæмæ: 

– Нæ хæст уал ныууадзæм. 

Борæ дæр фæллад уыди, æмæ сразы и. Уыйадыл сæ хæст ныууагътой, 

æмæ фæцыдысты. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ