Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Рагон аргъæуттæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ГЫЦЦЫЛ ЛÆППУЙЫ АРГЪАУ 

 

Цардис æмæ уыдис иу куырм базаргæнæг. Йæхæдæг базар кæнын раджы ныууагъта, фæлæ йын йæ лæппу бацахста йæ бынат æмæ-иу стыр калак-хъæумæ цæттæ кодта йæхи. Фыд йæ фыртмæ æхца радта æмæ йын афтæ зæгъы:  

— Гъе мæ хур, уым иузæрдион лæггадгæнæг хъæуы, фæлæ ацу æмæ дæхицæн ахæм æххуырст ссар. Куы йæ баххуырсай, уæд æй кæрдзын хæрынмæ бакæн. Кæд кæрдзын хæрыныл фæбилцъ уа, уæд уый зон, уымæй дын пайда нæй æмæ йын-иу зæгъ: «Мæ фыд баххуырста, ныхас мæм дзы æрцыдис æмæ мæ нал хъæуыс». Æмæ-иу æй ныууадз.  

Лæппу æхца айста, ацыди, фæрацу-бацу кодта æмæ иу лæппуйыл æрæвæрдта йæ цæст.  

— Æххуырст нæ ныллæудзынæ, лæппу?  

— Цæмæннæ! — фæрæвдз уый дæр.  

— Цом уæдæ, кæрдзын ахæрæм æмæ нæ фæндаг цыбыр кæнæм. — Бакодта йæ хæрæндонмæ æмæ фынджы уæлхъус æрбадтысты.  

Лæппу хæрынмæ бавнæлдта, æмæ базаргæнæджы фырт йæ сæр банкъуыста, ома ай нын не сбæздзæнис, йæхæдæг, дуармæ куы рахызтысты, уæд кæимæдæр цыдæртæ адзырдта æмæ æххуырстмæ баздæхти:  

— Ныхас мæм æрцыди, мæ фыд баххуырста кæйдæр æмæ мæ нал хъæуыс. — Йæхæдæг йæ бæх æрцæфтæ кодта æмæ æрбаздæхти фæстæмæ.  

Хъуыддаг йæ фыдæн радзырдта, æмæ та йæм дыккаг хатт уый дæр фылдæр æхца радта.  

— Бакæн та-иу æй хæрæндонмæ, кæд хæрыныл фæбилцъ уа, уæд зон, уый дын не сбæздзæнис æмæ та-иу æй уадз.  

Лæппу та араст лæггадгæнæг æххуырсæг иу калак-хъæумæ. Разил-базил кæны æмæ кæсы, адæм иу гыццыл лæппуйы къахыл бæндæн бакодтой æмæ йæ уынгты ралас-балас кæнынц, чи йыл дур æхсы, чи йæ уисæй цæвы , чи йæ михæй рæхойы.  

Лæппу бадис кодта, ай цы хабар у, зæгъгæ.  

— Ай, ахæм нæй, дыууæ суарийы, абази кæнæ иу сом кæмæй нæ дары. Ныр амард, æмæ ма нын не ’ хца чи хъумæ бафида, зæххы быныл ын гæдыйы лæппын дæр нæй, — дзуапп радтой лæппуйæн.  

— Æрлæуут-ма, уый тæригъæды хъуыддаг куы у!.  

— Гъе-е-е!.. Дзурын дæм цæуы æмæ ныхæстæ кæныс. Уымæн уый дæр æгæр у! — схор-хор та йыл кодтой алырдыгæй.  

Уæд базаргæнæджы лæппу бауромын кодта гыццыл лæппуйы марды æмæ йæ бахъил кодта къулыл.  

— Ныр æм цæут, кæмæй цас дары, уый дзурæд, йæ къух-иу ын райсæд, æмæ йын æз дæтдзынæн йе ’хца.  

Адæм бацин кодтой, цыдысты лæппуйы размæ, чи дыууæ суарийы дзырдта, чи — абази, чи — иу сом, марды къухыл-иу ныххæцыдысты, æмæ-иу сын базаргæнæджы фырт радта се ’хца.  

Йæ хæстæ йын фыст куы фæцис, уæд æй ныннайын кодта, дарæс ын балхæдта, скъахын ын кодта ингæн æмæ йæ баныгæнын кодта. Цы капеччытæ ма йæм аззадис, уыдонæй иу кусæрттаг алхæдта æмæ ингæнкъахджытæн бахæрын кодта къæбæр, рухсаг ын загъта æмæ аздæхт йæ фыдмæ афтидæй.  

— Куыд у, лæггадгæнæг та не ссардтай? — фæрсы йæ куырм базаргæнæг.  

— Лæггадгæнæг дæр не ссардтон æмæ ме ’хца дæр бахардз кодтон, — дзуры лæппу.  

— Цæуыл?  

Уый дæр ын рахабар кодта, афтæ æмæ афтæ, гыццыл лæппуйы марды куыд федта, йæ хæстæ йын куыд бафыста æмæ йæ куыд баныгæнын кодта.  

— Гъе лæппу, цы хорздзинад сарæзтай, цы, фервæзын æй кодтай йæ зындзинадæй? — бакодта куырм базаргæнæг æмæ йæм æртыккаг хатт радта фылдæр æхца, афтæмæй та йæ арвыста йæхицæн лæггадгæнæг æххуырсынмæ.  

Базаргæнæджы лæппу та разил-базил кæны æххуырстагурæг. Æнæнхъæлæджы æрбамбæлд иу гыццыл лæппуйыл.  

— Гъе, лæппу, лæггадгæнæг нæ ныллæудзынæ?  

— Цæмæннæ? — бакодта лæппу.  

— Рацу, уæдæ уал кæрдзын ахæрæм, — кодта йæ хæрæндонмæ, фæлæ лæппу бадиссæгтæ кадта:  

— Стæй бæхы цур ам чи хъуамæ лæууа? Ацу, ды уал бахæр, стæй та æз бауайдзынæн.  

Куырм базаргæнæджы фырт бацыди, бахордта, банызта, лæггадгæнæг та йын дуармæ йæ бæхыл хæцыдис. Уый рад дæр куы æрхæццæ, уæд бауад, суфа митæ акодта æмæ фездæхти фæстæмæ, ома ахордтон.  

Лæппуйæн йæ зæрдæмæ фæцыдис, ома мæ фыд мын ахæм æххуырст агурын кодта æмæ йæ акодта йемæ.  

Куы бахæццæ сты сæхимæ, уæд йæ фыдмæ дзуры:  

— Гъе, баба, ссардтон, ды мын цахæм дзырдтай, ахæм лæппу.  

— Гъемæ хорз, — бакодта куырм базаргæнæг. Дыккаг райсом та сæ Иапонайы калак-хъæумæ хъуыди базар кæнынмæ цæуын æмæ сæ бафæдзæхста. Уæ фæндаг Залиаг калм æмæ Æвдсæрон уæйыджы галуантыл уыдзæни, фæлæ-иу сæ хуры рухсæй куыд ахизат, афтæ бакæнут, æндæра фыдбылызы хай бауыдзыстут.  

Дыккаг райсом балцы араст сты æмæ, Залиаг калмы галуантæм куыд фæцæйхæццæ кодтой, афтæ гыццыл лæппу йæ бæхы скъуылых кодта.  

— Фæтагъддæр кæн, Залиаг калмы арæнæй ахизæм, æндæра нæ хæргæ кæндзæнис! — дзурынц æм иннæтæ.  

— Мæ бæх нал фæразы, ме ’ккой йæ ахæссон? — йæхи бустæгæнæг скодта лæггадгæнæг дæр.  

Уæд иннæ базаргæнджытæ сæ бæхты æркъæрццытæ кодтой æмæ фæразæй сты.  

Куырм базаргæнæджы лæппу йе ’ххуырсты кæм ныууагътаид иунæгæй æмæ йæм æрлæууыди. Раст Залиаг калмы галуантæм бахæццæ сты, афтæ хур дæр нынныгуылди.  

— Не ’хсæв ма кæдæм хæссæм, ам æрлæууæм? — бакодта лæггадгæнæг.  

— Гъе, цытæ дзурыс?! Залиаг калм нæ бахæрдзæни! — фесхъиудта куырм базаргæнæджы фырт.  

— Адæмы ныхæстæ!.. Ам цæй Залиаг калм и? Ды мемæ рацу. — Лæппу бахызт мидæмæ.  

Куырм базаргæнæджы фыртæн дæр æндæр гæнæн нал уыдис, уæддæр рухсæй нал аирвæзтаид Залиаг калмы арæнтæй æмæ бараст йæ лæггадгæнæджы фæдыл.  

Къуымтæ йедзаг уыдысты алы налхъуыт-налмасæй.  

Гыццыд лæппу йын цыллæ хуыссæнты уат акодта æмæ куырм базаргæнæджы фырт адæргæй афынæй.  

Гыццыл лæппу йæхæдæг æрбадти къæсæрыл æмæ æнхъæлмæ кæсы калмы æрцыдмæ.  

Уалынмæ дымгæ сыстади, галуан ныррызти Залиаг калмы æхситтæй Куы æрхæццæ, уæд галуаныл йæхи атыхта, лæппумæ йе ’взæгтæ фелвæста, фæлæ йæм уый фæцарæхст, акъуырдта йын сæ æмæ йын йæ сæр карды фындзæй æрæлхъывта зæхмæ!  

— Ныртæккæ дæм цы хорздзинад ис, уый зæгъ!  

— Гъе, Хуыцау дæ мæ фыдбылызæн рафæлдыста, æмæ ма дын мæ бон цы у? — ныууынæргъыдта Залиаг калм. Æндæра цы калак-хъæумæ цæут, уый паддзахы чызг мæ фæдыл фæлæууыдис, æмæ уымæн йæ хуылфы æртæ мæ хуызæны сæвзæрд. Уыдон нырма чысылтæ сты, фæлæ куы раирвæзой, уæд дунейы бахæрдзысты. Чызг уыдонæй æрра у.  

— Æмæ йын ницы хос и?  

— Хос та йын куыннæ ис! Мæ игæртæй, зæгъгæ, хъарм доны алæмæрстай æмæ уыцы донæй фæхъæстæ, уæд фервæзид.  

Калм уый загъта цы, лæппу йын йæ сæр ныцъцъыкк кодта, йæ игæртæй йын атыхта йæ хисæрфæны, йæхи йын амуртæ ласта æмæ йæ атылдта иуварс.  

Райсомæй куырм базаргæнæджы фырт куы райхъал, уæд æм лæггадгæнæг дзуры:  

— Куыд у? Исты федтай?  

— Йо, йо, йо!.. Ныры хуызæн адджынæн никуы бафынæй кодтон. — Аивæзтытæ кодта йæхи.  

— Уæдæ адæм афтæ гæды ныхæстæ фæкæнынц, гъе, — бахудти лæггадгæнæг. — Ацы галуантæн махæй дарддæр хицау нæй, фæлæ ацы фæндагæн цы ссарæм, уымæн йе ’рдæг — дæу, йе ’рдæг — мæн. Разы дæ? — лæггадгæнæг сæхгæдта Залиаг калмы галуанты дуæрттæ æмæ дæгъæлтæ ныппæрста йæ дзыппы.  

— Хорз, — бакодта куырм базаргæнæджы фырт, æмæ та араст сты сæ фæндагыл.  

— Хъусыс? Искуы ныл исчи куы амбæла æмæ куы фæрса, ома паддзахы чызг æрра у æмæ йæ чи сдзæбæх кæна, ахæм агуры, уæд-иу ын зæгъ, æз æй сдзæбæх кæндзынæн, зæгъгæ.  

Куырм базаргæнæджы фырт фæджих:  

— Æмæ йæ цæмæй сдзæбæх кæндзынæн, æз мæ сæрæн куы ницы зонын?  

— Тæрсгæ ма кæн, афтæ-иу сын зæгъ, хостæ мæ лæггадгæнæгмæ сты, æмæ-иу мæм дæхимæ басидын кæн.  

Уалынмæ иннæ базаргæнджыты баййæфтой æмæ сæ афарстой уыдон дæр:  

— Дысон кæм бахсæвиуат кодтат, кæ?  

— Залиаг калмы галуанты, — фæцырд куырм базаргæнæджы фырт.  

— Е-е-е!.. — ныххудтысты йыл уыдон дæр. — Куырм базаргæнæджы фырт нын йæ лæггадгæнæгимæ Залиаг калмы галуанты куынæ бахсæвиуат кæна, уæд ма æндæр кæм фæлæудзæни?!  

Цæуынц та, цæуынц... Æмæ, чи зоны, цас фæцыдысты, фæлæ та Æвдсæрон уæйыджы галуантæм куыд фæцæйхæццæ кодтой, афтæ та чысыл лæппу йæ бæхы скъуылых кодта.  

— Фæтагъд кæн, лæппу, Æвдсæрон уæйыджы арæнæй рухсæй аирвæзæм, æндæра нæ хæргæ кæндзæни!... дзуры йæм йæ хицау.  

— Мæ бæх нал фæразы, ме ’ккой йæ ахæссон? — йæхи та бустæгæнæг скодта лæггадгæнæг дæр.  

Уæд та иннæ базаргæнджытæ сæ бæхты æркъæрццытæ кодтой æмæ фæразæй сты.  

Куырм базаргæнæджы фырт йæ лæггадгæнæджы иунæгæй кæм ныууагътаид æмæ та йæм æрлæууыди. Раст та Æвдсæрон уæйыджы галуантæм бахæццæ сты, афтæ та хур дæр нынныгуылди.  

— Не ’хсæв ма кæдæм хæссæм, ам æрлæууæм? — бакодта та лæггадгæнæг.  

— Гъе, цытæ дзурыс? Æвдсæрон уæйыг нæ бахæрдзæни! — фесхъиудта та куырм базаргæнæджы фырт.  

— Адæмы ныхæстæ!.. Залиг калмы галуанты исты федтай? Ам дæр та афтæ. — Бараст та ис лæггадгæнæг мидæмæ.  

Куырм базаргæнæджы фыртæн дæр та æндæр гæнæн нал уыдис, уæддæр рухсæй нал аирвæзтаид Æвдсæрон уæйыджы арæнтæй æмæ бараст йæ лæггадгæнæджы фæдыл.  

Галуаны къуымты, йæ цары, йæ сæры лæг йæхи уыдта.  

Лæггадгæнæг та зæлдаг хуыссæнты уат акодта йæ хицауæн. Куырм базаргæнæджы фырт дæр та фырадæргæй къуыдыр фынæй ацис.  

Чысыл лæппу æрбадти къæсæрыл æмæ æнхъæлмæ кæсы уæйыджы æрцыдмæ.  

Уалынмæ Æвдсæрон уæйыг æрцæуы, къæдзæхтæ згъæлынц йæ богъ-богъæй, бæсты цъар æрхæссы йæ сæрыл.  

Лæппу йæ размæ агæпп кодта, кардæй йын райдыдта йæ сæртæ цъыччытæ кæнын æмæ ма йын дзы иу фæуагъта.  

— Ныртæккæ дæм цы хорздзинад ис, уый зæгъ! — фæхъæр ыл кодта базаргæнæджы фырты лæггадгæнæг.  

— Гъе, Хуыцау дæ мæ фыдбылызæн рафæлдыста æмæ ма дын мæ бон цы у? — багуым-гуым кодта уæйыг, — æндæра дæ хицауы фыд ме ’хст дуры тæфæй куырм у. Мæ арæнæй аирвæзтысты, фæлæ ма сыл фæсте дур аскъæрдтон. Йæхиуыл нæ сæмбæлд, фæлæ йыл йæ дымгæ сæмбæлд.  

— Æмæ йын ницы хос ис?  

— Хос та йын куыннæ ис! Мæ игæртæй, зæгъгæ, хъарм доны ныллæмæрстай, æмæ уыцы донæй йæхи сæхсадта, уæд йæ цæстырухс йæхимæ æрцæуид .  

Уæйыг уый загъта цы, лæппу йын йæ сæр ныцъцъыкк кодта, йæ игæртæй йын слыгтæ кодта, йæхи йын ныппæрста кæмдæр уæрмы.  

Райсом та куырм базаргæнæджы фырт куы райхъал, уæд æм йæ лæггадгæнæг дзуры:  

— Куыд у? Исты федтай?  

— Йо, йо, йо!.. Ныры хуызæн адджынæн никуы фæфынæй кодтон! — ивæзтытæ та кодта йæхи.  

— Уæдæ адæм гæды ныхæстæ фæкæнынц, гъе, — бакодта та лæггадгæнæг. — Ацы галуантæн махæй дарддæр хицау нæй, фæлæ фæстæмæ куы здæхæм, уæд ын йæ хъæздыгдзинæдтæ аласдзыстæм.  

Уалынмæ та иннæ базаргæнджыты баййæфтой, æмæ та сæ уыдон дæр афарстой.  

— Дысон кæм бахсæвиуат кодтат, кæ?  

— Æвдсæрон уæйыджы галуанты, — дзуапп сын радтой уыдон дæр.  

— Е-е-е! — ныххудтысты та сыл се ’мбæлттæ, — куырм базаргæнæджы фырт мын йæ лæггадгæнæгимæ Æвдсæрон уæйыджы галуанты куынæ бахсæвиват кæной, уæд ма æндæр кæм фæлæудзысты?  

Цæуынц та, цæуынц... Æмæ чи зоны, цас фæцыдысты, фæлæ иу ран мигъы къуымбил рацæйцыди сæ ныхмæ. Куы æрбахæстæг, уæд кæсынц æмæ — æртæ барæджы.  

— Нæ паддзахæн йæ чызг сæрра и, чи йын схос кæна, уымæн æй усæн дæтты, — бамбарын сын кодтой хъуыддаг.  

— Æз ын схос кæндзынæн! — куырм базаргæнæджы фырт ралæууыди размæ.  

Йе ’мбæлттæ та йыл фырхудæгæй артæнхæлдтæ кæнынц, куырм базаргæнæджы фырт нын кæд сдæсны, зæгъгæ.  

Барджытæ уыдонмæ нал фæкастысты, фæлæ йæ æд лæггадгæнæг фелвæстой сæ уæлныхты æмæ йæ балæууын кодтой паддзахы галуаны.  

Чызг пылыстæг сынтæгмæ уыди ставд рæхыстæй баст, стæй цонджы фыдтæ дæндагæй бахсыдта, ныр куырм базаргæнæджы фырт æмæ йæ лæггадгæнæджы æрбацыдæй фæсабыр æмæ йæ мад æмæ йæ фыдмæ дзуры:  

— Ныр мын ницыуал у, суадзут мæ.  

Куырм базаргæнæджы фырт йæ лæггадгæнæджы æрбакæнын кодта, мæ хостæ уымæ сты, зæгъгæ. Лæппу дæр хъарм доны Залиаг калмы игæртæ ныллæмæрста æмæ йын сæ бадардта чызгæн.  

Чызг йæ фыццаг хуыз æрцахста æмæ ма паддзахы цинæн кæрон кæм уыдис! Йæ чызг æмæ йе сиахсæн иу абонæй иннæ абонмæ чындзæхсæвтæ фæкодта, фæлæ лæппу æмæ чызг иу уатмæ куы æрцыдысты, уæд лæггадгæнæг бацыд æмæ йæ хицауæн афтæ зæгъы:  

— Дзырд уыдыстæм, ацы фæндагыл цы ссарæм, уый нын иумæ куыд уа, чызг фыццаг æхсæв мæн у.  

Куырм базаргæнæджы фырт дæр ма цы хъуамæ загътаид, йæ лæггадгæнæджы ныууагъта йе ’нæвнæлд усимæ, йæхæдæг сæргуыбырæй рацыд æддæмæ.  

Чызг фæллад уыд æмæ уайтагъд афынæй. Лæппу бандон райста æмæ хæсгардимæ æрбадт йæ разы.  

Чызг схæкъуырцц кодта æмæ йæ дзыхæй калм сдардта йæ сæр. Лæппу йæм фæрæвдз æмæ йын æй хæсгардæй ачъепп кодта. Гуыр афардæг фæстæмæ. Дыккаг хæкъуырцц скодта, дыккаг хатт дæр — афтæ. Æртыккаг хатт дæр — афтæ.  

Стæй сын сæ сæртæ йæ хисæрфæны атыхта æмæ рацыд йæ хицаумæ:  

— Дæ ус у æмæ йæм дæхæдæг бацу, æз ма йæ цы худинаг кæнон.  

Куырм базаргæнæджы фыртæн дæр æхсызгон куыннæ уыдаид йæ лæггадгæнæджы ныхас æмæ йæ ног усы хъæбысы абырыд.  

Райсоммæ сын сæ ацыдмæ паддзах цалдæр сæдæ хæрæгуаргъ æмæ теуауаргъы сцæттæ кæнын кодта лæвæрттæ. Лæггадгæнæг та ма дзы æртиссæдз хæрæг æмæ теуайы ракурын кодта æнæуæргътæй. Уыдоныл та сæвæрдтой Æвдсæрон уæйыджы æмæ Залиаг калмы хæзнатæ.  

Иннæ базаргæнджытæ дæр бабазар кодтой æмæ фæстæмæ здæхтысты, афтæмæй та куы фембæликкой. Куырм базаргæнæджы фырт æмæ йæ лæггадгæнæджы хæзнатæ куы федтой, уæд сæм æрдæгфæндагыл фырхæлæгæй зæрдæскъуыдтæ кодтой .  

Иу ран æрулæфыдысты, æмæ чысыл лæппу баздæхтис йæ хицаумæ:  

— Ныр цы ссардтам, уыдон байуарæм.  

— Байуарæм, — сразы уый дæр æмæ лæппу февнæлдта æнæхъæн æдуаргъ хæрæг æмæ теуа-дзугмæ, дыууæ æмхуызон дихы сæ фæкодта.  

— Ныр ма нын чызг баззадис уаринаг, — бакодта та лæггадгæнæг.  

— Уый мæнæн уадз æмæ иннæ хæзнатæ иууылдæр дæу, — йæхи бакъултæ кодта куырм базаргæнæджы фырт.  

— Нæ-æ-æ! Цытæ дзурыс, цы? Хæц ын йæ иу къухыл! — чызджы цонг ын фæсагъта йе ’рмтты, йæхæдæг иннæ цонгыл фæхæцыди, кард хæрдмæ фæхаста æмæ...  

Иннæ базаргæнджытæ сæ цæстытæ амбæрзтой, куырм базаргæнæджы фырт сагъдæй аззади, чызгæн йæ тарст цъæхахст фæцыд, æмæ æртæ калмы гуыртæ йæ разы султъытæй аззадысты, йæхæдæг фæсур.  

— Кæсыс? Адон тыххæй йæ уæрстон, гъе! — лæггадгæнæг кæлмытæм ацамыдта йæ хицауæн. — Фыццаг æхсæв та йæм адоны тыххæй бацыдтæн. — Йæ дзыппæй сын систа сæ сæртæ æмæ сæ фехста иуварс, йæхæдæг хисæрфæнæй чызджы былтæ асæрфта, æмæ чызг æрчъицыдта.  

— Ныр амондджын ут! — абадт йæ бæхыл æмæ куырм базаргæнæгмæ фæци хæрзæггурæггаг.  

— Гъей, гъей, дæ хæрзæггурæггаг мæн, дæ фырт стыр хæзнатимæ æрбацæуы, йæхицæн паддзахы чызджы усæн æрбакæны! — ныхъхъæр æм кодта дардæй.  

— Гъе, мæ хур, бæргæ цины уацхæссæг дæ, фæлæ ма сæ æз цы фендзынæн, куырм куы дæн, мæ цæстæй куынæ кæсын? — бакатæйттæ кодта зæронд лæг.  

— Куыд раст уацхæссæг дæм фæдæн, афтæ рæстæй скæс дæ цæстæй. — Лæппу хъарм доны ныллæмæрста Æвдсæрон уæйыджы игæртæй æмæ уыцы донæй лæгæн ныхсын кодта йæхи.  

Лæг йæ цæстæй ракаст, уæдмæ йæ фырт дæр бахæццæ æд ус, æд хæзнатæ, æмæ сæ цинæн кæрон нал уыди. Чындзæхсæв кæнынмæ бавнæлдтой, лæппу та цæуыны къахыл ныллæууыди. Цынæ лæвæрттæ, цынæ хæзнатæ йын æрхастой, фæлæ сæ ницы бакуымдта, æрмæст æрдомдта мыдадзын цырагъ.  

Уайтагъд ын цонджы бæрц цырагъ ацарæзтой, лæппу йæ айста æмæ араст.  

— Йæ фæдыл ма ацу, чи у, уый уæддæр базон, — зæронд лæг ын йæ фырты арвыста йæ фæстæ.  

Лæппу цыди, цыди æмæ, иу хатт æнæхицау лæппуйы цы ран баныгæдта, уым цырагъ ахуыссыди, лæппу йæхæдæг фæтары.  

Цы базонын ма хъуыди куырм базаргæнæджы фыртæн хъуыддаг. Ныддæлгом и марды риуыл æмæ йыл фæхъарæг кодта. Фæстæмæ æрбаздæхти кæугæ, æрдиаггæнгæ.  

— Хорз нæ сæфы, мæ хур, — бакодта йын йæ фыд æмæ йын скодтой стыр хист.  

Уый уымæн амæддаг уæд, цинтæ, хæрзтæ та сымахмæ æрцæуæд.  

 

 

ФЫСЫ ФЫРТ 

 

Раджы, тынг раджы цардысты иу мæгуыр лæг æмæ ус. Уыдонæн уыдис иу фыс. Фыс ахæм уыд æмæ æхсæв царв иста, бон — цыхт. А ус дзы сфæлмæцыд æмæ загъта йæ лæгæн:  

— Лæгай, ацы фыс акæн æмæ йæ фесаф, мæ бон нал у йæ урсаг æфснайынæй.  

— Нæ цард уымæй у æмæ йæ куыд фесафæм? — бакатæйттæ та-иу кодта мæгуыр лæг.  

Ус уæддæр йæ ныхас нæ саста. Лæг дæр æм иу хатт нæ байхъуыста, дыккаг хатт, æртыккаг хатт, стæй дзы куы сфæлмæцыдис, уæд араст, хъæды астæу иу æрдузы хос фæкарста, цъынатæ дзы фæцамадта, иу гыццыл хæдзар дзы сарæзта, скодта йæм фысы æмæ йæ уым ныууагъта.  

Фыс алы ’хсæв ардта уæрыкк, иу бирæгъ æм фæцахуыр æмæ йын сæ хордта. Иу хатт ын фыс афтæ:  

— Дарддæр нын афтæмæй нал у.  

— Уæдæ куыд? — фæрсы йæ бирæгъ.  

— Искæй зæрдæ дæр дæм хъуамæ уа, — дзуры йæм фыс. — Иу хатт мæ мæ хъæбулыл баузæлын нæ бауагътай.  

— Æмæ цы саразон? — фæрсы та йæ бирæгъ.  

— Ацу, æмæ мæм авд боны æмæ авд æхсæвы мауал æрцу. Стæй ма демæ ракæн дæхицæн æмбæлттæ, мæнæн уæдмæ авд уæрыччы уыдзæнис, æмæ уын сæ ратдзынæн.  

Бирæгъ дæр ницыуал сдзырдта, байхъуыста йæм æмæ ацыд.  

Уыцы æхсæв фысæн райгуырди лæппу. Лæппу æхсæв уыдисны рæзти, бон — уылынг, афтæмæй цалдæр бонмæ фат-æрдынæй хъазынхъом фæцис.  

Иу бон куы уыдис, уæд та фат-æрдынæй хъазы æмæ кæсы: бирæгътæ ныррæхыс сты, афтæмæй сæм æрцæуынц.  

— Нана, нана, уæлæ нæм уазджытæ æрцæуы? — хъæргæнгæ азгъордта йæ мадмæ.  

Мад бирæгъты куы ауыдта, уæд ын афтæ зæгъы:  

— Уыдон уазджытæ не сты нæ, нанайы хур, уыдон дæ нанайы удхæсджытæ сты.  

— Цæмæн афтæ зæгъыс, нана? — фæрсы йæ лæппу.  

— Цæмæн куы зæгъай, мæ хур, уæд...  

Фыс ын радзырдта йæ хъуыддаг, бирæгъæн дзырд куыд радта, уый. — Ныр нæм æрцæуынц æмæ нæ дыууæйы дæр хæргæ кæндзысты.  

Лæппу уый куы фехъуыста, уæд æддæмæ рауади, бирæгъты рæхысыл фат суагъта. Фат раззаг бирæгъы ныхыл сæмбæлд æмæ фæстаджы къæдзилæй агæпп кодта. Бирæгътæ фæсвæндаг бафæлдæхтысты, æмæ лæппу ныххудти:  

— Нана, нана, скæс-ма сæм, фат сыл суагътон æмæ сæ иу хъыртт-змæлæг нал аззадис.  

А лæппу та иу райсом рабадти, хос кæрдынмæ æрæвнæлдта, цъынатæ дзы фæцамадта йæ мадæн, йæхæдæг цуан ацæуыны æфсон араст хæтæнтæ æмæ цæуæнтæ фенынмæ. Чи зоны, кæуылты æмæ кæуылты фæхаудта, чи зоны, цы æмæ цы бæстæм ацыди, фæлæ иу бон куы уыдис, уæд фембæлд иу лæппуйыл.  

Кæрæдзиуыл фæрстытыл схæцыдысты:  

— Дæ бон хорз уа!  

— Дæ фæндаг раст!  

— Чи дæ?  

— Ды чи дæ?  

— Æз — Хуры фырт.  

— Æз та — Фысы фырт.  

— Уæдæ æфсымæртæ уыдзыстæм амæй фæстæмæ, — нылхъывтой кæрæдзийы къухтæ æмæ араст сты дарддæр.  

Бирæ фæцыдысты, цъус фæцыдысты, уæддæр рамбæлдысты иу лæппуйыл.  

— Дæ бон — хорз!  

— Уæ хъуыддаг — ифтонг!  

— Чи дæ?  

— Æмæ сымах чи стут? — рафæрс-бафæрс кæнынц кæрæдзи.  

— Мах кæнгæ æфсымæртæ. Æз — Хуры фырт.  

— Æз та — Фысы фырт.  

— Æз та Мæйы фырт дæн, — дзуапп сын радта лæппу, æмæ та уыимæ дæр загътой æфсымæртæ.  

Араст сты æртæ æфсымæры: Хуры фырт, Мæйы фырт æмæ Фысы фырт. Цъус фæцыдысты, бирæ фæцыдысты, чи йын цы зоны, фæлæ сæ фæллад кæм суадзой, ахæм бынатыл сæ цæст никуы схæцыд æмæ афтæ зæгъынц:  

— Цæй, нæ амонд бавзарæм, нæ фаттæ фехсæм, чи зоны нæ искуыдæм æркæной.  

Хуры фырт фехста йæ фат, æмæ йын цъыфдзасты ныххаудис. Мæйы фырт дæр фехста, æмæ уымæн та доны ныххауд. Уæд Фысы фырт дæр фехста йæ фат. Иу айнæджы риуыл ын сæмбæлдис æмæ дзы дуар фегом.  

Æфсымæртæ саг æрбамардтой, хæдзармæ йæ бахастой, сæхицæй дарддæр дзы ничи разындис æмæ физонджытæ фæкодтой, стæй зæлдаг хуыссæнгæрзты бафæлдæхтысты.  

Дыккаг райсом хæдзары ныууагътой Мæйы фырты, не ’рцыдмæ нын хæринаг сцæттæ кæн, зæгъгæ, сæхæдæг цуаны ацыдысты.  

Мæйы фырт уæларт цæджджинаг бафтыдта, дæргъæй-дæргъмæ физонджытæ сыздыхта, æмæ йын куыддæр сцæттæ сты æмæ, гъа ныр мæхи æруадзон, аулæфон куыд загъта, афтæ хæдзары астæу стыр къæй сфæлдæхта уæйыг. Йæ сасиры чъилыйас цæстытæ туджы зылдысты, æмæ Мæйы фырты уæрджыты магъз фæсаст.  

— Ай чи куыдз, чи хæрæг дæ? Тагъд мын æхсидгæ цæджджинаг мæ хъæлæсы рауадз, физонджытæ мын мæ былтыл расæрф, æндæра мын мæгуыр дæ сæр кæны!  

Мæйы фырт ын тæрсгæ-ризгæ фыцгæ цæджджинаг йæ хъуыры ауагъта, физонджытæ йын. йæ былтыл асæрфта, æмæ уæйыг фæстæмæ йæ уæлæ ныффæлдæхта дур.  

Мæйы фырт ма талф-тулфы бæргæ афтыдта ног фыдтæ, фæлæ уæдмæ цуанонтæ фæзындысты.  

— Ай цы хабар у, рæстæгыл цæуылнæ бафтыдтай æхсæвæр? — фæрсынц Мæйы фырты.  

— Æнæдарæг фæуæд, абон Æлдараты фыййæуттæ сæ фос æфцæгмæ фæцæйскъæрдтой, «стонг-стонг» хъæр кодтой, æмæ сæ уыдонæн радтон, — афæлывта сæ. Æмæ дыккаг бон хæдзары нал ныллæууыди.  

Ныр та Хуры фырт баззади хæдзары æмæ та уымæн дæр йе ’хсæвæр куы сцæттæ, уæд та уæйыг къæй сфæлдæхта æмæ фæхъæр кодта Хуры фыртыл:  

— Ай чи куыдз, чи хæрæг дæ? Тагъд мын æхсидгæ цæджджинаг мæ хъæлæсы рауадз, физонджытæ мын мæ былтыл расæрф, æндæра мын мæгуыр дæ сæр кæны!  

Хуры фырт дæр ын æхсидгæ цæджджинаг йæ хъæлæсы ауагъта, физонджытæ йын йæ былтыл асæрфта, æмæ та уæйыг къæй ныффæлдæхта йæ уæлæ.  

Хуры фырт дæр ма та талф-тулфы бæргæ афтыдта саджы фыд, фæлæ цуанонтæ æрцыдысты æмæ се ’хсæвæр хомæй æрыййæфтой.  

— Æнæдарæг фæуæнт, Æлдараты фосæн æфцæгыл бынат нæ разындис, фæстæмæ рацæйскъæфтой, «стонг-стонг» кодтой æмæ ме ’хсæвæр уыдонæн радтон, — афсон та кодта Хуры фырт дæр. Дыккаг бон уый дæр нал бакуымдта хæдзаргæсæй.  

Ныр та Фысы фырты рад æрцыдис, æмæ йæ дыстæ арф батылдта:  

— Æз æлдараты фаг дæр куынæ бауæларт кæнон æмæ нæхи фаг дæр, уæд афтæ ницы.  

Æхсæвæр куы сцæттæ, уæд къулæй уæйыджы фæндыр райста æмæ дзы ныццагъта.  

Раст уыцы рæстæджы уæйыг дæр къæй сфæлдæхта æмæ дзуры Фысы фыртмæ:  

— Ай чи куыдз, чи хæрæг дæ? Тагъд мын цæджджинаг мæ хъуыры рауадз, физонджытæ мын мæ былтыл расæрф, æндæра мын мæгуыр дæ сæр кæны!  

Фысы фырт бамбæрста, йæ кæнгæ æфсымæртыл-иу цы Æлдараты фыййæуттæ фембæлдысты, уый, фæлæ йæ фæндырæй цагъд нæ ныууагъта:  

— Куыдз, æмæ дын сæ хæсгæ дæр æз бакæнон? Сбыр æмæ дæ куыдзы гуыбын бафсад! — дзуры уæйыгмæ.  

Уæйыг уый фехъуыста, цы, фæтæррæтт кодта æмæ лæппуйыл андзæрста йæхи. Лæппу фæрæвдз, фæндыр ыл нынтъыхта æмæ йын йæ рахиз фарсы фæрсчытæй æртæ ныссаста. Стæй кæрæдзимæ февнæлдтой, райдыдтой рахæц-бахæц... Уæйыг æй æркъуыры зæххы, æмæ дзы лæппу йæ фадхъултæм аныхсы. Лæппу йæ æркъуыры, æмæ дзы уæйыг йæ фæкъæдзгæнæнтæм аныхсы. Уæйыг æй æрцæвы, æмæ лæппу йæ фæкъæдзгæнæнтæм аныхсы, лæппу йæ æрцæвы, æмæ уæйыг йæ ронбастмæ аныхсы. Уæйыг æй йæ ронбастмæ æркъуыры зæххы, лæппу йæ йæ хъуырмæ æрсадзы. Фæстагмæ йыл фæтых Фысы фырт æмæ йын афтæ зæгъы:  

— Тагъд, кæцæй ссыдтæ, уым цы хорздзинад ис, уыдон дзур.  

Уæйыг марынæй фæтарст йæхицæн æмæ райдыдта ысмыхъхъ-ныммыхъхъ.  

— Ис мын дзы æрмæст иу ус æмæ æртæ чызджы. Ныббырæн æм ис æрмæст бæндæныл, фæлæ тæвд у æмæ уе стджытæ æвзалытæ фестдзысты.  

Лæппу йын йæ сæр акъуырдта æмæ йæ аппæрста иуварс. Уæдмæ йе ’фсымæртæ дæр æрцыдысты æмæ, хæрзфых дзидза уæнггай æфтыдæй куы æрæййæфтой, уæд хорзау нал фесты, ома, æвæццæгæн, æм не ссыди, фæлæ сын Фысы фырт хъуыддаг бамбарын кодта, æмæ æрбадтысты сырды цæрмттæй бæндæн бийыныл.  

Чи зоны, цас æй фæбыдтой, фæлæ афтæ куы загътой, ома ныр фаг у, уæд къæйдур иуварс атылдтой, Мæйы фырты бабастой бæндæнæй æмæ йæ ауагътой. Иу чысыл куы ныууад, уæд райдыдта хъæр кæнын:  

— Басыгътæн! Басыгътæн!..  

Уыдон дæр æй сластой фæстæмæ.  

Ныр та Хуры фырты ауагътой, фæлæ та уый дæр, Мæйы фырт кæдæм ныххæццæ, уырдæм куы ныццыд, уæд райдыдта хъæр кæнын:  

— Басыгътæн! Басыгътæн!..  

Æмæ та уый дæр сластой фæстæмæ.  

Уæд Фысы фырт бæндæнæй æрбабаста йæ астæу æмæ Хуры фырт æмæ Мæйы фыртæн афтæ зæгъы:  

— Хъæр кæндзынæн: «Басыгътæн! Басыгътæн!..» Фæлæ-иу мæ уадзут арфæй-арфдæр, — йæхæдæг йæхи ауадзын кодта.  

Иудзæвгар куы фæцыд, уæд тæвды йæ бон нал уыд æмæ райдыдта хъæр кæнын:  

— Басыгътæн! Басыгътæн!..  

Фæлæ йæ Хуры фырт æмæ Мæйы фырт ноджы уадзынц арфæй-арфдæр.  

Кæддæр куы уыд, уæд ныххæццæ иу хæдзары дуармæ, бæндæнæй суагъта йæхи æмæ бацыди мидæмæ. Мидæгæй бадт иу зæронд ус æмæ æртæ чызджы. Чызджытæн сæ цæсгæмттæй мæйтæ æмæ хуртæ касти. Лæппуйы зæрдæмæ фæцыдысты æмæ сæ йе ’фсымæртæ æмæ йæхицæн æмкъæйттæ загъта.  

Йе ’фсымæртæн сæхи бинойнæгты куы сæрвыста бæндæныл, уæд ын йæхи чызг дзуры:  

— Бæндæныл уал ды бабæтт дæхи, æз дæ нæ фæсайдзынæн, фæлæ мæн куы сласай, уæд, цынæ вæййы, мыййаг дæм де ’фсымæртæ куынæуал æруадзой бæндæн?  

Лæппу чызгыл нæ баууæндыдис, ома, цыдæр хин фæнд æм ис æмæ не сразы. Уæд чызг йæ къухæй рафтыдта йæ къухдарæн, лæппуйыл æй бакодта æмæ бæндæнæй æрбаста йæхи.  

Æцæгдæр, Хуры фырт æмæ Мæйы фырт Фысы фырты усаджы куы федтой, уæд сæм уый бирæ рæсугъддæр фæкастис æмæ се ’фсымæрмæ бæндæн нал ауагътой, къæй йыл ныффæлдæхтой.  

Лæппу хъуыддаг куы бамбæрста, уæд иудзæвгар фæкуыдта, стæй стæвд кодта уæхст æмæ йæ ныддардта зæронд усы дзидзиты астæумæ?  

— Тагъд, уæлдзæхмæ фæндаг кæуылты ис, уый мын бацамон, æндæра дæ маргæ кæнын!  

— Чызгмæ нæ байхъуыстай, де ’фсымæртæ дæ фæсайдтой, æмæ дын æз цы сарæзтон? Бацу уæртæ скъæтмæ. Дыууæ цæуы конд дзы ис, æмæ-иу дæ къухæй мард каис уыдон фæрцы цыдис уæлдзæхмæ. Басур сæ æмæ дын ахсын нæ комдзысты, фæлæ кæд сырх цæуыл фæхæст уай, уæд дæ уæлдзæхмæ фехсдзæни, кæд сау цæуыл, уæд уый та ноджы авд дæлдзæхмæ.  

Лæппу зынг æхсидав фехста æмæ фæмидæг скъæты. Фыртагъд-тагъд сырх цæуыл йæхи фехста, фæлæ цæутæ кæрæдзийы сæрты асхъиудтой, æмæ сау цæуыл фæхæст ис.  

Цæу йæхи ныууыгъта, æмæ Фысы фырты авд дæлдзæхм фехста.  

Лæппу иу къулыбадæг усы къæсæрыл балæууыд:  

— Уазæг нæ уадзыс, мæ мады хай?  

— Мады номæй мæм бадзырдтай æмæ хуыцауы уазæг, æндæра мын дæндагсæрдæнты фаг дæр нæ уыдтæ, — фæкодта къулыбадæг ус, æмæ дын хъарм кæрдзынтæ ракæнон, зæгъгæ, ссад алуæрста, стæй сыл фæдзуццæг кодта æмæ йыл хъуамæ амиза.  

— Цы ми кæныс, ссад ма фесаф! — фæхъæр ыл кодта лæппу.  

— Æмæ уæдæ дон кæм ссарон, мæ хур, нæ доны кæфхъуындар куы ныббадтис, йæ сывæллоны йын чи бакæны, уымæй дарддæр доны хъуыртт куы никæмæн дæтты.  

— Æри-ма, æз æм бауайон. — Лæппу айста доны къæрта æмæ араст кæфхъуындармæ.  

Куы йæм бахæццæ, уæд æм дзуры:  

— Дон-ма рауадз.  

— Кæм и дæ сывæллон? — кæфхъуындар æм мидæгæй фæзыхъхъыр кодта йæ дæндæгтæ.  

— Нæй мын сывæллон, дон рауадз, — лæппу та йæм дзуры сабырæй.  

— Ам цал дæ хуызæн куыдзы цæуы, уалæн дон куы дæттон, уæд мæм митæ куы ис.  

— Дон рауадз, куыдзы фырт! — фæхъæр ыл кодта Фысы фырт æмæ фæцъортт кодта йæ кард.  

Кæфхъуындар æм куыд ралиуырдта, афтæ йæм лæппу аздæхт, кардæй йæ скарста æмæ йæ аппæрста иуварс.  

Бадт дон ныппæх-пæх кодта æмæ цæуынмæ фæци. Мæликмæ хæрзæггурæггæгтæ кодтой, ома къулыбадæг усы уазæг кæфхъуындары амардта. Мæликк сыл нæ баууæндыд æмæ йæ дыууæ галы ауадзын кодта: ома уыдон кæд донæй бафсæдой, уæд мæ æцæг бауырндзæни. Галтæй иу доны уæлхъус амард, иннæ дæр ма æрдæджы онг æрбафæрæзта æмæ уым нытътъæпп кодта, арæдывта доннуæзтæй.  

Къулыбадæг ус та дон куы ауыдта, уæд фырцинæй лæппу акодта Фысы фыртæй. Ам, дам, лæуу æмæ, дам, иумæ цæрдзыстæм, сыллынчытæ кæнын систа йæ алыварс. Фысы фырт ын арфæ ракодта æмæ дзы, æрмæст æрдомдта, цæмæй уæлдзæхмæ фæндаг кæуылты ис, уый йын бацамыдтаид.  

Къулыбадæг ус ын иу фæндагæй загъта: ууыл цу, зæгъгæ, æмæ иу хæдзармæ бафтдзынæ, уым цæры иу ус, æмæ дæ кæд йæ хорзæх уа, уæд дæ уый фæхæццæ кæндзæнис уæлдзæхмæ.  

Лæппу къæбæрхæрдмæ дæр нал фæлæууыд, фестад æмæ къулыбадæг усы амынд фæндагыл фæраст. Цæуынтæ байдыдта, цæуынтæ байдыдта æмæ, бирæ фæцыд, цъус фæцыд, чи йын цы зоны, фæлæ иу хæдзармæ бахæццæ, цъиуы ахстоны хуызæн, лæууы карчы къæхтыл. Хæдзары æртæ чызджы. Сæ иу кæугæ кæны, иннæ — худгæ, æртыккаг та — заргæ.  

— Ай цы диссаг у! — фæрсы сæ лæппу. — Ахæм хъуыддаг никуы федтон: æртæ чызгæй иу кæугæ кæна, иннæ — худгæ, æртыккаг та — заргæ.  

— Гъе, дæ нывонд фæуæм, — фæцырд æм, заргæ чи кодта, уый. — Мах уыдыстæм авд хойы. Залиаг калм нæм фæцахуыр, æмæ ма баззадыстæм æртæйæ. Кæугæ чи кæны, уый ацы райсом хæрдзæнис æмæ ууыл кæуы, мæнæ худгæ чи кæны, уый — сом райсом, худгæ дæр ууыл кæны, мæн та — иннæбон райсом, æз фæстагмæдæр баззайдзынæн æмæ цæуыннæ хъуамæ зарон?  

Фысы фырт сæ бафарста, залиаг калм куыд æрбацæуы, зæгъгæ, æмæ йын чызджытæ рахабар кодтой, дуарæй сæм кæй æрбахъæр кæны, мæхион мын радæттут, зæгъгæ, æмæ йæм уыдон дæр адæттынц чызджы.  

— Ныр тагъд зындзæнис? — афарста сæ лæппу, æмæ йын куы загътой, ныртæккæ йæ ардæм хъæуы, уæд сæ бафæдзæхста: дуарæй, дам, куы ’рбадзура, мæхион мын радæттут, зæгъгæ, уæд ын дзуапп раттут: «Дæтгæ дæр дын æй мах акæнæм, æрбацу æмæ йæ ахæсс», — йæхæдæг кардæлвæстæй æрлæууыди дуаргæрон.  

Уалынмæ залиаг калм ныкъкъуыззитт кодта æмæ бæсты цъар йæ сæрыл æрхæссы. Дуармæ куы æрхæццæ, уæд бахъæр кодта мидæмæ:  

— Мæ аходæн мын радæттут!  

— Æмæ дын æй дæтгæ дæр ма мах акæнæм? Æрбацу æмæ йæ ахæсс, — дзурынц æм чызджытæ.Калм фæмæсты, уыциу гæпп бакодта мидæмæ, хъуамæ се ’ртæйы дæр ахордтаид, фæлæ Фысы фырт цæттæ уыд, ныцъцъыкк ын кодта йæ сæр, стæй йыл аздæхти, ныммуртæ йæ кодта æмæ аздæхти иуварс.  

Чызджытæ фырцинæй суртæ кæнын райдыдтой. Лæппуйæ сæхицæн æфсымæр загътой.  

Уалынмæ къæвда ныккалдта, къæвда, æмæ зæхх лæсæнтæ кодта.  

— Ай цы диссаг у? Ахæм къæвда æз никуыма федтон, — дзуры Фысы фырт йæ кæнгæ хотæм.  

— Уый нæ мад уæларвы уыдис хъæстмæ æмæ та, æвæццæгæн, йæ зæрдæ ницæмæй барухс. Æрыздæхы, æмæ та, афонмæ мæ чызджытæй иу удæгас нал у, зæгъгæ, æркуыдта, æмæ къæвда уый тыххæй кæны.  

Уалынмæ та хур ныккасти, хур æмæ лæджы уыргтæ судзы.  

Лæппу та чызджыты фæрсы:  

— Ацы хур та цы нысан у, æз ахæм хур куы никуыма федтон?  

— Уый нæ мад базыдта, йæ хъæбултæ удæгас кæй сты æмæ бахудти, хур уый тыххæй у.  

Стæй дымгæ сыстади, дымгæ æмæ зæххы цъар стигъы.  

— Ай та цы диссаг у? — фæрсы та сæ лæппу. — Æз ахæм дымгæ куы никуыма федтон?  

— Уый нæ мад æрхæццæ кæны, æмæ уый базырты дымгæ у. Фæлæ дæ кæм амбæхсæм, фырцинæй дын исты куы кæна? — стыхстысты чызджытæ æмæ йæ къусы бын акодтой.  

Уалынмæ æрбауади сæ мад, йæ базыртæ къуыммæ баппæрста æмæ йæ чызджыты фырцинæй йæ хъæбысы ныттыхта:  

— Цы хабар у, мæ хъæбултæ, куыд нæ фæзынгæ уæм фæци уæ удхæссæг?  

— Мах дæр ын ницы зонæм, — бакодтой чызджытæ.  

Мад куы ’рбадтис, уæд афтæ зæгъы:  

— Кæцæйдæр мыл аллоны тæф куы кæлы?  

— Хæтæнты ды хæтыс, цæуæнты ды цæуыс, уæларвæй нæм ды æртахтæ, аллоны тæф та дыл махæй кæлы?  

Мад та иучысыл æнæдзургæйæ абадт æмæ та афтæ зæгъы:  

— Кæцæйдæр мыл аллоны тæф кæлы.  

Чызджытæ йын сомы ракæнын кодтой, хъуыддаг ын куы радзурой, уæд ын кæй ницы кæндзæнис.  

Ус расомы кодта æмæ йын уыдон дæр хъуыддаг радзырдтой. Ус фырцинæй лæппуйы фелвæста, фырцинæй йæ авд хатты аныхъуырдта, авд хатты йæ фæстæмæ сæппæрста.  

Фысы фырт дæр ын радзырдта йæ хабæрттæ, йе ’фсымæртæ йыл сайдæй куыд рацыдысты, авд дæлдзæхмæ куыд æрхаудта, уыдонмæ куыд бафтыди.  

Раст æм уыцы рæстæджы, кæфхъуындары цы мæличчы зæххыл амардта, уыцы мæличчы минæвæрттæ æрбахæццæ сты, афтæ æмæ, дам, дæ афтæ мæликк хоны йæхимæ.  

Ус лæппуйæн бамбарын кодта, зæгъгæ, дын уый стыр лæвæрттæ кæндзæни, фæлæ мацы райс, æрмæст дзы æрдом аст къамбецы къабазы, аст хуыны гуыдынтæ æмæ аст путы та сæн æмæ дæ æз хæццæ кæндзынæн уæлдзæхмæ.  

Мæликк фырцинæй Фысы фырты зæххыл æрбадын дæр нæ уагъта, алы зынаргъ лæвæрттæ йын кодта, фæлæ дзы уый йæхи дзыхæй æрдомдта æрмæст аст къамбецы къабазы, аст хуыны гуыдынтæ, аст путы та сæн.  

Мæликкæн йæ бон нæ уыдис, æви цы, уайтагъд ын сæ ацæттæ кæнын кодта æмæ сæ лæппуйы ныхасмæ гæсгæ балæууын кодта усы дуармæ.  

Дыккаг райсом ус йæ базыртæ йæ уæлæ баппæрста, Фысы фыртæн аст къамбецы къабазы, аст гуыдыны æмæ аст путы сæн æрцамайын кодта йæ уæлæ, сбадын ын кодта йæхи дæр æмæ йæ бафæдзæхста, цæмæй-иу куы фæхъуахъхъ кæна, уæдиу ын йæ хъуыры ауадза иу къамбецы къабаз, иу хуыны гуыдын æмæ иу пут сæн.  

Ус стахтис æмæ зылдис, зылдис зылдис... Иудзæвгар куы фæтахт, уæд фæхъуахъхъ кодта, æмæ йын Фысы фырт иу къамбецы къабаз, иу хуыны гуыдын æмæ иу пут сæн ауагъта йæ хъуыры. Иудзæвгар куы атахтысты, уæд та фæхъуахъхъ кодта ногæй...  

Афтæ ус фæхъуахъхъ кодта аст хатты. Аст къамбецы къабазы, аст хуыны гуыдыны æмæ йын аст путы сæн лæппу аст хатты ауагъта йæ хъуыры.  

Уæлдзæхмæ фæцæйхæццæ кодтой, афтæмæй ус фæхъуахъхъ кодта фарæстæм хатт. Лæппу йын цы адардтаид, уый йæм нал уыди, фæтарсти, зæгъгæ, мæ куы аппара. Кардæй йæ зæнджы фæлмæн счъепп кодта æмæ йæ усы дзыхы атъыста. Ус бамбæрста хъуыддаг æмæ йæ йæ дæлæвзаг амбæхста.  

Уалынмæ схæццæ сты, уæлзæххыл æрбадт ус æмæ лæппуйы раргъæвта йе рагъæй. Кæрæдзийыл атыхстысты, æмæ лæппу араст йæ фæндагыл.  

— Къуылых та цæмæн цæуыс? — дзуры йæм фæсте ус.  

— Бадынæй мæ къах бандзыг ис æмæ кæд уый тыххæй, — афсон кодта лæппу.  

— Ардæм ма æруай уæдæ, — фæдзырдта йæм ус, йæ хæлафы къахыл ын схæцыд, æмæ — йæ зæнджы фæлмæн æгасæй лыг.  

Ус ын бауайдзæф кодта, цæмæн афтæ бакодтай, зæгъгæ. Йæ дæлæвзагæй лæппуйы зæнджы фæлмæн фелвæста, лæппуйы къахыл æй нытътъæпп кодта æмæ, цы уыдис, авд ахæмы йын фестад.  

— Ныр цæугæ кæн.  

Лæппу дæр цæуы, цæуы, цæуы æмæ, чи зоны, цас фæцыди, фæлæ иу хуыгæсыл сæмбæлд. Хуыгæс йæ хуыты алыварс цъилау куы ныззилы, уæд иу диссаг у. Бæсты цъар хæссы зарынæй.  

— Дæ хуыты рæгъау мын бирæ уа, хуыгæс! Цæуылдæр хъæлдзæг дæ? — дзуры йæм Фысы фырт.  

— Хъæлдзæг куыннæ уон! Акæс-ма, Хуры фырт æмæ Мæйы фырт абон чындзæхсæв кæнынц, айæппæт хуыты æргæвдгæ кæндзысты æмæ сæ къæдзилтæ иууылдæр мæн хъуамæ уой! — ныззарыди та хуыгæс.  

— Æмæ уæд кургæ та кæй кæнынц, кургæ? — дзуры та йæм Фысы фырт.  

— Цыдæр дард бæстæйæ замманайы рæсугъд чызджытæ æрхастой, æртæ хойы сты. Æртыккаг та сæ кæнгæ æфсымæры уыдис, фæлæ, дам, иу фыдцъылыз цыдæр уыд æмæ йæ кæмдæр удæгасæй нынныгæдтой. Йæ фат æмæ ма сæм дзы йе ’рдын баззадысты. Уый сæ чи фехса, уый уыдзæнис уыцы чызг дæр.  

— Мæнæ мæ дарæс скæн, ацу чындзæхсæвмæ, хуытæ æз фæхиздзынæн дæ бæсты, — дзуры та йæм Фысы фырт.  

— О, æмæ утæппæт хуыты къæдзилтæ дæу фæуой? — нæ разы кæны хуыгæс.  

— Мæхи хæйттæ дæр ма дын ратдзынæн, — ныфс ын бавæрдта лæппу, фæлæ хуыгæс батыхст.  

— Æмæ хуытæ куыд ахуыр сты, уый зоныс? Цалынмæ сын сæ къудиты бынтæн апъа кæнай, уæдмæ доны нæ фæхизынц.  

— Ма тæрс, æгæр хызт дæр ма сын фæуыдзæнис.  

— Уæле сауджын фæкæсы, цæвын сæ никæмæн уадзы.  

— Хорз, хорз, æз дæр сын апъа кæндзынæн, — Фысы фырт ыл скодта йæ дарæс, йæхæдæг та хуыгæсы пысултæ скодта.  

— Куы бацæуай, уæд ног чындзытыл адæм цин кæндзысты æмæ-иу сын се ’фсымæры усаджы хъæбысмæ аивæй баппар ацы къухдарæн. — Лæппу йæ къухæй рафтыдта чызджы къухдарæн æмæ йæ радта хуыгæсмæ.  

Хуыгæс чындзæхсæвы куы балæууыд, уæд æй нал базыдтой. Уазæг, уазæг, зæгъгæ, цинтæ йыл кæнынц. Уый дæр йæхи аивæй баласта чындзытæм, æмæ йын Фысы фырт куыд бацамыдта, афтæ бакодта.  

Нырмæ æнкъард, æрхæндæгæй цы чызг бадти, уый ныр йæ къухдарæн куы ауыдта, уæд бахудт æмæ йæ рафæрс-бафæрс систой:  

— Цы кодтай, нырмæ мардæрцыды бадт куы кодтай, уæд ныр цæуыл бахудтæ?  

— Ныр дæр ма бахудон? — ницы сын схъæр кодта уый дæр.  

Уалынмæ Фысы фырт дæр йæ хуыты скъæрын сфæнд кодта, фæлæ хуытæ доны кæм комынц, сæ къæдзилтæ ныхъхъил кодтой æмæ къуыгъгъытгæнгæ дыууæрдæм кæнынц доны былтыл.  

— О, хуыгæс, хуыгæс, иннæ хæттыты-иу куыд кодтай, уый дæ ферох ис? — уæле йæм дзуры сауджын.  

Уæдæ уый загътай. Фысы фырт дæр тымбылсæр лæдзæг дард фæхаста, хуытыл дзы ралæууыд хафт-хафтæй, æмæ кæрæдзийы сæрты, сæ къудитæ здыхтытæгæнгæ хаудтой доны иннæ фарсмæ.  

Фысы фырт, хуыгæс куыд вæййы, фынджы кæрон æрбадт, æмæ йын хуыты къæдзилтæ йæ разы срæдзæгъд кодтой.  

Уалынмæ Хуры фырт æмæ Мæйы фырт фат æмæ æрдынæй хъазын райдыдтой. Фысы фырты æрдын дæр раиваз-баиваз кæнынц, фæлæ йыл сæ бон нæ цæуы.  

— Ардæм ма йæ радæттут, æз æй фенон, — дæле сæм дзуры Фысы фырт.  

Фæлæ йæм ницы сдзырдтой, ома хынджылæг кæны æмæ бахудтысты.  

Уæд та сæм дыккаг хатт бадзырдта Фысы фырт, æмæ та йыл ныххудтысты, ома мах ын куы ницы зонæм, уæд ын нæ хуыгæс цы хъуамæ базона?  

Фысы фырт сæм æртыккаг хатт куы бадзырдта, уæд æм æй ралæвæрдтой, бакæсæм ма йæм, кæддæра цы йæ зæрды ис, зæгъгæ.  

Фысы фырт фат æмæ æрдын райста, æрсæрфтытæ сæ кодта йе ’рмттæй æмæ нуазæн æркуырдта.  

Æнæхъæн дзæбидыр æм бадт ронг авæрдтой, æмæ дзы лæппу скуывта:  

— Хуыцæутты Хуыцау, кæд æз ме ’фсымæрты истæмæй фæсайдтон, уæд ацы фат фехсдзынæн, иуæй дæм ссæуæд, иуæй æрыздæхæд фæстæмæ æмæ мæ сæры астæу ныссæдзæд. Кæд ме ’фсымæрты раз ницы рæдыд дæн, афтæмæй мыл сайдæй рацыдысты, уæд дæм ацы фат иунæгæй фæцæуæд, дыууæйæ æрыздæхæд æмæ ме ’фсымæрты сæрты ныссæдзæд.  

Лæппу æмæ чызг кæрæдзийыл фæцин кодтой, чындзæхсæв сæхирдæм аздæхтой, Хуры фырт æмæ Мæйы фырты та æнæ хистæй бавæрын кодтой.  

Уый фæстæ Фысы фырт адæмæн хæрзбон загъта, йæ дыууæ чызг-каисы дæр йемæ фæкодта йæ мадмæ æмæ сæ уырдыгæй чындзы фервыстой, сæхæдæг та ма абон дæр цæрынц æмæ хæрынц.  

Уыдон æрцыдмæ бирæ цæрут.  

 

Радзырдта йæ Цхинвалы районы Ногхъæуы цæрæг 90-аздзыд зæронд лæг Хъазиты Алыксандр. 

 

АВД ÆФСЫМÆРЫ ИУНÆГ ХО 

 

Раджыма-раджы цардысты иу лæг æмæ иу ус. Уыдонæн уыдис авд лæппуйы æмæ иу чызг. Хистæр æфсымæртæ сæ фыдимæ лæджы куыстытæ кодтой, мад — хæдзары, кæстæр æфсымæр фыййау цыди, сæ хо та нырма æнахъом уыд æмæ авдæны хуыссыди.  

Хистæр æфсымæртæ-иу изæр фæлладæй сæ хуыссæнты батылдысты, кæстæр-иу йæ фос нымадæй бакодта кæрты, æмæ-иу уый дæр йæ лыстæн бацагуырдта, фæлæ та-иу райсом раджы йæ фос хизынмæ иу хъаджджынæй рауагъта.  

Лæппу хъуыдытæ кодта, йæ сæр фаста, фæлæ йæ фос æхсæв сæрхъуаг цæмæн кæнынц, уымæн ницы æмбæрста. Цæмæй зыдта, мæгуыр, йæ авдæны баст хо йын кæй хæры йæ фыстæ: æхсæв-иу авдæнæй сыхæлдта йæхи, фыс-иу ахордта æмæ та-иу йæхи фæстæмæ авдæны бабаста.  

Иу бон та йæ фыд æмæ йæ хистæр æфсымæртæ æхсæзæй ацыдысты хос кæрдынмæ. Мад сын хæринаг сцæттæ кодта æмæ сын сихор чызгæн арвыста. Сихордзау хосдзæуттæм куы сзынди, уæд лæппуты цæсгæмттыл хуртæ æмæ мæйтæ ахъазыди: гъей, далæ, дам, нын нæ гыццыл хо кæрдзын схæссы.  

— Тагъд йæ размæ! — фæкодтой æмæ йæм сæхи аппæрстой.  

Уæдмæ сын чызг сæ сихор ахордта, æмæ йæм лæппутæ куыд хæццæ кодтой, афтæ сæ ныхъуырын райдыдта. Йæ фыд ма йын сæ аззадис æмæ уымæ дæр ссыд æмæ йæ ахордта. Хæдзармæ раздæхт æмæ аныхъуырдта йæ мады дæр, йæхæдæг къонайы фарсмæ æруагъта йæхи.  

Кæстæр æфсымæр изæры йæ фос сæрвæтмæ куы æрыскъæрдта, уæд фæрсы чызджы?  

— Цы фесты ме ’фсымæртæ, мæ мад æмæ мæ фыд?  

— Куыстæй нæма æрцыдысты, — бакъæс-къæс кодтой чызджы дæндæгтæ.  

Фыййау базыдта йæ Хуыцауы цæф æмæ аивæй йæхи дуармæ райста. Куы фæаууон, уæд лидзын байдыдта, лидзын байдыдта æмæ, чи зоны, цас æмæ цас фæлыгъд, фæлæ иу бæстæм ахаудта. Лæппуйæн йæ цæст удгоймагыл не ’рхæцыд, æрмæст дзы хызти бирæ фос æнæ фыййауæй.  

«Адон кæдæм цæуой, æз дæр — уырдæм», — загъта лæппу æмæ араст фосы фæдыл. Фос та йæ изæры æркодтой куырм Æхсон уæйыджы лæгæтмæ.  

Уæйыг-иу йæ фос бахизæны куырмæджы нымадта, æмæ лæппу йæ цыппар къахыл фысы æфсон баирвæзти мидæмæ.  

Куырм уæйыгæн йæ дзуг иу уæлдай разындысты æмæ базыдта, семæ йын цыдæр кæй баирвæзтис æмæ афтæ зæгъы:  

— Мæ фосимæ цыдæриддæр баирвæзтис, уый мæм рацæуæд.  

Лæппу ницы дзуры.  

— Зонын æй, мæ фосимæ цыдæр баирвæзтис æмæ разынæд: кæд чызг у, чызг дзы зæгъдзынæн, кæд лæппу у, лæппу дзы зæгъдзынæн.  

Лæппу та ницы дзуры.  

— Тæрсгæ мацæмæй кæнæд, æргом рацæуæд, арв — уæле, зæхх — бынæй, мæ дзырды хицау разындзынæн.  

Уæд æм лæппу рахызт, æмæ дзы Æхсон уæйыг йæхицæн лæппу загъта.  

— Ацы фосæн мæнæй дарддæр хицау ничи ис, хиз сæ æмæ дæу не сты?  

Æз ма куырмæй цасы фаг хъуамæ суон? — бамбарын ын кодта уæйыг. — Æрмæст сæ Урс уæйыг, Сырх уæйыг æмæ Сау уæйыг — Пиллон Гуымирыйы хæйттæм макуы баскъæр. Фос сæ сæхæдæг зонынц æмæ-иу разилдзысты.  

— Хорз, баба, — бакодта лæппу æмæ райсомæй фосыл ахъæр кодта йæ разæй.  

Фос хизгæ фæцыдысты, фæцыдысты æмæ Урс уæйыджы арæнмæ куы бахæццæ сты, уæд разылдысты фæстæмæ. Лæппу сыл уæддæр ахъæр кодта æмæ сæ акалдта Урс уæйыджы сæрвæттæм.  

— Ай,чи куыдз, чи хæрæг дæ, дæ фос куыд æрбаскъæрдтай мæ зæхмæ! — радзырдта йæм йæ галуанæй Урс уæйыг.  

— Куыдз дæр — дæхæдæг æмæ хæрæг дæр! Кæд лæг дæ, уæд æввахс рацу, æндæр дардæй цы къæпп-къæпп кæныс? — дзуры йæм лæппу, æмæ йыл Урс уæйыг йæхи раскъæрдта.  

Лæппу йæм фæцарæхст, йæ сæр ын акъуырдта æмæ йын йæ фос ратардта йæ разæй.  

Изæрæй та куырм Æхсон уæйыг нымайы йæ фос æмæ лæппумæ дзуры:  

— Ай цы диссаг у, лæппу, дæ фос ма иу ахæм куы фæуæлдай сты?  

— Æз дæр ахæм диссаг никуыма федтон, баба, — бахудти лæппу. — Абон нæ фос сылæй, нæлæй ныззадысты æмæ сæ уæрыччытæ дæр сæхи йæстæ систы.  

Уæйыг ницы сдзырдта, фæлæ та йæ дыккаг райсом дæр бафæдзæхста, йæ фос Урс уæйыг, Сырх уæйыг æмæ Сау уæйыг — Пиллон Гуымирыйы зæххытæм куыннæ ауадза, афтæ, æндæра дын исты фыд скæндзысты, зæгъгæ.  

Лæппуйæн та йæ фос Сырх уæйыджы арæнæй разылдысты, фæлæ та сæ фыййау тыхæй акодта уæйыджы сæрвæттæм.  

— Ай, мæ чи куыдз, чи хæрæг дæ, фосы астæуæй мæм зынгæ дæр куынæ кæныс, уæд дæ ныфс куыд æрбахастай мæ зæхмæ дæ фос æрбатæрын! — ныхъхъæр ыл кодта йæ галуанæй Сырх уæйыг.  

— Куыдз дæр — дæхæдæг æмæ хæрæг дæр! Кæд лæг дæ, уæд æввахс рацу, æндæра дардæй цы къæпп-къæпп кæныс? — дзуры йæм лæппу, æмæ йыл уæйыг йæхи уыциу дыввытт ракодта.  

Кæрæдзи кæрдтæй асæрфтытæ кодтой æмæ йын лæппу йæ сæр ахауын кодта.  

Уымæн йæ фос дыууæ ахæм уыдысты æмæ та йын сæ фыййау ракодта йæ разæй.  

Изæры та куырм Æхсон уæйыг нымайы йæ фос æмæ лæппумæ дзуры:  

— Ай цы диссаг у, лæппу, дæ фосмæ ма та дыууæ ахæмы куы бафтыдис?  

— Æз дæр ахæм диссаг никуыма федтон, баба, — бахудтис та лæппу. — Абон та нæ фос мадæл фысæй, уæрыккæй, сылæй, нæлæй ныззадысты, æмæ та сæ уæрыччытæ сæхи йæстæ систы.  

Уæйыг та ницы сдзырдта, фæлæ та лæппуйы æртыккаг райсом дæр бафæдзæхста, йæ фос сæхи зæххæй дарддæр куыннæ ауадза, афтæ.  

Лæппуйæн та йæ фос Сау уæйыг — Пиллон Гуымирыйы арæнæй раздæхтысты, фæлæ та сæ фыййау тыхæй акалдта уæйыджы сæрвæттæм.  

— Ай, мæ чи куыдз, чи хæрæг у, кæй цы æнамонды тымыгъ æрбахаста мæ арæнмæ, мæ коймæ зæхх арт куы уадзы, бæстæ фæнык куы кæны æмæ мыл зæххон дзиглойы тæф куы кæлы?! — ныррыхыдта Сау уæйыг — Пиллон Гуымиры йæ галуаны хуылфæй.  

— Куыдз дæр — дæхæдæг æмæ хæрæг дæр! Кæд де уæны мигъ нæ бады, уæд æддæмæ ракæс, æндæр мыл дардæй цы къæпп-къæпп кæныс? — дзуры та йæм лæппу æмæ Пиллон Гуымиры галуаны æрдæг фырмæстæй йæ ныхыл рахаста.  

фыййауимæ сæхи кæрæдзийыл ныццавтой, ратъæпп-батъæпп байдыдтой, зæхх сæ быны ныскъуыдтæ, сæ комы тæфæй арвыл мигъ ныббадти, сæ хидæй тæрккъæвда ныллæууыди, фæлæ сæ ничи састи. Фæстагмæ Пиллон Гуымиры фæллайын райдыдта, æмæ йæ фыййау йæ быны æрныуæрзта.  

— Хуыцау дын тых радта æмæ дын цы мæ бон у, æндæра дæ хицау ме ’хст дуры тæфæй куырм у! — ныууынæргъыдта ма уæйыг.  

— Æмæ йын ницы хос ис? — фæрсы йæ лæппу.  

— Хос та йын куыннæ ис, мæ игæртæ доны куы ныллæмарай æмæ уый донæй йæхи куы æрæхса, уæд ссардзæнис йæ цæстырухс.  

Уыцы ныхæстæ куыд загъта, афтæ йын лæппу йæ сæр акъуырдта, йæ игæртæ йын хисæрфæны батыхта, йæ фос ын ратардта æмæ та æрыздæхтис йæ хицаумæ.  

Куырм Æхсон уæйыг та æрвылхаттау бахизæны лæууыдис æмæ фос райдыдта нымайын.  

Нымайы, нымайы, нымайы... Фæлæ фосы кæрон куынæ æмæ куынæ хæццæ кæны, уæд йæ зæрдæ фæкъæпп кодта, лæппу сæхи арæнтæй кæй ахызт, æмæ йын фæтарсти, фосыл йæ къух ауыгъта, йæхи мæсты уагъд æркодта дурыл.  

Кæддæр куы уыд, уæд фыййау дæр æрбахæццæ.  

— Цæуыл æнкъард дæ, баба? — æрбадзырдта йæм дуарæй, фæлæ йæм уæйыг ницы сдзырдта.  

— Исты дæ риссы, баба?  

— Цæмæн ахизын кодтай нæхи арæнæй фос, лæппу, фыдбылызæй нæ тæрсыс? — дзуры йæм Æхсон уæйыг, æмæ фыййау фæхъæлдзæг.  

Йæ дзыппæй фелвæста Пиллон Гуымирыйы игæртæ, доны сæ ныллæмæрста æмæ уыцы донæй йæхи сæхсын кодта куырм Æхсон уæйыгæн.  

Уæйыг йæ цæстытæй куы скаст, уæд фырцинæй йæ кæнгæ лæппуйы авд хатты йæ дæллагхъуыр акодта, авд хатты йæ арвмæ фелвæста. Фæлæ бонтæ куыд цыдысты, афтæ лæппу æрхæндæгæйæрхæндæгдæр кодта. Изæр-иу сæрвæтæй йæ цæстытæ æрхаста рæсыдæй Уæйыг æй фарста, ома цы кæныс æмæ йæ лæппу фæсайдта, æфцæгыл, дам, къубалгæрдæг ис æмæ, дам, мын мæ цæсгом фæнæмынц, мæ цæстытæ уымæй сырх сты.  

Æхсон уæйыг араст æфцæгмæ æмæ цыдæриддæр къубалгæрдæг уыдис — æртыдта сæ.  

Лæппуйæн уæддæр йæ цæстыты рæсыд нæ бадтис, æмæ та йæ бафарста, цы кæны, уымæй.  

— Гъе баба, æфцæгмæ куы афтын, уæд мæ фыдыбæстæ суынын, æмæ мæ зæрдæ суынгæг вæййы, фæкæуын æмæ мæ цæстытæ уымæн ныррæсыйынц.  

— Кæугæ цæмæн кæныс, мæ хур, бæх сифтындз, ацу, фен дæ фыдыбæстæ æмæ та фæстæмæ раздæх, — дзуры йын уæйыг.  

Лæппу дæр бæх сифтыгъта æмæ араст йæ фыды бæстæ уынæг.  

Сæхимæ куы бахæццæ, уæд бакасти рудзынгæй, æмæ йæ хо бады къонайы уæлхъус. Æнгуырстуанæй бары фæнык: «Абон дæ бахæрон æмæ ма сом цы бахæрдзынæн? Соммæ дæ уадзон æмæ абон цы бахæрон?»  

Лæппу йæ хойæн фæтæригъæд кодта æмæ йæм бахызти мидæмæ.  

Чызг æй куы ауыдта, уæд фестад.  

— О, мæнæ ма мæ мады зæнæджы уынын! — æрсыллынгтæ кодта йæ алыварс, стæй феддæдуар æмæ уайтагъд фæстæмæ фездæхт.  

— Дæ бæхæн æртæ къахы йеддæмæ нæ уыди?  

— Нæ, — бакодта лæппу.  

Чызг бæхы къæхтæ иууылдæр ахордта æмæ та бауади лæппумæ.  

— Дæ бæхæн къæхтæ нæ уыди?  

— Нæ, тулгæ æркодта, — бакодта та лæппу.  

Чызг бæхы аныхъуырдта æмæ та фæрсы лæппуйы:  

— Бæх дæм нæ уыди?  

— Нæ,къахæй æрцыдтæн, — йæ сæр та батылдта лæппу.  

Чызг къæбицы фæмидæг, æмæ лæппумæ къуымæй рауадис иу мыст.  

— Туг ныууарыдис дæ цæхæрыл, лидзгæ, æндæра къæбицы йæ дæндæгтæ цыргъ кæны.  

Лæппу йæ цырыхъхъытæ фæныкæй айдзаг кодта, уæлæнгуытыл сæ ацауыгъта, йæхæдæг ердойæ сгæпп кодта æмæ алыгъди.  

Чызг хæдзармæ æрбауад, уый зæрдæхаттæй, лæппу фæбыры, цырыхъхъытæ æррæдывта æмæ йæ цæстытæ фæныкæй айдзаг сты.  

Уый сæ тагъд-тагъд асхъæуттытæ кодта æмæ йе ’фсымæры фæсурæг фæсте.  

Лæппу лыгъди, лыгъди, лыгъди æмæ йæ гъеныр йæ хо æрбаййафа, афтæ фæндаджы былыл æртæ бæласы уыд æмæ уыдоныл сирвæзт.  

Чызг бæласы бындзæфхад райдыдта дæндагæй æхсынын æмæ гъе ныр уый афæлдаха, афтæ лæппу ахызт иннæмæ. Уымæ дæр та бавнæлдта дæндагæй. Уый дæр та фæцæйфæлдæхт, афтæ лæппу æртыккаг бæласмæ ахызт. Чызг та бавнæлдта уый бындзæфхадмæ дæр. Бæлас къæс-къæс кæнын куы райдыдта, уæд лæппу кæсы æмæ ратæхы зæрватыкк.  

— Тагъд зæрватыкк! Дзырдхæссæг мын фæу мæ кæнгæ фыдмæ!  

Зæрватыкк фæтъæбæртт кодта æмæ балæууыдис Æхсон уæйыджы уæлхъус.  

Уæйыгæн дыууæ егары уыдис, фæхъæр сыл кодта æмæ цæстыныкъуылдмæ чызджы аскъуыдтæ кодтой æмæ ахордтой. Иу туджы æрхъис ма дзы аззадис æхсныфы уæлæ,æмæ лæппумæ фæсте хъæр кæны:  

— Мæ мады зæнæг, иунæгæй мæ кæмæн уадзыс, демæ мæ ахæсс!  

Лæппу фæтæригъæд кодта йæ хойæн, æхсныф систа йæ туджы æрхъисимæ æмæ йæ бавæрдта йæ худы счъилы.  

Туджы æрхъис уырдыгæй бавдæлдис æмæ бахордта лæппуйы сæры магъз. Лæппу ахаудта æмæ куыйтæй иу йæ нывæрзæн сбадтис, иннæ — йæ дæлфæдтæм æмæ ниуынц Хуыцаумæ.  

Хуыцау фæсидти дзерамæ, ацу, зæххыл цыдæр фыд æрцыдис æмæ йæ базон, зæгъгæ.  

Дзера кæмдæр фаджыстæ фезмæста æмæ йæм стахти фæстæмæ:  

— Адæмæн цард радтай, чи хуым кæны, чи хуым кæрды æмæ аралло кæнынц.  

— Дæ бырынкъ цæмæй ахуырст у, уый хуызæн дæ! — Хуыцау ыл æхсидав ныздыхта æмæ йæ къубалыл фæци. Басыгъд ын æмæ йын уæдæй нырмæ цъæх у.  

Хуыцау та басидтис хиуамæ, ацу, зæххыл цыдæр фыд æрцыдис æмæ йæ базон, зæгъгæ.  

Хиуа кæйдæр нартхоры хуым фесæфта æмæ йæм зылын гуыбынæй сыздæхт.  

— Адæмæн цард радтай, чи хуым кæны, чи хуым кæрды æмæ аралло кæнынц, — хиуайæн ма нартхоры нæмгуытæй иу йæ дæлæвзаг аззадис æмæ дзургæ-дзурын уырдыгæй ферттивферттив кодта.  

Хуыцау та ууыл дæр нæ баууæндыд æмæ йыл æхсидав фæкодта, йæ базыртæ басыгъдысты æмæ уæдæй нырмæ хъулон у.  

Хуыцау ныр рарвыста зæрватыччы, æмæ йæм фæстæмæ Удисгæ схæццæ.  

— Зæххыл стыр фыд æрцыдис. Иу лæппу лæууы мардæй. Иу куыдз йæ уæлфæдтæм бады, иннæ — йæ дæлфæдтæм æмæ æнæбанцайгæйæ ниуынц уæларвмæ.  

Хуыцау зæрватыччы риуыл андæгъта зæлдаг хисæрфæн, уый йыл асæрф æмæ, цы уыд авд хатты хуыздæр феста, зæгъгæ.  

Куыйтæ лæппумæ арвæй æввахсдæр ницы уагътой, фæлæ зæрватыкк ацъыввытт кодта сæ астæуты æмæ лæппуйыл асæрфта зæлдаг хисæрфæн. Куыйтæй йæм иу фæрæвдз æмæ ма йæ къæдзил аскъæфта саджилæй, йæ риуыл — зæлдаг хисæрфæн.  

Лæппу йæхи аивæзта, рабадти, туджы æрхъис аппæрста куыйтæн æмæ афардæг йæ кæнгæ фыд Æхсон уæйыгмæ. Уæдæй ардæм цæры уым.  

Низтæ уым баззайæнт, хæрзæбонтæ ардæм æрцæуæнт.  

 

 

ÆРТÆ ÆФСЫМÆРЫ 

 

Раджыма-раджы цардысты æмæ уыдысты лæг æмæ ус. Уыдонæн уыдис æртæ лæппуйы, æмæ сæ адзалы бон куы ’рхæццæ, уæд басидтысты сæ фырттæм æмæ сын афтæ зæгъынц, ома уын уадзæм æртæ хъуырауы дзаг æхца, уæхиуыл-иу сæ рæстæй байуарут æмæ цæрынæй-хæрынмæ уæ фаг уыдзысты.  

Æртæ æфсымæры сæ мад æмæ сæ фыды куы бавæрдтой, уæд æрæвнæлдтой сæ хæзнатæ уарынмæ æмæ къæпдзыхæй баззадысты: хъуыраутæ разындысты афтид. Уæд бавдæлдысты, æртæ æфсымæрæй æртæрдæм фæцыдысты, æртæ бæстæйы дæснытæ фæфарстой, æмæ сын æмдзырд бакæнæгау уыдон дæр иухуызон дзуапп кодтой:  

— Цы дардыл зилут, уæ къæрных уæхи хæдзары ис.  

Æртæ æфсымæрæн сæ зæрдæтæ сæ кæрæдзимæ фехсайдтой, кæрæдзи нæмынтæ байдыдтой, нæмынтæ райдыдтой æмæ ныттугæрхæмтæ сты. Æрæджиау кæстæр æфсымæр афтæ бакодта, ома, чи зоны, нæ мад æмæ нæ фыд сайгæ фæкодтой, æндæра мæгуыр-мæгуыр кæм æртымбыл кодтой æртæ хъуырауы дзаг æхца.  

Уæд хистæр æфсымæртæ кæстæры ’рдæм фессæстой, ома иууылдæр сæ ды адавтай, рабынæй йæ кодтой æмæ дын ай — иу æмæ дыууæ. Фæлæ цы уыди мæгуыр лæппумæ, цы сын хъуамæ радтаид æмæ йæ надвæлладæй феддæдуар кодтой.  

Лæппу райдыдта цæуынтæ, райдыдта цæуынтæ, фæлæ иу доны был йæ фæндаг фæцис æмæ йын ацæуæн никуыдæм уал уыд. Уæд донæн йæ иу былыл дæр æмæ йе ’ннæ былыл дæр дыууæ талмы уыди. Лæппу талмы бын æрхуыссыд, афынæй æмæ йæм фыны дзуры чидæр:  

— Гъе лæппу, уый зонд дæ куы уаид æмæ ацы талмыл куы схизис. Талмытæ райсомы хурыскастыл доны сæрты кæрæдзийæн хъæбыстæ кæндзысты æмæ иннæ талммæ куы ахизис.  

Лæппу æцæгдæр афтæ бакодта, талмытæ райсомы хурыскастыл доны сæрты кæрæдзийæн хъæбыстæ кодтой æмæ доны иннæ былмæ ахызти.  

Райдыдта та цæуынтæ, райдыдта та цæуынтæ æмæ бахæццæ иу айнæгмæ. Айнæджы сæр иу лæгæты дуарыл Зджыды рæсугъд бадти, йæ дзыккутæ фаста æмæ йын суанг айнæджы бынмæ æрыххæссыдысты. Йæ цæсгомæй хуртæ кастис, йæ дæллагхъуырты мæйтæ хъазыди, стъалыйау тыбар-тыбур кодта, хурау — рухс.  

Лæппу фырцинæй ныккафыдис æмæ Хуыцауæн ныллæгъстæ кодта:  

— Хуыцæутты Хуыцау, чи цы федта, уый йын йæ амонд фæкæн!  

Стæй бахъуызыд æмæ йын йæ дзыккутыл фæхæст. Чызг йæ дзыккутæ стъæпп кодта æмæ лæппу йæ хъæбысы абадтис.  

— Ай чи дæ, цы мæ амондæн æрхаудтæ ардæм? — фæкодта чызг æмæ кæрæдзийыл фæцин, фæмондаг кодтой, афтæмæй иумæ райдыдтой цæрынтæ æмæ хæрынтæ.  

Иу хатт куы уыдис, уæд чызг балцуаты уыд йæ тæхгæ бæхыл æмæ йæ айнæг-галуаны хæзнаты дæгъæлтæ лæппумæ ныууагъта, ме ’рцыдмæ куы ’нкъард кæнай, уæд галуаны азил, зæгъгæ, æмæ-иу дæхи аирхæфс, æрмæст æргъæу чырыны дуар куыннæ бакæнай, афтæ.  

Лæппу чызджы фæстæ уайтагъд афæлмæцыд иунæгæй, нынкъард æмæ чызджы ныхас йæ зæрдыл æрлæууыди. Галуаны зилынтæ райдыдта, йæхи ирхæфста, фæлæ йæ зæрдæ æргъæу чырынмæ къæпп кодта, цы дзы уыдзæни, зæгъгæ, æмæ йæм нал фæлæууыди, бакодта йæ.  

Æргъæу чырыны чызгæн Бонвæрнон ахст уыдис, феуæгъд æмæ уæларвмæ сфардæг. Бонвæрнон чызг у, чызг та фыдных æмæ уазалзæрдæ у. Уайтагъд зилгæ дымгæ сыстад æмæ лæппуйы айнæджы скъуыды атъыста.  

Чызг базыдта хъуыддаг, йæ бæх ма фæстæмæ фæзылдта, фæлæ байрæджы: зилгæ дымгæ æргъæу чырын систа æмæ йæ цæугæдоны æрæвæрдта.  

Дон чырын райдыдта ласын, райдыдта æмæ йæ иу паддзахы зæххыл æрурæдта. Паддзахы бæхтæ донмæ нал уæндыдысты æмæ мæллæг кæнын райдыдтой. Уæд паддзах йе ’ххуырстытæн афтæ зæгъы, ай цы хабар у, мæ бæхтæ цæмæн мæллæг кæнынц, зæгъгæ. Æххуырстытæ бæхтæм сæ хъус райдыдтой дарын, фæхатыдысты, донмæ кæй нæ уæндынц æмæ дон басгæрстой. Æргъæу чырын æрбахастой паддзахмæ, æмæ йыл паддзах дис кæнын райдыдта, ай чи сарæзта, зæгъгæ.  

— Уагæр æз цы чызгмæ уыдтæн, уый куы фенис, — сдзырдта йæм чырын, æмæ паддзах йæ адæмы æртымбыл кодта, уыцы чызджы мын чи æркæндзæни, зæгъгæ.  

— Æз æм ацæудзынæн, — загъта къулыбадæг ус. — Æрмæст мын ссар сæныкк,иу къуымых кард æмæ иу дурын ронг.  

Паддзах къулыбадæг усæн сæныкк, къуымых кард æмæ иу дурын ронг раттын кодта æмæ йæ арвыста чызгмæ.  

Къулыбадæг ус айнæг-галуаны бын æрбынат кодта æмæ сæныччы къуымых кард фæтъыссы æмæ та фæтъыссы.  

Чызг сæныччы æрдиагмæ ракаст æмæ усмæ дзуры, цы ми кæныс, зæгъгæ.  

— Æй дæ нывонд фæуон, мæнæ сæныччы æргæвдын æмæ йæ куыд аргæвдон, уый нæ зонын.  

— Чырыстон дæ? — фæрсы та йæ чызг.  

Ус та йын, чырыстон дæн, зæгъгæ, бакодта æмæ йæхиуыл дзуæрттæ афтыдта.  

Чызг æм бæндæн ауагъта æмæ йæ систа.  

Къулыбадæг ус сæныччы æрбаргæвдын кодта, фынг авæрдтой æмæ лæппу æмæ чызгмæ бадт ронгæй фæкасти.  

Чызг æмæ лæппу фæрасыг сты æмæ уайтагъд афынæй сты. Ус лæппуйы хъуыры кард атъыста, æрфидар æй кодта зæхмæ, йæхæдæг чызджы фелвæста йæ хъæбысы, бæндæныл йæхи æруагъта, науыл æй баппæрста æмæ йæ æрмидæг кодта паддзахмæ.  

Паддзах чызджы куы федта, уæд йе ’рттæ ныццагъта, йæ лæппуимæ сын хъуамæ чындзæхсæв скодтаид, фæлæ уæдмæ чызг райхъал æмæ йæхимæ райдыдта марæн кæрдтæ хæссын. Фæстагмæ æрсабыр, сразы сын ис, æрмæст, дам, иу афæдз хъуамæ талынг ныккæнды дуарæхгæдæй фæбадон.  

Уæдмæ дыууæ хистæр æфсымæры ног хæдзар аразынмæ æрæвнæлдтой. Ныппырх кодтой зæронд æмæ дисы бафтыдысты. Кæсынц æмæ се ’ртæ хъуырауы дзаг æхца къулы бын тыбар-тыбур кæнынц мысты хуыккомы. Цæвиттон, мыст фæцахуыр æхцамæ æмæ сæ иугай фæдавта йæ хуыккоммæ.  

Æфсымæртæ сæ сæртæ ныххостой, нырдиаг кодтой, не ’фсымæры ма та, дам, кæдæм фесæфтам, зæгъгæ, æмæ йæм агурæг араст сты.  

Уыдон дæр та цæуынтæ райдыдтой, цæуынтæ райдыдтой æмæ уыцы доны былмæ бахæццæ сты. Доны сын бахизæн нал уыдис æмæ талмы был æрхуыссыдысты. Уыдонмæ дæр та фыны дзырдæуы:  

— Гъе лæппутæ, ахæм зонд уæ куы уаид æмæ ацы талмыл куы схизиккат. Талмытæ райсомы хурыскастыл доны сæрты кæрæдзийæн хъæбыстæ кæндзысты æмæ иннæ фарсмæ ахизиккат. Уе ’фсымæр зын уавæры ис, фæлæ-иу ын ма фæтæрсут. Къуымы ис иу чырын, йæ мидæг зæлдаг хисæрфæн. Уый-иу ыл асæрфут æмæ авд хатты хуыздæр фестдзæнис.  

Æфсымæртæ фæгæппытæ кодтой, талмыл сбырыдысты. Талмытæ райсомы хурыскастыл доны сæрты кæрæдзийæн хъæбыстæ кæнын райдыдтой æмæ лæппутæ иннæ талммæ ахызтысты доны фаллаг фарсмæ. Лидзынтæ райдыдтой, лидзынтæ райдыдтой дыууæ æфсымæры сæ кæстæры агурæг, æмæ сæ фæндаг айнæггалуанмæ бакодта.  

Къулыбадæг усæн бæндæн уæгъдæй баззадис, æфсымæртæ йыл сбырыдысты, кæсынц æмæ мæнæ сæ кæстæр лæууы мардæй.  

Къуымы чырынæй зæлдаг хисæрфæн систой, лæпппуйыл æй асæрфтой, æмæ рабадт.  

— Ох-х!.. Цæй фынæй бадæн, цæ! — аивæзтытæ кодта йæхи.  

— Мах дын куынæ уыдаиккам, уæд хорз фынæй кодтай.  

Лæппу хъуыддаг бамбæрста æмæ йе ’фсымæртæн афтæ, сымах, дам, мæм ам фæлæуут, йæхæдæг бæхыл абадти.  

— Тæхгæ, мæ бæх, дæ хицау кæм ис, уырдæм.  

Бæх æй балæууын кодта калак-горæтгæрон. Лæппу бæх суагъта, йæхæдæг къахæй араст ис. Паддзахмæ æххуырсты ныллæууыд æмæ чызгæн хæринаг куыд фæцæйхастæуыд, афтæ фæцарæхст æмæ йæ къухдарæн ныппæрста хæринаджы. Чызг къухдарæн куы ауыдта, уæд ныххудтис, æмæ лæппу æмæ чызг уыцы худтæй бамбæрстой кæрæдзийы.  

Лæппу йæ бæхмæ аздæхтис, абадт ыл æмæ ратахт калак-хъæуы сæрты. Адæм уынгтæм рацыдысты æмæ йæм кувын райдыдтой Хуыцауы æнхъæл.  

Чызг дæр йæхи дуармæ рауадзын кодта, фенон æй, зæгъгæ, бæх æй уыцы æлвæст фæкодта йæ къæхты хсæн æмæ йæ аскъæфтой сæ айнæг-галуанмæ.  

Уым иу абонæй иннæ абонмæ чындзæхсæвтæ фæкодтой. Дыууæ хистæр æфсымæры дæр нал ауагътой фæстæмæ, æмæ баззадысты семæ цæргæйæ.  

Низтæ уым баззайæнт, хæрзæбонтæ ардæм æрцæуæд.  

 

 

Радзырдта йæ Цхинвалы районы ногхъæуккаг 90-аздзыд зæронд лæг Хъазиты Алыксандр.  

 

 

АРСЫ ХЪЫБЫЛ 

 

Раджыма-раджы цардысты æмæ уыдысты æнæзæнæг мæгуыр лæг æмæ ус. Бонæй-бонизæрмæ, æхсæвæй-бонмæ хъуыды кодтой æрмæст иу хъуыддагыл: зæнæджы номыл нæ исты куы уаид, зæгъгæ. Уæд сæм иу æхсæв фыны уæларвæй Фæлвæра куы æртæхид. Радта сæм æртæ фæткъуыйы, сæ раст æрдæгыл сæ бахæрут, зæгъгæ, æмæ уын зæнæг рацæуа, йæхæдæг атахти фæстæмæ.  

Ус æмæ лæг фæткъуытæ бахордтой, сæ зæрдæты ныфсы тæгтæ фæзындис, афтæмæй сыл цыдысты бонтæ, къуыритæ, æмæ ус йæхи бар нал уыди, басывæрджын.. Кæддæр куы уыд, уæд æрцыд йæ арыны бон дæр æмæ йын райгуырдис арсы хъыбыл.  

Хъæбулуарзаг мад æмæ фыд ыл уæддæр бацин кодтой æмæ йæ райдыдтой хъомыл кæнын. Арсы хъыбыл куы радынджыр, уæд йæ фыдмæ дзуры, ацу паддзахмæ, æмæ, дам, ын зæгъ, цæмæй мын йæ чызджы усæн радта.  

Паддзахы чызг рæсугъд æмæ сæрбæрзонд та куыннæ уыдаид, æмæ мæгуыр лæг бакатæйттæ кодта, куыд æм бацæуон минæвар, зæгъгæ. Фæлæ йæ иунæгæн дæр йæ бон «нæ» зæгъын нæ бацис. Ацыди, паддзахы галуаны алыварс фæразил-базил кодта æмæ изæры фæстæмæ æрбаздæхти.  

— Цы дын загъта? — дзуры йæм арсы хъыбыл.  

— Мæ тæригъæд фæхæссæд ме скæнæг, кой дæр мæ не суагъта, — фæсайдта йæ фыд.  

Арсы хъыбыл ницы сдзырдта, фæлæ та дыккаг райсом йæ фыдмæ дзуры:  

— Мæ фыд, паддзахмæ мын минæвар фæу, цæмæй мын йæ чызджы æмкъайæн радта.  

Ныккатæйттæ та кодта мæгуыр лæг, куыд бацæуа паддзахмæ, куыд ын зæгъа, дæ чызджы мын мæ арсы хъыбыл-фыртæн радт, зæгъгæ. Фæлæ йын æндæр гæнæн нал уыд æмæ æрлæууыд паддзахы раз сæркъулæй.  

Паддзах тынг рамæсты мæгуыр лæджы ныхасмæ æмæ йын афтæ, ацу æмæ йын зæгъ, дæхицæн æрбад, зæгъгæ, æндæра мын мæгуыр дæ бон кæны, æфсад дæм арвитдзынæн æмæ дæ арцы фындзæй ныххуынчъытæ кæндзысты.  

Мæгуыр лæг та фæстæмæ æнкъардæй æрбаздæхтис, æмæ та йæм арсы хъыбыл дзуры:  

— Цы дын загъта, мæ фыд?  

— Мæ тæригъæдæй дæлæмæ æрхауæд ме сфæлдисæг, смæсты æмæ мын афтæ зæгъы, йæхицæн, дам, æрбадæд, æндæра мын мæгуыр йæ сæр кæны, æфсад æм арвитдзынæн æмæ йæ арцы фындзæй ныххуынчъытæ кæндзысты.  

Арсы хъыбыл ницы сдзырдта, йæ мидбылты бахудти, фæлæ та дыккаг райсом йæ фыдмæ афтæ дзуры:  

— Мæ фыд, паддзахмæ мын минæвар фæу, цæмæй мын йæ чызджы æмкъайæн радта.  

Мæгуыр лæг та куыннæ ныккатæйттæ кодтаид, тæрсгæ дæр куыннæ кодта паддзахæй, фæлæ йын æндæр гæнæн нæ уыд æмæ та йæм арасти минæвар.  

Паддзах ацы хатт тынгдæр рамæсты, йæ пылыстæг лæдзæгæй зæхх æрцавта, æмæ йын хъæлтæ фæхаудта, æмæ мæгуыр лæгæн афтæ зæгъы:  

— Ацу, зæгъ ын, ардыгæй зæгъ райсоммæ мæ къæсæрæй уæ къæсæрмæ хид арæзт куыд æрцæуа, йæ дыууæ кæрон — аргъуантæ. Кæд мæ дзырд сæххæст кæна — усгур мæм фæзынæд, кæд нæ, уæд, зæгъ, мын мæгуыр дæ сæр æмæ дæ къона кæнынц.  

Мæгуыр лæг фæстæмæ æнкъардæй баздæхт, йæхи бандоныл мæсты цæф æркодта, æмæ бандон хъæлтæ фæхауд.  

— Куыд мæсты дæ, мæ фыд? Цы дзуапп дын рарвыста? — дзуры та йæм арсы хъыбыл.  

— Мæ тæригъæдæй дæлæмæ æрхауæд ме сфæлдисæг, — дзуры фыд, — райсоммæ, дам, мæ къæсæрæй уæ къæсæрмæ хид куыд ацараза, йæ дыууæ фарс аргъуантæ. Уæд, дам-иу мæм фæзынæд усгур, кæннæуæд, дам, мын мæгуыр йæ сæр æмæ йæ къона кæнынц.  

Арсы хъыбыл та бахудтис æмæ къонайы фарсмæ йе ’ннæ фарсыл æрзылдис.  

Изæры мæгуыр ус æмæ лæг катæйттæгæнгæ куы схуыссыдысты, райсом цы уыдзæни, зæгъгæ, уæд арсы хъыбыл æддæмæ рауад, ныззоныгыл кодта æмæ скуывта Хуыцаумæ:  

— Хуыцæутты Хуыцау, ме сфæлдисæг Хуыцау, райсоммæ нæ къæсæрæй паддзахы къæсæрмæ стыр хид арæзт цы феста, йæ кæрæтты аргъуантæ, — йæхæдæг баздæхт мидæмæ æмæ йæ лыстæн бацагуырдта.  

Райсом мæгуыр лæг æмæ паддзах æддæмæ куы ракастысты, Уæд дисы бахаудтой, се ’хсæнты цы стыр цæугæдон уыдис, уый сæрты мæгуыр лæджы къæсæрæй паддзахы галуаны дуармæ хид арæзт, йæ кæрæтты аргъуантæ.  

Паддзахæн ма цы гæнæн уыд, йæ уазджыты фæзындмæ йæхи райдыдта цæттæ кæнын. Уæдмæ уыдон дæр фæзындысты, æмæ арсы хъыбыл дуаргæрон сиахсы лæуд скодта йæ фæстаг къæхтыл.  

Чызг куы федта, кæмæн æй дæттынц, уый, уæд фæтæргай æмæ кæугæ алыгъди дуармæ.  

Арсы хъыбыл та йæм арвитын кодта, кæй курын, уый хъуамæ мæ цуры уа, зæгъгæ. Чызг æй æрбацæйхизгæйæ йæ къахæй стъæпп кодта, æмæ та сиахс бахудт йæ мидбылты.  

Паддзахæн лæггадгæнджытæ та куыннæ уыди, фæлæ йæ, йæ ног сиахсы ноджыдæр куы афæлвæрдтаид, уый фæндыдис æмæ йæ бæстæйыл кæм æрхджындæр, кæм зыкъуырдæр хъæдтæ уыд, уыдон дыууадæс-дыууадæс цæдыл æрласын кодта. Æгъдаумæ гæсгæ сæ сæттын ног сиахсмæ каст, æмæ-иу сæм арсы хъыбыл куы февнæлдта, уæд-иу йæ размæ æрызгъæлдысты лыстæг схъистæй.  

Паддзах дисы бафтыд, ай цы хабар у, зæгъгæ, æмæ йæ лæггадгæнджытæн загъта, иу афæдзæй йын иннæ афæдзмæ æнæхафт цы бæхдон уыдис, уый йын цæмæй сæрфын кæной.  

Арсы хъыбыл скъæты иу кæрон фæлæууыд æд цъылын æмæ цæсты фæныкъуылды фæстæ æртæ сæдæ бæхуæрдоны фаджысы куыфтимæ фенкъуыстысты скъæты дуарæй.  

Паддзах та дисы бафтыдис, ай цы хабар у, зæгъгæ, йæ бирæ æххуырстытæ афæдзæй-афæдзмæ цы бæхдоны фаджыс нæ фæрæзтой асыгъдæг кæнын, уым ын уый йæ бын авг куыд фестын кодта.  

Уæдмæ та кусарт кæнын афон æрцыдис æмæ паддзахы рæгъауы галиудæр æмæ хæрзхастдæр куырты галуаны дуармæ æртардтой. Æнæдомд куыртæн зæхх сæ быны чъылбысгай стыхсти, сæ комы тæф сæ сæрмæ — мигъау, галуаны къултæ сæ къуыбыр сытыл истой, æмæ адæм сæ уындæй ныппырх сты.  

Арсы хъыбылмæ кард авæрдтой, ома, æгъдаумæ гæсгæ кусарт акæнын дæуыл æмбæлы, æмæ сæм уый дæр аздæхтис иунæгæй. Кæрт хъомы богъ-богъ сси — лæугæйæ сæ æрбаргæвстытæ кодта ног сиахс.  

Паддзахæн æндæр гæнæн нал уыдис æмæ чындзæхсæвы къахыл ныллæууыди, фæлæ йæ йæ сагъæс цух нæ уагъта, ома мын мæ чызджы хæрдзæнис æмæ йын йемæ чызг æмбæлттæн æнæхъæн æфсад арвыста, уæ хъус, дам, æм дарут, мыййаг, хæрынвæнд æй куы скæна — ныссæттут дуæрттæ, ныммарут æй.  

Æрдæг æхсæв паддзахмæ æнæхъæн æфсад хæрзæггурæггæгтæ кодтой: дæ фыдæхæй, дам, сур куыннæ фæуыдзыстæм, нæ паддзах, хицæн хатæнмæ, дам, сæ куы барвыстой, уæд чызг хъарæггæнгæ бацыди мидæмæ, стæй, дам, худынмæ фæкъæртт æмæ йæ къæл-къæлæй хæдзары фæрстæ хаста.  

Чызг æмæ арсы хъыбыл куы фæиу сты, уæд арсы хъыбыл йæ арсдзарм аппæрста æмæ сызгъæрин коцораджын лæппу фестади. Чызг дæр фырцинæй худти, фæлæ та райсом лæппу йæ арсдзарм скодта. Чызг ын бирæ фæлæгъзтæ кодта, уымæй ма цы кæныс, зæгъгæ, фæлæ йæм лæппу ницы сдзырдта.  

Дыккаг æхсæв дæр та афтæ, æртыккаг æхсæв дæр.  

Уæд чызг къулыбадæг усмæ ацыди фæрсынмæ. Къулыбадæг ус бахудт æмæ йын афтæ зæгъы:  

— Гъе, дæ фæхъхъау фæуон, мæ чызг, кæд ма дæуæй хуыздæр кæмæн баххуыс кæнон. Æхсæвы йæ арсы царм куы аппара, уæд ын æм фæрæвдз у, арты йæ баппар æмæ лæппу дæуæн баззайдзæни.  

Чызг дæр афтæ бакодта: лæппу йæ арсдзарм куы аппæрста, сынтæджы йæхи куы æруагъта, уæд чызг ауылты-ууылты асæрфта йæхи æмæ йын йæ царм баппæрста арты.  

Лæппу ма йæм бæргæ багæпп кодта, фæлæ уæдмæ асыгъдис, æмæ бакатай кодта, гъе, мæ тæригъæд, дам, дæ макуы уа, æз, дам, уæларвы Фæлвæрайы дæттинаг дæн æмæ уыцы цармы фæрцы уыдтæн ам, æндæра хур куы скæса, уæд ма мæ ам дæ цуры чи уадзы.  

Чызг уый фехъуыста цы, кæуын, æрдиаг кæнын райдыдта, йæ хурхмæ марæн кæрдтæ хаста.  

— Кæуынæй дын ницыуал ис, — дзуры йæм лæппу, фæлæ дæ фыдмæ фæцу. Æз зæххыл авд азмæ кæрдæг нал суадздзынæн, фæлæ йæ хæзнадæттæ бакæнæд, кусæг баххуырсæд æмæ авд азы дæргъы фосæн холлагæй цы бахъæуа, уый хос ныккæрдын кæнæд æмæ йæ цъынатæ фæцамайæд. Фыййæуттæн сæ фос сыдæй скъуыйдзысты, хос æлхæнынмæ йæм цæудзысты, фæлæ сын æрмæстдæр дзурæд: «Кæй мæ ахастат, уый мын æрхæссут æмæ уын æнæаргъ дæттын хæс».  

Чызг йæ фыдмæ фæцыди, хъуыддаг ын рахабар кодта, паддзах рахаста йæ хæзнатæ, баххуырста адæмы авд азы фаг йæхицæн хос фæкæрдын кодта, æмæ сæ цъынатæ фæцамадтой .  

Сызгъæрин коцораджын лæппу уыцы райсом хуры скастыл уæларвмæ фæтахтис æмæ авд азы дæргъы зæххыл кæрдæг куыннæуал æрзайа, афтæ сарæзта.  

Зæххæй кæрдæджы цъупп нал схаудта, Фæлвæрайæн йæ фос скъуыдысты стонгæй, æмæ йæ фыййæуттæ тыхсын райдыдтой. Паддзахмæ цыдысты, хос нын рауæй кæн, зæгъгæ, фæлæ та-иу сæ фæстæмæ аздæхта афтидæй:  

— Кæй мæ ахастат, уый мын фæстæмæ æрхæссут æмæ уын æнæаргъ дæттын хос.  

Уæд Фæлвæра дæр фæтарстис, ома мæ фос фæстаг сæныччы хъусы онг куы аскъуыйой стонгæй æмæ йын фæстæмæ æрхаста йæ сызгъæрин коцораджын сиахсы, — йæхи дæттæггаджы.  

Паддзах йæ чызг æмæ йе сиахсæн æцæг чындзæхсæвтæ ныр фæкодта иу абонæй иннæ абонмæ адæм тасгæ фынгтæй нал сыстадысты.  

Ууыл аргъау фæцис. Уыдон æрцыдмæ бирæ цæрут.  

 

Радзырдта йæ Цхинвалы районы ногхъæуккаг 90-аздзыд зæронд лæг Хъазиты Алыксандр.  

 

 

АМОНД 

 

Цардис æмæ уыдис иу хуыснæг. Бинонтæ уымæн нæ уыдис, исты куыстыл хæст уый нæ уыд, æрмæст къæрных кодта æмæ йæ бонтæ æрвыста давæггагæй. Иу хатт та иу лæгмæ æртæ азы хуыскъ хъуг базыдта, æмæ йæм æрдæгæхсæв фæзынди давынмæ.Фысымты ус йæхи бар нæ уыдис, йæ арыны рæстæг æрхæццæ æмæ лæппу мидæмæ куыд баирвæзт, афтæ усы дæр скъæтмæ бакодтой устытæ.  

Къæрныхæн ма цы гæнæн уыд? Нал рауæндыд æмæ кæвдæсы дæлгоммæ ныххуыссыд.  

Усæн чызг райгуырди, фервæзт йæ удхарæй æмæ афынæй, лæппу дæр ныффæллади кæвдæсы æмæ арæдзæ-мæдзæ кодта. Уалынмæ лæппу йæ фыны кæсы æмæ æртахтысты æртæ зæды, æрбадтысты ноггуырд чызджы алыварс æмæ тæрхон райдыдтой, йæ амонд ын схицæн кæнын хъæуы, зæгъгæ.  

Фыццаг зæд загъта:  

— Ацы чызджы амонд нæ хъæуы, ныртæккæ хъуамæ амæла!  

Дыккаг зæд æм фæхæрам æмæ афтæ зæгъы:  

— Нæ, ды раст нæ загътай. Ацы чызг хъуамæ суа чынздзон æмæ афтæмæй амæла!  

Æртыккаг зæд сæм фæхъуыста, фæхъуыста, фæлæ сæ тæрхон йæ зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ уый дæр загъта йæ хъуыды:  

— Раст ныхæстæ нæ кæнут! Ацы чызг хъуамæ уыйбæрц фæцæра, цалынмæ йæ хъустæ зокъо рафтауой. Уæртæ кæвдæсы чи хуыссы, уый та йæ мой уæд.  

Зæдтæ ууыл сразы сты æмæ атахтысты.  

Лæппу фехъал йæ фынæйæ æмæ афтæ зæгъы:  

— Ай диссаг нæу, æз ныртæккæ усгур лæппу дæн, æмæ цалынмæ ай хъомыл кæна, уæдмæ йæм æнхъæлмæ кæс!  

Кард фелвæста, чызджы гуыбыныл æй асæрфта, йæхæдæг адымдта, уынгæ дæр æй ничи фæкодта.  

Ус сывæллоны кæуынмæ фехъал. Чызджы куы ауыдта, уæд хорзау нал фæцис, фæлæ фæцарæхст, æрæсгæрста йæ, чызджы хуылфы дзаума хъыгдард куынæ уыдис, уæд ын ахуыдта йæ гуыбын.  

Сывæллон сдзæбæх, чындздзон чызг сси, адæмы равзаргæ лæппутæ йæм усгур цæуынц, фæлæ сæ разыйы дзуапп никæмæн дæтты.  

Къæрных цы лæппу уыд, уый ныр фæзæронд, ус курын йæ зæрды дæр нал уыди, фæлæ чызджы рæсугъддзинады кой уый хъустыл дæр æрцыд æмæ йæхицæн афтæ зæгъы:  

— Æз ныр зæронд лæг дæн, уый мæ аккаг нæу, фæлæ йæ уынгæ уæддæр фæкæнон, чи у афтæ диссаджы чызг.. Æмæ йæм уынæг араст ис.  

Чызг æй куыддæр ауыдта, афтæ ныххудт æмæ фæхъæр кодта:  

— Кæй агуырдтон, уый ссардтон!  

Йæ мад æмæ йæ фыд куы фехъуыстой, уæд бадиссæгтæ кодтой, адæмы равзаргæтæ дæм усгур куы фæцыдысты, уыдонæй куы никæмæн бакуымдтай, уæд дыл ныр цы æрцыдис, зæгъгæ.  

— Мæн æндæр амонд нæ хъæуы! — цæхгæр алыг кодта чызг æмæ йæ фæнд æххæст дæр скодта.  

Лæг æмæ чызг фыццаг æхсæв иу уатмæ куы æрцыдысты, уæд ын лæг йæ гуыбыны нос æрысгæрста æмæ йæ æрфарста, цы дын кодта, зæгъгæ. Чызг дæр ын йæ хъуыддаг рахабар кодта, æмæ ма лæгæн цы базонын хъуыд, йæ амонд йæхи къухæй кæй сæфта æмæ афтæ:  

— Акæс-ма, уый дын амонды хъуыддаг. Лæгæн йæ ныхыфысты цы амонд уа, уымæй йын фæлидзæн никуыдæм ис.  

Уый фæстæ райдыдтой цæрынтæ æмæ хæрынтæ. Райгуырди сын авд лæппуйы æмæ иу цъæхдзаст чызг.  

Уыдон æрцыдмæ бирæ фæцæрут.  

 

Радзырдта йæ 1972 азы 26 июлы Цхинвалы районы ногхъæуккаг 90-аздзыд зæронд лæг Хъазиты Алыксандр. 

 

 

Аргъæуттæ ист сты сайтæй  

iriston.com 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ