Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ДЗЕДЖЫ ФЫРТ ДЗЕГ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

БРЫТЪИАТЫ СОЗЫРЫХЪО 

 

ДЗЕДЖЫ ФЫРТ ДЗЕГ 

 

ЗÆРОНД ЦУАНОН ДЗЕГ ÆМÆ ЙÆ ЗÆРОНД УС АЗАУ 

 

Куырттаты сау комы, урс хохы рæбын, иу сæгæйдзаг1 хæдзары царди æмæ уыди мæгуыр зæронд цуанон Дзег йæ зæронд ус Азауимæ. 

Зæронд Дзег цуан кодта Куырттаты сау хъæды, урс хæхты æмæ сау хæхты. Фæцуан-иу кодта бон, дыууæ боны, авд боны, сырдагур-иу фæзылд æрхыты æмæ адгуыты, фæндæгтыл æмæ æвæдты. Бафæлладис-иу мæгуыр Дзег, фæлæ йын цы гæнæн уыд, – афтид армæй куыд аздæхтаид йæ мæгуыр хæдзармæ. 

Æмæ-иу æстæймаг бон æрхаста сæгуыт кæнæ сычъи, дзæбидыр кæнæ арс, æрхаста-иу сæрджын саг, хаттæй-хатт та – хъæддаг гал дæр. Фæлæ-иу афтид армæй куы æрыздæхти Азаумæ, ахæм бонтæ дæр скодта Дзегыл. 

Дзег-иу цуаны куы уыд, уæд-иу зæронд Азау та хæдзары баззади æмæ йæ лæджы дзауматæ æмпъызта. Æмпъузæн æмпъузæныл æвæрдта æмæ æнхъæлмæ касти Дзеджы æрыздæхынмæ. 

Гъе, афтæмæй æрвыстой сæ зæронды бонтæ Дзег æмæ Азау. Æмæ кæд цыфæнды мæгуыр уыдысты, уæддæр сæ цардæй никуы рахъаст кодтой. Фæлæ сын цот нæ уыди, æмæ ууыл тынг тыхстысты. 

– Хох æмæ быдыры дауджытæ, иунæг сауцæст лæппу нын уæддæр раттут кæнæ та иу цъæхдзæст чызг! Æлгъыстæй нæ мæрдтæм ма барвитут, нæ мыггаг нын ма сыскъуынут! – куывтой Дзег æмæ Азау. 

Фæлæ дауджытæм Дзег æмæ Азауы лæгъстæтæ нæ хъардтой æмæ сын нæ сауцæст лæппу лæвæрдтой, нæ цъæхдзæст чызг. 

 

 

АЗАУÆН РАЙГУЫРДИ САУЦÆСТ ЛÆППУ 

 

Иухатт та зæронд цуанон Дзег йæ бæх Æрфæныл2 бабадти, йæ уарт3, йе 'рдын4, йæ фатдон5 райста, æрцауыгъта уæззау цирхъ6 æмæ Азауæн афтæ зæгъы: 

– Æз цæуын Куырттаты сау хъæдмæ цуаны. Кæд Æфсатийы7 бафæнда, уæд мæ къухы исты бафтдзæн. Ды та, зæронд, ме 'рцыдмæ дон схæсс суадонæй æмæ сугтæ æрæмбырд кæн. 

Куыддæр Дзег хъæды аууон фæци, афтæ Азау дыууæ къæртайы8 йемæ айста æмæ къахвæндагыл нарæг комы суадонмæ ныццыди. Йæ иу къæрта уазал донæй байдзаг кодта æмæ йæ дурыл æрæвæрдта. Стæй байдзаг кодта дыккаг къæрта æмæ уый дæр иннæйы фарсмæ дурыл æрæвæрдта. Ныр сæ сисон æмæ араст уон куыд загъта, афтæ йæ сæр разылд, æмæ йæ цæстытæ атартæ сты. Ныццудыдта мæгуыр ус, йæ къæртаты фарсмæ къæйтыл æрхауд æмæ йын райгуырди лæппу – сауцæст лæппу райгуырди зæронд Азауæн. 

Уадзыгæй лæууы Азау суадоны раз. Хур хæхты 'рдæм фæкъул, æрмæст уæд æрчъицыдта. Сыстади, сывæллоны систа, йæ риумæ йæ æрбалхъывта æмæ ныккуыдта. 

Фыр цинæй кæуы Азау æмæ дзуры: 

– Хæхтæ æмæ быдыры дауджытæ! Табу, уæ хорзæхæй, нæ зæронды бонты нæ æнæ дарæг, æнæ уромæг кæй нæ ныууагътат, уый тыххæй. 

Азауæн йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йæ доны къæртатæ æмæ хъуыдытыл фæци: «Ныр нæ хæдзары доны цъыртт куы нæ ис, уæд сывæллоны цæмæй цæхсдзынæн?» 

Ус стыхст, йæ къæртатæн цы кæна, уый нал зоны. 

Уæд сывæллон æвиппайды йæхи аивæзтытæ кодта йæ мады хъæбысы, зæхмæ æргæпп ласта æмæ афтæ зæгъы: 

– Мæт ма кæн, нана! Ды разæй цу æмæ мын фæндаг амон, къæртатæ мæ бар уадз! 

Ныддис кодта зæронд Азау æмæ йæ лæппумæ дзуры: 

– Нæ, нæ, мæ хур. Ды нырма чысыл дæ, де уæнгты хъару нæма ис. Куыд сисдзынæ уæззау къæртатæ æмæ сæ ацы нарæг къахвæндагыл уæлæмæ куыд схæсдзынæ? Нæ, нæ, мæ къона9! Къæртатæ мæ бар уадз, ды та мæ фæдджийыл хæц æмæ мæ фæдыл цу. 

Фæлæ лæппу йæ мады коммæ нæ бакаст: къæртатæ фелвæста æмæ нарæг къахвæвдагыл уæлæмæ азгъордта. Лæппу афтæ тагъд уадис, æмæ йæ Азау æййафгæ дæр нал кодта. 

 
– Фæлæуу, мæ зæрдæдарæн, дæ мадмæ! Фыдбылызæн бирæ нæ хъæуы, исты дæ фæрисдзæн, мыййаг, – дзуры йæм фæстейы Азау. Лæппу йæм кæсгæ дæр нæ ракодта. 

Сæхимæ куы схæццæ сты, уæд Азау къонайы арт акодта, уæларт дон авæрдта, хъарм донæй лæппуйы æрæхсадта, æхсырæй йæ афсæста, фæлмæн нымæтыл æй æрæвæрдта æмæ йæ æрсдзармæй æрæмбæрзта. Сывæллон куы афынæй, уæд ын зæронд Азау нымæтын дзабыртæ хуыйыныл æрбадти, фæлмæн тæбынæй та йын хæдон æмæ хæлаф ахуыдта. Уый фæстæ бæгæны бахсыста æмæ Дзегмæ æнхъæлмæ кæсын райдыдта. Фенхъæлмæ йæм касти авд æхсæвы. Фæлæ уæддæр Дзег зынæг нæй æмæ нæй. 

Лæппу та афтæ тагъд рæзыд, æмæ йыл цыма авд æхсæвы æмæ авд боны нæ, фæлæ авд азы рацыд, уыйау адынджыр. Уымæн æмæ бон уылынг рæзыд, æхсæв та – дисн10. 

 

 

ДЗЕДЖЫ ФЫРТ ФÆЦÆУЫ ЦУАНЫ 

 

Æстæм бон зæронд Дзег æрбаздæхти цуанæй, хæдзары раз Æрфæны æрурæдта æмæ бахъæр кодта: гъей, зæронд, дуæрттæ бакæн æмæ сæрджын саджы мард айс!  

Уыцы ныхæстæм сауцæст лæппу йæ хуыссæнæй фæгæпп ласта, кæртмæ разгъордта æмæ кæрты дуар фегом кодта. Зæронд Азау хæдзары астæу йæ фæдыл кæсгæйæ баззад. 

Зæронд Дзег лæппуйы куы ауыдта, уæд куыннæ ныддис кодтаид. Суанг ма сæрджын саг дæр йæ къухтæй феуæгъд æмæ зæххыл йæ тъæпп фæцыди. «Кæй у ацы лæппу? Æмæ кæд лæппу нæу, уæд та? Кæд дæлимон11 исты у?» – йæхинымæр хъуыды кæны Дзег æмæ уæззау цирхъ йæ кæрддзæмæй сласта, лæппуйы дзы ныццæвон, зæгъгæ. Фæлæ Азау хæдзарæй хъæргæнгæ разгъордта: 

– Мæ арт бауазал, зæронд! Уый дæхи лæппу у! Арфæ ракæн хурты хурзæринæн, хæхты æмæ быдыры дауджытæн, лæппу нын кæй радтой, нæ мыггаг нын кæй нæ сыскъуыдтой, уый тыххæй. Ноджы тынгдæр ныддис кодта Дзег: 

– Кæцæй нын æрцыд ахæм лæппу, нæ хæдзарæй авд боны æмæ авд æхсæвы размæ куы ацыдтæн, уæд? 

Æмæ Азау йæ лæгæн радзырдта, хъуыддаг куыд уыди, уый. 

Бацин кодта зæронд цуанон, цирхъ йæ кæрддзæмы нытътъыста, бæхæй æрхызт æмæ цæсты фæныкъуылдмæ саджы фыдæй физонæг акодта. 

Дзег æмæ Азау физонæг æмæ сау бæгæныйæ фыццаджыдæр сæ лæппуйы бафсæстой, стæй уæд сæхи дæр хорз федтой. 

– Усай, ныр нæ лæппуйы куыд схонæм? Хохы цæрæм, адæмы нæ уынæм, нæхи дæр нын ничи уыны. Æмæ нын нæ лæппуйыл нæхи йеддæмæ ном чи сæвæрдзæн? – фæрсы лæг йæ усы. 

– Раст сты дæ ныхæстæ, зæронд, – загъта Азау. – Фæлæ йыл уæддæр исты ном сæвæрын хъæуы. 

– Цæй, уæд та йыл мæхи ном сæвæрæм. 

– Дæу куыд фæнды, афтæ фæуæд, – сразы ис Азау. 

Афтæмæй зæронд Дзег æмæ зæронд Азау сæ сауцæст лæппуйы схуыдтой Дзег. 

* * * 

Зæронд Дзег цуанæй куы æрбаздæхт, уæдæй бирæ бонтæ нæма рацыд, афтæ та йæхи рæвдз кæнын байдыдта: цыргъ кæны йæ фæттæ, сырд хуыздæр цæмæй марой, уый тыххæй сыл æфтауы цæргæсы систæ. 

– Афон мын у цуаны цæуынæн, – загъта Дзег йæ ус Азауæн. – Кæннод æртæ боны фæстæ дæ уæларт цы сæвæрай, уый дæм фыдызгъæл нал уыдзæн. 

– Хорз, – дзуапп радта Азау. – Æз дын фæндагмæ кæрдзын скæндзынæн, иучысыл та дын саджы фыд ацурдзынæн12. 

Зæронд Дзег æмæ зæронд Азау ахæм ныхæстæ куы кодтой, уæд сæм чысыл Дзег та, даргъ бандоныл бадгæйæ, æнцад хъуыста. Ныхас цæуыл у, уый куы бамбæрста, уæд фæгæпп кодта æмæ загъта: 

– Дада, ды цуаны цæуынæн базæронд дæ. Ныр та æз ацæудзынæн Куырттаты сау хъæдмæ. Ды нæхимæ къонайы фарсмæ бад æмæ дæ зæронд стджытæ артмæ тав. 

Йæ мадмæ та афтæ дзуры: 

– Нана, фæсмынæй мын бахуый куырæт13 æмæ хæлаф, зæнгæйттæ14 æмæ цухъхъа15. Хъæддаг галы цармæй – æрчъитæ16, арсы цармæй та – худ. Ноджы мын фæндаггаг дæр исты ацæттæ кæн. 

Мад æмæ фыд уыцы ныхæстæм æрæнкъард сты. Стæй зæронд Дзег йæ лæппуйæн загъта: 

– Ды нырма æгæр чысыл дæ цуаны цæуынæн, арф кæрдæджы сырд нæ фендзынæ, искуы фæдзæгъæл уыдзынæ. Дæ къабæзты тых нæма ис, æмæ саджы мард сисын дæ бон нæ бауыдзæн. 

Нæ йæм хъусы Дзег. 

– Нал мæ фæнды, дада, фæнычы фарсмæ бадын, ауадз мæ цуаны.  

Уынынц зæронд лæг æмæ ус, сæ фырт кæй нæ басæтдзæн, уый, æмæ йæ уæд фæндагмæ рæвдзытæ кæнын байдыдтой. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы фæхуыдта Азау йæ чысыл лæппуйæн фæсмын куырæт æмæ фæсмын цухъхъа, стæй фæсмын зæнгæйттæ, æрсдзармæй – худ, йæ фыд та йын хъæддаг галы цармæй фидар æрчъитæ бахуыдта. 

Лæппу скодта йæ ногхуыд дзауматæ, æрбабаста йæ фыды рон, роныл уæззау цирхъ æмæ хъама æрцауыгъта, райста æрдын æмæ фæттæ. Уый фæстæ Æрфæныл саргъ бавæрдта, хордзентæ саргъы раззаг гопмæ æрфидар кодта, сау нымæт фæстаг гоппыл æрбаста, схон17, арт18 æмæ зных19 та зæнгойы хъусы атъыста. Стæй бæхмæ сгæпп кодта æмæ фæрсы йæ фыды: 

– Кæдæм фæцæуыс цуаны?  

Йæ фыд ын загъта: 

– Нæ хæдзары дуарæй цы къахвæндаг райдыдта, ууыл араст у цæгатырдæм; ма рахизырдæм фæзил, ма – галиуырдæм. Æмæ бахæццæ уыдзынæ мæ зæронд лымæны æвзист хæдзармæ. Уый дын куыд зæгъа, афтæ-иу кæн. Цæугæ æмæ рæствæндаг у! 

– Амондджын фæндаг, уæлахизы фæндаг дын фæуæд алцæмæй дæр, мæ къона! – бафтыдта ма йæ лæджы ныхæстыл зæронд Азау дæр. 

Чысыл Дзег Æрфæны æрцъыччытæ кодта æмæ Куырттаты сау хъæды астæуты, нарæг къахвæндагыл цæгатырдæм фæрасти. 

 

 

ДЗЕГ ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ХÆДЗАРЫ 

 

Цас фæцыди Дзеджы фырт, чи йын цы зоны, фæлæ иуахæмы бахæццæ иу бæрзонд хохмæ. Кæсы, æмæ хохы цъуппыл хуры тынтæм цыдæр æрттивы. Уый уыди йæ фыды лымæны æвзист хæдзар!
 
 

Лæппу ехсæй ныццæвтæ кодта йæ бæхы æмæ цæсты фæныкъуылдмæ хохы цъуппыл фестади. Æвзист хæдзары дуармæ йæ бæх æрурæдта æмæ мидæмæ бахъæр кодта: 

– Гъей, хæдзаронтæ! Уазæг нæ уадзут? 

Хæдзарæй рацыд урсзачъе зæронд лæг, урс цухъхъа æмæ урс худ йæ уæлæ. 

– Уазæг – амонды уазæг! – загъта зæронд лæг. – Дæ хæцæнгæрзтæ саргъыл æрæвæр, дæ бæх бæхбæттæныл афтау, дæхæдæг та мидæмæ рахиз æмæ мын мæ цæхх, мæ кæрдзынæй саход. 

Дзег бæхæй æргæпп кодта, хæцæнгæрзтæ саргъыл æрæвæрдта, идон20 бæхбæттæнмæ баппæрста, йæхæдæг зæронд лæджы фæдыл мидæмæ бараст и æвзист хæдзармæ. 

Урсзачъе зæронд лæг Дзеджы æрбадын кодта нывæфтыд тулдз къæлæтджын бандоныл, йæхæдæг дæр æрбадт æндæр ахæм бандоныл æмæ йæ фæрсы: 

– Зæгъ-ма мын, мæ уазæг, чи дæ, кæцон дæ æмæ дæ фæндаг кæдæм дарыс? 

– Æз дæн дæ лымæн Дзеджы фырт, цæугæ та ракодтон цуаны. 

Ныддис кодта зæронд лæг, йæ бæзджын урс æрфгуытæ уæлæмæ систа, йæ цъæх цæстытæй лæппумæ бакаст æмæ та йæ фæрсы: 

– Æмæ зæронд Дзегæн ахæм лæппу кæцæй хъуамæ уа? Ам куы уыд, уæдæй нырмæ ссæдз боны йеддæмæ куы нæма рацыди! Ау, уæд мын ницы загътаид? Кæд, мыййаг, раст нæ дзурыс, мæ уазæг? 

– Куыд хъуамæ зæгъон мæнг ныхас? Баууæнд мыл, æз дæн зæронд Дзеджы фырт, мæнæн дæр мæ ном хуыйны Дзег. Бон уылынг рæзын, æхсæв та – дисн. 

Уæд зæронд лæджы бауырныдтой уазæджы ныхæстæ, фæдзырдта йæ фырттæм æмæ сын афтæ зæгъы: 

– Фысты дзуджы тæккæ нарддæр фыркъа равзарут, аргæвдут æй, æнæхъæнæй йæ афыцут æмæ йæ ардæм рахæссут. Æз хъуамæ мæ лымæны фырты хорз фенон. 

Уайтагъддæр урсзачъе зæронд лæджы фырттæ сивыры21 æрбахастой фых фыркъа, фынг æрæвæрдтой Дзеджы раз, сæхæдæг уатæй рацыдысты. Æмæ уæд зæронд лæг Дзегмæ дзуры:  

– Цасдæриддæр дæ зæрдæ зæгъы, уазæг, уый бæрц ахæр, æрмæст стæг ма аппар, стыр стæг уа, чысыл стæг уа – фынгыл сæ уадз. 

Лæппу афтæ стонг уыди, æмæ бирæгъау хæрынмæ фæлæбурдта, кусарт æнæхъæнæй ахордта. Æрмæст ма дзы дыууæ æнæхсыд фæрсчы баззад. Фæлæ уыдон дæр йæ дзыппы авæрдта, фæндаггаг мæм æппындæр ницыуал ис, зæгъгæ. 

Дзег дыууæ фæрсчы йæ дзыппы кæй авæрдта, уый зæронд лæг не 'рхъуыды кодта. 

Дзег йæ былтæ æмæ йæ къухтæ асæрфта: 

– Хорз федтон мæхи, дæ минас бирæ! 

Уæд зæронд лæг йæ нывæфтыд къæлæтджынæй сыстад, фыркъайы стджытæ иууылдæр æрæмбырд кодта, сæ бынæтты сæ æрæвæрдта æмæ æнæ дзургæйæ Дзегмæ бакасти. Уый фæстæ тулдз лæдзæг райста, дыууæ фæрсчы дзы æрцамадта, иннæ фæрсчытимæ сæ фынгыл æрæвæрдта, нымæтын ехсæй22 сæ æркъуырдта æмæ загъта: 

– Стджытæ нард фыркъа куыд фестой, афтæ! 

Æмæ цæстыфæныкъуылдмæ стджытæ нард фыркъа фестадысты. Фыркъа хæдзарæй ралыгъд æмæ дзуджы астæу смидæг ис. «Æнæхъæн фыркъа кæм ахордта, уым дзы чысыл хъару нæ уыдзæн, фæлæ уæддæр дыууæ фæрсчы кæм амбæхста, уым, æвæццæгæн æмæ, æгоммæгæс у», – ахъуыды кодта зæронд лæг. 

Уый фæстæ фысым Дзеджы æрсдзæрмттыл схуыссын кодта, йæхæдæг та иннæ уаты схуыссыд. 

Райсом раджы зæронд лæг Дзеджы райхъал кодта, хорз æй федта æмæ йын загъта: 

– Тар хъæды гакъæттæй цæуы къахвæндаг. Æхсæвæй-бонæй йыл згъорынц алыхуызон хъæддаг сырдтæ: сагтæ æмæ сæгуыттæ, сычъитæ æмæ æрсытæ, бирæгътæ æмæ тæрхъустæ. Цæугæ уыцы къахвæндагыл æмраст, рахизырдæм дæр ма фæзил æмæ галиуырдæм дæр, фæлæ сырд амарай – нæ зонын. – Зæронд лæг сфæнд ходта лæппуйы бафхæрын, дыууæ фæрсчы кæй амбæхста, уый тыххæй. – Иу рæстæджы бахæццæ уыдзынæ пылыстæгæй конд хæдзармæ, уый уыдзæн сырдты хицау сохъхъыр Æфсатийы хæдзар, – кодта йæ ныхас зæронд лæг. – Дæхи йын-иу бацамон, хъæдмæ цæмæн æрбафтыдтæ, уый дæр ын-иу радзур, стæй-иу ын мæнæй дæр арфæтæ ракæн. 

Дзеджы фырт йæ хæцæнгæрзтæ æрбабаста æмæ бæхмæ сгæпп кодта: 

– Хорзæй баззай, мæ фыды лымæн! 

– Хуыздæрыл амбæл, амондджын фæндæгтыл фæхæт! – дзуапп ын радта зæронд лæг. 

Дзег Æрфæнмæ ехсæй февзыста, æмæ йæ бæх аскъæфта Куырттаты сау хъæды гакъон-макъон нарæг къахвæндагыл. 

 

 

СОХЪХЪЫР ÆФСАТИМÆ УАЗÆГУАТЫ 

 

Бирæ фæцыдаид, чысыл фæцыдаид Дзег гакъон-макъон къахвæндагыл, чи йын цы зоны. Фæлæ йæм иуафон хæрын æрцыди. Йæ дзыппæй фæрсчытæ фелвæста, сæ дзидзатæ сын ахсыдта, стджытæ та дæлвæндагмæ фехста. Уый фæстæ йæм æрцыди дон нуазын. Бæхæй æргæпп кодта, æрхмæ ныууад æмæ уазал суадонæй йæ дойны басаста. Фæстæмæ та йæ бæхыл абадт æмæ йæ фæндаг адардта. 

Фæцæуы къахвæндагыл Дзег, кæсы, æмæ дын уæртæ иу сæрджын саг йæ разæй фæцæуы. Дзег ыл фат суагъта. Фат сагыл нæ сæмбæлд, фæлæ бæласы ныссагъд, саг та уыциу гæпп акодта æмæ тар хъæды фæмидæг. 

Цæуы Дзег нарæг къахвæндагыл, æмæ та йæ разæй иу гал-дзæбидыр фезгъоры. Дзег ууыл дæр фат суагъта. Фæлæ та уый дæр гал-дзæбидыры сæрты атахт æмæ бæласы ныссагъд. 

Цыди лæппу тархъæды астæуты, алы сырды мыггагыл æмбæлди, фæлæ дзы иу дæр нæ амардта. 

«Нæ байхъуыстон мæ фыды лымæнмæ, фыркъайæ фæндаггаг амбæхстон мæхицæн æмæ рæстмæ нæ цæуы мæ цуан», – ахъуыды кодта йæхинымæр Дзег. Æмæ физонæджы бæсты хордта хъæддаг дыргътæ, æмæ йæ хъару бынтондæр басасти. 

Афтæмæй аивгъуыдта авд боны æмæ авд æхсæвы. Дзег тынг сæххормаг æмæ ма тыххæй бады йæ саргъы базыл, дыдæгътæ кæны. 

Æппынфæстаг æнусон тулдз бæлæсты аууонæй æрбазынди урс-урсид хæдзар, йæ алыварс саджы сыкъатæй бæрзонд быру амад. Уым царди сырдты бардуаг сохъхъыр Æфсати. 

Æфсатийы хæдзар лæууыди сау къæдзæхыл, дæлджинæджы тæккæ былыл. Бынæй, арф комæй, хъуысти знæт доны хъæр. 

Дзег кæрты дуары цур бæх фæурæдта æмæ мидæмæ бахъæр кодта: 

– Гъей, хорз адæм, уазæг нæ уадзут? Дзеджы хъæрмæ хæдзарæй разгъордта иу лæппу. 

– Уазæг – Хуыцауы уазæг! – загъта лæппу. – Дæ хорзæхæй, дæ бæхæй æрхиз æмæ зæронд Æфсатийы хæдзармæ саккаг кæн. 

Дзег бæхæй æргæпп кодта, идон саджы сыкъатæй конд бæхбæттæныл баппæрста æмæ лæппуйы фæдыл мидæмæ бараст. Кæсы Дзег: иу стыр уаты пылыстæг къæлæтджыныл бады сохъхъыр Æфсати. 

– Фарн уæд ацы хæдзары! – загъта Дзег. 

– Фæрнæйдзаг у, уазæг, – дзуапп ын радта Æфсати. 

Æфсати Дзеджы æрбадын кодта пылыстæг бандоныл æмæ йæ бафарста: 

– Чи дæ, кæцæй цæуыс, стæй – кæдæм? 

– Æз дæн Дзег, зæронд цуанон Дзеджы фырт. Цæугæ та кæнын Куырттаты сау хъæдмæ цуаны. 

Æфсатийы нæ бауырныдтой Дзеджы ныхæстæ, йæ бæзджын сау æрфгуытæ бæрзонд систа æмæ афтæ зæгъы: 

– Авд æмæ ссæдз боны йеддæмæ нæма рацыди, дæ зæронд фыд мæ хæдзары куы уыд, уæдæй нырмæ. Ныртæккæ кæм бадыс, уым бадт, афтæмæй хъаст кодта: хох æмæ быдыры дауджытæ мын, зæгъы, нæ лæппу аккаг кæнынц, нæ – чызг. Уæд ын ныр дæу йас фырт кæм уыди? 

– Мæ ныхæстæй мæнг ницы у, баууæнд мыл. Дада цуаны куы уыд, æз уæд райгуырдтæн, æмæ мæ уый нæма зыдта. Куы райгуырдтæн, уæд бон уылынг рæзтæн, æхсæв та – дисн. Æмæ уымæн афтæ адынджыр дæн, – бамбарын кодта Дзег. 

– Тынг æхсызгон мын у дæ фенд. Кæд зæронд Дзег йæ зæронды бонты уæддæр базонид фырты ад, – загъта Æфсати. – Ныр уал исты ахæр, дæ фæллад суадз, стæй райсом раджы, хур куы нæма скæса, уæд цуаны ацæудзынæ. 

Æфсати йæ уазæгæн аргæвста нарддæр дзæбидыр æмæ йæ æнæхъæнæй сфизонæг кæнын кодта. 

– Нæ цæхх æмæ нын нæ кæрдзынæй саход. Æрмæст стæг ма аппар, стыр стæг уа, чысыл уа – се 'ппæты дæр фынгыл æвæр, – загъта Æфсати, йæхæдæг иннæ уатмæ рацыди. 

Æфсатийы базонын фæндыд, йæ уазæг коммæгæс у, æви нæу. 

Дзеджы фырт афтæ æххормаг уыд, æмæ дзæбидыр æнæхъæнæй ахордта, æрмæст ма дзы дыууæ фæрсчы фынгисæггаг23 фæуагъта. Мæхицæн дзы фæндагмæ амбæхсин æмæ та мæ цуан куы нæ фæрæстмæ уа, зæгъгæ, йæ ныфс нал бахаста кусартæй хай амбæхсын. Уый фæстæ иу кæхцы дзаг уазал дон ануæзта, йæ былтæ асæрфта æмæ æнхъæлмæ кæсы. 

Æфсати Дзеджы цурмæ бацыд, стджытæ банымадта æмæ æххæст куы разындысты, уæд сæ æнæ дзургæйæ иумæ æрæвæрдта, нымæтын ехс райста, стджытæ дзы æрцавта æмæ нард, къуыбырсы дзæбидыр фынгæй зæхмæ æргæпп кодта, кæртмæ уыцы иу сæррæтт аласта, кæртæй та тар хъæдмæ фехста йæхи. 

Уый фæстæ Дзегæн афтæ зæгъы: 

– Райсом раджы, куыддæр хуры тынтæ сау хъæды сæрмæ æрбазыной, афтæ цæугæ хъæды къахвæндагыл цæгатæрдæм. Фæндагыл æмбæлдзынæ алыхуызон сырдтыл. Хъæддаг галтæ æмæ сæрджын сагтыл, сычъитæ æмæ дзæбидыртыл, тæрхъустæ æмæ æрсытыл. Дæ зæрдæ дзы кæй зæгъа, уый мар. 

– Бузныг дæ цæхх, дæ кæрдзынæй, дæ рæвдауæн ныхасæй, – раарфæ кодта Дзег Æфсатийæн. Куыддæр Æфсати иннæ уатмæ рацыди, афтæ Дзег æрхуыссыд æмæ уайтагъддæр тарф фынæй аци. 

 

 

ДЗЕГ СÆМБÆЛДИ ХУРЫ ЧЫЗДЖЫТЫЛ 

 

Райсом раджы хуры тынтæ хæхты цъуппытыл нæма андзæвыдысты, афтæ Дзег йæ хуыссæнæй фестад, уазал донæй йæхи ахсадта, æмæ Куырттаты сау хъæды нарæг къахвæндагыл цæгатæрдæм араст. 

Фæцæуы Дзеджы фырт гакъон-макъон фæндагыл. Иу æмæ дыууæ сырдыл нæ фембæлди хъæды астæу. Æмæ сæм Дзег не 'вналы. Æнæхъуаджы цæмæн æвнала йæ фыды лымæн сохъхъыр Æфсатийы фосмæ! Иу афон æм хæрын æрцыд. «Ехх, ныр физонæг ахæр», – ахъуыды кодта Дзег йæхинымæр. 

Æмæ дын хъæды тарæй къахвæндагмæ иу сæрджын саг куы разгъорид. Дзег фат фелвæста æмæ йыл æй суагъта. Саг йæ мидбынаты хæрдмæ фæхауд, стæй зæххыл йæ тъæпп фæцыди. Дзег бæхæй æргæпп ласта, фæлтæрд цуанонау, саг астыгъта, йæ сæр ын бæласыл ацауыгъта æмæ физонæг кæнынмæ фæци. Физонæг та афтæ кодта Дзег: саджы фыд лыстæг лыгтæй фиуы тыхта æмæ сæ бæрз уæхстыл кодта иу иннæйы фæдыл. 

Сындæггай зилы Дзег йæ физонæг цæхæры сæрмæ. Сой уæхстæй тæдзы æмæ зынгтыл цъыс-цъыс кæны, йæ тæф æгас хъæдыл апырх. 

Физонæг куы фæбур, уæд Дзег цъæх кæрдæгыл æрбадт æмæ хæрынмæ бавнæлдта. 

Æвиппайды йæ сæрмæ базырты пæр-пæр ссыд. Скаст уæлæмæ. Æртæ бæлоны ратæх-батæх кæнынц æмæ Дзегмæ дæлæмæ кæсынц, цыма сæ физонæг ахæрын фæнды, уыйау. «Адон махмæ бæлæтты хуызæн не сты», – ахъуыды кодта Дзег, йæхæдæг сæм дзуры: 

– Мæ сæрмæ цы ратæх-батæх кæнут æмæ мæм цыбæлæй цы кæсут? Фæлтау мæ фарсмæ æрбадут, æмæ уæ бур физонæгæй хорз фенон. 

Бæлæттæ ма иуцасдæр аратæх-батæх кодтой Дзеджы сæрмæ, стæй сæхи дæлæмæ æруагътой æмæ артæн йæ иннæ фарс кæлдымыл æрбадтысты. 

– Ахæрут физонæг, – дзуры сæм Дзег. 

Сæ чысыл сызгъæрин цæстытæй бæлæттæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ æвиппайды чызджытæ фестадысты. Чызджытæ та хуымæтæг нæ, фæлæ ахæм рæсугъд уыдысты, æмæ сæм лæг кæсынæй не 'фсæст: сæ цæстытæ арвау – цъæх, сæ дзыккутæ сызгъæринау æрттывтой, сæ уадултæ – туг æмæ 'хсыр, сæ ныхас та уыди суадоны сыбар-сыбурау. 

– Æфсатийы хорзæх дæ уæд кæддæриддæр, – загътой чызджытæ æмæ физонæгмæ æрæвнæлдтой. 

Дзег афтæ дис кодта, æмæ дзурынмæ дæр нал арæхсти. Цыма йе 'взаг йæ комарынджы ныссалд, уыйау æнцад кæсы чызджытæм, фæлæ тынгдæр – кæстæрмæ. Йæ цæст дзы нал исы æппын, афтæ фæцыд йæ зæрдæмæ. 

Чызджытæ хæрд куы фесты, уæд сæ фæрсы: 

– Чи стут, зæххыл цæрæг æви уæлæрвты? Æмæ кæдæм у уæ фæндаг? Чызджытæ йын дзуапп радтой: 

– Мах стæм Хуры чызджытæ. Тæхгæ та кодтам дæттæ æмæ денджызты, хæхтæ æмæ быдырты сæрмæ: адæм зæххыл куыд цæрынц, уымæ кастыстæм. Ныр здæхæм нæхимæ. Хонæм дæу дæр, Дзеджы фырт, истæмæйты дæ суазæг кæндзыстæм. Дæ уынд тынг æхсызгон уыдзæн нæ мад æмæ нæ фыдæн дæр. 

Афтæ загътой чызджытæ, сæ рæсугъд цъæх цæстытæй та кæрæдзимæ бакастысты æмæ та æвиппайды бæлæттæ фестадысты. Арвмæ стахтысты, лæппуйы сæрмæ ма цалдæр зылды æркодтой æмæ æнусон бæлæсты аууон фесты. 

Дзег сæ фæстæ кæсгæйæ баззади. Бирæ фæлæууыди Дзег къахвæндагыл æнæ дзургæйæ, арвмæ кæсгæйæ, стæй загъта: 

– Ард хæрын арв æмæ зæххæй, æнцад нал æрбаддзынæн, цалынмæ Хуры чызджыты не ссарон æмæ сын сæ кæстæры нæ ракурон, уæдмæ24. 

 

 

ДЗЕГ ÆРТÆ ХÆЙРÆДЖЫ КУЫД БАФИДАУЫН КОДТА 

 

Xуры хæдзары фестын, йæ сызгъæриндзыкку чызджыты фенын Дзеджы афтæ тынг æрфæндыд, æмæ – зæгъæн дæр нæй! Арф ныуулæфыди лæппу, бæласы бындзæфхадыл æрбадт æмæ хъуыдыты аныгъуылд. 

Бирæ фæбадтис афтæмæй Дзег, бирæ фæмысыди сызгъæрин Хуры чызджыты, уæлдайдæр та – кæстæр хойы. 

Уый фæстæ кæрдæгыл æркъул кодта æмæ тарф фынæй аци. Йæ бæх Æрфæн та, йæ цыргъ хъустæ змæлынгæнгæйæ, хъæды уынæрмæ хъуыста æмæ алырдæм касти: искуы хæстæг хинæйдзаг стай кæнæ æхсарджын домбай ма уæд, зæгъгæ. Йæ барæджы хъахъхъæдта Æрфæн. 

Фæлæ бирæ нæ фæхуыссыд чысыл цуанон: уайтагъд бæстæ хъæр æмæ ахст сси. Дзег фæсæррæтт ласта. Кæсы, æмæ Æрфæн йæ разы мыр-мыр кæны. Дзег байхъуыста: лæнкæй25 цæуы хъæртæ æмæ хъыллист. Дзег лæнчырдæм азгъордта, ныккасти дæлæмæ æмæ федта: æртæ хæйрæджы цæуылдæр хъаугъа кæнынц, кæрæдзийы хъустæ ивазынц. 

– Гъей, фæстæмæзæвæтджынтæ26! Гъей, хъилхъустæ! Адæмы знæгтæ! – ныхъхъæр сæм кодта Дзег. – Хъæд уæ сæрыл цы систат? Æнæ уæрстæй уын цы баззад? Хуыссын мæ цæуылнæ уадзут? Кæсут-ма ныртæккæ уæхимæ!.. 

Æмæ сæм Дзег фат фæцарæзта. 

Хæйрæджытæ фæхъус сты æмæ Дзегмæ дзурынц: 

– Уæ, хорз хæххон дзигло27! Маргæ нæ ма акæн. Фæлæ нæ дæ хорзæх уæд, æмæ нын нæ хъуыддаг равзар. Нæ фыд куы мард, уæд нын ныууагъта æртæ хæзнайы: худы зæронд, дзæбидыры царм æмæ нымæтын ехс. Цы нæ кæнæм, уæддæр сæ байуарын нæ фæразæм.  

– Гъæ, даргъхъусджынтæ! Уагæр уын æцæг хæзнатæ куы ныууагътаид, уæд та ма цы кодтаиккат: сæры хъуын тæхгæ-тæхын чи лыг кæны, ахæм цирхъ, йе та, йæ æхст мæнг кæмæн нæ кæны, ахæм фат. Фæлæ цы сты зæронд худ, лæгуын царм æмæ сывæллоны нымæтын ехс? Кæй хъæуынц ахæм ницæййаг дзауматæ? 

– Нæ, хæххон дзигло, адон цавæр дзауматæ сты, уый ды нæ зоныс! – схор-хор кодтой хæйрæджытæ æмæ, ныхас кæрæдзийы дзыхæй исгæйæ, радзырдтой Дзегæн: 

– Ацы дзауматы хуымæтæг ма хон, уыдон болат кардæй дæр æмæ рæстдзæф фатæй дæр хуыздæр сты. Ацы худ гамхуд у æмæ йæ дæ сæрыл куы æркæнай, уæд дæхæдæг алкæй дæр уындзынæ, фæлæ дын дæхи ничиуал уындзæн. Дзæбидыры цармыл куы абадай æмæ куы зæгъай: «Кæдæм мæ фæнды, уым цæсты фæныкъуылдмæ цы фестон», уæд, кæдæм загътай, уым фестдзынæ цæсты фæныкъуылдмæ. Нымæтын ехс дæр, – дзырдтой хæйрæджытæ, – сывæллоны хъазæн нæу. Сау хъæдты сырдтæй æмæ æнæхъæн дунейы фосæй зынаргъдæр у нæ нымæтын ехс. Исты дзы куы æрцæвай æмæ куы зæгъай: «Цы мæ фæнды, уый фест!» – уæд дæ цæст дæр нæма фæтъæбæртт кæндзынæ, афтæмæй дæ фæндон сæххæст уыдзæн. Гъе, ахæмтæ сты махæн нæ фыды бынтæ, хорз лæг! Ахæм диссаджы хæзнатæ куы нæ уыдаиккой, уæд сæ нæ фыды 'фсымæр Бæлгъуыр28 цуанæттæй нæ байстаид. Хуыздæр лæварæн сæ нæ фыдæн нæ раттаид. Æмæ уымæн хъаугъа кæнæм, уымæн хъæр кæнæм авд боны æмæ авд æхсæвы. Исты хос нын скæн, байуар нын сæ, дæ хорздзинад дын мыггагмæ нæ зæрдыл дардзыстæм.  

Ахъуыды кодта Дзег. Æркасти худы зæрондмæ, лæгуын царммæ æмæ нымæтын ехсмæ. Æмæ сфæнд кодта, хæйрæджытæ раст дзурынц – нæ, уый бафæлварын. 

– Хорз, æз уын ацы ницæййаг дзауматæ байуардзынæн. Фæлæ ма худ дæ сæрыл æркæн, – загъта хæйрæджыты хистæрæн. 

Куыддæр худы зæронд йæ сæрыл æркодта сæ хистæр, афтæ æрбадæлдзæх, цыма уым æппындæр никуы уыд, уыйау цыдæр æрбаци. Уæд æм Дзег дзуры: 

– Сис æй ныр фæстæмæ! 

Хæйрæг худ систа æмæ та йæ се 'ппæт дæр фыццаджы хуызæнæй федтой. Уый фæстæ Дзег астæуккаг æфсымæрæн загъта: 

– Дзæбидырдзармыл абад æмæ мын ме 'рдын æмæ мæ фатдон ардæм æрдав. 

Хæйрæджытæн сæ астæуккаг æфсымæр дзæбидырдзармыл æрбадти æмæ загъта: 

– Ацы хорз лæг йе 'рдын æмæ йæ фатдон кæм ныууагъта, уым цы фестон! Цæсты фæныкъуылдмæ хæйрæг æрхæццæ кодта Дзегæн йæ æрдын æмæ йæ фатдон æд фæттæ. 

Фæстагмæ Дзег хæйрæджыты кæстæрмæ дзуры: 

– Дæ хистæр æфсымæры сызгъæрин къухдарæн фестын кæн, стæй та йæ фæстæмæ цы уыд, уый фестын кæн. 

Кæстæр æфсымæр нымæтын ехс йæ хистæр æфсымæрыл æрхаста æмæ загъта: 

– Сызгъæрин къухдарæн фест! 

Хистæр æфсымæр æрттивгæ сызгъæрин къухдарæн фестад. Уый фæстæ та кæстæр æфсымæр нымæтын ехсæй къухдарæн асæрфта æмæ къухдарæн зæронд хæйрæг фестад, фыццаг куыд уыд, афтæ. 

Хæйрæджыты дзауматæ хуымæтæг не сты, Дзег уый куы базыдта, уæд йæ зæрдæ фыр цинæй скафыд. 

 
 

– Хъусут уæдæ, – загъта хæйрæджытæн. – Æз ныртæккæ фехсдзынæн æртæ фаты. Иу фат – хурыскæсæнмæ, дыккаг – хурныгуылæнмæ, æртыккаг фат та цæгатæрдæм фехсдзынæн. Хистæр æфсымæр хурыскæсæнæрдæм æхст фат æрхæссæд; астæуккаг æфсымæр хурныгуылæнæрдæм æхст фат æрхæссæд; кæстæр æфсымæр та цæгатæрдæм æхст фат æрхæссæд. Фæстæмæ уæ раздæр чи æрхæццæ уа, уый æртæ дзаумайæ равзардзæн, кæцы йæ хъæуа, уый. Дыккаг чи фæуа, уый иннæ дыууæ дзаумайæ равзардзæн сæ хуыздæры. Æртыккаджы та фæуыдзæн, чи ма дзы баззайа, уыцы дзаума. 

– Хорз нын æрхъуыды кодтай, хæххон дзигло! – бацин кодтой хæйрæджытæ. Дзеджы ныхæстæ сæм афтæ раст фæкастысты, æмæ фыр цинæй хъыллистытæ, гæппытæ кæнын байдыдтой. 

 

 

 
Дзег та фатдонæй æртæ фаты систа æмæ сæ æртæрдæм фехста: хурыскæсæнмæ, хурныгуылæнмæ æмæ цæгатмæ. 

Æмæ æртæ хæйрæджы æртæрдæм атъæбæртт ластой. 

Дзег дæр ма цæмæ æнхъæлмæ кастаид! Æрфæнмæ азгъордта, нымæтын ехсæй йæ æрцавта æмæ загъта: 

– Сызгъæрин къухдарæн фест! 

Æрфæн дæр куыннæ фестадаид сызгъæрин къухдарæн? Фестади, уæдæ цы! Æмæ йæ Дзеджы фырт йе 'нгуылдзыл бакодта, худы зæронд йæ сæрыл æркодта, дзæбидырдзармыл æрбадт æмæ загъта: 

– Хуры хæдзары цы фестон! 

Уыйадыл дзæбидыры царм арвмæ фæцыди, тархъæды æнусон бæлæстæй бæрзонддæр, хæхтæй дæр бæрзонддæр æмæ Хуры хæдзармæ йæ ных сарæзта. 

 

ДЗЕГ СХÆЦЦÆ ХУРЫ ХÆДЗАРМÆ 

 

Цас фæтахти Дзег дзæбидырдзармыл, чи йын цы зоны! Фæлæ уалынмæ æврæгъты сæрмæ ауыдта бæрзонд хох, сыгъдæг сызгъæринæй уыди уыцы хох; йæ тæккæ цъуппыл цæхæртæ калдта Хуры сызгъæрин хæдзар. 

Дзæбидыры царм сындæггай йæхи æруагъта Хуры хæдзары фарсмæ. Дзег рахызт цармæй, нымæтын ехсæй йæ æркъуырдта, зæлдаг кæлмæрзæн æй фестын кодта æмæ йæ бафснайдта йæ дзыппы; нымæтын ехс та йæ роны æртъыста. Уый фæстæ Дзег æркодта худы зæронд æмæ хæдзармæ бараст. Цы уатмæ бахызт, уымæн йæ къултæ уыдысты сыгъдæг сызгъæринæй, йæ зæхх – æргъæу29, йæ цар та æрттывта сæууон стъалыйау. 

Бацыд Дзег дыккаг уатмæ. Кæсы, æмæ Хуры сызгъæриндзыкку æртæ чызджы бадынц рæсугъд къæлæтджынтыл æмæ тыхулæфт кæнынц: зæххæй уæд схæццæ сты æмæ сæ фæллад уагътой. 

Дуары къæсæрæй бирæ фæкасти Дзег æртæ хомæ, тынгдæр та – хотæн сæ кæстæрмæ. 

Фæстагмæ Дзег йæ худ систа, нымæтын ехс ыл ахаста, бæлоны айк æй фестын кодта æмæ йæ бафснайдта йæ дзыппы. 

Хотæ Дзеджы куы ауыдтой, уæд фырцинæй худын байдыдтой, стæй сæ худын кæуынмæ раивтой. Цин кæнынц хотæ, тынгдæр та – сæ кæстæр, рæсугъд Зæринæ. Хорз зыдта Зæринæ, Дзеджы фырт сæ хæдзармæ йæ фæдыл кæй ссыди, уый. 

– Алы бон æгас нæм цу, æхсарджын Дзег! – загътой хотæ. Æмæ та фыр цинæй худын æмæ кæуын райдыдтой. Ныккæуынц хотæ, æмæ арв мигътæй æрбахгæны æмæ уарын байдайы. Ныххудынц хотæ, æмæ арв ныррухс вæййы, сызгъæрин тынтæ зæххыл æрпырх вæййынц. 

Уыцы рæстæджы Хуры ус æвзист Мæймæ уазæгуаты уыди. Кæсы æвзист хæдзары рудзынгæй, æмæ мигътæ куы арв æрбахгæнынц, куы та фæстæмæ апырх вæййынц. Мæты бацыди Хуры ус, мæ чызджытæ куы кæугæ, куы худгæ цæмæн кæнынц, зæгъгæ. 

Цæсты фæныкъуылдмæ ус йæ хæдзармæ æрбазгъордта, йæ чызджытæ худгæ-кæугæ цæмæн кæнынц, уый куы бамбæрста, уæд йæхи зæрдæ дæр ныррухс æмæ семæ цин кæнын байдыдта. 

Хуры ус Дзеджы суазæг кодта, стæй йæ æргъæу чырыны бамбæхста, йæ лæг куы æрбаздæха, уæд æй куыннæ басудза, афтæ. 

 

ХУР ИРÆДÆН ЦЫ БАЦАГУЫРДТА30 

Уалынмæ æризæр æмæ Хур йæ хæдзармæ æрбахæццæ. Йæ къултæ сызгъæрин кæмæн уыдысты, йæ зæхх – æргъæу, йæ цар та сæууон стъалыйау цы уатæн æрттывта, уырдæм бахызти Хурты Хурзæрин. 

– О-о-о! Лæджы тæф мæ фындзыл уайы, не 'фсин. Ардæм ссæуыны ныфс кæмæ разынди, уыцы сæлхæр чи у, цымæ? Куыд æй басудзон, уый йæ фæнды? 

– Лæгæн нæм йæ кой дæр нæй, – дзуапп ын радта ус. – Уый дæхæдæг алы бæстæты сæрты хаттæ æмæ демæ лæджы тæф æрхастай. 

Смæсты ис Хур: 

– Раст нæ дзурыс, усай! Нæлгоймаг ис нæ хæдзары. Сдзурæд, кæннод ын фыддæр уыдзæн! 

Мад æмæ чызджытæ бирæ фæцархайдтой Хуры басабыр кæныныл, фæлæ уæддæр Дзеджы ссыд нæ басусæг. Æмæ йын хъуыддаг сæрæй бынмæ радзырдтой. 

Уæд Хур иннæ уатмæ ацыд æмæ уырдыгæй дзуры: 

– Ма тæрс, лæппу, æз мæ уазæджы нæ басудздзынæн, уæлдайдæр та зæронд цуанон Дзеджы фырты. 

– Дæ цæсгомæй рухс макуы схицæн уæд! – бацин кодта Дзег. 

– Цы хъуыддаджы фæдыл нæм сæмбæлдтæ? – фæрсы йæ Хур. 

– Зæгъдзынæн æй, æрмæст дæуæн нæ, фæлæ дæ астæуккаг чызгæн: мæхицæн демæ ныхас кæнын не 'мбæлы. 

Цы базонын хъуыди Хурæн, усгур кæй у йæ уазæг, уый. Дзег Хуры астæуккаг чызгæн сабырæй дзуры: 

– Дæ фыдæн зæгъ, æмæ мын Зæринæйы раттæд. Мæ къæйныхдзинад мын бахатыр кæнæд, зæронд мад æмæ мын зæронд фыд йеддæмæ ницы ис, кæй йæм баминæвар кæнон, уый дæр мын нæй. 

Астæуккаг чызг Дзеджы ныхæстæ йæ фыдæн рафæзмыдта, æфтаугæ дæр сыл ницы бакодта, æппаргæ дæр сæ ницы акодта, афтæмæй. Æмæ Хур ахæм дзуапп радта Дзегæн: 

– Зын хъуыддаджы бацыдтæ, сау зæххы хъæбул. Æхсарджын лæппу кæй дæ, уый бæрæг у, фæлæ иунæг æхсарæй ницы бакæндзынæ. Фæлтау аздæх дæ мæгуыр хæдзары къуыммæ. Мæ æрвон фæндагыл фæцæйцæугæйæ æз дæ зæронд фыд æмæ мадмæ арæх фæкæсын. Бадынц, мæгуырæг, урс хохы рæбын сæ чысыл хæдзары дуармæ æмæ сæ цæссыгæй сæхи æхсынц, дæумæ æнхъæлмæ кæсынæй сæ цæстытæ ныуурс сты. Аздæх æмæ сæ барæвдау. 

– Хатыр мын фæуæд, нæ фыдæлты æгъдау кæй халын æмæ минæвæртты бæсты мæхæдæг кæй дзурын демæ, уый, – загъта Дзег. – Мæ зæронд фыд æмæ мады æз буц фæдардзынæн. Фæлæ сæм иунæгæй куыд аздæхон? Нæ, æз уый мæ сæрмæ не 'рхæсдзынæн. 

– Уæдæ мæм байхъус, – загъта Хур. – Мæ чызджы дæ цæстæй дæр нæ фендзынæ, цалынмæ мын мæ фосдарæн кæртытæ, мæ бонхæрæнтæ фосæй æмæ, йæ фыд физонæгæн кæмæн бæззы, ахæм хъæддаг сырдæй нæ байдзаг кæнай, уæдмæ. Уыцы хъуыддаг дæ къухы куы нæ бафта, уæд-иу дæ къах дæр мауал æрбавæр ардæм, кæннод дæ фæнык фестын кæндзынæн. 

Дзег хъусы Хуры ныхæстæм æмæ хъыпп-сыпп нал хауы йæ дзыхæй. 

– Зæринæйы мын сау зæххы æхсарджын фæсивæдæй чысыл нæ куырдта, – дзырдта дарддæр Хур. – Мæ сыхæгтæй дæр мын æй бирæтæ агуырдтой: Мæйы фырт мæм æрбаминæвар кодта, Фисынмæдзæуджыты31 фырт. Авд хойы32 иунæг æфсымæр дæр мæм æрбарвыста. Фæлæ сын нæ радтон мæ чызджы. 

 

 
Хур иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд, стæй та загъта: 

– Иу æмæ мæм дыууæ хатты нæ сæрвыста йæ минæвæрттæ дæлдзæхы33 паддзах Бæлгъуыр дæр. Фæлæ æз уымæн мæ чызджы дæттын? Зæххы хæзнатæ иууылдæр йæхи бакодта. Уæлдзæхæй33 йæ бæстæм мæгуырты аскъæфы æмæ сæ йæхицæн фыдгуыстыл бафтауы: хæзнатæ йын æмбырд кæнынц. Йæхæдæг йæ галуаны æнцад бады æмæ хæры. Хъахъхъæнынц æй хæйрæджытæ, кæлæнгæнджытæ æмæ дæснытæ. Дæлдзæхы рацæуæнтæ сæхгæдта. Чи йæм бахауа, уымæн раирвæзæн нал ис. Æз ын мæ чызджы куы нæ радтон, уæд ард бахордта, кæй йæ аскъæфдзæн, ууыл. Уæдæй нырмæ Бæлгъуыр ме знаг у. Мæнæй тынг тæрсы, уымæн æмæ йын æз йæ сау митæ рухс кæнын. Тæрсын, Зæринæйы дын куы раттон, æмæ дын æй Бæлгъуыр куы байса, йæ саудалынг бæстæм æй куы ахæсса. 

Хур йæ ныхас фæцис æмæ схуыссыди. Уый фæстæ схуыссыдысты йæ ус æмæ йæ чызджытæ дæр. Æрмæст Дзеджы цæстытыл хуыссæг нæ ауад. Æмæ куыд бафынæй уыдаид мæгуыр цуаноны фырт? Уый бæрц фос кæм ссардзæн, ууыл уыдис йæ сагъæс. 

* * * 

Райсом раджы сызгъæрин Хур йæ боны фæндагыл куы араст, уæд Зæринæ Дзегæн загъта: 

– Дæхи ма хæр, лæппу. Урсзачъе зæронд лæг æмæ сырдты бардуаг Æфсати дæ фыды лымæнтæ куы сты! Радзур сын дæ маст, дæ хъыг, балæгъстæ сын кæн, æмæ дын кæд мæ фыды бонхæрæнтæ байдзаг кæныны фаг фос раттиккой. 

– Мæ цæстырухс, Зæринæ! Мæ цæсгом нæ хъæцы урсзачъе зæрондмæ мæхи равдисын. Йæ кусартæй йын дыууæ фæрсчы фæндаггагæн амбæхстон æмæ дзы æххуыс куыд ракурон. 

– Ницы кæны, – загъта Зæринæ. – Зæронд лæг дын ныххатыр кæндзæн дæ рæдыд. Æрмæст фæстиат мауал кæн. Фыццаг-иу зæронд лæгмæ бацу æмæ йын дæ хъуыддаг радзур, уый фæстæ иумæ Æфсатимæ ацæут æмæ дзы æххуыс ракурут. Цæй, рæствæндаг фæу! 

Дзег хæрзбон загъта Хуры ус æмæ йе 'ртæ чызгæн, йæ цыллæ кæлмæрзæн дзæбидыры царм фестын кодта, худы зæронд йæ сæрыл æркодта, цармыл æрбадт æмæ сдзырдта: 

– Урсзачъе лæджы хæдзары куыд фестон, афтæ! 

Æмæ уыциу тахт акодта хæхтæ æмæ быдырты, дæттæ æмæ денджызты сæрты Куырттаты сау хъæды 'рдæм, урсзачъе зæронд лæгмæ. 

 

 

ФÆСТÆМÆ ТА КУЫРТТАТЫ САУ ХЪÆДЫ 

 

Дзег уайтагъддæр ныххæццæ ис йæ фыды æрдхорд урсзачъе зæронд лæджы хæдзармæ. Дзæбидырдзарм цыллæ кæлмæрзæн фестын кодта, худы – зæронд бæлоны айк, æмæ сæ йæ дзыппы бафснайдта. Йе 'нгуылдзæй сызгъæрин къухдарæн рафтыдта, æвзист бæхбæттæныл æй абаста, нымæтын ехсæй йæ æрцъыкк ласта, æмæ къухдарæн Æрфæн фестад. 

Зæронд лæгæн тынг æхсызгон уыди Дзеджы фенд. Бацин ыл кодта, кæмыты уыди, цытæ федта, цытæ бавзæрста, уыдæттæй йæ афарста. 

Дзег ын йæ хъуыддæгтæ сæрæй бынмæ радзырдта. Фæстагмæ йын афтæ зæгъы: 

– Курын дæ, æмæ мын баххуыс кæн. Æфсатийæ мын, Хуры цас хъæуы, уый бæрц фос ракур. 

Зæронд лæг рахиз къухæй урсзачъе адаудта, зына-нæзына йæ мидбылты бахудт æмæ Дзеджы фыртмæ йæ бæзджын урс æрфгуыты бынæй бакасти: Фыццаг уал мын дзуапп ратт мæ фарстæн: фысæн хъæдын фæрсчытæ кæд вæййы? 

Дзеджы цæсгом сырх-сырхид афæлдæхти, йæ цæстытæ фыр æфсæрмæй дæлæмæ æруагъта: 

– Фæндагмæ дзы дыууæ фæрсчы куы амбæхсай, уæд. 

– Æгайтма дæ рæдыдыл басастæ, мæ хур, – бацин кодта зæронд лæг. – Куыд кæсын, афтæмæй дæ фыдæн фыртæн бæззыс. Цом иумæ Æфсатимæ. 

Зæронд лæг æмæ Дзег сæ бæхтыл сбадтысты æмæ тархъæды гакъон-макъон фæндагыл араст сты сохъхъыр Æфсатимæ. 

Цас фæцыдысты, чи зоны, фæлæ иу афон бахæццæ сты Куырттаты сау хъæды астæу сохъхъыр Æфсатийы хæдзармæ. 

Дзег бæхæй æргæпп кодта æмæ зæронд лæгæн æгъдæнцойыл фæхæцыди, æмæ уый дæр æрхызт йæ бæхæй. 

Цалынмæ Дзег бæхты бæрзонд быруйыл баста, уæдмæ хæдзарæй авд лæппуйæ разгъордтой. Лæппуты фæстæ рацыд Æфсати йæхæдæг дæр. Зæронд лæг æмæ Дзеджы мидæмæ бакодтой, фæлмæн сырддзæрмттыл сæ æрбадын кодтой, саджы фыд æмæ сæ хоры кæрдзынæй хорз федтой. Стæй сæ Æфсати фæрсы: 

– Мæ зынаргъ уазджытæ, цы хур, цы къæвда уæ æрбахаста махæрдæм? 

– Зæгъдзыстæм дын æй, мæ зæронд лымæн! – дзуапп ын радта урсзачъе зæронд лæг æмæ йын Дзеджы хъуыддæгтæ фæдзырдта. 

– Дæ хорзæх нæ уæд, Æфсати, баххуыс кæн ацы лæппуйæн. Ратт ын, Хур цас агуры, уый бæрц хæдзары фос æмæ, сæ фыд хæрынæн кæмæн бæззы, ахæм хъæддаг сырдтæ. 

Æфсати æнцад фæхъуыста, стæй афтæ зæгъы: 

– Тынг æхсызгон мын у де 'рбацыд, дæ дзыхы ныхас, мæ зондджын сыхаг! Зæронд Дзеджы фырты æрбацыд дæр мын æхсызгон куыннæ у. Дæ коммæ кæй нæ бакаст, уый фыццаг хатт дæр базыдтон. «Цæй, бафæлварон æй», – загътон æз дæр. Æмæ мæн нал фæсайдта. Уымæ гæсгæ йын ме 'ххуыс нæ бахæлæг кæндзынæн. Мæнæ дын, мæ хур, пылыстæг уадындз. Дæ бæхыл сбад æмæ къахвæндагыл цæгатæрдæм араст у; цу æмæ æппынæдзухæй дæр уас ацы уадындзæй. Дæ фæдыл ныххал уыдзысты алыхуызон хъæддаг сырды мыггаг æмæ хæдзары фос. Фосы дзугтæн, хъомы рæгъæуттæн сæ фыййæуттæ цæудзысты сæ разæй. Ды пылыстæг уадындзæй уас æмæ уас æмæ дæ цыды кой кæн. Æрмæст, хъусыс, иунæг дæр дзы ма амар! Хуры бонхæрæнтæ куы байдзаг уой сырдтæй, уæд-иу дæ уасын ныууадз, æмæ сæ уæлдæйттæ æрбайсæфдзысты34. 

Дзег раарфæ кодта урсзачъе зæронд лæгæн æмæ сохъхъыр Æфсатийæн, пылыстæг уадындз райста, Æрфæнмæ сгæпп кодта æмæ Куырттаты хъæды гакъон-макъон фæндагыл фæраст ис. 

 

 

ДЗЕГ ЙÆ ИРÆД КУЫД АХИЦÆН КОДТА 

 

Цас фæцыди Дзег тархъæды, чи зоны. Фæлæ иу афон йæ хызынæй пылыстæг уадындз систа æмæ дзы ныууасыди. Диссаджы зарæг айхъуысти тархъæды сæрмæ. Йæ фæлмæн зæлтæ арф хызтысты зæрдæмæ; æрдз райхъал йæ фынæйæ: сау хъæды сæрмæ мигътæ æрбамбырд сты æмæ зæххыл хъарм уарын рацыди, кæрдæг йæхи сивæзта, хур æмæ уарыны фæлмæндзинадмæ йæ чысыл сыфтæ рараст кодта, суанг ма булæмæргътæ дæр æрыхъуыстой уыцы диссаджы уасынмæ. Стæй сæхæдæг дæр уадындзимæ æмзард кæнын байдыдтой. 

Куырттаты сау хъæд банкъуысти. Æнкъуысгæ та уымæн бакодта, æмæ фосæй æмызмæлд сси. 

Дзег хъæдæй цъæх-цъæхид быдырмæ рахызт. Кæсы, æмæ цъæх-цъæхид быдыры кæрдæг æппындæр нал зыны, – сырдтæ æмæ фосы æнæкæрон денджыз фестади. 

Дзег дарддæр йæ цыды кой кæны æмæ пылыстæг уадындзæй уасы. Йæ фæдыл цæуынц хъæддаг сырдтæ, фыййæуттæ сæ фосы дзугтимæ, хъомы рæгъæуттæ сæ рæгъаугæстимæ. Уалынмæ фæхæрд кодтой сызгъæрин хохы цъупмæ, Хуры хæдзары 'рдæм. Дзег сызгъæрин Хуры кæртытæ – бонхæрæнтæ фос æмæ сырдтæй байдзаг кодта, чи дзы нæ бацыд, уыдон та цæстыфæныкъуылдмæ цыдæр æрбаисты. 

Изæры Хур сæхимæ куы æрбаздæхти æмæ йæ бонхæрæнтæ алы фосæй дзагæй куы æрбаййæфта, уæд йæ зæрдæ бахъæлдзæг, Дзегмæ фæдзырдта æмæ йын афтæ зæгъы: 

– Дæ ирæд ахицæн кодтай. Куыд кæсын, афтæмæй мын сиахсæн бæззыс! Разы дæн дæуæн мæ кæстæр чызг Зæринæйы раттыныл. 

Æмæ Хурты Хурзæрин стыр чындзæхсæв скодта. Чындзæхсæвмæ æрбахуыдта стъалыты се 'ппæты дæр. Хистæры бынаты Хур йæхæдæг бадти. Йæ дæле та æвзист Мæй. Уый дæле – Бонвæрнон35. Уыдысты дзы Авд хойы дæр, семæ та – Хъазантемыр36. Фисынмæдзæуджытæ бадтысты фынгты фисынтыл, Хъазантемырмæ хæстæг. Æппæты дæле бадти Кæрдæджы стъалы37 æмæ цъæхгомау рухсæй æрттывта. Уыдысты дзы иннæ стъалытæ дæр, Хур хорз кæй зоны, фæлæ адæм зæххæй кæй нæма уынынц, уыдон. 

 

 

ДЗЕГ ÆМÆ ЗÆРИНÆ СÆХИ ФÆНДАГМÆ РÆВДЗ КÆНЫНЦ 

 

Кæд амондджынæй царди Дзег Хуры хæдзары йæ рæсугъд усимæ, уæддæр æнкъард кæнын байдыдта, мысыд йæ райгуырæн бæстæ, йæ зæронд фыд æмæ йæ зæронд мады, Дзег æмæ Азауы. Æрфæндыд-иу æй сæ мæгуыр хæдзары къуымы фестын. Иу бон йæхи нал баурæдта æмæ Зæринæйæн афтæ зæгъы: 

– Афон нын у мæ мад æмæ мæ фыды хæдзармæ аздæхын. Æгъгъæд фæуæд уæларвы цæрынæн. 

Зæринæ йæ лæджы ныхæстæ йæ хотæн æмæ йæ мадæн бамбарын кодта. Мад та сæ Хурæн радзырдта. 

Сызгъæрин Хур фыр мæстæй рафыхти. 

– Æз мæ чызджы сау зæхмæ нæ ауадздзынæн! Не знаг Бæлгъуыр дæлдзæхы кæй цæры, стæй Зæринæйы кæй куырдта, уый дæ ферох ис, усай? Уыцы саузæрдæ хæйрæг нын нæ сиахсы амардзæн, нæ чызджы та нын дæлдзæхмæ фæхæсдзæн. Зæххыл сæ бахъахъхъæндзынæн, фæлæ зæххы бын Бæлгъуыр мæнæй тыхджындæр у. 

Хуры ныхæстæм Дзег рамæсты. 

– Æз мæ райгуырæн бæстæм цæуын, мæ зæронд мад æмæ мæ зæронд фыдмæ, æмæ мæ ничи бауромдзæн. 

Кæуын байдыдтой Хуры ус æмæ йæ чызджытæ. Сæ цæссыгтæ тæдзынц сызгъæрин хохыл æмæ цæхджын мæсчъы дæттæй згъорынц зæхмæ. 

– Сымах зæхмæ куы ацæуат, уæд нын Бæлгъуыр нæ буц чызджы йæ сау бæстæм ахæсдзæн, – загъта кæугæйæ Хуры ус. – Уый ард бахордта, Зæринæйы нæ ныууадздзынæн, зæгъгæ. Фæлтау махмæ лæуу, хуыздæр дын уыдзæн. 

– Нæй мын ам баззайæн, – дзуапп ын радта Дзег. – Мæ мæгуыр фыд æмæ мæ мæгуыр мад мæнмæ æнхъæлмæ кæсынæй куы бафæлладысты, кæуынæй сæ цæстырухс куы байсыст, уæд æз та ам бадон? Æз Бæлгъуырæй æппындæр ницæмæй тæрсын! 

Сæ сиахс коммæ нæ бакæсдзæн, уый куы бамбæрстой мад æмæ хотæ, уæд бæлццæтты фæндагмæ рæвдз кæнын байдыдтой. 

Уæларвон хæдтулгæ уæрдоны æхсæз боны æмæ æхсæз æхсæвы фаг хæринаг самадтой: æртæ къуыстилы38 дзаг дон, фараст чыргъæды уæлибæхтæ, тъæпæнæджы дзаг мыд. Уæрдоныл фæлмæндæр æмæ хъармдæры тыххæй рувасдзæрмттæ байтыдтой. Хуры ус загъта: 

– Куыддæр райсом раджы Хур йæ æрвон фæндагыл араст уа, афтæ сымах дæр сызгъæрин хохы цъуппæй уæларвон хæдтулгæ уæрдоны араст уыдзыстут зæхмæ. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы уаргæ кæндзæн. Уый хуымæтæджы уарын нæ уыдзæн, фæлæ мæ цæссыгтæ æмæ Зæринæйы дыууæ хойы цæссыгтæ уыдзысты. Æртæ боны фæстæ уарын банцайдзæн, уымæн æмæ нæ цæссыгтæ байсысдзысты. Иннæ æртæ боны уæ Хур хъахъхъæндзæн, Бæлгъуыр йæ саудалынг бæстæйæ рацæуынмæ йæ ныфс куыд нæ бахæсса æмæ, Зæринæйы куыд нæ аскъæфа, афтæ. Хур уæм комкоммæ ныккæсдзæни. Афтæ сæнтæф уыдзыстут, æмæ уе 'ртæ къуыстилы дон уайтагъд бануаздзыстут, æмæ фæстагмæ дойныйæ стыхсдзыстут. Æмæ-иу, Дзег, хæдтулгæ уæрдонæй ма рагæпп кæн, суадонæй дон æрбадавыны зæрдæйæ, кæннод Бæлгъуыр Зæринæйы аскъæфдзæн. 

 

 

ХÆЙРÆДЖЫТЫ ПАДДЗАХ ЗÆРИНÆЙЫ ДÆЛДЗÆХМÆ КУЫД АХАСТА 

 

Райсом раджы сызгъæрин Хур йæ æрвон фæндагыл куы араст и, уæд Дзег æмæ Зæринæ бинонтæн хæрзбон загътой, хæдтулгæ уæрдоны бабадтысты æмæ Дзеджы райгуырæн бæстæм, зæронд Дзег æмæ зæронд Азауы хæдзармæ рараст сты. 

Ныккуыдта Зæринæйы мад, ныккуыдтой Зæринæйы хотæ. Сæ судзгæ цæссыгтæ ставд æртæхтæй æргæр-гæр кодтой, мæсчъы дæттæй згъорынц сызгъæрин хохæй дæлæмæ æмæ суадæттæй уайынц зæххыл. Афтæ фæкуыдтой æртæ боны æмæ æртæ 'хсæвы сæ уарзон Зæринæйыл æмæ се 'хсарджын сиахс Дзеджы фыртыл. 

Æртæ боны æмæ æртæ 'хсæвы цыдысты арвæй зæхмæ сæ хæдтулгæ уæрдоны Дзег æмæ Зæринæ. Æмæ уыцы æртæ боны æмæ æртæ 'хсæвы уарынæй никуы банцад. 

Иннæ æртæ боны сызгъæрин Хур йæ цæхæр цæстæй афтæ тынг касти Дзег æмæ Зæринæмæ, афтæ æнтæф сын уыд, æмæ се 'ртæ къуыстилы дон иунæг æртахы онг бануæзтой. 

Уалынмæ бæлццæттæ æрхæццæ сты зæхмæ. Мæнæ Куырттаты сау хъæд. Æрвон хæдтулгæ уæрдон фезгъоры æрдузтæ æмæ къахвæндæгтыл. 

Дзег хъавы хæдтулгæйæ рагæпп кæнынмæ, искуыцæй дон æрбадавыны тыххæй. Фæлæ йын Зæринæ йæ дысмæ фæлæбурдта. 

Хæдтулгæ уæрдон дарддæр тулы æмæ тулы. Кæсы Дзег: хъæды дымæгмæ хæстæг фæцæуы иу лæппу. 

– Уæ, хорз лæппу! – хъæр æм кæны Дзег. – Мæнæ нын ацы кæхцы дон æрбадав, дойныйæ мæлæм, – æмæ кæхц лæппумæ фехста. 

Лæппу кæхц тæхгæ-тæхын рацахста, пыхсмæ бауади, цæсты фæныкъуылдмæ хæдтулгæ уæрдон баййæфта æмæ Дзегмæ дзаг кæхц слæвæрдта. 

– Æлгъыст фæу дæ донимæ, – фæхъæр ыл кодта Дзег, æмæ кæхц фæсвæндагмæ фехста: кæхцы уаллæттæ, кæлмытæ æмæ хæфсытæ æмызмæлд кодтой. 

Хæдтулгæ уæрдон тулы дарддæр, Дзеджы хæдзар та хæстæгæй-хæстæгдæр кæны. 

Фæлæ Зæринæ æмæ Дзег дойныйæн нал фæразынц. Афтæ сфæлмæцыдысты æмæ, сæхи цы фæкæной, уый нал зонынц. Зæринæ цикъæйау ныффæлурс, тыхулæфт ма кæны, йæ сæр дæлæмæ æруагъта, æнтæф боны йæ дидинæг куыд æруадзы, афтæ. 

Дзег, ныр агæпп кæнон хæдтулгæйæ, куыд загъта, афтæ та йын Зæринæ йæ цонгыл фæхæст æмæ ныккуыдта: 

– Ам хæдтулгæ уæрдоны иунæгæй баззайыны бæсты амæлын хуыздæр у.  

Дзег дæр та бадгæйæ баззад. 

Иуцасдæр та куы ауадысты, уæд кæсынц, æмæ хъæдрæбынты иу гыццыл чызг фæуайы, йе уæхскыл – дурын. 

– Гъей, хорз чызг! – ныхъхъæр æм кодта Дзег. – Дон ма нын авæр! 

Чызг æрбазгъордта хæдтулгæ уæрдоны размæ æмæ Дзегмæ йæ дурын слæвæрдта. Дзег дурынмæ уыцы иу лæбурд фæласта. Фæлæ йæ мидæг кæд уыди цъымарайы смаггæнаг дон, сау кæлмытæ дзы æмызмæлд кодтой. 

Дзег дурын зæххыл нытътъæпп ласта, æмæ ныппырхытæ ис. 

Фæлæ уæдмæ чызг цыдæр æрбаци. 

Хæдтулгæ уæрдон та хъæды къахвæндагыл дарддæр араст и, хур тавы фыццагæй тынгдæр, уымæн æмæ йæ цæхæр цæстæй хорз уыны, ныртæккæ хъæды цы лæппу æмæ чызджы федтой Дзег æмæ Зæринæ, уыдон хуымæтæджы лæппу æмæ чызг кæй нæ уыдысты, фæлæ дæлдзæхы паддзах Бæлгъуыр барæй фестади лæппу, стæй та – чызг. 

Зæринæйæн, мæгуыр, дойныйæ йæ былтæ аскъуыдтæ сты. Нал у Дзегæн йæ бон йæ хъизæмармæ кæсын. Хæдтулгæ уæрдонæй уыцы иу сæррæтт раласта, йæ къухы къус, афтæмæй, æмæ донагур пыхсбынмæ йæхи фехста. 

Бирæ фенхъæлмæ каст ахæм амалмæ Бæлгъуыр. Хæдтулгæ уæрдонмæ багæпп кодта, рæсугъд Зæринæмæ фæлæбурдта æмæ йæ дæлдзæхмæ афардæг кодта. Зæринæйæн ма куыддæртæй бантыст йе 'нгуылдзæй йæ сызгъæрин къухдарæн феппарын æмæ йæ Дзегæн зæрдылдарынæн хæдтулгæ уæрдоны ныууадзын. 

 

 

ДЗЕГ СÆМБÆЛДИ ТОХ ÆМÆ ÆТОХЫЛ 

 

Дзег уайтагъд фæстæмæ фездæхт уазал доны къусимæ, фæлæ Зæринæйы хæдтулгæ уæрдоны нал æрбаййæфта. 

Цавддурау фæцис мæгуыр цуанон, къус йæ къухтæй æрхауд æмæ афтæмæй лæугæйæ баззади. Йæ саулагъз рæсугъд цæсгомыл фыццаг æнцъылдтæ уæд фæзындысты, йæ бæзджын сæрыхъуынтæй фыццаг æвзист хъистæ уæд рарттывтой. 

Æппынфæстаг Дзег йæ сæрыл схæцыд, хæдтулгæмæ хæстæгдæр бацыд æмæ Зæринæйы сызгъæрин къухдарæнмæ фæкомкоммæ. 

Къухдарæн систа, йæ галиу къухы астæуккаг æнгуылдзыл æй бакодта æмæ загъта: 

– Мæ мад æмæ мæ фыдæн фыртæн ма райгуырон, цалынмæ Зæринæйы не ссарон æмæ Бæлгъуырæй мæ маст æмæ адæмы маст нæ райсон, уæдмæ мæхицæн рухс куы фенын кæнон. – Йæхæдæг Куырттаты сау хъæды гакъон-макъон къахвæндагыл дарддæр ацыди, хæдтулгæ уæрдон та уым ныууагъта. 

Иу афон Дзег бахæццæ иу æрдузмæ. Æрдузы астæу стыр арты алыварс бадынц дыууæ цуаноны æмæ физонджытæ кæнынц. 

– Уæ бон хорз уа! – загъта сын Дзег. 

– Æгас нæм æрцу! – раарфæ йын кодтой цуанонтæ дæр. – Æрбад нæм, æмæ дæ физонæгæй хорз фенæм. 

Дзег кæрдæгыл æрбадти, фæлæ иу комдзаг дæр йæ хъуыры нæ ауагъта, иунæг ныхас дæр не схауд йæ дзыхæй. 

Цуанæттæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ Дзеджы фæрсынц: 

– Зæгъ-ма нын, хорз уазæг, чи дæ æмæ дæ фæндаг кæцырдæм у? 

Дзеджы фырт цуанæттæн йæ хабæрттæ радзырдта æмæ сæ йæхæдæг дæр бафарста: 

– Сымах та чи стут? 

– Мах дæр дæ хуызæн мæгуыртæ стæм, – загътой йын уыдон. – Чысылтæ ма уыдыстæм, афтæ нын иуцæстон уæйыг нæ фыд æмæ нæ мады амардта, хæдзарыл арт бандзæрста æмæ нын нæ фос аскъæрдта. Мах уæд чысылтæ уыдыстæм æмæ кæрты залмы сыфы бын бамбæхстыстæм. Уæйыг куы ацыд, уæд тархъæдмæ алыгъдыстæм. Цардыстæм алы хъæддаг дыргъ æмæ кæрдæгæй. Куы фæхъомылдæр стæм, уæд хъуаз æрцахстам æмæ йæ дыгътам, уый фæстæ та сырды фыд хæрын байдыдтам. Афтæмæй ныл ацыди бирæ азтæ, фæлæ цас, уый нæхæдæг дæр нæ зонæм. Ныр нын де 'рбацыд амонды хос фæуæд. 

– Оммен! – загъта Дзег. Æфсымæртæ бафарстой Дзеджы: 

– Дæ ном та куыд хуыйны? 

– Дзег. 

– Махæн та нæ хистæры Тох хонынц, нæ кæстæры – Æтох. Цæй, æмæ иумæ бацæрæм, цуан дæр иумæ кæнæм. 

– Бацæрæм! – сразы ис Дзег. 

– Ды нæ кæстæр æфсымæр фæу, – загътой Тох æмæ Æтох. 

Æмæ æртæйæ дæр фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ, сæ ныхас бафидар кæныны тыххæй, кæрдæгæй сæ цæнгтæ фæлыг кодтой, фæйнæ æртæ туджы æртахы дзæбидыры сыкъайы ныттагътой, схæццæ сæ кодтой донимæ æмæ йæ банозтой39. 

Уый фæстæ æртæйæ дæр рацыдысты, Зæринæ кæм æрбадæлдзæх, уыцы æрдузмæ. Уым сæхицæн хъæддаг галты цæрмттæй стыр мусонг сарæзтой. Йæ тæккæ бæстастæу ын къона скодтой, йæ сæрмæ йын рæхыс æрцауыгътой, рæхысыл та – аг. Хуры хæдтулгæ уæрдон дæр мусонгмæ æрбатылдтой. 

Ныр сын уыди цуаны цæуæн. Æмæ æртæ æфсымæры афтæ баныхас кодтой: фыццаг уал цуаны ацæудзысты Æтох æмæ Дзег, хистæр æфсымæр Тох та мусонджы баззайдзæн, хæринаг скæндзæни æмæ мусонг сырдтæй бахъахъхъæндзæн. Дыккаг бон цуаны ацæудзысты Тох æмæ Дзег, мусонджы та баззайдзæн Æтох. Æртыккæгæм бон ацæудзысты Тох æмæ Æтох, хæринаг скæнын æмæ мусонг бафснайын та Дзеджы бар бакæндзысты. 

 

 

ЙÆ ИУ ССЫР УÆЛАРВМÆ, ИННÆ ССЫР ДÆЛАРВМÆ КÆМÆН УЫД, АХÆМ ЗÆРОНД УС 

 

Дыккаг бон æртæ 'фсымæры раджы сыстадысты, уазал суадоны донæй сæхи цæхсадтой, аходæн бахордтой. Уый фæстæ Æтох æмæ Дзег цуаны ацыдысты, Тох та мусонджы баззади. 

Тох арт скодта æмæ æнæхъæн аджы дзаг сæгуыты фыд сæвæрдта, фæнычы æртæ кæрдзыны сфыхта æмæ сын хус кæрдæджытæй сæ фæнык асæрфтытæ кодта. 

Куыддæр йæ куыстытæ конд фесты, афтæ мусонджы къуымæй цæйдæр гуыпп фæцыд, æмæ мусонг фæздæгæй айдзаг. 

Кæсы Тох, æмæ мусонджы къуымы зæхх дæлæмæ ныххауд æмæ дзы февзæрди арф хуынкъ. Хуынкъæй сыф-сыфгæнгæ сбырыди зæронд ус. Йæ иу ссыр дæларвмæ, æмæ дæлдзæхмæ ныххæццæ, йе 'ннæ ссыр та уæларвмæ, æмæ æврæгътæй фæуæлдæр, йæ фындз – хъæрццыгъайы бырынчъы хуызæн, цыргъ æмæ дæлæмæ къæдз. Йæ урс æрфгуыты бынæй йæ чысыл цæстытæ зынггау æрттивынц. 

– Афойнадыл мын хæринаг кæй сфыхтай, уымæй хорз бакодтай, – загъта ус, йæхæдæг йæ мæллæг къухæй æртæ кæрдзынмæ фæлæбурдта æмæ сæ йæ дзыхы баппæрста, аджы бас дæр æд дзидзатæ уыцы иу калд бакодта дзыхмæ. 

– Дæ хæринæгтæ мæ дæндæгтæ асхъауын, мæ хъуыр алæгъз кæныны фаг дæр нæ уыдысты, хорз лæг! – загъта зæронд ус. 

Тох афтæ фæтарсти, æмæ йæ бынаты сызмæлын дæр нал уæндыд, йе 'взаг комы бандзыг и. 

Зæронд ус фæстæмæ хуынчъы ныббырыд æмæ мусонджы къуым фыццаджы хуызæн алæгъзи, цыма дзы æппындæр хуынкъ дæр никуы уыд, уыйау. 

«Ныр цы бачындæуа? – хъуыды кæны Тох. – Ацы кæлæнгæнæгæй фæтарстæн, ме 'фсымæртæ уый куы базоной, уæд фæхудинаг дæн». 

Фæлæ ма йын цы гæнæн уыд: йæхи срынчын кодта Тох, хисæрфæнæй йæ сæр стыхта, афтæмæй мусонджы æнкъардæй бады. 

Уалынмæ Æтох æмæ Дзег дæр цуанæй æрхæццæ сты, фæйнæ сæрджын саджы семæ æрхастой. 

– Тох, исты нын авæр, сыдæй мæлæм, – дзурынц сæ хистæрмæ. 

– Фæрынчын дæн, æмæ æрсдзæрмттыл фæратул-батул кодтон, – загъта Тох. – Хæринаг скæнын мæ бон нæ баци. 

Цы ма загътаиккой фæллад, фæлмæцыд цуанæттæ. Æххормагæй æркъул кодтой сырддзæрмттыл æмæ уайтагъд тарф фынæй аисты. 

Уымæн йæ дыккаг бон мусонджы баззад Æтох, Тох æмæ Дзег та цуаны ацыдысты. 

Æтох аджы дзаг дзæбидыры фыд сфыхта, аст хоры кæрдзыны скодта, басыл дзæбæх тæфгæнаг кæрдæджытæ ныккодта, æмæ йе 'фсымæрты æрцæуынмæ æнхъæлмæ кæсын байдыдта. 

Уалынмæ та мусонджы къуымы цæйдæр уынæр ссыди, зæхх дæлæмæ ныххауд, æмæ та дзы сбырыд, йæ иу ссыр уæларвмæ кæмæн уыд, йе 'ннæ ссыр та дæларвмæ, уыцы зæронд ус. Ус йе 'рфгуытæ фелхынцъ кодта, цыргъ фындз мусонгыл ахаста æмæ Æтохмæ дзуры: 

– Исты хæринаг ма мын авæр! 

Æтох дзы афтæ фæтарст, æмæ йæ дзых схæлиу кæнын дæр йæ бон нал баци. Уæд зæронд ус рæхысæй аг райста æмæ йын йæ дзидзатæ æд бас йæ дзыхы бакалдта, аст хоры кæрдзыны фæд-фæдыл дзыхы баппæрста, цыма хъæдуры гагатæ уыдысты, уыйау, æмæ та Æтохмæ дзуры: 

– Æвгъуаг, мæ дæндæгтæ асхъауыны, мæ хъуыр алæгъз кæныны фаг дæр нæ уыдысты дæ хæринæгтæ! – æмæ фæстæмæ хуынчъы абырыди. 

Мусонджы къуым та фыццаджы хуызæн алæгъз и. 

Æтох йæхи куы æрæмбæрста, уæд хъуыды кæны: «Ныр ме 'фсымæртæ цуанæй куы 'рыздæхой, уæд сын цы зæгъдзынæн? Цы цæсгом сæм равдисдзынæн? Зæронд кæлæнгæнæгæй фæтарстæ, зæгъгæ, мыл нæ худдзысты? Фæлтау мæхи срынчын кæнон». 

Æмæ Æтох дæр йæ сæр хисæрфæнæй стыхта, схуыссыд æмæ йе 'фсымæрты æрцыдмæ æнхъæлмæ кæсы. 

Бирæ æнхъæлмæ кæсын æй нæ бахъуыди, – Дзег æмæ Тох уайтагъд æрхæццæ сты, æрхастой фæйнæ дзæбидыры æмæ фæйнæ сæгуыты. Ахæм фæллад бакодтой, афтæ сæххормаг сты æмæ сæхи цæхсын дæр сæ бон нал уыди. 

Цуанæттæ агмæ ныккастысты, æмæ – афтид. Тох фатæй фæнык асхъаудта, фæлæ дзы – ницы. 

Æтох уыдæттæ уыны æмæ та ныхъхъæрзы. 

– Фæрынчын дæн, ме 'фсымæртæ, – загъта Æтох, – æмæ мæ бон нæ кæрдзын скæнын баци, нæ бас сфыцын. 

Æфсымæртæ æххормагæй бахуыссыдысты, уæдæ цы уыдаид. 

Æртыккаг бон мусонджы радгæсæй баззади Дзег. 

Тох æмæ Æтох цуаны куы ацыдысты, уæд Дзег арт скодта, аджы æнæхъæн сæгуыты мард бафтыдта æмæ йæ рæхысыл æрцауыгъта. Фараст хоры кæрдзыны ракодта, тæвд фæнычы сæ афыхта, сæ фæнык сын афу кодта, хус кæрдæджы гуцъулайæ сæ асæрфта æмæ сæ къæйыл кæрæдзийы сæрыл ацамадта. Мусонг афснайдта æмæ йæ хистæр æфсымæртæм æнхъæлмæ кæсын байдыдта. 

Æвиппайды та мусонджы къуым дæлæмæ ныххауди, æмæ дзы сбырыди ссырджын зæронд ус. 

Йæ цæстытæ сдзагъултæ кодта, Дзегмæ бакасти æмæ загъта: 

– Хорз лæппу, дæ сæгуыты фыд æмæ мын дæ басæй куы авæрис! 

– Ныртæккæ дæ æз хорз фендзынæн. Æгайтма мæ конд хæринагыл æрвæссыс. 

Дзег фестади, зæронд усы раз æртæ кæрдзыны, сæгуытæн йæ раст æмбис æмæ иу стыр кæхцыдзаг бас авæрдта: 

– Фен нын нæ цæхх, нæ кæрдзын. 

Зæронд ус сæгуыты 'рдæг æмæ æртæ кæрдзыны йæ дзыхы баппæрста, цыма стыр кæрдзынтæ нæ уыдысты, фæлæ мæнæуы гагатæ, уыйау, бас уыцы иу хуыпп скодта. 

– Цы сты адон мæнæн, æгæр-мæгуыр сæ мæ хъуыр дæр нæ алæгъз кодтон, ме ссыртæ сæ нæ асхъаудтон! – сбустæ кодта Дзегыл. 

– Æз ма дын ноджыдæр ратдзынæн, уыйас дæр хæр, – загъта Дзег æмæ та йын йæ разы сæгуыты фыд, кæрдзын æмæ бас æрæвæрдта. 

Ссырджын зæронд ус фынг иуварс асхуыста æмæ Дзегыл хъæртæ кæны: 

– Мæн дæ дзæбидыры фыд æппындæр ницæмæн хъæуы, иннæ ахæм дæ кæрдзын! Цæй уазæг дæн æз дæуæн! Ды ме 'фсымæр Бæлгъуыры фесафыны тыххæй ард бахордтай, фæлæ ма ныртæккæ дæхимæ фæкæс! Æз дæ ныр æртæ боны куы агурын, – æмæ йæ мæллæг къухтæ Дзегмæ бадаргъ кодта, акъабæзтæ йæ кæнон, зæгъгæ. 

 

 
Дзег æхсидав фелвæста æмæ дзы зæронд усы къух æркъуырдта. Ус, йæ марг сæт калгæ, Дзеджы цонгмæ фæлæбурдта æмæ дзы ныр ме ссыртæ ныссадзон куыд загъта, афтæ Дзег дæр йæ фыды цирхъ фелвæста æмæ усы лыстæг къуыхтæ акодта. 

Мусонджы къуымы цы хуынкъ уыд, уый афтæ гомæй баззади. 

Дзег даргъ бандоныл æрбадт æмæ йæ хид асæрфта. Уалынмæ Тох æмæ Æтох дæр æрхæццæ сты. Фыр æххормаг æмæ фæлладæй ма сæ къæхтæ сæ фæдыл тыххæй ласынц. 

– Ныр æй бамбæрстон, цæмæн фæрынчынтæ стут, уый, – дзуры сæм Дзег. 

Цы хъуамæ загътаиккой Тох æмæ Æтох? Сæ сæртæ дæлæмæ æруагътой. Дзег сæ кæй амбылдта, уый сын тынг хъыг уыди æмæ уыцы хæрам арф бамбæхстой сæ зæрдæты. 

Дзег йæ кæнгæ 'фсымæрты бас æмæ сæгуыты фыдæй хорз федта, уазал суар сын æрбадавта æмæ сын лыстæнтæ бакодта, йæхæдæг та ноджыдæр суармæ ацыди, æхсæвы сæ искæмæ нуазын куы 'рцæуа, зæгъгæ. 

Куыддæр Дзег мусонгæй ахызт, афтæ Тох йæ къæхты бынæй ныуулæфыд: 

– Ацы лæппу нæ фæхудинаг кодта, Æтох. Æвæццæгæн, æмæ нæ фæндаг иу нал у. 

– Раст зæгъыс, Тох, фæхудинаг стæм, – дзуапп радта Æтох. – Адæмы 'хсæнмæ нын ацæуæн нал ис. Исты йын æрхъуыды кæнын хъæуы. 

– Куы 'рбаздæха æмæ куы бафынæй уа, уæд æй амарæм, – загъта Тох. Тох æмæ Æтох сæ ныхас сиу кодтой æмæ схуыссыдысты, сæхи фынæй скодтой. 

Дзег дыууæ лалымы40 дзаг суар æрбахаста, йæ алыварсмæ акаст æмæ мусонг æфснайынмæ бавнæлдта: зæронд усы мард æддæмæ раппæрста, зæхх бæрз уисойæ рамарзта, фæттæ сцыргъ кодта, сæгуытдзармæй хуыйæндæгтæ41 рауагъта æмæ æрчъиты хуыды хæлдтæ бахуыдта. Уый фæстæ арт скодта, саджы фыд уæларт бавæрдта æмæ кæрдзынтæ ракодта. 

Уæдмæ Куырттаты сау хъæды сæрмæ сзынди Бонвæрнон. Хур хæхты тигътæ сызгъæрин доны атылдта, тархъæд райхъал æмæ байдзаг цъиуты уасынæй, сырдты уынæрæй. 

Дзег райхъал кодта Тох æмæ Æтохы: 

– Сыстут уæлæмæ, афон у цуаны цæуынмæ. 

Цæмæй зыдта æхсарджын Дзег, йæ кæнгæ 'фсымæртæ Тох æмæ Æтох фынæй кæй нæ уыдысты, фæлæ æрсдзæрмтты бын кæй ныхъхъус сты йæ амарын æввонг, уый. 

 

 

ДЗЕГ ДÆЛДЗÆХЫ БÆСТÆЙЫ 

 

Тох æмæ Æтох сæ хуыссæнтæй фестадысты, уазал суадоны донæй сæхи ахсадтой æмæ хæрыныл æрбадтысты. 

Бадынц æфсымæртæ фынджы уæлхъус æмæ хæрынц. Æвиппайды сæ хъустыл ауади сылгоймаджы кæуын. 

– Кæцæй цæуы, цымæ? – фæдис кодтой æфсымæртæ, мусонджы къуыммæ бауадысты æмæ хуынкъмæ ныккастысты. Хуынкъæй ницы зынди, æрмæст дзы хъуысти кæуын, дзыназын. 

– Цæй кæуын у, уый куы нæ базонон, уæд нæ ныууадздзынæн, – загъта Дзег. 

– Сбæрæг кæнын æй хъæуы, – сразы сты Тох æмæ Æтох дæр. 

– Цæйут, æмæ сырддзæрмттæй уадздзæгтæ рауадзæм, бæндæн сæ сбийæм, искæй дзы бабæттæм æмæ йæ хуынкъмæ ауадзæм. 

Даргъ бæндæн сбыдтой æмæ, фыццаг кæй ауадзой дæлæмæ, ууыл тæрхæттæ кæнын байдыдтой. 

– Уе 'ппæты кæстæр æз дæн: фыццаг уал мæн ауадзут, – зæгъы сын Дзег. 

– Фыццаг уал нæ хистæры ауадзæм, уый фæстæ мæн, дæу та æппæты фæстæ ауадздзыстæм, – загъта Æтох. 

– Цæй, афтæ дæр фæуæд, – сразы ис Дзег. 

Тохы бæндæнæй фидар сбæстытæ кодтой æмæ йæ хуынчъы ауагътой. Фæлæ йæ астæумæ хæццæ дæр нæма ныцци, афтæ хъæр кæнын байдыдта: 

– Тагъддæр мæ фæстæмæ сласут ацы фыдбылызы ранæй!  

Æфсымæртæ Тохы сластой, уæдæ цы уыдаид! Уый фæстæ сау хуынчъы ауагътой астæуккаг æфсымæр Æтохы, фæлæ та уый дæр йæ хъæлæсы дзаг хъæр кæнын байдыдта: 

– Тагъддæр, тагъддæр мæ сласут ацы æлгъыст ранæй! 

Æмæ та уый дæр сластой. Æрцыди Дзеджы рад. Уый райста йæ фыды уæззау цирхъ, йæ хъæддых æрдын æд фæттæ æмæ йæ кæнгæ 'фсымæртæн бафæдзæхста: 

– Куы ныхъхъæр кæнон, уæд мæ-иу ноджы бындæр ауадзут. 

– Ауадздзыстæм, ауадздзыстæм, – зæрдæ йын бавæрдтой Тох æмæ Æтох. Уыдоны æндæр хуыздæр цы хъуыди! 

Тох æмæ Æтох Дзеджы бæндæнæй сбастой æмæ йæ хуынчъы ауагътой. Дзег сæм хъæр кæны: 

– Бындæр мæ ауадзут. Тагъддæр! 

Тох æмæ Æтох Дзеджы бындæр ауагътой. Сæ къухты цыргъ кæрдтæ, хъуамæ æрбалыг кæной бæндæн, Дзег дæле куыд баззайа, афтæ. Фæлæ Дзег йæ баст райхæлдта æмæ бынмæ ныггæпп кодта. 

Зæххы бын уыди талынг, фæлæ хорз цуаноны цæст æхсæв дæр боны хуызæн уыны, стæй сырды фæд дурыл дæр равзардзæн. 

Æмæ Дзег араст уыцы саудалынджы. Цæуы, цæуы æмæ бахæццæ иу стыр хæдзармæ. Йæ къултæ лæгъз дуртæй амад, йæ рудзгуытæ цæхæртæ калынц, йæ дуæрттæ та æфсæйнаг æмæ æрхуыйæ42 конд. Бацыди лæппу мидæмæ. Хæдзарæн йæ зæхх – æвзистæй астæрд, йæ цар та – сызгъæринæй. Кæдæмдæриддæр акæсы Дзег, алы ран дæр алыхуызон хæзнатæ кæритæй лæууынц; афтæ бирæ сты, æмæ сын банымайæн дæр нæй. Цъæх рухс хъазы къултыл æмæ зынаргъ дуртыл. 

Дзег бахызт иннæ уатмæ. Уыцы уаты къултæ та, сæумæрайсом уыгæрдæны æртæх куыд æрттива, афтæ æрттивынц. 

Бацыди Дзег æртыккаг уатмæ. Кæсы, æмæ дзы æртæ чызджы сызгъæрин къæлæтджын бандæттыл бадынц, хæкъуырццæй кæуынц. 

– Уæ бонтæ хорз, мæ хотæ! – загъта лæппу. Фæлæ чызджытæй хъыпп-сыпп ничи скодта. 

– Цæуыл кæут? – бафарста сæ Дзег. Се 'ппæты кæстæр хо йын дзуапп радта: 

– Дæ амонд уыд, уазæг, æмæ нæм «мæ хотæ», зæгъгæ, сдзырдтай. Кæннод дæ рацахстаиккам æмæ дæ нæ мады 'фсымæр Бæлгъуырмæ балæууын кодтаиккам. Уый дын дæ туджы æмбис сцъырдтаид, уый фæстæ дæ йæхицæн фæкусын кодтаид, де 'мбæстæгты куыд кусын кæны, афтæ. Тæригъæд дын кæнæм, æмæ уал ын дæ кой не скæндзыстæм. Нæ куыды сæр та ууыл у, æмæ нын Хурджын бæстæйы чидæр нæ мады амардта. 

– Æмæ уæ мад уæлдзæхы адæмæн фыдмитæ цæмæн кодта? – фæрсы сæ Дзег. 

– Мах ын æдзухдæр дзырдтам: Хурджын бæстæмæ ма цу æмæ йын йæ цæрджыты ма 'фхæр, кæннод дæ исчи амардзæн. Фæлæ нæм нæ байхъуыста. Ныр ныл нæ сау бæстæйы нæ дуне ноджыдæр нытталынгдæр. 

– Æмæ уæд афтæмæй ам цæмæн цæрут? – бафарста та Дзег. 

– Уæдæ цы фæуæм, хæххон лæг? – загъта кæстæр хо. – Ацы хæдзар нæ хæдзар у, нæ бæстæ та Бæлгъуыры бæстæ у, æмæ нæ уый ардыгæй уадзы? 

– Уæдæ æз дæлдзæхмæ æрхаудтæн, Бæлгъуыры бæстæм? – ныццин кодта Дзег. 

– О, дæлдзæхмæ, Бæлгъуыры бæстæм. Фæлæ дæ цины сæр цæуыл у? 

– Куыннæ цин кæнон. Æз афтæ фехъуыстон, Бæлгъуыр, дам, адæмæн царды хос чи у, уыцы хæзнатæ зæххы бын бамбæхста, æмæ сæ ныр мæхи цæстæй фендзынæн. 

– Раст дын дзырдтой, уазæг, ам цы хæзнатæ ис, уыдонæн кæрон нæй. Фæлæ уыдон арф æмбæхст сты. Уæлдзæхмæ сын ахæссæн уыд, нæ мад кæй хъахъхъæдта, æрмæст уыцы хуынкъыл, – загъта чызг. 

– Æмæ уæд цæргæ та кæм кæны уæ паддзах? Кæм сты йæ хæзнатæ? Чызг йæ къухтæ кæрæдзийыл ныццавта æмæ иннæ уатæй иу сатæгсау лæппу рагæпп кодта, фыргуыстæй йæ царм йе стджытыл кæмæн бахус, ахæм. 

– Нæ мады 'фсымæр нæма зоны, уæлдзæхæй нæм хæххон лæг æрæфтыд, уый. Æмæ уал уазæгæн нæ паддзахы хæзнатæ фенын кæн, уый фæстæ та йæ Бæлгъуыры галуантæм акæн. Æрмæст, хъусыс, уазæджы кой макæмæн скæнай! – бафæдзæхста йын чызг. 

Сау мæллæг чъегъре43 Дзеджы къухыл ныххæцыди æмæ йæ уырдыгæй акодта. 

Фæцæуынц иу сау доны былтыл Дзеджы фырт æмæ йæ сау чъегъре. 

– Цæй фæдыл æрæфтыдтæ ацы æнамонд бæстæм, хорз лæппу? – бафарста сау чъегъре. – Чи дæ æмæ ам цы агурыс? 

Дзег йæ сау чъегърейæн сæрæй-бынмæ фæдзырдта йæ хабæрттæ. Ныццин кодта сау чъегъре, йе 'нкъард цæстытæ хъæлдзæг æрттывд скодтой, зæрдиаг арфæтæ фæкодта Дзегæн. Уæд æй Дзег дæр бафарста: 

– Ды та куыд æрæфтыдтæ ардæм, хорз лæг? Стæй чи дæ æмæ кæм цардтæ? 

– Æз дæр, дæ хуызæн, кæддæр мæ дыууæ æфсымæримæ Хурджын бæстæйы цардтæн. Нæ хистæр æфсымæр цуанон уыди, астæуккаг æфсымæр хорз арæхст хæсгард æмæ судзинæй, æз та уыдтæн зæрингуырд44. Уыди нæм цыппар хæзнайы: дзæбидыры царм, нымæтын ехс, худы зæронд æмæ сызгъæрин чырын. Дзæбидыры цармыл-иу куы абадтаис, уæд дæ уайтагъд, кæдæм загътаис, уырдæм бахæццæ кодтаид. Худы зæронд æркæн, уæд дæ уынгæ дæр ничиуал фæкодтаид, нымæтын ехсæй та исты куы æрцавтаис, уæд цæстыфæныкъуылдмæ, цы дæ бафæндыдаид, уый фестадаид. Сызгъæрин чырын та мардæгасгæнæг уыд: мард дзы куы цæвæрдтаис, уæд фæстæмæ райгас уыдаид. 

Фыдзæрдæ Бæлгъуыр нын нæ хæзнатæ байста, нæ хæдзар нын басыгъта, йæ фæнык та йын дымгæмæ ныддардта. Нæхи нын ацы сау бæстæм æрхаста. Æмæ фыргуыстæй фыццаг нæ хистæр æфсымæр амарди, уый фæстæ нæ астæуккаг æфсымæр. Бæлгъуыр дзæбидыры царм, худы зæронд æмæ нымæтын ехс йæ хистæр æфсымæрæн радта, сызгъæрин чырын та йæхицæн ныууагъта. Ныр Бæлгъуыры хистæр æфсымæр амард æмæ нæ хæзнатæ йе 'ртæ фыртæн баззадысты. 

– Уыцы хæзнатæ хæйрæджытæм нал сты, фæлæ – мæнмæ, – загъта Дзег. Ноджы тынгдæр сæрттывтой сау чъегърейы цæстытæ, йæ цинæн кæрон нал уыди. Зæрдиаг арфæтæ фæкодта æхсарджын Дзегæн, стæй йæ акодта сау цæугæдоны былтыл уæлæмæ. 

Кæсы Дзег, æмæ мæллæг, фæлмæцыд адæм сæ хид калгæ, доны бынæй урс æрттиваг зынаргъ дуртæ исынц æмæ дзы æнæхъæн кæритæ амайынц. Иннæтæ æхсынц сызгъæринджын змис æмæ дзы цы сызгъæрин равзæры, уый дæр æнæхъæн хæхтæй æмбырд кæнынц. Бæстæ хъæр æмæ ахст, дзолгъо-молгъо, къуырцц-къуырцц æмæ хъыррыстæй байдзаг. Зынаргъ дуртæ æмæ дзы æндæр алыхуызон хæзнатæ афтæ бирæ уыди, æмæ Дзег йæхинымæр ахъуыды кодта: «Диссæгтæ! Цымæ ацы сау бæстæйы уыйбæрц хæзнатæ кæцæй æрæмбырд ис? Адæм сæ ныры онг цæуылнæ зонынц?» 

Бирæ фæлæууыд Дзег уыцы ран, бирæ фæкаст æфхæрд, куыствæллад мæллæг адæммæ, æмæ та дарддæр араст сты. Сау чъегъре цæуы Дзеджы разæй æмæ йын æвдисы сызгъæрин хæхтæ, æвзист æмæ алмасийы хæхтæ. 

– Гъæй-джиди, ныр Бæлгъуыры амар æмæ ацы хæзнатæн хуры рухс фенын кæн, – зæрдиагæй загъта сау чъегъре. – Уæд зæххыл мæгуыртæ нал уаид. Бæлгъуыры æнæкæрон хæзнатæ адæмы бауиккой. 

Чъегъре иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд, стæй Дзегæн загъта: 

– Дæ размæ ис дыууæ фæндаджы. Иу фæндаг – уæлдзæхмæ, боны рухсмæ, хур цæхæртæ кæм калы æмæ, кæддæр æз дæр кæм цардтæн, уырдæм. Уый æнцон фæндаг у, лæмæгъты фæндаг. Иннæ фæндаг та – Бæлгъуыримæ тох кæныны фæндаг – уый уæззау фæндаг у, мах фæндаг. Гъемæ фæстæмæ уæхимæ здæхыс æви Бæлгъуыры ныхмæ слæудзынæ? 

Дзег сау чъегърейы къух райста æмæ йын æй тыхджын цæлхъывта. 

– Дзырд дын дæттын, æфсымæр, нæхимæ кæй нæ аздæхдзынæн, уый тыххæй, æз хъуамæ сымахимæ уон. Фæлæ ма мын зæгъ, Бæлгъуыр кæм цæры æмæ йын амарæн куыд ис? 

– Йæ амарын æнцон хъуыддаг нæу. Цæргæ ардыгæй дард кæны, сау сойы45 фурд кæм гуыры, раст уыцы ран. Æрмæст дæ рох ма уæд: уыцы тугцъирæн иунæгæй ницы бакæндзынæ. Йæхицæн уацайраг кæй скодта, хæзнатæ йын чи æмбырд кæны, æрмæст уыцы адæмы æххуысæй басæтдзынæ Бæлгъуыры. 

 

 

ЦЫ ФЕДТА ДЗЕГ ДÆЛДЗÆХЫ БÆСТÆЙЫ 

 

Фæцæуынц Дзег æмæ йæ чъегъре сау фурды былтыл. Сæ алыфарс быдыртæ, сау хъæдтæ, сау-сауид хæхтæ. Уынынц сау суадæттæ æмæ сау цадтæ. Сау та уымæн сты, æмæ сæ дон нæй, фæлæ зæххы сау-сауид сой. 

Хур дæр сæм арвæй кæсы, фæлæ, уæлдзæхы хурау, сызгъæрин нæу а бæстæйы хур. Дæлдзæхы хур цъæх у, йæ рухс дæр цъæх. Хур кæсгæ кæны, йæ цъæх рухс дæр тауы, фæлæ æндавгæ нæ кæны æппындæр. 

Фурдæн йæ фæрсты стыр хæхтæ арвмæ фæцыдысты, хæхтæн сæ иутæ митау урс сты, иннæтæ – æвзалыйау сау. Ис дзы бур хæхтæ, сырх хæхтæ, кæрдæгхуыз хæхтæ дæр. 

Дзег базылд иу хохы фахсмæ. Кæсы, æмæ æнæхъæнæй дæр кæд у дурæвзалы. Араст сты Дзегитæ дарддæр, æмæ та мæнæ сæ размæ февзæрд æндæр хох. Уый уыди здыйы46 хох. Уый фæстæ федтой æрхуыйы æмæ æфсæйнаджы хæхтæ. Цæуынц Дзег æмæ йæ чъегъре, фæлæ уыцы диссаджы хæхтæн кæрон нæй. 

Цъæх хур сау арвыл куы фæкъул, уæд Дзег йæ сау чъегъреимæ иу хъæумæ бахæццæ. Фæлæ хъæуы мидæг змæлæг нæй. Æрмæст хъæугæрон иу сау хæдзары, дурæвзалыйы фæзгъæртæй кæй самадæуыд, ахæмы баййæфтой иунæг зæронд лæджы. 

– Уæ, æгас нæм æрцæуай, Хурджын бæстæйы цæрæг! – бацин кодта зæронд лæг. 

– Цард дын бацайдагъ уæд, хорз лæг! – дзуапп ын радта Дзег. 

– Ацы талынг, мæгуыр бæстæм дæ цы фыдбылызы къах æрхаста? – бафарста зæронд лæг. 

– Мæгуыр хъæлæкк нæу уæ бæстæ, – загъта Дзег. – Уæ хæзнатæн кæрон куы нæ ис. 

Арф ныуулæфыди зæронд лæг. 

– Раст у дæ ныхас, хорз лæппу. Фæлæ ацы бæстæ кæд хъæздыг у, уæддæр дзы амондджынæй Бæлгъуыр æмæ йæ хæйрæджыты йеддæмæ ничи цæры. Стæй уыцы хæзнатæ мах куы уаиккой, уæддæр цы пайда сты, ацы сау бæстæйæ нын ацæуæн куы нæ ис, уæд! Уæлдзæхмæ ссæуæн хуынкъ Бæлгъуырæн йæхи хо хъахъхъæны, ссырджын фыд-зæрдæ ус. Фæлæ, мæ хур, ды чи дæ æмæ дæ фæндаг кæцырдæм дарыс? 

Чъегъре йын сæрæй-бынмæ Дзеджы хъуыддæгтæ радзырдта. Бæлгъуыры ссырджын хо мард у, уый зæронд лæг куы базыдта, уæд йæ цинæн кæрон нал уыди. 

– Дæ хъару фылдæр кæнæд, сахъгуырд, рæствæндаг у кæддæриддæр. Ныр уал исты ахæрут, уæ фæллад суадзут: райсом хъуыддæггæ сæхæдæг сæхи амондзысты. 

Афтæ загъта зæронд лæг æмæ уазджыты хорз федта, стæй сæ къæйтыл схуыссын кодта. 

 

 

БÆЛГЪУЫРЫ ХОСДЗАУТÆ ÆМÆ ДЗЕГ 

 

Райсомæй раджы зæронд лæг йæ уазджытæм дзуры: 

– Тынг зын хъуыддаг райстат уæхимæ, мæ хуртæ, уæ фæндаг хуымæтæг нæу, – уый у амонды фæндаг. Ацæут сау фурды былтыл уæлæмæ, сихорафон схæццæ уыдзыстут Бæлгъуыры мæнæугæрдджытæм, уый фæстæ – йæ хосгæрдджытæм, стæй та – ссивджытæм. Дарддæр цы кæнын хъæуа, уый уын уым бацамондзысты. 

– Хорзæй уал баззай, – загътой зæронд лæгæн Дзег æмæ йæ чъегъре æмæ сæ фæндаг адардтой. 

Фæцæуынц сау фурды былтыл æмæ схæццæ сты иу стыр хуыммæ. Хуымы, йæ алы гага дæр æхсинæджы47 айчы йас кæмæн уыд, ахæм мæнæу конд. Мæнæугæрдджытæ иууылдæр – къæсхуыр, фыргуыстæй ныггуыбыртæ сты; сæ куыстæфхæрд къухты – стыр æхсырфытæ, мæнæу кæрдынц æмæ куы кæуын байдайынц, куы та сын æнæнхъæлæджы худын бацайдагъ вæййы. 

– Уæ бон хорз! – загътой сын Дзег æмæ сау чъегъре. 

– Сымах бон дæр хорз уæд! – дзуапп сын радтой мæнæугæрдджытæ. 

– Зæгъут-ма, цæмæн афтæ у: куы кæугæ кæнут, куы та æвиппайды худын байдайут? – бафарста сæ Дзег. 

– Мæнæу карст куы фæуæм, уæд æй хъуамæ æрыссæм æмæ дзы скæнæм хохы йас дзул. Дзулы хуылфы хъуамæ бавæрæм ацы фæсивæдæй авд лæппуйы æмæ иу чызджы. Уый фæстæ æрбацæудзæн хæйрæджыты паддзахы нæл хуы æмæ дзул дыууæ комдзагæн аныхъуырдзæн. Гъе, нæ куыды сæр ууыл у, хорз лæппу. Худгæ та ууыл скæнæм, æмæ, дам, уæлдзæхæй иу сахъгуырд Бæлгъуыры ссырджын хойы амардта æмæ ацы сау бæстæйæ Хурджын бæстæм фæндаг байгом кодта. Æмæ уый нæ зæрдыл куы 'рбалæууы, уæд та фыр цинæй ныххудæм. 

Уæд сау чъегъре загъта: 

– Мæнæ ацы лæппу амардта Бæлгъуыры ссырджын хойы. Йæ ном хуыйны Дзег. 

Мæнæугæрдджытæ уый куы фехъуыстой, уæд Дзегыл фæцинтæ кодтой. Бирæ буц ныхæстæ, бирæ арфæтæ фæкодтой æхсарджын Дзегæн. 

– Кæд Бæлгъуыры ссырджын хо æгас нал у, уæддæр, цалынмæ Бæлгъуырæн йæхи амарæм, уæдмæ нын ацы сау бæстæйæ аирвæзæн нæй, – дзуры дарддæр чъегъре. 

– Дæ ныхæстæ раст сты, не 'фсымæр, Бæлгъуырæн йæхи амарын хъæуы! – схор-хор кодтой алырдыгæй мæнæугæрдджытæ. 

– Æмæ йæ куыд амарæм, куыд? – фæрсы сæ Дзег. 

– Уымæй хосдзауты бафæрсут. Цы уын зæгъой, уый нын-иу фехъусын кæнут æмæ мах дæр нæхиуыл нæ бацауæрддзыстæм. Æрмæст, хорз лæппу, тагъддæр кæн. Ныртæккæ Бæлгъуыр йæ чындзæхсæвмæ цæттæ кæны йæхи æмæ фырцинæй йæ сау бæстæйы цытæ цæуы, уый нал уыны. Фæлæ та чындзæхсæвы фæстæ йæ гаччы абаддзæн. Йæ хæйрæджытæ дæр æмбæхст сты. Бæлгъуыры хойы амардæуыд, уый куы фехъуыстой, уæд афтæ фæтарстысты, æмæ хæхты скъуыдты, дурты бын, бæлæсты мæраты æмæ уæрмыты бамбæхстысты æмæ æмризæджы ризынц. Æндæр дын афонмæ дæ алы къахдзæф, дæ алы фæзылдмæ дæр кæсиккой æмæ сæ паддзахмæ дзырд хæссиккой. 

Дзег æмæ йæ чъегъре мæнæугæрдджытæн раарфæ кодтой æмæ дæрддæр сау фурды былтыл уæлæмæ араст сты. Иу афон схæццæ сты иу стыр уыгæрдæнмæ. Кæсынц, æмæ хосдзаутæ хос кæрдынц æмæ зарынц. 

– Уæ бон хорз! – загъта сын Дзег. 

– Æгас нæм цу, уазæг! Фæлæ махæн та хорз бон цы Хуыцау дæтты? Дæхæдæг æй нæ уыныс? – дзурынц хосдзаутæ. 

– Мæнæугæрдджыты кæугæ баййæфтон æмæ сæ куыды сæр цæуыл уыд, уый зонын. Фæлæ сымах цæмæн худут, уымæн ницы æмбарын: уыгæрдæн сымах нæу, уе рæгътæ – гом, уæ гуыбынтæ – афтид, уæ царм æмæ уе стæг кæрæдзийыл баныхæстысты. 

– Раст дзурыс, хорз лæппу, – дзуапп радтой хосгæрдджытæ. – Нæ цард ацы бæстæйæ талынгдæр у. Фæлæ заргæ уымæн кæнæм, æмæ, дам, цавæрдæр цуаноны фырт Бæлгъуыры ссырджын хойы амардта æмæ хурджын бæстæм фæндаг байгом ис. 

– Уыцы лæппу уæ цуры лæууы, – бацамыдта чъегъре Дзегмæ. 

Дзег сæ сæрылхæцæг у, хосдзаутæ уый куы базыдтой, уæд сæ цинæн кæрон нал уыд. Зæрдиаг арфæтæ йын фæкодтой. 

– Зæгъут-ма мын, Бæлгъуырæн куыд ис амарæн? – бафарста Дзег. 

– Афтæ æнцон амарæн нæу тыхгæнæг Бæлгъуыр. Бирæтæ фæлвæрдтой сæ тых йæ амарыныл, фæлæ сæ бон нæ баци. Бæлгъуыр фæуæлахиз се 'ппæтыл дæр, йе знæгты сæры къуыдыртæй та йе стыр галуаны алыварс бæрзонд быру æрзылдта. 

Уыцы ныхæстæм зæронд хосдзау загъта: 

– Ссырджын зæронд усы чи скъуыхтæ кодта, уый Бæлгъуырæн йæхи дæр амардзæн. Ссивджытæм ацæуæд, æмæ йын уыдон исты бауынаффæ кæндзысты. Мах дæр нæхи фæстæмæ нæ аласдзыстæм. 

Араст та сты Дзег æмæ йæ чъегъре фурды былтыл уæлæмæ æмæ æппынфæстаг схæццæ сты æндæр уыгæрдæнмæ. Уым Бæлгъуыры фæлмæцыд, куыстдомд æххуырстытæ ссывтой хос, амадтой дзы стыр цъына, сæхæдæг хæкъуырццæй кæуынц, сæ тæригъæдæй сау бæстæ ноджы саудæр кæны. 

– Уæ бон хорз, – дзурынц сæм Дзег æмæ йе 'мбал. 

– Амондджынæй цæрут, – дзуапп радтой ссивджытæ, сæ судзаг цæссыгтæ ныхъуыргæйæ. 

– Кæугæ та цæмæн кæнут? – бафарста сæ Дзег. 

– Куыннæ кæуæм, хорз лæппу. Хос иууылдæр куы æрыссивæм, уæд цъынайы хуылфы хъуамæ нæхицæй искæйы бавæрæм, йæ хал кæмæн схауа, уый. Стæй йыл уæд Бæлгъуыры хъæддаг хуы йæхи раскъæрдзæн æмæ цъына æд лæг уыцы иу ныхъуырд акæндзæн. 

– Мæн ма дзы цæвæрут, – зæгъы сын Дзег. 

– Бæлгъуыры ссырджын хойы ды кæй амардтай, уый не 'ппæт дæр зонæм. Дæ ныййарджытæ дæ хурæй бафсæдæнт. Фæлæ ды уазæг дæ, уазæджы та ахæм ранмæ ауадзын æмбæлгæ нæ кæны. 

– Цæвæрут мæ цъынайы, – загъта та сын Дзег. – Æз хъæддаг хуыйы дæр амардзынæн, уыцы зæронд кæлæнгæнæджы куыд амардтон, раст афтæ. 

– Куыд уын зæгъы, афтæ бакæнут, – йæ фарс фæлæууыд сау чъегъре. Æмæ ссивджытæ сразы сты Дзеджы хосы цъынайы цæвæрыныл. Дзегæн йæ фатдон, йе 'рдын йе 'фцæгыл, йæ фыды уæззау цирхъ йæ астæуыл баст, афтæмæй бахызти цъынамæ. 

 

ДЗЕГ ХЪÆДДАГ ХУЫЙЫ УÆЦЪÆФЫ 

Лæууы Дзег цъынайы астæу æмæ æнхъæлмæ кæсы Бæлгъуыры хъæддаг хуымæ. Æнхъæлмæ кæсы æмæ йæ фат, йе 'рдын цæттæйæ дары. Уалынмæ зæхх ныррызт, цъына ныдздзойтæ кодта. Сырды комы тæф Дзеджы артау асыгъта. Æрдын æмæ фæттæ хуыйы дзыхы скъæр-къæр кодтой. Дзегæн йæхи цыдæр цъилау ныззылдта, стæй сæрбихъуырæйттæгæнгæ цавæрдæр сау комы атахти æмæ фæстагмæ иу лакъон цады йæ тъæпп фæцыд. Чысыл-ма бахъæуа, æмæ дзы ма фæхуыдуг уа. Фæлæ цады был иу цавæрдæр къуыбырмæ фæгæпп ласта. Йæ алыфарсмæ куы акасти, уæд Дзег бамбæрста, хъæддаг хуыйы уæцъæфы кæй аирвæзти, уый. Фæлæ æхсарджын цуанон нæ фæтарсти: йæ фыды цирхъ кæрддзæмæй фелвæста, райдыдта цъыччытæ кæнын æмæ хуыйы гуыбынæй æддæмæ фæндаг гæрдыныл сси. 

Ныхъхъуыххыттытæ, ныхъхъыллистытæ кодта хуы, катай кæны, йæхи зæххыл хойы. 

Дзег хуыйы уæцъæфæй уыгæрдæнмæ æргæпп кодта. 

Хуы афтæ тынг фæтарст, æмæ хæхты 'рдæм йæхи уыцы иу зыввытт нылласта. 

Ссивдджытæ исдугмæ фæйнæрдæм фæпырх сты, фæлæ Дзеджы дзæбæхæй куы ауыдтой, уæд æм базгъордтой. 

– Ныхджын лæппу кæй дæ, уый бæрæг у. Фæлæ уæддæр иунæгæй Бæлгъуырæн дæр æмæ йæ хуыйæн дæр ницы бакæндзынæ, – загътой йын ссивджытæ. 

– Раст сты уæ ныхæстæ, хорз адæм. Фæлæ мын уæд хуыйы амарынæн исты амал бацамонут. 

– Ацы хуы хæцæнгарзæй маргæ нæу, зондæй йыл фæтых у, стæй Бæлгъуырæн йæхицæй райдайын хъæуы, – загъта ссивджытæй иу. 

– Æмæ йæ куыд райдайон, куыд? – фæрсы йæ Дзег. 

– Дарддæр сау фурды былтыл уæлæмæ цæугæ æмæ иу заман схæццæ уыдзынæ Бæлгъуыры галуантæм. Хуры чызджы бафæрс, æмæ дын уый, дарддæр цы кæнын хъæуа, уый бацамондзæн. Цавæр хæцæнгарзæй маргæ у Бæлгъуыр, уый куы базонай, уæд-иу хабар махæн дæр фехъусын кæн. 

Дзег ссивджытæн хæрзбон загъта æмæ йе 'мбалимæ сау фурды былтыл уæлæмæ араст. 

 

 

ЗÆРИНÆЙЫ ЛÆГГАДГÆНÆГ ЧЫЗГ 

 

Фурды былтыл бирæ фæцыдысты Дзег æмæ йæ чъегъре. Æппынфæстаг схæццæ сты Бæлгъуыры галуантæм. 

Цъæх хур хæхты аууон фæци. Изæрæхсиды рухсмæ галуанты мæсгуытæ æмæ цъуппытæ цъæх адардтой. Быдырырдыгæй сау мигътæ арв æрбахгæдтой, æмæ саудалынг бæстæ ноджы ныттардæр ис. Бæрзонд быруйæ бирæ мин сæры къуыдыры сæ цæстыты къуырфытæй кастысты дæлæмæ, быдырмæ. 

Фæлæ æхсарджын Дзег уыдæттæй нæ фæтарст, йæ маст йæ риуы ноджы тынгдæр рафыхти; æрфæндыд æй тагъддæр Бæлгъуыримæ схæцын, æмæ, уый йæхицæн цагъайраг кæй скодта, уыцы адæмы фервæзын кæнын. 

Дыккаг бон раджы, дæлдзæхы хур бæрзонд хæхты аууонæй йæ был нæма сдардта, афтæ Дзег йæ чъегърейы фæрсы: 

– Дарддæр та куыд чындæуа? 

– Уартæ уал сырх къæдзæхы аууонмæ цом æмæ галуанæй суадонмæ чи рацæуа, уымæ бакæсæм. 

Дзег йе 'мбалимæ сырх къæдзæхы фæстæ æрæмбæхст æмæ йæ каст къахвæндагмæ скодта. 

Бирæ æнхъæлмæ кæсын сæ нæ бахъуыди. Уайтагъд къуыбыры аууонæй иу чызг разынди, дурын йе 'ккой, афтæмæй заргæ æрцæуы: 

Хæрзконд, рæсугъд чызг у Зæринæ,  

Бæстыл рæсугъддæр уымæй нæй.  

Йæ фæлмæн уадултæй æрттивынц  

Сæууон хур, стъалытæ 'мæ мæй. 

 

Чъегъре Дзегмæ дзуры: 

– Уый Хуры чызджы лæггадгæнæг у. Дон дзы ракур. Чызг фæстæмæ галуанмæ куы баздæха, уæд æй Хуры чызгæн дзурдзæн, æмæ уæд хъуыддаг йæхæдæг йæхи амондзæни. 

– Ныртæккæ йæ æз Зæринæйæ афæрстытæ кæндзынæн, – æмæ Дзег къæдзæхы аууонæй рацыд. 

Чызг суадонмæ æрызгъордта, дурыны дон фелвæста æмæ фæстæмæ куыд фæцæйздæхт, афтæ йæм Дзег фæдзырдта: 

– Хорз чызг, дæ дурынæй ма мын дон авæр! 

– Мæ дурынæй дын ницы авæрдзынæн, уый æз Бæлгъуыры чындзагæн хæссын, æмæ мын æй счъизи кæндзынæ! 

– Иунæг хъуыртт мын дзы авæр, æрмæст иунæг хъуыртт! – лæгъстæ кæны Дзег. 

Уæд чызджы зæрдæ фæфæлмæн æмæ дурын Дзегмæ радта. 

Лæппу дурынæй иу хъуыртт скодта, сусæгæй дзы Зæринæйы сызгъæрин къухдарæн цæппæрста æмæ йæ фæстæмæ чызгмæ радта. Чызг йæ дурын фелвæста, йе уæхскыл æй авæрдта æмæ уыцы иу тъæбæртт аласта. Дзег фæстæмæ дурыл æрбадт æмæ æнхъæлмæ кæсын байдыдта. 

 

 

ДЗЕГ БÆЛГЪУЫРЫ ГАЛУАНТЫ 

 

Æрбазгъордта чызг Бæлгъуыры галуанмæ æмæ Зæринæйы къухтыл дон кæнынмæ фæци. Уалынмæ Зæринæйы армытъæпæнмæ сызгъæрин къухдарæн æрхауд. Ныддис кодта Хуры чызг, фыр цинæй йæ зæрдæ уæрыккау скафыди. Цы ма акодтаид, уымæн ницыуал зыдта. Лæггадгæнæджы фæрсын дæр нæ уæндыд. Бæлгъуырыл æй куы сардауа, мыййаг. Фæлæ фæстагмæ нал фæлæууыд æмæ йæ афарста: 

– Дæ дурынæй исчи нуæзта дон? 

– Ничи! – фæтарсти чызг. 

– Куыд ничи? Тæрсгæ ма кæн, раст цы у, уый зæгъ, æмæ дын æз ног къаба балæвар кæндзынæн. 

– Иу лæг дзы бануæзта. 

– Цавæр лæг? Æмæ ныр кæм и? 

– Нæ суадоны раз дурыл бады. 

– Згъоргæ, тагъддæр, мæ къона, æмæ йæ ардæм ракæн! Æрмæст æй федтай, уый макæмæн зæгъ. 

– Ма тæрс, никæмæн ницы зæгъдзынæн! – загъта чызг æмæ суадонмæ уыцы иу згъорд аласта. 

Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ лæггадгæнæг Дзеджы æрбалæууын кодта Зæринæйы уаты. 

Хуры чызг йæ мойы куы ауыдта, уæд ыл йæхи баппæрста, фыр цинæй йæ цæстысыгтæ æргæр-гæр кодтой. Дзегæн дæр йæ зæрдæ суынгæг æмæ йæ рæсугъд усы йæ хъæбысы ныккодта. Кæрæдзиуыл куы фæцинтæ кодтой, уæд Дзег Зæринæйы бафарста: 

– Бæлгъуыры куыд амарæм? Цы 'гъдауæй аирвæзтæуа ацы æлгъыстаг бæстæйæ? 

– Æнцон амарæн нæу фыдгæнæг Бæлгъуыр. Æнцон аздæхæн нæ уыдзæн нæ райгуырæн бæстæм. Мæнæ уал исты ахæр, дæ фæллад суадз, стæй сау коммæ дæсны зæронд лæгмæ фæцу æмæ уый бафæрс. 

– Æз, уæдæ, хæргæ – нал, фæлæ ме 'мбалимæ цæуын уыцы дæснымæ. Дзег тагъд-тагъд рацыди галуанæй. Суадонмæ ныууад æмæ йæ чъегъреимæ зæронд лæгмæ араст сты. 

Зæронд дæсныйы хæдзар æддейы бакæсгæйæ уыди дæлдзæхы иннæ хæдзæртты хуызæн сау; фæлæ мидæгæй – райдзаст, рухс, Хурджын бæстæйы хæдзæртты куыд вæййы, афтæ. Къултыл хус кæрдæджыты бæстытæ ауыгъд, фæйнæг тæрхæгыл уыди фист хæлынтæ, дуртæ, æлыджы къæрттытæ. Уазджыты фенгæйæ зæронд лæг бацин кодта. Сæ цыды сæр цæуыл у, уый куы бамбæрста, уæд иучысыл ахъуыды кодта, стæй загъта: 

– Байхъус мæм лæмбынæг, мæ хур, æмæ ды, æз куыд зæгъон, кæнгæ дæр раст афтæ бакæн. Бæлгъуырæн нæдæр цирхъæй ис амарæн, нæдæр фатæй, йæ басудзын дæр никæй бон бауыдзæн. Уымæн æмæ йæ уд, йæ ныфс æмæ йæ хъару æртæ халоны хуылфы сты. Халæттæ та чысыл сызгъæрин чырыны мидæг сты. Чырын бабызы цъæхбылы æмбæхст у, бабыз – хъæрццыгъайы цъæхбылы, хъæрццыгъа – хъазы цъæхбылы. Уыцы хъаз та хъæддаг хуыйы уæцъæфы ис. Хъæддаг хуы дæр хуымæтæджы хуы куы уаид, фæлæ æнæхъæн хохы йас у. Ды йæ уæцъæфы куы уыдтæ, уæд уыцы хъазыл лæууыдтæ. Фæлæ хъазы дæр, хъæрццыгъайы дæр æмæ бабызы дæр амарæн ис æрмæст Бæлгъуырæн йæхи фæттæй. Уыдон кæддæриддæр йæхимæ вæййынц, æппындæр сæ уæгъд нæ уадзы. Сызгъæрин чырын дæр, йæ куырæты галиу дзыппы цы чысыл дæгъæл ис, æрмæст уымæй гом кæны. Фæттæ, æрдын æмæ чысыл дæгъæл куы ссарай, уæд амардзынæ хуыйы дæр, хъазы дæр, хъæрццыгъайы дæр, бабызы дæр. Бабызы куы амарай, уæд сызгъæрин лагъз райс, Бæлгъуыры дæгъæлæй йæ байгом кæн æмæ дзы уыдзæн æртæ халоны: сау, фæныкхуыз æмæ цъæх. Сау халон Бæлгъуырæн йæ уд у, фæныкхуыз – йæ тых, цъæх халон та Бæлгъуыры ныфс у. Фыццаг уал-иу, – дзырдта дарддæр зæронд лæг, – басæтт знагæн йæ ныфс, уый фæстæ – йæ тых, æппын фæстæ та йын йæ уд сыскъуындзынæ. Фæттæ, æрдын æмæ чысыл дæгъæл ссарынæн дын Хуры чызг куы нæ баххуыс кæна, уæд дæ къухы нæ бафтдзысты. Ноджыдæр ма дын зæгъын, тагъддæр кæн, кæннод Бæлгъуыр æмæ йæ хæйрæджытæн сæ тарст куы фæлидза, уæд дын байрæджы уыдзæн.  

Уазджытæ куы рацæйцыдысты, уæд дæсны лæг Дзегмæ хæцъилы тыхтæй цавæрдæр урс ссад радта æмæ йын загъта: 

– Ацы ссад-иу Хуры чызг доныл ныккæнæд æмæ йæ Бæлгъуырæн бадарæд.  

Æрбаздæхти фæстæмæ Дзег Бæлгъуыры галуантæм æмæ зæронд дæсныйы ныхæстæ Хуры чызгæн рафæзмыдта, радта йæм ссад дæр хæцъилы тыхтæй. 

– Хорз, æз дын ссардзынæн Бæлгъуыры фæттæ, æрдын æмæ дæгъæл. Ныр уал бамбæхс, кæннод уыцы лæгхор куы 'рбацæуа, уæд дæ аныхъуырдзæн, – загъта Зæринæ æмæ сызгъæрин уаты дуар бакодта. Уый фæстæ байгом кодта æндæр уаты дуар – уый та æргъæу уат уыди. Æргъæу уаты астæу Зæринæ сызгъæрин къæйыл схæцыди æмæ Дзегмæ дзуры: 

– Ныккæндмæ ныххиз, æмæ дæм цалынмæ æз æрбацæуон, уæдмæ змæлгæ дæр ма фæкæн. 

Дзег ныккæндмæ куы ныххызти, уæд ыл Зæринæ сызгъæрин къæй æрфæлдæхта æмæ уатæй рацыди. 

 

 

ДЗЕГ БÆЛГЪУЫРЫ ХУЫЙЫ КУЫД АМАРДТА 

 

Уалынмæ Бæлгъуыр йæхæдæг дæр æрбахæццæ. 

– Уф-уф-уф, Хуры чызг, мæ фындзыл хæххон дзиглойы тæф уайы! 

– Цæй хæххон дзигло нæм хъуамæ уа, – фæлмæн хъæлæсы уагæй йæм дзуры Хуры чызг, – афтæ дæм фæкасти, æндæр. 

– Раст у дæ ныхас, Хуры чызг, – дзуры та Бæлгъуыр. – Ды ам куы дæ, уæдæй фæстæмæ мæ сау адæм кæмыты кусынц, уыцы бынæттæм нал æфтын, мæ хæйрæджытæ сæм кæсынц. Фæлæ дзы исчи алидзынвæнд куы скæна, уæддæр нæ аирвæздзæн мæ бæстæйæ. Сфизонæг æй кæндзынæн цырын артыл. Се 'ппæты дæр басудздзынæн! Сау фæнык сæ фестын кæндзынæн! Зæронд Дзеджы фырты дæр амардзынæн. Уый ныртæккæ ам ис, мæ бæстæйы. Мæ хойы мын амардта æмæ афтæ æнхъæл у, ныр та мæн дæр амардзæн! Нæ! Дзег ардыгæй нал аирвæздзæн, æхгæд у уæлдзæхмæ цæуæн хуынкъ! Ме 'дзард хойы бæсты дзы æндæр гæстæ æрæвæрдтон. 

Бæлгъуыр йæ хъæрæй галуаны къултæ фæцæйхаста. Йæ иунæг цæстæй цæхæртæ калди. Йæ хъуын арц сбадти. Йæ даргъ лыстæг къухты æмæ къæхты æнгуылдзтæ кæлмытау къæлæсытæ кодтой. 

Куы 'рсабыр Бæлгъуыр, уæд Зæринæйæн афтæ зæгъы: 

– Уæ, Хуры чызг, хæринаг мын куы 'рбахæссын кæнис! 

– Æз дын мæхæдæг æрбадавдзынæн хæрд æмæ нозт дæр, – фестади Зæринæ йæ бынатæй æмæ цæсты фæныкъуылдмæ Бæлгъуыры раз фынг авæрдта алыхуызон хæринæгтимæ. Стæй йын къусы нозт æрбахаста, зæронд дæсны лæг ын цы ссады уырз æрбарвыста, уый дзы ныккодта, афтæмæй. Бæлгъуыр хæрд-нозтæй йæхи хорз куы федта, уæд Зæринæмæ дзуры: 

– Хуры чызг, куы дæ æрхастон, уæдæй нырмæ бирæ бонтæ рацыди. Фæлæ дæ иунæг фæлмæн ныхас дæр нæма фехъуыстон, мæ фарсмæ никуыма абадтæ, иунæг хатт дæр мæм нæма бахудтæ. 

– Раст зæгъыс, паддзах. Фæлæ дæм куыд худон, æууæндгæ мыл куы нæ кæныс, уæд? Афтæ куы нæ уаид, уæд дæ куырæты галиу дзыппы мæнæй чысыл дæгъæл не 'мбæхсис! 

Бæлгъуыр йæ дзыхы дзаг ныххудти, куырæты галиу дзыппæй чысыл дæгъæл фелвæста æмæ загъта: 

– Мæнæ амæй зæгъыс? Гъа, æгайтма дæ хъæуы, айс æй. Фæлæ, хъусыс, сафгæ йæ ма фæкæн! 

– Уанцон сæфт нæу, – загъта Зæринæ, йæхæдæг дзы алдымбыд48 аласта æмæ йæ æрцауыгъта йæ хъуырыл. 

Уый фæстæ та йын Зæринæ бауайдзæф кодта: 

– Де 'рдын æмæ дæ фæттæ демæ куы хæссыс, уæд цавæр у! Æвæццæгæн дын мæнæй зынаргъдæр сты. 

Йæ дзыхыдзаг та ныххудти Бæлгъуыр, йæ цæст алырдæм скатай ис. Æриста йе 'фцæгæй йæ фатдон, йе 'рдын, сæзгъæрин даргъ бандоныл сæ æрæвæрдта æмæ фæрсы Зæринæйы: 

– Хуры чызг, ныр дæр не 'рбаддзынæ мæ фарсмæ? 

– Бæгуыдæр æрбаддзынæн. Фæлæ бадгæ цæмæн? Мæнæ уал тъахтиныл æркъул кæн æмæ дæ фæллад суадз, хæтæнты куы фæхаттæ, цæуæнты куы фæцыдтæ. Бадгæ уый фæстæ дæр акæндзыстæм. 

– Уымæй дæр раст дæ, Хуры чызг, – загъта Бæлгъуыр. Сыстад йæ кæлæтджынæй, тъахтиныл æрхуыссыд æмæ уайтагъд йæ хуыр-хуыр ссыд. 

Уæд Зæринæ æргъæу уатмæ азгъордта, сызгъæрин къæйыл схæцыди æмæ Дзеджы йæ æмбæхсæнæй рауагъта. Стæй йæм радта чысыл дæгъæл, фатдон æд фæттæ, Бæлгъуыры хъæддых æрдын æмæ йын загъта: 

– Тагъддæр цæугæ мæнæугæрдджытæм. Уыдон Бæлгъуыры хуыйæн дзул фыцынц. Балæгъстæ сын кæн, æмæ дæ дзулы хуылфы бавæрой. Гъе стæй уæд дæ хъару æмæ дæхæдæг, – амар хуыйы, хъазы, хъæрццыгъайы æмæ бабызы. Сызгъæрин чырын райс æмæ дын, зæронд дæсны куыд амыдта, афтæ бакæн. 

Дзег райста дæгъæл, æрдын, фатдон æд фæттæ æмæ галуанæй ратахт. Йæ чъегъремæ æрызгъордта æмæ йæ йемæ акодта. 

Дзег æмæ йе 'мбал ныххæццæ сты, хос кæм ссывтой, уыцы быдырмæ. Радзырдтой ссивджытæн хъуыддаг сæрæй бынмæ. Уырдыгæй Дзег азгъордта хосдзаутæм. Уыдонæн дæр æй бамбарын кодта. Азгъордта Дзег дарддæр йе 'мбалимæ æмæ æрхæццæ сты мæнæугæрдджытæм. Уыдон раджы фесты карст Бæлгъуыры мæнæутæ, раджы сæ фесты найгонд æмæ ссад дæр. Ссадæй хыссæ сызмæстой æмæ дзы хохы йас дзул кæнын райдыдтой фæлмæцыд, æххормаг адæм – Бæлгъуыры дæлбартæ. 

– Уæ бон та хорз, – загътой сын Дзег æмæ йе 'мбал. 

– Мах бонæн хорзæй тас нæу, мæнæ ацы дзулы кæй цæвæрæм, ууыл сагъæс кæнæм. 

– Мæн дзы цæвæрут, – загъта Дзег. 

Мæнæугæрдджытæ исдугмæ ком нæ лæвæрдтой. Фæлæ фæстагмæ сразы сты æмæ Дзеджы дзулы хуылфы цæвæрдтой, йæ алыварс ын хъæмпын арт скодтой æмæ дзул фыцын райдыдтой. Дзул уайтагъд афыхти, уæдæ цы уыдаид! 

Раст гъе уæд сау хæхтæй æрбайхъуысти Бæлгъуыры хуыйы хъох-хъох. Йæ къæхты бын зæхх ныррызти, йæ уынæрæй хæхтæ, быдыртæ арауынц, йæ комы тæфæй тыхджын дымгæ сыстади. 

Хуы дзулмæ базгъордта æмæ йын йæ раст æмбис срæдывта. Уæд æхсарджын Дзег фестад, Бæлгъуыры æрдыныл Бæлгъуыры рæстдзæвин фат авæрдта æмæ йæ хуыйыл баскъæрдта. Йæ тæккæ сæры астæу сæмбæлди фат, æмæ дæ фыдгул афтæ, – зæххыл уыцы иу гуыпп нылласта хуы. Дзег æм фæрæвдз æмæ йын цирхъæй йæ гуыбын сфазта. Уырдыгæй дынджыр, хæрз дынджыр хъаз стахти æмæ æврæгътæм йæхи систа. Дзег ныхъхъавыд хъазмæ æмæ йæ æрæппæрста, акъæртт æй кодта æмæ дзы хъæрццыгъа куы спæр-пæр кæнид. Дзег айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ та ууыл дæр фат суагъта. Хорз цуанон куыннæ уыдаид зæронд Дзеджы фырт! Тæхгæ-тæхын цъиуы цæст нæ ивгъуыдта. Ныр дæр йæ фат хъæрццыгъайы иннæрдæм ахызт. Зæххыл йæ тъæпп куы фæцыди хъæрццыгъайæн, уæд дзы бабыз ратахт æмæ йæхи сау фурдмæ фехста. Фæлæ, марадз-зæгъай, кæд уæле ленк кæна, – доны бын аныгъуылди бабыз. Дзеджы рæстдзæвин фат æй доны бын дæр ссардта. Мард бабызы дон йæ сæрмæ сласта æмæ йæ уылæнтæ дæлæмæ ахастой. Мæнæугæрдджытæ фурдмæ сæхи бакалдтой, бабызы мард рацахстой æмæ йæ Дзегмæ æрбахастой. Дзег адæмы раз бабызы акъæртт кодта æмæ йын йæ цъæхбылæй сызгъæрин чырын систа. 

– Мæнæ ацы чырыны сты Бæлгъуыры уд, хъару æмæ ныфс. Мæнæ ам ис сымах æмæ ме знаджы цард! Ныр кæстæртæй исчи азгъорæд æмæ, зæххы хæзнатæ чи къахы, фыргуыстæй чи ныггуыбыр æмæ чи ныссау, уыдонæн ацы цины уац фехъусын кæнæд. Ноджы сын зæгъæд, æмæ ардæм рацæуой. Хъуамæ Бæлгъуыры галуантæм не 'ппæт дæр иумæ бафсæрæм. 

– Раст зæгъыс, не 'фсымæр! – схор-хор кодтой, йæ алыварс цы адæм уыд, уыдон. 

* * * 

Фæцæуынц сау бæстæйы мæгуыр адæм се знаджы марынмæ. Æппæты разæй цæуынц æхсарджын Дзег æмæ йæ чъегъре. Уыдон фæдыл та – куыствæллад мæллæг адæм сæ дзæбугтæ, къахæнтæ æмæ белтимæ. Сæ фæстæ ныххал сты мæнæугæрдджытæ, хосдзаутæ æмæ ссивджытæ. Афтæ бирæ сты, æмæ сæ зæхх нæ уромы49. 

Тæмæнтæ скалдтой сызгъæрин æмæ 'взист, æрхуы æмæ алмаси хæхтæ, хъæлдзæгдæрæй схæл-хæл кодтой къададæттæ, цæугæдæттæ æмæ фурдтæ. Суанг ма дæлдзæхы цъæх хур дæр йæ цыдæй ныллæууыд, æфхæрд адæмæн сæ фæндаг барухс кæныны тыххæй. 

 

 

БÆЛГЪУЫРЫ МÆЛÆТ 

 

Уыцы бон Бæлгъуыр тынг раджы ацыди Хурджын бæстæм адæмæн фыдмитæ кæнынмæ, уымæн æмæ-иу Бæлгъуыр фыдмитæ цы бон нæ бакодта, уыцы бон-иу мæлыны къахыл ныллæууыд. 

Æвиппайды йæ зæрдæ срысти. Йæ къабæзтæ дудын байдыдтой. Уæды онг тас кæмæ нæ хъардта, уыцы зæрдæ тасæй айдзаг и. «Цымæ цæмæн афтæ уа? – хъуыды кæны Бæлгъуыр. – Мæ зæххытæн, мæ хъæздыгдзинæдтæн кæрон куы нæ ис, зæххы хæзнатæ иууылдæр мæ къухы куы сты. Мæ сау адæм мæ койæ дæр æмризæджы куы ризынц. Суанг ма мæ Хур дæр куы тæрсы, уæд мыл æвиппайды цы 'рбамбæлди цымæ?» 

Æмæ Бæлгъуыр сфæнд кодта дæлдзæхмæ фæтагъд кæнын æмæ йæ бæстæйыл æрзилын. Бацыд, мæгуыр адæм сæдæгай азты дæргъы сызгъæрин, алмаситæ æмæ æндæр алыхуызон зынаргъ дуртæ кæм æмбырд кодтой, уыцы бынæттæм: басгæрста, йе 'ххуырстытæ зды, къала50 æмæ æвзист кæрæдзийæ кæм хицæн кодтой, уыцы рæттæ; бацыд сау æвзалыйы уæрмытæм, сау зæххы сойы гуырæнтæм. Уырдыгæй катайгæнгæ азгъордта, йæ хо Хуры бæстæм цы хуынкъ хъахъхъæдта, уымæ. Фæлæ Бæлгъуыр иунæг адæймагыл дæр никуы фембæлд. Æрмæстдæр йæ хæйрæджытæ тæрсгæ-ризгæйæ бадтысты къæдзæхты скъуыдты, сау дзыхъхъыты æмæ талынг къуымты. 

Мæты бацыди Бæлгъуыр. Фыр мæстæй йæ хæмхудтæ куы сырх-сырхид афæлдæхынц, куы зæххы сойау, сау-сауид авæййынц, куы та, бур æлыгау, абур вæййынц. 

Фыр адæргæй азгъордта Бæлгъуыр йæ галуантæм. Йæ уатмæ уыцы иу тахт бакодта æмæ сырддзæрмттыл бахауд: ныхъхъæрзыдта, йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд. 

Уыцы рæстæг йæ галуантæ ныррызтысты, æрбайхъуыстысты адæмы хъæртæ: «Мæлæт фыд-зæрдæ Бæлгъуырæн!» 

Уыцы хъæртæй æрызгъæлд, лæгхор адæмы сæры къуыдыртæй цы быру самадта, уый. Афæлдæхти Бæлгъуыры уаты доны дурын: дурын лыстæг пырх ныцци, йæ дон та уаты сызгъæрин астæрдыл, сау калмау къæлæсытæ кæнгæйæ, асаха кодта Бæлгъуыры тъахтины бынмæ. 

Бæлгъуыр тъахтинæй фæтæррæтт ласта.
 
 

Уæд Дзег сызгъæрин чырынæй иу халон систа, цъæх халон систа лагъзæй æхсарджын Дзег æмæ йын йæ къубал сыздыхта. Бæлгъуырæн йæ ныфс асаст, æмæ фæстæмæ æрхаудта. Уый фæстæ Дзег сызгъæрин лагъзæй систа фæныкхуыз халоны æмæ уымæн дæр йæ къубал сыздыхта, – Бæлгъуыры тых басаста цуаноны фырт. 

Æхсарджын Дзег æмæ сау коймаг дæсны лæг хæзнатæ æмбырдгæнджытæй, хос ссивджытæй æмæ мæнæугæрдджытæй фæйнæ авд лæджы ракодтой æмæ Бæлгъуыр æнæ тых, æнæ ныфсæй кæм хуыссыд йæ тъахтиныл, уыцы уатмæ бацыдысты. 

Бæлгъуыр фæкаст Дзегмæ, бакаст урсзачъе дæснымæ; йæ цæст ахаста йæ цагъайрæгтыл дæр, æмæ фæтарсти фыдгæнæг паддзах, йæ хид йæ къæхты бынæй акалд. 

Уæд дæсны лæг адæмæн афтæ зæгъы: 

– Мæнæ уын, нæ туг нын æнæвгъауæй чи нозта, зæххы бын нæ чи бакодта æмæ нæ йæхицæн чи фæкусын кодта æфхæрд, æххормагæй, уый. Мæнæ ис, Хурджын бæстæйы хæзнатæ зæххы бын чи бамбæхста æмæ Хуры чызг Зæринæйы чи раскъæфта, уыцы фыдызнаг! 

Иу ныхас дæр нал скодта Дзеджы фырт. Сызгъæрин чырынæй æртыккаг халоны систа, сау халоны систа æхсарджын Дзег æмæ йын сыздыхта йæ къубал, – аскъуыд дæлдзæхы паддзах Бæлгъуыры цард. 

Зæринæйы цæсгом цинæй сæрттывта æмæ хæйрæджыты паддзахы тар галуантæ хуры тынтæй айдзаг сты 

Дзег æмæ, йемæ мидæгæй чи уыд, уыдон кæртмæ рацыдысты. Дæсны зæронд лæг, сау комы йæ мæгуыр хæдзары уæззау бонтæ чи 'рвыста, уый йæ къух хæрдмæ систа æмæ, адæм куы фæсабыр сты, уæд загъта: 

– Арфæгонд ут, хорз адæм, амондимæ цæрут, рухсæй бафсæдут! Арфæгонд уæд æхсарджын Дзег дæр. Хуры чызг Зæринæимæ сæ цард рæсугъдæй арвитæнт. Бæлгъуырæн цыдæриддæр хæзнайæ фембырд кодтам, уыдон амæй фæстæмæ нæхи сты. Фæндаг нын байгом ис Хурджын бæстæм. Уым, æцæг хуры тынтæм, а бæстæйы хæзнатæ се 'цæг хуыз скалдзысты æмæ уæлдзæхы адæмы цард самондджын уыдзæн. 

Æхсарджын Дзег йæ дзыппæй цыллæ хæцъил систа, нымæтын ехсæй йæ æркъуырдта æмæ йæ дзæбидыры царм фестын кодта. Уый фæстæ Дзег дзæбидыры цармыл æрбадын кодта дæсны зæронд лæджы æмæ рæсугъдты рæсугъд Зæринæйы. Йæхæдæг дæр æрбадти сæ фарсмæ. 

Æмæ дзæбидыры царм атахти сау фурды былтыл Хуры бæстæм рацæуæн фæндагмæ. 

Дзæбидыры царм уайтагъд æрхæццæ ссырджын усы æртæ чызгмæ. 

– Мах дæр нал лæууæм ацы саудалынг бæстæйы, – загътой æртæ хойы Дзегæн. – Демæ нæ акæн Хурджын бæстæм, дæ хорздзинад дын никуы ферох кæндзыстæм. 

Дзег æртæ чызджы æрбадын кодта дзæбидыры цармыл æмæ загъта: 

– Хурджын бæстæйы цы фестæм! 

* * * 

Дзæбидыры царм сау хуынкъæй стахт. Кæсы Дзег, æмæ Тох æмæ Æтох мусонджы бадынц. 

– Цæмæн æрфæлдæхтат уæззау къæй æмæ мæ дæлдзæхы цæмæн ныууагътат? Уæ ард цæмæн фехæлдтат? Худинаг уын уæд! – бауайдзæф кодта Дзег Тох æмæ Æтохæн. 

Ссырджын усы æртæ чызгæн та загъта: 

– Сымахæн хорз амæндтæ уæ хай. – Йæхæдæг тархъæдмæ азгъордта æмæ хотæн æрбахаста сагтæ æмæ сæгуытты мæрдтæ, дæлдзæхы мын кæй феххуыс кодтат, уый тыххæй уын мæ лæвар, зæгъгæ. 

Уый фæстæ Дзег хæдтулгæ уæрдоны бабадт æмæ йæ рæсугъд усимæ араст и йæ зæронд мад æмæ фыды хæдзармæ. 

Цас фæтылди хæдтулгæ уæрдон, чи йын цы зоны. Фæлæ æппынфæстаг батылди зæронд Дзеджы мæгуыр хæдзармæ. 

Нал уыди кæрон зæронд цуаноны цинæн. Нал æфсæст йæ фырты æмæ йæ чындзы уындæй зæронд Азау. Дзег йæ фыртæн хорз чындзæхсæв скодта. Æрхуыдта, дæлдзæхæй чи ссыд, уыцы адæмы. Чындзæхсæвы хистæрæн бадти сау коймаг дæсны лæг, сау чъегъре та – йæ галиу фарс. 

Зæронд Дзег æрхуыдта сæ каисты дæр: Хурты Хурзæрины усы йæ дыууæ чызгимæ. Æвзист Мæйы ус дæр нæ фæзивæг кодта. Урсзачъе зæронд лæг æмæ сохъхъыр Æфсати дæр уым уыдысты. Куырдалæгон51, Бонвæрнон, Авд хойы, Фисынмæдзæуджытæ, – иууылдæр чындзæхсæвмæ æрцыдысты. Æппæты дæле бадти Кæрдæджы стъалы æмæ цъæхбын рухс кодта. 

Куырттаты сау хъæд, Хурджын бæстæ æгасæй дæр цин æмæ амонды зарджытæй байдзаг ис. 

Хурты Хурзæрин та арвы астæуæй касти. Уый йæ цæхæр цæст ныддардта йæ буц чызг Зæринæмæ, йе сиахсмæ æмæ, зæронд Дзеджы хæдзары чындзæхсæвы чи бадт, уыдонмæ се 'ппæтмæ дæр. 

 

ФИППАИНÆГТÆ: 

 

Аргъау фыст у адæмон сфæлдыстады бындурыл, уыимæ нæй зæгъæн, иу цавæрдæр адæмон аргъауæй спайда кодта автор, зæгъгæ: æмбæлæм дзы тынг бирæ фольклорон мотивтыл, фæлгонцтыл. Фыццаг хатт иронау мыхуыры рацыд 1957 азы. 

 

1. Сæгæйдзаг – милæйдзаг (уырыс. «испачканный сажей, копотью»); ам: мæгуыр, талынг.  

2. Æрфæн – бæхы ном. Афтæ хуынд нарты Уырызмæджы бæх. Кадджытæм гæсгæ, Æрфæн у «зæххон бæхты фыдæл», ома бæхты мыггаг зæххыл уымæй равзæрд. Ацы ном ма æмбæлы дзырдбаст «Æрфæны фæд»-ы. «Æрфæны фæд» – стъалыты гуппар (уырыс. «Млечный путь»). 

3. Уарт – хи цæфæй хизæн, хъахъхъæнæн хæстон дзаума (уырыс. «щит»). Уыди алыхуызон – æмдымбыл, дæргъæццон, цыппæрдигъон. Арæзтой йæ рог æмæ фидар згъæртæй, дардтой йæ цонгыл. 

4. Æрдын – рагон хæцæнгарзы хуыз (уырыс. «лук»). 

5. Фатдон (кæнæ сагъадахъ) – фаттæ дарæн сæрмагонд агъуд (уырыс. «колчан»). 

6. Цирхъ – рагон хæцæнгарзы хуыз (уырыс. «меч»). Цирхъ у æхсаргардæй егъаудæр, хъамайау – дыууæрдыгæй цыргъ. Арæзтой йæ æвзаргæ æндонæй, æфсæйнагæй. 

7. Æфсати – тугдзых чи нæу, уыцы сырдты, æмæ уыдоныл цуан кæныны бардуаг. Адæмон сфæлдыстады йæ æвдыстæуы урс даргъ зачъеджын зæронд лæджы хуызы. Таурæгътæм гæсгæ, йæ бадæн бынат ис хæхты бæрзонддæр – Адайы хохыл. Уырдыгæй фæлгæсы, йæ цæст дары йæ фосмæ. Ирон уырнынадмæ гæсгæ, Æфсатийы æвастæй сырд амарæн нæй. Цæмæй, цуаны цæугæйæ, сæ къухы исты бафтыдаид, уый тыххæй цуанæттæ æххæст кодтой бæлвырд домæнтæ æмæ æгъдау. Фольклоры арæх æмбæлы эпитет «сохъхъыр»-имæ. Æфсати уыд Нарты, ирон адæмы уарзондæр бардуæгтæй иу. Ацы фæлгонцыл арæх æмбæлæм кадджыты, таурæгъты, аргъæутты, у зарджыты хъайтар, Хетæгкаты Къоста йыл ныффыста æнæмæлгæ уацмыс «Æфсати». 

8. Къæрта – хъæдæй мигæнæн, донгарз. 

9. Мæ къона – рæвдауæн ныхас. Къона (уырыс. «очаг») – артдзæст, ирон хæдзары æппæты зынаргъдæр, табуйагдæр бынат. Дзуарау æй сыгъдæг дардтой, куывтой йæм. Ирон адæмы зондахасты къона æмæ къонайы рæхысимæ (уырыс. «надочажная цепь») баст сты фарныл дзурæг æппæт æмбарынæдтæ дæр. Стыр тæригъæдыл, æфхæрдыл нымадтой сæ фæчъизи, сæ фæхудинаг кæнын. Къонайы рæхысыл æндзæвгæйæ, хордтой ард, ног чындз-иу хæдзармæ куы ‘рбацыд, уæд-иу æй фыццаг æрзилын кодтой къонайы алыварс, бафæдзæхстой-иу æй къонайы бардуаг Сафайыл. Буцдæрæн «мæ къона», зæгъгæ, дзырдтой кæстæртæм. 

10. Бон уылынг рæзыд, æхсæв та – дисн – аргъæутты арæх чи æмбæлы, ахæм ныхас. Дунеон фольклоры баст у «хъайтарон сабидуджы» мотивимæ. Адæмон аргъæутты хъайтартау Дзег дæр рæзыд тынг тагъд. Уылынг – арм куы айтынг кæнай, уæд стыр æнгуылдзæй амонæн æнгуылдзы онг дæрддзæг; дисн, дисны, уыдисн – рагон дæргъбарæн бæрц, арм куы айтынг кæнай, уæд хистæр æнгуылдзæй кæстæры онг. 

11. Дæлимон – дæлдзæх цæрæг хæйрæг. 

12. Ацурдзынæн – афыцдзынæн. Цурын – сойы фыцын (уырыс. «жарить»). 

13. Куырæт – нæлгоймаджы æддаг дарæс (уырыс «бешмет»). 

14. Зæнгæйттæ – нæлгоймаджы дарæс (уырыс. – «ноговицы»). Арæзтой сæ фæсмынæй, æдхъуын цармæй, сæракæй, хъуымацæй. Æххæссыдысты уæраджы сæртæм, уæраджы фæтасæны бынмæ баст уыдысты зæнгбостæй, сæ бинаг кæрæттыл сын хуыдтой фадбостæ.  

15. Цухъхъа – нæлгоймаджы дарæс (уырыс. – «черкеска»). 

16. Æрчъи – галдзармæй (æрчъиагæй) хуыд къахыдарæс. 

17. Схон, æхсон – фидар дуры мыггаг, пайда дзы кодтой зынг ацæгъдынæн (уырыс. – «кремень»).  

18. Зных – бæласы зокъо фыхæй æмæ хусгондæй, пайда дзы кодтой зынг амал кæнынæн (уырыс. «трут»). 

19. Арт – æндоны къæртт (уырыс. «огниво»). Æхсоныл æй куы æрцæвай, уæд дзы цæхæр акæлы, пайда дзы кодтой зынг цæгъдынæн. 

20. Идон – бæхифтындзæн дзаума (уырыс. «уздечка»). 

21. Сивыр – хъæдæй конд хæдзары дзаума, йæ быны – иу егъау кæнæ æртæ къаддæр хуынчъы. Уыдис ын-иу къæрмæг дæр. Сивырæй пайда кодтой фых дзидза æвæрынæн, агæй сисгæйæ, ногахст цыхт лæдæрсынæн.  

22. Нымæтын ехс – аргъæуты алæмæты ехс, исты дзы куы æрцæвай, уæд, цы дæ фæнда, уый фестдзæн. 

23. Фынгисæггаг – фынджы æгъдау. Уыцы æгъдаумæ гæсгæ уазджытæ фынгыл цы хойраг уыдис, уымæй æнæмæнг хъуамæ ныууагътаиккой хай – фынгисæггаг – фынджы уæлхъус лæггад чи кодта, уыцы кæстæртæн. 

24. Ирон фольклоры арæх æмбæлы ацы мотив – хъайтар йæхицæн цардæмбалæн Хуры чызджы куы бацагуры. Йæ ратæдзæн ис индоевропæйаг мифты. 

25. Лæнк – ныллæг бынат (уырыс. «низина, ложбина»). 

26. Фæстæмæзæвæтджынтæ – хæйрæджытæ. 

27. Хæххон дзигло – афтæ аргъæутты уæйгуытæ хонынц хуымæтæг зæххон адæмы. Дзигло – хохаг гыццыл цъиу. 

28. Бæлгъуыр – ирон мифологийы хæйрæджыты паддзах. Адæмон сфæлдыстады æвдыст цæуы фыдзонд, мæстыгæр æмæ мæтъæлæй.  

29. Æргъæу – зынаргъ, нывæфтыд дур (уырыс.: 1) «жемчуг», 2) «перламутр»). 

30. Ирæд – рагон æгъдау. Лæвæрдтой йæ къайады ныхмæ. Ирон æхсæнады ирæдмæ кастысты чындзæн йæ мыггаджы æмæ йæ фыды социалон уавæры цæстæй. Ирæд фыстой стыр æмæ лыстæг сыкъаджын фосæй. Сæ нымæц-иу хæццæ кодта дæсгæйттæм æмæ суанг фондзыссæдзгæйттæм дæр, ноджы ма лæвæрдтой зынаргъ дзаумæттæ, уыдонимæ зынаргъ хæцæнгæрзтæ, æрхуы æгтæ.  

31. Фисынмæдзæуджытæ – стъалыты гуппар (уырыс. «Большая медведица»). 

32. Авд хойы – стъалыты гуппар (уырыс. «созвездие Плеяды»). Ис ахæм ирон таурæгъ: «Æмбырдтæ» (ахæм ном дæр ма сын ис) цы стъалыты гуппар хонынц, уыдон кæддæр уыдысты авд хойы. Уыдонæй чи хуыздæр у, уый зæххыл ничи зыдта. Иу хатт усгуртæ сфæнд кодтой хоты бафæлварын. Радтой сын иухуызон куыст, чи йæ хуыздæр сæххæст кæндзæн, уый сбæрæг кæнынæн. Æмсæр разындысты хотæ, скуывтой Хуыцаумæ, арвыл нын бынат ратт, зæгъгæ. Сæ нæмттæ сты: Уз, Заз, Цицыр, Зада, Гадæкк, Удыкк æмæ Гæда (иннæ вариантмæ гæсгæ та – Аззæ, Уырыззæ, Цицц, Уæрдахъ, Дæдæкк, Уæдæкк æмæ Къæбæда).  

33. Дæлдзæх, уæлдзæх. Рагон уырнынадмæ гæсгæ, дуне арæзт у уæлдзæх æмæ дæлдзæхæй, уыимæ уæлдзæхтæ дæр æмæ дæлдзæхтæ дæр сты æвдгæйттæ. Фыццаг уæлдзæх у зæххы цъар – адæм, цæрæгойтæ кæм цæрынц, зайæгойтæ кæм зайынц, уый. Уымæй уæлæмæ ма арвы тыгъдады ис æхсæз уæлдзæхы – уæларвы. Уыдонæй алкæм дæр цæрынц зæдтæ, дауджытæ, хæрзудтæ. Æппæты уæллаг уæларв у Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцауы цæрæнбынат. Дæлдзæх – дæлимонты цæрæнбынат.  

34. Ацы мотив æмбæлы Нарты кадджыты. Æфсати Нарты Ацæмæзы фыд зæронд Ацæйæн лæвар кæны йæ диссаджы уадындз, баххуыс ын кæны ирæд сæмбырд кæнынæн дæр. 

35. Бонвæрнон – райсомы стъалы, планетæ Венера, хонынц ма йæ Боброн дæр. 

36. Хъазантемыр – стъалыйы ном (уырыс. «Полярная звезда»). 

37. Кæрдæджы стъалы – стъалы Вега. 

38. Къуыстил – бæрзонд нарæгхъуыр мигæнæн (уырыс.: 1) «узкая высокая маслобойка»; 2) «кадка»). 

39. Кæнгæ æфсымæртæ – аразгæ хæстæгдзинады хуыз. Æгъдаумæ гæсгæ-иу дыууæ мыггагæй, суанг ма фæйнæ адæмыхаттæй чи уыдис, ахæм нæлгоймæгтæ кæрæдзиимæ ныффидар кодтой тугхæстæгдзинады æмсæр ахастдзинæдтæ. Кæнгæ æфсымæртæ-иу ард бахордтой, кæрæдзиуыл иузæрдион, æнувыд кæй уыдзысты (æрдхæрдтæ дæр сæ уымæн хуыдтой). Æххæстгонд дзы цыдысты алыхуызон æгъдæуттæ бæрæг фæткмæ гæсгæ. Фидæны æфсымæртæ-иу символикон хуызы сæ туг схæццæ кодтой, æмæ-иу æй бануæзтой. «Кæнгæ æфсымæрты ахастдзинæдтæ нымад уыдысты уæлфæдзæхст хъуыддагыл æмæ сæ тугхæстæгдзинадæй уæлдæр æвæрдтой. Ууыл дзурæг у ирон æмбисонд «Кæнгæ æфсымæр æфсымæрæй зынаргъдæр у». 

40. Лалым – цармæй конд дзæкъул кæнæ голлаггонд хъæдын бынимæ, пайда дзы кодтой алы тæнгъæдтæ хæссынмæ, ласынмæ. Лалымтæн сæ ас уыди алыхызон, цæй цармæй сæ кодтой (сæгъы, фысы, роды, саджы, галы кæнæ къамбецы), уымæ гæсгæ (уырыс. «бурдюк»).  

41. Хуыйæндæгтæ – цармæй, сæракæй конд æндæхтæ (уырыс. «дратва», «кожаные нитки»). 

42. Æрхуы – згъæры мыггаг (уырыс. «медь»). 

43. Чъегъре, чегъре – 1) фæндагамонæг (уырыс. «проводник»); 2) æхсæнылæг (уырыс. «посредник»); 3) кæнæ хъазтамонæг, дугъ амонæг (уырыс «смотритель танцев, скачек»). Пайда ма дзы кæнынц ахæм нысаниуæгимæ дæр: лæггадгæнæг (уырыс. «прислуга»). Созырыхъомæ «чъегъре» фыст кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ æнæивгæйæ ныууагътам.  

44. Зæрингуырд – сызгъæринæй æрмдæсны (уырыс. «золотых дел мастер», «ювелир»). 

45. Зæххы сау сой – ныхас цæуы нефтыл. 

46. Зды – згъæры мыггаг (уырыс. «свинец»). 

47. Æхсинæг – хъæддаг бæлон (уырыс. «дикий голубь»). 

48. Алдымбыд – зæлдаг æндæхтæй быд (уырыс. «шелковая тесьма», «галун»). 

49. Аргъауыл æнæфæзынгæ нæ фæци рæстæджы æндæвдад. Ацы нывы æнцон базонæнæн сты ХХ-æм æнусы райдианы революцийы цаутæ. 

50. Къала – згъæры мыггаг (уырыс. «олово»). 

51. Куырдалæгон – уæларвон куырд, куырды куысты æмæ куырдты бардуаг. Нартимæ цард хæларæй, арæзта сын хæцæнгæрзтæ, сæрыдта сæ.  

 

 

Ацы аргъæуттæ сайтæн балæвар кодта Брытъиаты Анжела.  

Зæрдæбынæй йын арфæ кæнæм уый фæдыл.  

 

 

 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ