Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Стъалыджын фæндаг
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ДЗУЦЦАТЫ ЗАЛИНА 

 

СТЪАЛЫДЖЫН ФÆНДАГ 

 

Алы хурныгуылды фæстæ дæр сырддон фервæзы æгас боны дзолгъо-молгъойæ. Уæвгæ дзы цард нæ бамынæг вæййы. Уый нæ, фæлæ диссæгтæ уæд райдайынц. 

Æмæ диссаг та куыннæ вæййы: алы изæр дæр райхъуысы Уыджы уасын: 

– У-у-у! уе ‘ппæт дæр рацæут æмæ та уын ракæнон аргъау! 

Аргъауы коймæ сырддоны къалатиты дуæрттæ байгом вæййынц æмæ сырдæй-маргъæй Уыджы алыварс æрæмбырд вæййынц. Зондджын уыг – аргъæутты дæсны – йæ цæстæнгас ахæссы арвгæрæттыл æмæ нывæндын байдайы алы диссаджы хабæрттæ. 

Ацы изæр дæр та сырдтæ æмæ мæргътæ раивылдысты сæ къалатитæй: саг сæрбæрзонд æмæ уæздан къахдзæфтæгæнгæ рацæуы, Мæлхъ1 йæ рæсугъд хуызтæ æвдисгæ расимы, Дзæбидыр йæ сæрæй хъазгæ расиры. Суанг ма Сæгъ дæр, цыма йæ сыхæгты цъæх цæхæрадонмæ тагъд кæны, тъæбæртт згъордæй Уыджы раз балæууыд. 

Иу ныхасæй, сырддоны цæрæгойтæ та Уыджы алыварс æрæмбырд сты æмæ æнхъæлмæ кæсынц ног аргъаумæ. 

Теуа дæр йæ гомдуар къалатийæ ракасти, фæндыди йæ аргъаумæ байхъусын, фæлæ та ацы хатт дæр иннæ изæртау йæ ныфс нæ бахаста. Уымæн æмæ йыл æдзухдæр худгæ кæнынц. Нæ йыл æрвæссынц. Сæ хуыздæр ныхас вæййы: «Æдылы Теуа! Фыдынд Теуа!» 

 
«Фыдынд бæргæ нæ уыдтæн! – йæ саджилæг стыр къæхты бынæй ныуулæфыди Теуа. – Мæ райгуырæн Змисджын быдырты куы цардтæн, уæд мæ мæ мад Теуинæ йæ уды гага хуыдта… Ехх, фæлæ ацы къалатийы цæргæйæ æмæ райгуырæн быдыртæ мысгæйæ, фыдынд нæ, фæлæ ма æгас дæр кæй дæн!..» 

Теуа та уыцы цымыдисæй бакасти аргъаумæ хъусджытæм æмæ фидарæй скарста: «Цæуон,, æмæ æз дæр байхъусон аргъаумæ. Цы нæ вæййы, – кæд дзы мæ райгуырæн Змисджын быдырты кой уæддæр фехъусин…» 

Теуа куыддæр сырдтæ æмæ мæргъты къордмæ бахæццæ, афтæ Уыг йæ дзурынæй фенцад æмæ сабыргай багуым-гуым кодта: «Гъер ма Теуа хъуаг уыдыстæм!» Мæлхъ та хъихъуастæй афтæ бакодта: «Æз ацы Теуаимæ иу аргъаумæ нæ хъусын!» – æмæ гыццыл раздæр куыд æрбасимдта, афтæ та симгæ фæстæмæ йæ бынатмæ араст и. Сæгъ дæр, йæ боцъо тилгæ, уыцы æнæрвæссонæй скасти Теуамæ: «Ды та цы ‘мбарыс аргъауæн? Цы ‘рбасхъæл дæ?» Хъоппæгдзæст Саг йæ къæдзил бацагъта, Теуамæ бакасти, фæлæ йæхинымæр исты дзырдта æви сынæр цагъта, уымæн Теуа ницы бамбæрста. Æрмæст æнкъардæй загъта: 

– Омæ уын мæ фенд кæд афтæ хъыг у, уæд æз фæстæмæ аздæхдзынæн. 

– Аздæх-аздæх! – багуым-гуым кодта Уыг. 

Æмæ æцæгæй дæр Теуа аздæхти йæ къалатимæ æмæ æнкъардæй кæсын райдыдта арвы астæумæ. Арвыл бафиппайдта дæргъæй-дæргъмæ къахвæндаг æмæ хъуыды кодта: «Æвæццæгæн, уыцы талынджы къахвæндагыл фæцæуынц уæларвон теуатæ! Кæд мæм, мыййаг, бæрзондæй фæкæсынц æмæ мын тæригъæд фæкæнынц…». Теуа та йæ къæхты бынæй ныуулæфыд: 

– Ехх, æвæдза, тæригъæд цы Теуайæн нæ кæнынц, уый тынг мæгуыр Теуа у… 

Сырдтæ æмæ мæргъты ‘хсæнæй та цыдæр сонт хъæртæ райхъуысти, æмæ Теуайы æнкъард хъуыдыты хал æрбаскъуыд. 

– Æз та уын афтæ зæгъын, æмæ Теуа æдылы нæу! Стæй фыдынд дæр нæу! – загъд кæны Бубупгæнаг цъиу2, фæлæ уыг нæ сæтты: 

– У-у-у! Æдылы у! Фыдынд у! 

Бубупгæнаг, сырдтæ æмæ мæргътыл ныхасæй нæ фæуæлахиз уыдзæн, уый куы бамбæрста, уæд ма афтæ бакодта: 

– Искæйы зæрдæ рæстæй чи риссын кæны, æдылы уый у. Фыдынд уый у. Теуа та зондджын æмæ рæсугъд у. 

Уыцы ныхæстæ Теуамæ диссаг фæкастысты: «Æдзух мæ æфхæргæ куы кæнынц сырдæй, маргъæй, – се ‘ппæт дæр, уæд мæ фарс чи рахæцыди?» 

Уыцы рæстæг Теуайы къалатийы тигъыл абадти Бубупгæнаг: 

– Теуа, хъуыды дæр ма сæ ма кæн! 

Теуа йæ цæстытæй бахудти æмæ афтæ зæгъы: 

– Дæ бакаст куыд рæсугъд у, уæртæ цъиу, дæ зæрдæ дæр, æвæццæгæн афтæ рæсугъд у! 

Бубупгæнаг йæ базырты хъулæттыл йæ цæст ахаста æмæ афтæ: 

– Нæ зонын, цас рæсугъд дæн уый, фæлæ абон æгас кæй дæн æмæ дæуимæ кæй ныхас кæнын, уый у дæ хоты æмæ де ‘фсымæрты руаджы, теуаты фæрцы! 

Дзæбæхдæр æрбадти къалатийы æфсæн быруйы кæрон. 

– Чи зоны, дæ хотæ нæ уыдысты, фæлæ дæ мад, дæ фыд... 

Бубупгæнаджы ацы ныхас Теуамæ бынтон диссаг фæкасти: 

– Мæ фыд Теуæханы зоныс? Мæ мад Теуинæйы федтай? 

– Раст зæгъгæйæ, сæ нæмттæ сын нæ зонын, фæлæ æз теуаты фæрцы фервæзтæн Змисджын тыгъд быдырты... 

Теуайæн æвиппайды йæ цæстыл ауадысты Змисджын тыгъд быдыртæ, йæ мад Теуинæйы алыварс-иу куыд цæрдæг разгъор-базгъор кодта, йæ къæхты бынæй-иу ын дымгæ сызгъæрин змис куыд аскъæфта, йæ фыд Теуæхан-иу теуа-дзуджы разæй куыд арасти уæзбын, фæлæ фидар къахдзæфтæй. Æмæ нæ тарсти нæдæр кæлмытæй, нæдæр змисджын дымгæтæй. 

– Бузныг, Бубупгæнаг, æгайтма мын мæ зæрдыл æрлæууын кодтай мæ сабибонтæ, – арф ныуулæфгæйæ? загъта Теуа, – фæлæ цы хуызы бафтыдтæ мæ райгуырæн Змисджын быдыртæм? 

– Æз, мæнæ дзæбæх Теуа, алы афæдз дæр дыууæ хатты фенын дæ райгуырæн Змисджын быдыртæ 

Уыцы ныхæстæм та Теуа йæ хъустæ фæгæмæл кодта: 

– Дзур, дзур, Бубупгæнаг, æз дæм хъусын! 

– Цæвиттон, Теуа, алы фæззæг хъарм бæстæм атæхын, алы уалдзæг хъарм бæстæй раздæхын, – биноныг ныхасыл схæцыди Бубупгæнаг. – Уалдзæджы райдианы фæстæмæ куы здæхтæн, уæд мæ Змисджын тыгъд быдыры сæрмæ уаддымгæ 'рцахста. Арвы цъæх нал зынди сызгъæрин змисы дымгæйæ, рагацау базыдтон мæ мæлæт æмæ хæрзбон загътон мæ райгуырæн къуыбыртæн. Иу заман мæ дымгæ йæ тæвд базыртæй æрбацавта æмæ ницыуал бамбæрстон... 

Теуа катайгæнгæ афарста: 

– Æмæ дарддæр... дарддæр та цы уыди? 

– Дарддæр цы уыди, зæгъыс? – спæррæстытæ та кодта Бубупгæнаг. – Дарддæр та уый уыди, æмæ уыцы æнæбонхуызæй æрхаудтæн теуаты астæумæ. 

– Теуаты астæумæ, загътай?! – цины хъæр фæкодта сырддоны мæгуыр Теуа. 

– О, о! Теуаты астæумæ. Мæхи куы æрæмбæрстон, уæд дымгæйæ бамбæхстæн иу теуайы даргъ фисты. 

– Æмæ цы хуынди уыцы теуа? 

– Йæ ном мæ ферох и, фæлæ, æвæдза, тынг рæсугъд теуа уыди. 

Теуайы цæстытæ та ферттывтой: 

– Уæдæ уый, æнæмæнг, мæ мад Теуинæ уыдаид! Зоныс, Бубупгæнаг, Теуинæ уыди Змисджын быдырты æппæты рæсугъддæр теуа! 

– Раст зæгъыс, Теуа, алкæмæ дæр йæ мад æппæтæй рæсугъддæр кæсы... 

– Нæ, нæ, Бубупгæнаг! Мæ мад уыди æппæты рæсугъддæр, æппæты фæлмæндæр, æппæты хъармдæр... Зоныс, Бубупгæнаг, Теуинæ-иу æхснарцъыйы3 къалиу куы ссардта, уæддæр-иу мæнмæ сидти: «Разгъор, Теуырыхъо, мæнæ дын æхснарцъыйы къалиу ссардтон». Уæдæ мын сатæг изæрты цы диссаджы аргъæуттæ кодта уæларвон теуаты тыххæй! Уыдон, дам, гыццылæй сæ мадæлтæй чи фæхицæн, уыцы теуатæ сты. Æмæ, дам, уæларвон стъалыджын фæндæгтыл агурынц сæ ныййарджыты... Ехх, Бубупгæнаг, æз бирæ амондджын бонтæ арвыстон ивылгæ Змисджын быдырты мæ мады фарсмæ... 

Бубупгæнаг цасдæр хъусæй алæууыди, стæй та афарста: 

– Æмæ дыл уæддæр цы 'рцыди, Теуырыхъо? Цæмæн фæхицæн дæ дæ мадæй? 

Теуа та йæ къæхты бынæй ныуулæфыди æмæ æнкъардæй загъта: 

– Уыцы райсом дæр та æхснарцъыйы къутæртæ агурæг зылдыстæм. Иу ахæмы æгæр дард ацыдтæн мæ мадæй. Æнæкæрон тыгъд быдыры цыдæриддæр дымгæтæ уыди, уыдон иууылдæр мæ ныхмæ рацыдысты, сызгъæрин хур æмæ арвыцъæх змисæй нал зындысты. Мæ мады къахвæдтæ нæ, фæлæ-иу мæхи къахвæдтæ дæр уайтагъд змисы бын фесты. Иу ныхасæй, Бубупгæнаг, фæхицæн дæн нæ теуа-дзугæй, мæ мад Теуинæйæ. Цалдæр боны фæстæ мæ ссардтой цавæрдæр фæндаггон адæм, æмæ, мæ фысымтæ ивгæ, æрхæццæ дæн ардæм... Раст зæгъгæйæ, æвзæр цард мын нæй, афоныл мын алыхуызон хæрзад къалиутæй мæ раз байдзаг кæнынц. Ехх, фæлæ дæ, Бубупгæнаг, бауырнæд, кæйдæр бæстæйы æфсæстæй цæрыны бæсты фæлтау æххормагæй дæр цæр... дæ райгуырæн Змисджын быдырты... 

Бубупгæнаг тынг фæтæригъæд кодта Теуайæн æмæ æнкъардæй загъта: 

– Æмбарын дæ, Теуырыхъо. Æз мæхæдæг дæр афтæ фæмысын хурджын хъарм бæстæйы мæ райгуырæн къуыбыртæ. Фæлæ ма тыхс, Теуырыхъо, æз мæнæ тагъд фæстæмæ тæхдзынæн хъарм бæстæм дæ райгуырæн Змисджын быдырты сæрты, бацагурдзынæн дæ мад Теуинæйы, дæ фыд Теуæханы æмæ сын фæдзурдзынæн дæ хабæрттæ. 

Теуайы зæрдæ Бубупгæнаджы ныхæстæй барухс и æмæ цингæнгæ загъта: 

– Бузныг, зæрдæхæлар Бубупгæнаг! Зæгъ-иу мæ мад Теуинæйæн, мæ фыд Теуæханæн: уæ фырт Теуырыхъо, зæгъ, æгас у, алы бон дæр уæ мысы. Ноджыдæр-иу зæгъ, мæ хæлар Бубупгæнаг, уæ фырт Теуырыхъо уæм, зæгъ, иу рæсугъд изæр æнæмæнг фæзындзæн уæларвон теуатимæ стъалыджын фæндагыл… 

 

ФИППАИНÆГТÆ: 

1. Мæлхъ – маргъы мыггаг (уырыс. «павлин»). 

2. Бубупгæнаг цъиу – маргъы мыггаг, хонынц ма йæ гоппой, дыгоппон дæр (уырыс. «удод»).  

3. Æхснарцъы – зайæгойы мыггаг, хæрæгбæдæн дæр ма йæ хонынц (уырыс. «бересклет»).



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ