Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Дыууæ сыхаджы æмæ дыууæ зæрватыччы аргъау
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Нигер (Дзанайты Иван) 

ДЫУУÆ СЫХАДЖЫ ÆМÆ ДЫУУÆ ЗÆРВАТЫЧЧЫ АРГЪАУ 

 

Сæрд рæстæй æмæ хæларæй  

Арвыста йæ рад нæ бæсты  

Æмæ аивгъуыдта, ацыд. 

 

Хур дзæвгар-дзæвгар куы ахатт,  

Æмæ бонæй-бон мынæгдæр  

Райдыдта кæнын йæ зынг цæст. 

 

Нал тавы, куыд тавта, афтæ; 

Сабыргай ма хилы арвыл,  

Раст фæллад бæлццоны хуызæн. 

 

Уазал дымгæ уайы тигътыл,  

Мигъты комрæбынтæм суры,  

Сур цъæх мигътæ хъæутæм уайынц. 

 

Уый æрбырсы фæззæг, фæззæг!  

Мигъ йæ бæх у, уад – йæ улæфт.  

Алчи дзы йæхи æфснайы. 

 

Калм ныттымбылтæ ис арф ран;  

Хæфс дæр хъуынайы ныллæсти,  

Дуры бын йæхи нымбæхста. 

 

Арс йæ хуыккоммæ фæцыди  

Æмæ дзы йæ дзæмбы сдæрдзæн,  

Афтæмæй æрвитдзæн бонтæ. 

 

Мæргътæй бирæ атахт дардмæ,  

Хъарм бæстæм сæхи фæистой  

Уалдзæджы æрцыдмæ тæккæ! 

 

Фæлæ иу зæрватыкк кауыл  

Бады, уазалы ныргъæвсти,  

Ихæнæй, бецау1, куы ризы. 

 

Галиу базыр ма ысцæгъды,  

Фæлæ рахиз базыр михыл  

Баззади, кæс-ма, зæбулæй. 

 

Асæрды йын æй йæ хъæлæй2 

Иу фыдуаг лæппу ныссаста,  

Æмæ нал у, нал, тæхынæн! 

 

Бады кауы михыл, цъиты3,  

Уазал сæлфынæг æй домы,  

Схуылыдз ис, бецау, æгасæй. 

 

Хатгай ма йæ тыхст, йæ рыстæй,  

«Цъипп-цъипп», зæгъгæ, афтæ скæны  

Саст æмæ уынгæг хъæлæсæй. 

 

Уалынджы дын мæнæ уынджы  

Иу хъæддзау æрцæуы хъæдæй  

Суджы уæрдоны сæр бадгæ. 

 

Æмæ зæрвытыччы уасын  

Айхъуыста куыддæр æгъдауæй,  

Баурæдта тагъд йæ бæхы. 

 

Хъусы хъæддзау лæг лæмбынæг,  

Уæдæ цымæ уыцы тыхст уаст  

Чердыгæй цæудзæни, зæгъгæ. 

 

Хъусы 'мæ кæсы фæйнæрдæм  

Æмæ уайтагъд зæрватыччы  

Ауыдта уым кауыл бадгæ. 

 

Рахызтис йæ сугты сæрæй,  

Бацыдис сындæггай каумæ,  

Састбазыр тыхст маргъы размæ. 

 

Зæрватыкк, бецау, фæтарсти,  

«Цъипп-цъипп», зæгъгæ, скодта тынгдæр,  

Базмæлыд, йæхиуыл схæцыд. 

 

Атæхынвæнд æм бæргæ уыд...  

Фæлæ кæм – фæиртæст михæй  

Æмæ каурæбынмæ 'рхаудта. 

 

Лæг куы федта 'намонд маргъы,  

Уæд ысуынгæг ис йæ зæрдæ,  

Дзуццæджы æрбадт йæ разы. 

 

Арæхстгай йæ систа зæххæй  

Æмæ йæ, фæлмæн рæвдаугæ,  

Бакодта йæ кæрцы роны. 

 

Рараст ис, æрцыд сæхимæ  

Хъæддзау лæг; йæ бæхы суагъта.  

Бафснайдта йæ, базылдис æм. 

 

Бацыд хæдзармæ. Йæ ронæй  

Райста зæрвытыччы 'мæ йын  

Бабаста дзæбæх йæ базыр. 

 

Хъарм ран ын бынат ыскодта,  

Дон, хæринаг ын йæ разы 

Цæвæрдта, куыд æмбæлд, афтæ. 

 

Мад йæ рынчын сывæллонмæ  

Куыд зила, гъе уый хуызæн æм  

Зылд æгас зымæджы дæргъы. 

 

Байгас ис йæ базыр маргъæн.  

Сдзæбæх ис æмæ хъæлдзæгæй  

Хъазын райдыдта йæхицæн. 

 

Уалынмæ æрцыди уалдзæг.  

Цъиутæ хъарм бæстæй фæстæмæ  

Райдыдтой тæхын фæд-фæдыл. 

 

Зæрватыкк дæр дын æддæмæ  

Сабыргай тæхын куы систа  

Æмæ йе 'мбæлттыл æмбæлди. 

 

Лæджы хæдзæры дын ахстон  

Скодта зæрватыкк йæхицæн  

Æмæ дзы къуыртты ныббадти. 

 

Сæрд та аивгъуыдта, æмæ  

Мæргътæ хъарм бæстæм тæхыныл  

Систы, уæдæ 'ндæр куыд вæййы! 

 

Иу бон куы уыдис, уæд мæнæ  

Зæрватыкк йæ ахстоны раз  

Сбадт, цъыбар-цъыбур куы кæны. 

 

Цыма, «цæй, хæрзбон, мæ фысым!» –  

Зæгъгæ, зæгъы, раст гъеуыйау.  

Лæг æм хъусы 'мæ нынкъард ис. 

 

«Цымæ мæ нæ ферох кæндзæн  

Фидæн уалдзæгмæ мæ уазæг?» – 

Дзуры мæгуыр лæг йæхицæн.– 

 

Цæй-ма, бавзарон – бæрæг ыл  

Скæнон!» – æмæ йых сырх æндах  

Бабаста дзæбæх йæ къахыл. 

 

Атахт зæрватыкк, æмæ дын  

Лæг хъыг кæнынтæ куы сисид,  

Растæндæр цыма йæ хъæбул, 

 

Й' ахсджиаг хъæбул, дард балцы ис,  

Уый хуызæн. Къуыри дæргъы йыл  

Нал хæцыд хуыссæджы цъынд дæр. 

 

Зымæг ыл ныддаргъ ис лæгыл:  

Ахæм даргъ зымæг ыл никуы,  

Никуыма ыскодта царды! 

 

Фæлæ ацыди йæ рæстæг  

Зымæгæн. Æрцыд та уалдзæг,  

Хъарм уалдзæг æрцыди мæнæ! 

 

Мæргътæ та тæхынц фæстæмæ.  

Зарынц зарджытæ; сæ зардæй  

Бæстæ схъæлдзæг ис æгасæй. 

 

Зæрватыкк дæр дын куы 'ртæхид  

Æмæ уыцы 'мраст йæ фæндаг  

Лæджы хæдзармæ куы скæнид! 

 

Абадт й 'ахстоны къæсæрыл,  

Фароны ахстоны былыл  

Æмæ сцъыбар-цъыбур кодта. 

 

Цыма дард бæсты хабæрттæ  

Дзырдта мæгуыр лæгæн тагъд-тагъд,  

Уый хуызæн уыдис йæ бакаст. 

 

Лæг куы федта зæрватыччы, –  

Базыдта йæ 'ндахмæ гæсгæ, –  

Уæд хæрдмæ фæхауд фыр цинæй, 

 

Ахстоны цурмæ фæуади  

Æмæ, «дзибæ, дзибæ!», зæгъгæ,  

Дзуры худæндзастæй маргъмæ. 

 

Зæрватыккæн дын йæ дзыхæй  

Цавæрдæр мыггаджы гага  

Лæджы размæ уæд куы 'рхауид. 

 

Дисгæнгæ йæ, систа зæххæй  

Уыцы гага лæг йæ къухмæ  

Æмæ кæртмæ ахызт, ацыд. 

 

«Цымæ, ай цы уа?» – зæгъгæ, дын  

Цæхæрадонмæ фæуади  

Æмæ гага уым ныссагъта, 

 

Иу къорд боны рацыд, афтæ  

Гага 'взар ысуагъта зæххæй,  

Насгæрдæджы хуызæн æвзар. 

 

Рацыди та цалдæр боны,  

Æмæ уыцы 'нахуыр æвзар  

Дидинæг æфтауын систа. 

 

Дидинæджы бынаты та  

Ноджы иукъорд боны фæстæ  

Уæд æнахуыр нас куы 'рзаид. 

 

Æмæ дын нæрсын куы сисид  

Уыцы нас уæд бонæй бонмæ,  

Стыр куы ныннæрсид, хæрз дынджыр. 

 

Ныр цæттæ уыдзæни, зæгъгæ,  

Иу ахæмы лæг амалтæй  

Насы батылдта йæ кæртмæ. 

 

«Цымæ ц 'ад кæндзæни? Цæй-ма,  

Сфыцон дзы уæд та ныртæккæ», –  

Загъта лæг йæхинымæры. 

 

Фæрæтæй æрцавта насы. 

Нас фæсаст, æмæ йæ хуылфæй 

Ракалди сыгъзæрин æхца. 

 

Хабар уайтагъд хъæуыл айхъуыст,  

Æмæ адæм мæгуыр лæгыл  

Байдыдтой æмбырдтæ кæнын. 

 

* * * 

Иу сыхаг уыд мæгуыр лæгæн,  

Хуынд Гæдо – хæлæг чи уыдис,  

Ахæм саузæрдæ адæймаг. 

 

Уайтагъд мæгуыр лæджы уæлхъус  

Февзæрд уый дæр иннæтимæ  

Ронбæгъд æмæ худаистæй. 

 

Сыгъзæрин æхцайы кæри  

Ирд тæмæн калгæ куы федта,  

Уæд фыр хæлæгæй ысрызтис. 

 

Афæлдæхт цъæх-цъæхид иууыл.  

Ма мæ бамбарой, зæгъгæ, дын  

Лæгæн арфæтæ куы кæны. 

 

Арфæтæ кæны былæлгътæй.  

Фæлæ мидæгæй йæ зæрдæ  

Уадзы арт, цъæх арт, хæлæгæй. 

 

Нал фæлæууыд æмæ лæджы,  

Раст, æнæхин мæгуыр лæджы  

Афарста Гæдо æвиппайд: 

 

«Ахæм хæзна насы мыггаг  

Чердыгæй бафтыд дæ къухы,  

Уый мын зæгъ, мæ уарзон сыхаг!» 

 

Мæгуыр лæг дæр ын йæ хабар  

Радзырдта кæрæй-кæронмæ...  

Ацыдис Гæдо сæхимæ... 

 

Фæззæджы дын бавдæлди 'мæ  

Иу зæрватыккæн йæ базыр  

Дурæй асаста йæ кæрты. 

 

Фелвæста йæ, хæдзармæ йæ  

Бахаста. Йæ базырмæ йын  

Зилын байдыдта. Фæзылд æм. 

 

Бадзæбæх ис маргъы базыр.  

Фæлæ бадт уæддæр æнкъардæй,  

Рыст, æфхæрдхуызæй æрвылбон. 

 

Хины рæвдыд-иу æй кодта  

Саузæрдæ лæг иуæй-иу хатт,  

Хорз хæринаг ын лæвæрдта. 

 

Фæлæ зæрватыкк йæ сæрыл  

Никуы схæцыди уæлæмæ  

Гас зымæг-зымæджы дæргъы. 

 

Уалдзæг ралæууыди, мæргътæ  

Райдыдтой тæхын фæстæмæ,  

Бæстæ схъæлдзæг ис æгасæй. 

 

Зæрватыкк æддæмæ ратахт, 

Йе 'мбæлттимæ фембæлд уынджы, 

Семæ ратæх-батæх систа. 

 

Ахстон скодта хорз йæхицæн  

Раст Гæдойы рудзынджы сæр.  

Уым-иу бадт æхсæв, къæвда бон... 

 

Фæззæг та æрцыди мæнæ.  

Зæрватыккæн дæр йæ зæрдыл  

Хъарм бæстæм тæхын æрæфтыд. 

 

Иу бон куы уыдис, уæд бады  

Й 'ахстоны 'мæ нал æнцайы,  

Нал, цъыбар-цъыбур куы кæны. 

 

Хъусы йæ Гæдо. Хуыздæрæн  

Раджы сцæттæ кодта маргъæн  

Уый зæлдаг æндах йæ къахæн. 

 

Радавта йæ 'мæ йæ 'рбаста  

Зæрватыччы къахыл уайтагъд,  

Стæй йæм дзуры мæнæ афтæ: 

 

«Цу тæхгæ, мæ хуры чысыл,  

Æмæ-иу мын рагуалдзæджы  

Хорз мыггаг æрхæсс, хъус, демæ, 

 

Мæнæ мæгуыр лæгæн цавæр  

Хорз хæзна мыггаг æрхаста  

Зæрватыкк, раст ахæм мыггаг...» 

 

Атахт зæрватыкк йæхицæн 

Дард хъарм бæстæм, уым фæцарди 

Уалдзæгмæ, куыд æмбæлд, афтæ... 

 

Уалдзæг ралæууыд. Гæдо дын  

Рагацау йæ кæрты кæрон  

Хуым ысцæттæ кодта рæвдзæй. 

 

Каст æнхъæлмæ: абон-райсом  

Зæрватыкк æртæхдзæн дардæй  

Æмæ йын мыггаг æрхæсдзæн... 

 

Уалынмæ дын уæд æцæгдæр  

Зæрватыкк æртахти мæнæ.  

Абадт й 'ахстоны 'мæ уасы. 

 

Бауади Гæдо йæ размæ.  

Æмæ йын æнахуыр мыггаг  

Маргъ æрæппæрста йæ цурмæ. 

 

Фестад цъил Гæдо фыр цинæй,  

Мыггаджы нæмыджы тагъд-тагъд  

Кæртмæ раскъæфта йæ къухы. 

 

Уым æй конд хуымы ныссагъта.  

Цас рацыд – нæ зонын, фæлæ  

Мыггаг равзæрд, цъæх ысдардта. 

 

Зилы йæм Гæдо дæр рæвдзæй,  

Рувы йын йæ алывæрстæ,  

Дон ыл уадзы 'хсæвæй-бонæй. 

 

Æвзар рæзы æмæ рæзы,  

Насы, 'нахуыр насы хуызæн 

Ссис æмæ нæрсынтæ систа. 

 

Нал æй уадзы уæгъд нæ Гæдо –  

Бон йæ алфамбылай зилы,  

Фесты йæм æхсæв йæ уатæй. 

 

Нас нæрсы, нæрсы фæйнæрдæм!  

Иу къорд боны рацыд, афтæ  

Къутуйæ4 дынджырдæр фестад. 

 

«Ныр, бæлвырд, цæттæ уыдзæни»,  

Зæгъгæ, афтæ йæм йæ зæрдæ  

Дзурын райдыдта Гæдойæн. 

 

Бахъавыди тар æхсæвмæ, 

Тынг мæйдар, талынг æхсæвмæ – 

Тарст уынæгæй, æмæ уымæн. 

 

Гъа ныр адæм схуыссыдысты,  

Афтæ рацыди йæ кæртмæ  

Æмæ насы ралыг кодта. 

 

Тулы йæ хъæдын мæцъисæй5  

Æмæ йæ тыхтæй, амæлттæй  

Батылдта йæ фæскъонамæ. 

 

Фыр цинæй цы ракодтаид,  

Уымæн ницыуал æмбæрста  

Зыд æмæ кæрæф гæбæр лæг. 

 

Цæстытæ ныхъоппæг ысты,  

Уæнгтæ ризынц, зæрдæ стæлфыд  

Æмæ риссы цины рыстæй. 

 

Нал хъæцы Гæдо æрхъæцмæ,  

«Цæй, æфснайон тагъддæр æхца», –  

Дзуры хинымæры афтæ. 

 

Иу дынджыр чырын æм уыди, –  

Бауадис æмæ йæ тагъд-тагъд  

Къуымæй насы цурмæ 'рдавта. 

 

Бакаст насмæ, чырынмæ дæр.  

«Ам нæ бацæудзысты ме 'хца», –  

Ахъуыды кодта нæ Гæдо. 

 

Къуыммæ та фæуад æмæ дзы  

Иу хъуынджын дзæкъуыл æрдавта,  

Рифтаджы6 зæрæдтæ ноджы. 

 

Райста кард – дынджыр цыргъ дана7 –  

(Марадз, зæгъ, æмæ фæрæтæй  

Бауæнда лыг кæнын насы: 

 

Тарсти, зæгъгæ, сыгъзæринтæ  

Зæхмæ 'ркæлдзысты гæр-гæрæй,  

Æмæ йæ фæуыдзæн зонæг). 

 

Кардæй хъавгæ, хъавгæ насы  

Дзуарæвæрд хæххытæ 'ркодта  

Раст йæ сæрæй суанг йæ бынмæ. 

 

Æмæ... мæнæ диссаг, диссаг:  

Насы цъар дын змæлын систа, 

Стæй цыппар дихы куы фæци. 

 

Æмæ рахаудта тымбылтæй  

Сау залиаг калм6 йæ хуылфæй.  

Базмæлыд уылæны змæлдау, 

 

Фелвæста йæ сæр уæлæмæ,  

Басыф-сыф кодта дымгæйау,  

Комхæлиу, æвзагæлвæстæй; 

 

Айвæзта йæхи бæндæнау  

Æмæ атыхсти Гæдойыл.  

Уайтагъддæр æртыхст Гæдойыл. 

 

«Уæуу!», зæгъгæ, ныцъцъæхахст ласта  

Зыд, кæрæф Гæдо фыр тарстæй,  

Ацъæх ис – цæсгомæй, къухæй. 

 

Къæхтæй ма бæргæ архайдта,  

Фæлæ йæ нылхъывта сау калм  

Æмæ йæ куы ныххурх кодта... 

 

Уыдоны 'рцыдмæ дзæбæхæй,  

Амондæфсисæй фæцæрут!  

Аргъау-чъиппа дæр сымахыл. 

 

 

ФИППИНÆГТÆ: 

1. Бецау – мæгуырæг. 

2. Хъæл – хъæл æмæ лæдзæгæй хъазты (уырыс. «чижик») зæххы цы быцæу тъыст вæййы, уый. 

3. Цъиты – ризы. 

4. Къуту – хор æфснайæн бынат (уырыс. «амбар»). Уыди алыхуызон, куыд асæй, афтæ кондæй дæр. Быдтой йæ æхсæр, бæрз кæнæ цъуйы лыстæг уистæй, йæ бын æмæ йæ сæр уыдысты фæйнæгæй 

»). 

5. Мæцъис – уæзæгтæ фæлдахæн лæдзæг, хъæдæй кæнæ æфсæйнагæй (уырыс. «лом», «рычаг 

6. Рифтаг – хызын, дзæкъул, фидар-иу æй кодтой бæхы саргъыл (уырыс. «двухсторонняя сумка»). 

7. Дана – фарсылдаргæ стыр кард. 

8. Залиаг калм – аргъæутты хъайтартæ кæимæ фæтох кæнынц, ахæм фыдбылызхæссæг цæрæгой.  



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ