Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Кæуыл худтысты Куыдз, Гæды æмæ карк
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Дзесты Куыдзæг 

 

КÆУЫЛ ХУДТЫСТЫ КУЫДЗ, ГÆДЫ ÆМÆ КАРК 

 

 

 

Цардысты-уыдысты хъугдуцæг Сæниат æмæ йæ чызг Зарæ. Сæ фарсмæ та цардысты зыгъар куыз Силæм æмæ йæ къæбыла Мил, хъулон гæды Гино æмæ йæ лæппын Гис, дзыгъуыр карк Хъуыдатт æмæ йæ чысыл цъиу Цъипп. 

Алы бон дæр-иу Сæниат кусынмæ ацыд, Зарæ – скъоламæ, Гино æмæ Гис – цæхæрадонмæ, Хъуыдатт æмæ Цъипп – кæртмæ, Силæм æмæ Мил та – уынгмæ. 

Сæниат колхозы хъуццытæ дыгъта, Зарæ скъолайы абетæ ахуыр кодта, Гино йæ лæппын Гисæн бæласыл хилын æмæ мыст ахсын амыдта, Хъуыдатт Цъиппæн уаллæттæ æмæ зулчъытæ агурын, Силæм та кулдуары раз бадти йæ къæбыла Милимæ æмæ йын уынын кодта, рæйын кæуыл хъæуы æмæ кæуыл нæ хъæуы, уыдæттæ.  

 

Хур куы аныгуылд æмæ бон куы баизæр, уæд та æрæмбырд сты се 'хсæвиуаты бынæттæм. Сæниат уаты касти чиныг йæ чызг Зарæйæн, Хъуыдатт мæнгагъуысты иу къуымы Цъиппы йæ базыры бын бакодта, иннæ къуымы æрхуыссыдысты Гино æмæ йæ лæппын Гис, Уалынмæ Силæм æмæ Мил дæр æрбацыдысты. 

 

Гис хъазын фæлвæрдта йæ мадимæ, фæлæ йæ Гино йæ дзæмбыйæ аиуварс кодта, стæй арф ныуулæфыд. Хъуыдатт æм бакаст æмæ йæм дзуры: 

– Бафæрсын аипп ма уæд, Гино, фæлæ цæй æнкъард дæ ацы хатт? 

– Дæ хъæбулы хурæй бафсæд, Хъуыдатт... Мæнæ мæ лæппынмæ мæсты кæнын. Абон райсом æй, зæгъын, цæхæрадонмæ акæнон æмæ цалынмæ сывæллæттæ хъазынмæ нæ рацыдысты, уæдмæ йын бацамонон бæласыл бырын æмæ мыст ахсын. Уый афоныл нæ сыстад, стæй куы рабадти, уæд рудзынджы тарвазыл йæ дзæмбыйæ йæхи æхсын райдыдта. Нал æмæ нал фæуд кодта. Æз æм æнхъæлмæ кæсын, уый уым бады æмæ æхсы йæхи. Гъемæ нын байрæджы. Цымæ ма амæй æвзæрдæр искуы ис? 

Афтæ загъта Гино æмæ та арф ныуулæфыд.  

Гис йæ бынатæй фæгæпп ласта, йæ былтæ асдæрдта, йæ рихитæ асæрфта æцæ дзуры йæ мадмæ: 

– Миау, нана, æз хорз нæ бакодтон, фæлæ ма уæддæр мæнæй фыддæртæ дæр ис. 

– Чи ма у дæуæй фыддæр? 

– Мæнæ нæ фарсмæ цы гыццыл чызг цæры, уый. Йæ ном Зарæ. Абон. райсом уый дæр æрæгмæ сыстад. Йæхи æппындæр нæ ныхсадта, афтæмæй азгъордта уынгмæ хъазынмæ. Æз та æнæхсадæй никуыма ацыдтæн. 

Æмæ уæд Хъуыдатт афтæ зæгъы: 

– Уæдæ Зарæ, æцæг, Гисæй диссагдæр куы фæцис. Фæлæ æз та мæнæ Цъипмæ мæсты кæнын. Абон райсом æй акодтон кæртмæ. Хъуамæ йын бацамыдтаин, уаллæттæ æмæ зулчъытæ сыджыты куыд агурын хъæуы, уый. Загътон ын: мæнмæ кæс æмæ сахуыр уай. Ай кæмдæр иу бындз федта æмæ уый фæстæ ратæх-батæх кæнын райдыдта. Гъеныр ма амæй æгоммæгæсдæр уыдзæн?! 

Уыцы ныхасмæ Цъипп йæ мады базыры бынæй рабырыд, йæ бырынкъ хæрдмæ сдардта æмæ дзуры: 

– Цъипп-цъипп, нана, бахатыр кæ! Æз фæрæдыдтæн, фæлæ уæддæр Зарæ мæнæй дæр æгоммæгæсдæр у. Ды мæнмæ иу хатт дæр куы фæсидыс: «къуытт-къуытт!», уæд дæм уайтагъддæр базгъорын. Фæлæ Зарæмæ йæ мад дыууæ хатты радзырдта рудзынгæй: «Рацу, дæхи ныхс æмæ аходæн бахæр!» Фæлæ уый уæддæр коммæ нæ бакаст æмæ не 'рбацыд. 

– Раст зæгъы Цъипп! – йæ ныхас баппæрста, зыгъар куыдз Силæм. – Зарæ Гисæй дæр æмæ Цъиппæй дæр фауинагдæр у. Фæлæ уæддæр мæ къæбыла Милæй æдылыдæр хъуамæ мачи уа. Рæйын куы базыдта, уæдæй нырмæ йын амонын, рæйын кæуыл хъæуы æмæ кæуыл нæ хъæуы, уыдæттæ. Хионыл цинтæ кæнын хъæуы, рæйын та æрмæст æддагоныл, æндæр истæуылты та æппындæр нæ хъæуы рæйын. Ай та знон изæрæй мæй федта арвыл æмæ йæм дзæгъæл рæйд кæнын райдыдта. Абон кулдуары раз бадтыстæм, æмæ та йын загътон: мæнмæ кæс æмæ дæ зæрдыл бадар, рæйын кæуыл хъæуы, уыдон. Тæккæ уыцы сахат дын хъæндил къулыл быргæ куы ауынид æмæ йыл куы срæид. Гъеныр ма амæй гуымыдзадæр уыдзæн? 

Къæбыла Мил ныфсæрмы, йæ чысыл дзæмбыйæ аныхта йæ хъусы фæстæ. Стæй уæд. сыстад, дзуры йæ мадмæ: 

– Аипп ма уæд, нана, æз ныр базыдтон, дзæгъæл рæйд хорз кæй нæу, уый, фæлæ мæнæй фыддæр та Зарæ у. Йæ мад æм рахъæр кодта, Зарæ, цал, хатты дын загътон рацу, цымæ ма дæуæй æнæгъдаудæр уыдзæн, зæгъгæ. Уæд æм Зарæ фæстæмæ дзуры: «Дæхæдæг æнæгъдау!» Гъеныр, нана, кæд æз цыфæнды дзæгъæл рæйд кодтон, уæддæр дæуыл никуы рæйдтон... 

Уыцы ныхасы фæстæ се 'ппæт дæр ныхъхъус сты. Стæй уæд Гино арф ныуулæфыд æмæ загъта: 

– Мæнмæ гæсгæ йæхи чи не 'хсы, уымæй фауинагдæр ничи у. 

– Уый афтæ у, бæгуыдæр, фæлæ йæ мады коммæ чи нæ кæсы, уæддæр уымæй æвзæрдæр нæй, – сдзырдта Хъуыдатт. 

– Уæдæ æз та афтæ зæгъын, йæ дзырд баппæрста Силæм, – йæ мадмæ фæстæмæ чи дзуры, уый се ‘ппæтæй фыддæр у. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ