Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Уазæджы æгъдау
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Уазæджы æгъдау у адæмон æгъдæутты ахсджиагдæртæй иу. Бирæ уазджытæ-иу сæмбæлдис бæрæгбонты, куывдты, зианы кæндты. Цы хъуыддаджы фæдыл æрбацыд уазæг, уый хынцгæйæ æххæстгонд цыд уазæджы æгъдау дæр. Бацархайдзыстæм уазæджы æгъдауыл иумæйагæй æрдзурыныл. Всеволод Миллеры хъуыдымæ гæсгæ уый уыд ирон адæмы хуыздæр миниуæг.  

 

 

 

Абоны бон уазæджы æгъдау кæддæры æхсæнадон нысаниуæг фесæфта. Фæлæ йæ сæйраг элементтæ хъахъхъæд æрцыдысты. Цæмæй уыцы æгъдау йæ фыццаджы хуызы ивгъуыды ма баззайа, уый тыххæй мах бацархайдзыстам Х1Х æнусы дыккаг æмбисы — ХХæнусы райдайæны цы хуызы уыд, уый равдисын, цæмæй чиныгкæсæг йæхæдæг бамбара, уазæджы æгъдауы цавæр фæтктыл хъуамæ хæцæм абон æмæ дзы ферох кæнын цы хъæуы, уый. Уазæджы æгъдау гыццылгай дины тæваг исын райдыдта. Уымæн ирд æвдисæн у арфæ "Уазæг — Хуыцауы уазæг". Уый ууыл дзурæг у æмæ алы уазæг дæр нымад у Хуыцауæй æрвыстыл. Уымæ гæсгæ фысымтæ цин кодтой сæ уазæг дзæбæхæй кæй æрбахæццæ, ууыл.  

Уазæгыл-иу йæхи чи атигъ кодта, уый-иу фæхудинаг кодта канд йæхи нæ, фæлæ йæ хæстæджыты æмæ йæ мыггаджы дæр. Алы фысым дæр хæсджын уыд æмæ йæ уазæджы хъахъхъæдтаид, кад ын кодтаид, чи фæнды дæр куы уыдаид йæ уазæг, уæддæр.  

Ирон адæмы царды уаг хорз зонæг Н.Берзенов фыста: "Ирон адæммæ уазæджы æгъдау афтæ у, æмæ иууыл æлгъыстагдæр знаг куы æрбалæууа уазæджы номыл сæ хæдзармæ, уæддæр ыл ирон лæг йæхи нæ атигъ кæндзæн, йæ цард дæр ратдзæн уый тыххæй, æрмæст ыл йæ хæдзары мацы фыдбылыз æрцæуа. Йæ хæдзарæй куы ацæуа, уый фæстæ йæ бон у æмæ дзы йæ маст иса». Афтæмæй туджджынæн дæр йæ бон уыд уазæджы æгъдауы фæрцы æнæфыдбылызæй баззайын, цалынмæ уазæгуаты уыдаид æмæ йæ цы бинонтæ райстаиккой, уыдонæй нæ ацыдаид, уæдмæ. Таурæгъмæ гæсгæ иу ирон, йæ ном Бурхан Агасферау æнадзалæй баззад, æлгъыст æрцыд уазæгыл йæхи кæй атигъ кодта, уый тыххæй.  

«Уазæджы амарæг дæр фысымæн свæййы иууыл хæстæгдæр адæймаджы амарæгау, — фыссы Н.Берзенов. Æцæгæлон адæймаг куы зæгъа хæдзары хицауæн, æз дæ уазæг,зæгъгæ, уæд æй фысым æфсымæры ист ракæны, се знаг куы уа, уæддæр». Фысым йæ уазæджы цард хъахъхъæдта йæхи цард тæссаг уавæры уыд, афтæмæй. Уыцы традици нæ фыдæлтæм фæзынд историон ивгъуыды æмæ абонмæ дæр цæры ирон адæмы ‘хсæн. Ууыл дзурæг сты дæлдæр цы цауты кой кæнæм, уыдон. Уыцы цаутæн се ‘хсæн ис авд æнусы.  

 

Алайнаг раздзог Пуладамæ фысым бацагуырдта монголты эмир Утрука . Тимур æрдомдта, цæмæй йын Пулада радта йе знаг Утрукайы. Пулада монгойлæгты карз ханæн дзуапп радта: « Утрука мæ уазæг у æмæ цалынмæ мæ уд мæхимæ уа, уæдмæ йæ нæ ратдзынæн, æмæ цалынмæ мæ бон уа, уæдмæ йæ хъахъхъæндзынæн».  

Дыккаг дæнцæг ист æрцыд ирон адæмы æрæджыйы цардæй.  

1959-æм азы 100 аздзыд зæронд лæджы ныхæстæй мах ныффыстам ахæм цау: Æнусы райдианы Дзауы районы Сæриттаты хъæуы цæрæг Багаты мыггагæй Цхинвалæй здæхт йæ хæдзармæ. Фæндагыл æй Гуфтамæ хæстæг æртæ расыг лæджы баййардтой. Сæ хынджылæг æрхæццæ уырдæм, æмæ сæ æрфæндыд лæгыл бæхбадт скæнын.  

Багаты лæг мæстыйæ йе ‘фхæрджыты кардæй барæхуыста, иу дзы уайтагъд амард. Багаты лæгæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ хъæумæ алыгъд æмæ йæ хæлары хæдзары бамбæхст. Чысыл фæстæдæр карды рæхуыстæй чи фæмард, уый æрбахастой ацы хæдзармæ. Адæм мæстыйæ домдтой, цæмæй сын марæджы раттой. Фæлæ фысымтæ, чи амард, уый ныййарджытæ, сæ хæдзармæ чи æрбафтыд, чи сæ ракуырдта, цæмæй йыл бааудой, уый нæ радтой.  

 

Ахæм дæнцæгтæ этнографион литературæйы чысыл нæй.  

Уазæджы æгъдау халджытыл ирон адæмы царды фембæлæн нæ уыд, фæлæ уæддæр уыдис фыдæлты æгъдау халджытæн карз тæрхон. Æгъдаухалæгæн-иу бар нал уыд адæмы ‘хсæн цæрынæн, хъоды йыл бакодтаиккой, суанг ыл марынæй дæр нæ бацауæрстаиккой. Чи зоны ацы карз тæрхон иннæрдæм куыста, ома уазæгуарзондзинады æгъдау хæлд уый тыххæй нæ цыд. Уазæгуарзондзинады æгъдауы хæлд тæрхонгонд цыд Кавказы иннæ адæмтæм дæр. Ацы æгъдау алкæмæ дæр иухуызон хауд. Алы фысым дæр хæсджын уыд уазæджы райса, хорз кад ын скæна, цæмæй йыл æвзæры ном ма сбада. Уазæг куыд райста фысым, уымæн та бамбæхсæн нæ уыд, уымæн æмæ-иу уазæджы æрбацыд адæм се ‘ппæт дæр фехъуыстой. Бинонты сæ къух куы нæ амыдтаид уазæг райсынмæ, уæд-иу сыхæгтæй кæнæ хæстæджытæй райстой кæм æфстау, кæм лæвар. Фынгыл чи бадтис уазæгимæ, уыдон дæр-иу фæкастысты фынджы бæркадмæ. Афтæмæй уазæг райсын æмæ йын аккаг кад скæнынмæ тырныдта алы фысым дæр. Иууыл уазæгуарзондæр бинонты нæмттæ хъуыстгонд уыдысты сæ хъæуæй дард дæр æмæ сын стыр аргъ кодтой æхсæнады. Героикон зарджыты дæр сыл æмбæлæм. 

 

Ирон адæммæ уазæг арæх кæй къæсæрыл нæ хызт, уыцы бинонтæ кадджыныл нымад нæ уыдысты. Уыдон уыдысты Хуыцауæй æлгъыстыл нымад, уымæн æмæ уазæг нымад уыд Хуыцауæй æрвыстыл.  

Уыцы хъуыды адæмы зонды ныффидар уымæн, æмæ адæм зыдтой: уазæджы тыххæй бинонтæ цы хардз бакæной, уый сын Хуыцау фылдæрæй ратдзæн уазæджы куывд фехъусгæйæ.  

 

Иу хъæуы хæларæй цардысты дыууæ æфсымæры. Хæдзары куыстытæ фылдæр кодта кæстæр æфсымæр, хистæр та æххæст кодта уазæджы æгъдау. Бинонтæ куы скодтой, уæд дæр афтæ цардысты дарддæр. Фæлæ иухатт кæстæр чындз афтæ зæгъы: мæ мой хурыскастæй хурныгуылæнмæ йæ хид калы кусгæйæ, мæ тиу та бон изæрмæ бады, æрмæстдæр уазджыты кой кæны. Чындз уыйбæрц бакодта æмæ бинонты ахицæн кодта. Кæстæр æфсымæр дарддæр дæр куыста афтæ, ноджы фылдæр, фæлæ бинонты уавæр ницæмæй хуыздæр кодта, мæгуырæй мæгуырдæр цы кодтой, æндæр. Хистæр æфсымæр дæр йæ царды уаг нæ аивта, фæлæ йæ бæркад бонæй бон фылдæр кодта. Афтæ фæцардысты бирæ азты. Уæд кæстæр æфсымæр ракуырдта, цæмæй бинонты цард фæстæмæ баиу уа. Уæд хистæр æфсымæр раргом кодта кæстæр æфсымæрæн сæ хъæздыг царды бындур: уазджытæ цæйбæрц куывтой бинонты бæркадæн, уыдонæй иу æнæмæнг фехъуысы Хуыцаумæ, æмæ-иу нæ хæдзарыл йæ зæдтæ уыйбæрц бæркад æркалдтой, цæмæй-иу фаг уыдаид махæн нæ бирæ уазджытæн æгъдау раттынæн, цы хардз-иу бакодтам, уыдон-иу уæлдайджынтæй бамбæрзтаиккам. Уазæг райсынмæ ирон лæг рæвдз уыдис кæддæриддæр. Ирæтты уырнынадмæ гæсгæ алы бинонтæн дæр Хуыцауæй бæлвырд у, цæйбæрц уазджытæ йæм хъуамæ уа афæдзы дæргъы, уый. Уымæн-иу куывтой хохæгтæ Хуыцаумæ: « Хуыцау, нæ уазæджы хай нын ма байс!». Уазæгæй цы хæдзар нæ ихсыд, уый нымад уыд адæмы ‘хсæн. Иууыл хъæздыгдæр æмæ номдзыддæр лæджы адæмы ‘хсæн кад нæ уыдзæн, йæ уазæгдон æдзухдæр уазджытæй дзаг куы нæ уа, уæд. Уымæ гæсгæ ирон адæм уазæджы æгъдау никуы хæлдтой, фидарæй сæ уырныдта, уазæджы тыххæй цы хардз бакодтой, уый сæм фылдæрæй кæй фæхæццæ уыдзæн.  

Ацы хъуыды æвæрд у таурæгъ «Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры»-йы. Йæ сюжет у ахæм: Иухатт Уастырджи сфæнд кодта мæгуыр лæджы хуызы адæммæ фæцæуын, йæхи цæстæй фенын, адæм зæххыл куыд цæрынц, уый. Фембæлдысты йыл æртæ æфсымæры æмæ сæм уазæгуаты бацыд. Æфсымæртæ цардысты тынг мæгуыр, фæлæ уазæджы райстой зæрдиагæй. Уастырджи сæ райгондæй баззад æмæ сын уымæ гæсгæ сæххæст кодта сæ бæллицтæ: хистæрæн радта бирæ хор, астæуккагæн – бæхы рæгъæуттæ, ставдкъах æмæ лыстæгкъах фос, кæстæрæн та – хорз æфсин. Æфсымæртæ цæмæ бæллыдысты, уыдон сæ къухы куы бафтыдысты, уæд цæрынтæ райдыдтой амондджын æмæ зæрдæрухсæй. Афæдзы фæстæ та Уастырджи сфæнд кодта зæронд лæджы хуызы фæцæуын æртæ æфсымæрмæ. Дыууæ хистæры афтæ схъал сты æмæ уазæгыл сæхи атигъ кодтой. Кæстæр æфсымæр хæдзары нæ разынд, фæлæ йе ‘фсин хæдзары уыд æмæ уый мæгуыр лæджы хæдзармæ бахуыдта, гогыз ын аргæвста æмæ уазæджы хорз райста. Цæмæй уазæджы зæрдæ ма фæрыстаид, уый тыххæй æфсин не схъæр кодта, уазæджы ‘рбацыды размæ йæ кæстæр хъæбул кæй амард, уый. Уастырджийы зæрдæ барухс, куыд æй райстой, уымæй, райгас сын кодта сæ сывæллоны æмæ сæ алы хорздзинад æмæ бæркады бын фæкодта. Хистæр æфсымæрты та ралгъыста æмæ сын афæдзы размæ цы балæвар кодта, уыдон байста.  

 

Адæмы зонды арф ныффидар, уазæг йемæ амонд æмæ бæркад кæй æрбахæссы, уыцы хъуыды. Фысымтæ сæ хæсыл нымадтой уазæджы хъахъхъæнын алы фыдбылызтæй, бахъуаджы рæстæджы йæ сæрыл сæ цард дæр раттаиккой. Æнæгъдаудзинадыл нымад уыд уазæгæй æхца исын хæринаг æмæ æхсæвиуаты бынатæн. Уазæг йæхæдæг куы хъавыдаид йæхи тыххæй æхца бафидын фысымæн, уæд уый фысымтæм тынг хъыг фæкастаид. Ацы фæтк фыдæлтæй нырмæ куыд баззад, афтæ карзæй æххæстгонд цæуы абон дæр.  

Хъæугæрон-иу æнæзонгæ лæг куы фæзындис, уæд-иу алчи дæр архайдта, цæмæй йæ йæхи хæдзармæ бахона. 60-æм азты этнографион æрмæг æмбырд кæныны тыххæй Ирыстоныл зылдыстæм. Бахæццæ стæм Дзауы районы Челиатмæ. Хъæугæрон ныл суадоны цур амбæлдысты лæппутæ æмæ чызджыты къорд. Куы йæ базыдтой, бæлвырд фысым нын нæй, уæд сывæллæтты сæ кæрæдзиимæ фæхылмæ бирæ нал хъуыдис, алчи дæр нын лæгъстæ кодта, цæмæй уый хæдзармæ бацæуæм.  

Уазæг-иу хъæумæ куы бахызт, уæд-иу хъæуы цæрджытæ се ‘ппæт дæр архайдтой уазæгмæ се ‘ргом раздахынмæ. Хъæуы-иу куы фæцæйцыдис уазæг, уæд-иу чи бадтис, уый сыстадис, дзургæ чи кодта, уый-иу фæхъус, исты кусæг-иу йæ куыст фæуагъта, се ‘ппæт дæр-иу уазæгæн арфæ ракодтой. Цы хæдзары раз-иу æрлæууыд, уым-иу уазæджы райста хистæр, йæ бæхы та – кæстæр фæсивæд. Уазæг уыд æппæт мыггаджы уазæг дæр, æппæт хæстæджыты дæр. Хъæубæстæ хæсджын уыдысты йе нæниздзинад æмæ æдасдзинад хъахъхъæнын. Уымæ гæсгæ уазæг райсынæн фынг цæттæ кæныны бахъуаджы рæстæджы архайдтой сыхæгтæ æмæ мыггаджы адæм дæр. Кæд-иу бирæ уазджытæ уыдысты, уæд-иу хиуæттæ, хæстæджытæ фысымтæм сæ къух фæдаргъ кодтой хæринагæй дæр æмæ хуыссæнгарзæй дæр. Куыд фæндыйæ дæр уазæджы хорз райсын æмбæлдис, æнæмæнг хъуыдис йæ номыл кусарт акæнын, хæдзары дзидза фаг куы уыдаид, уæд дæр. Алы ирон дæр йæхи хызта, цæмæй йыл адæмы ‘хсæн чъындыйы ном ма сбада, уый худинаг уыдис.  

 

Хæдзармæ уазæг мидæмæ хызт рахиз къахæй, хæдзарæй цæугæйæ та – галиу къахæй. Хæдзармæ хизгæйæ-иу загъта: Æз дæ уазæг. Фысым та-иу дзуапп радта: Уазæг – Хуыцауы уазæг, табуафси, мидæмæ. Уазæджы истой æфсымæры ист, бинонтæн знаг куы уыдаид, уæд дæр. Æгъдаумæ гæсгæ уазæджы не ‘мбæлдис рафæрс-бафæрс кæнын, чи у, кæцæй у, йæ фæндаг кæдæм у æмæ афтæ дарддæр. 1913 азы зындгонд историк,этнограф Кокиты Георгийыл æрцыд ахæм цау:  

"1913 азы зымæджы æз æрæджиау изæрæй Куырттаты комæй бæхыл рараст дæн Æрыдонмæ. Æмбисæхсæв тымыгъ сыстад. Æхсæвы æртæ сахатыл æз бахæццæ дæн фыццаг быдираг хъæу Дзуарыхъæумæ. Дарддæр цæуынæн мын фадат нал уыд, уымæ гæсгæ хъæугæрон фыццаг хæдзармæ бахостон. Фысым мæ тынг хæларзæрдæйæ райста. Мæ бæхы мын бафснайдта æмæ стæй кæд нафон уыдис, уæддæр мын бахæрын кодта æмæ мæ баулæфын кодта сыгъдæг хуыссæны. Дыккаг бон фæссихор рабон кодта æмæ æз мæхи балцмæ æрцæттæ кодтон. Хæдзары æфсин мын мемæ фæндаггагæн сæвæрдта цыхтимæ чъиритæ-уæливыхтæ æмæ дыууæуагъд арахъ. Ирæтты æгъдаумæ гæсгæ мæ фысым хъæуæй ахизын кодта. Куы хицæн кодтам кæрæдзийæн хæрзбон дзургæйæ, æрмæст мæ уæд бафарста,кæцæй дæн, кæй фырт дæн æмæ кæдæм цæуын? Æз ын дзуапп радтон. Уый дæр мын йæ ном æмæ йæ мыггаг загъта. Фæхицæн стæм хæлæрттæй».  

Уæлдæр цы цауы кой цæуы, ууыл æмбæлæм этнографион литературæйы дæр. Уазæджы йæ царды тыххæй рафæрс-бафæрс кæнын не ‘мбæлдис, æгъдау нæ амыдта афтæ, худинаг уыдис. Фæстæдæр уазæджы æгъдауы ацы уавæр ивын райдыдта. Уазæг куы нæ дзырдта йæ цыды сæр, уæд æй гæнæн уыд æмæ бафарстаиккой, æрмæст-иу сæ ныхас райдыдтой афтæ : «Бахаыр кæн», «аипп ма уæд». Гæнæн уыди æмæ уазæг йæхæдæг дæр йæ хабæрттæ кæнын райдыдтаид, фысымы дæр афæрстытæ кодтаид æмæ йын фысым дæр хъуамæ дзуапп раттаид.  

Адыгъемæ бæлвырд рæстæг лæвæрд уыд уазæгæн йæхи ма схъæр кæнынæн: æртæ суткæйы. Уый фæстæ-иу æй фысым бафарстаид, цы куыст кæны уазæг æмæ йын фысым пайда цæмæй фæуыдзæн. Ирон адæммæ уазæгæн ахæм рæстæг бæлвырд нæ цыд.  

 

Уазæг райсынмæ алы бинонтæ дæр рагацау цæттæ уыдысты. Уый тыххæй-иу æфсин фæфæстæ кодта ссады дзæбæх, цыхт, дзидза æмæ æндæр хæлц. Кавказы адæмы уазæджы æгъдау йæхиуыл чи банкъардта, уыдон æмдзыхæй дзырдтой фысымты рæдаудзинады тыххæй. Ирон хъæу Уæллаг Канийы уæвæг (1910) æбæрæг автор фыста: «Диссаг у, хохæгтæм афтæ тагъд куыд фæзыны фынгыл цы æрæвæрой, уый. Кæд се ‘хсæн ис абырджытæ æмæ æвзæр адæм, уæддæр сæм хорз æгъдæуттæ тыхджын сты. Ахсджиаг у уый, æмæ сæм хæдзары æгъдау у карз æмæ сæм махау бинонты цард хæлд нæ цæуы».  

Фынгыл-иу цы хæринаг рæвæрдтой, уый æрмæст уазæджы социалон уавæрмæ гæсгæ нæ уыд, фæлæ бинонты сæ къух куыд амыдта æмæ уазæгæн цас уыд рæстæг, уымæ гæсгæ. Иухатт, 1958азы, мах этнографион экспедицийы Фазы Дзомагъмæ цæугæйæ фæдзæгъæл стæм æмæ нæ нарæг къахвæндаг æркодта Саджын Куырфмæ. Хæстæгдæр хæдзары дуар бахостам æмæ хæдзары хицау куы ракаст, уæд æй бафарстам: «Ай Фазы Дзомагъ у?» Уый нын «нæ» загъта æмæ нын бамбарын кодта, дарддæр куыд ацæуæм, уый. Мах ын хæрзбон загътам æмæ нæ фæндаг дарддæр кæныныл ныллæууыдыстæм. Фæлæ нæ уый уайтагъд баурæдта æмæ нын бауайдзæф кодта: «Æрлæуут! Кæм федтат афтæ æмæ уазæг къæсæрæй аздæха. Уæхи дæр худинаг кæнут æмæ мæн дæр!» . 

Мах хæдзары хицаумæ байхъуыстам æмæ йæ фæдыл хæдзармæ бараст стæм. Хæдзары цæттæ хæринаг нæ баййæфтам. Фысымтæ куы бамбæрстой, æхсæвиуат сæм нæ бакæндзыстæм, рæстæг нын гыццыл ис, уæд нын дзыкка акодтой. Хорз нæ федтой, стæй нæ фысым хъæугæронмæ рахизын кодта æмæ нæ афæндараст кодта, Уастырджи уе ‘мбал, зæгъгæ.  

 

Фынгыл уазæгæн æнæмæнг лæвæрдтой нуазæн — кады нуазæн. Куы нæ-иу ын радтой нуазæн, уæд-иу уазæг ууыл тынг фæхъыг, æгады хъуыддагыл-иу йæ банымадта. Йæ бон уыд æмæ сæм бадтаид цалынмæ сæ рæдыд не сраст кодтаиккой, уæдмæ.  

Адæмон таурæгъы æмбæлæм ахæм хабарыл: иухатт иу бæлццоныл æмбæлæг фæцис æмæ йæ бафарста, кæцæй цæуыс, зæгъгæ. Бæлццон ын загъта уазæгуаты кæй уыд. Уæд æй æмбæлæг бафарста: «Æмæ афтæ æнкъард цæмæн дæ, æвзæр дæ райстой?». Бæлццон ын дзуапп радта: «Тынг хорз мæ райстой, фæлæ мын кады нуазæн нæ радтой». Æндæр хатт та уазæг æрдæгвæндагæй раздæхт, куы æрхъуыды кодта, нуазæн ын нæ радтой, уæд.  

Фынгыл уазæгæн алцы дæр барстой. Йæхи-иу æнæгъдауæй куы равдыста, уæддæр фысымтæ сæхи хызтой уазæгимæ быцæуæй. Æрмæст хорз фынг æрæвæрын-иу æгъгъæд нæ уыд. Уазæгæн-иу йæ алыварс фæсивæд амбырд сты, йæ кадæн-иу скодтой хъазт, фæндырдзагъдæй-иу æй сбуц кодтой, зарджытæ-иу ын кодтой. Хатгай-иу бæхтыл уайынæй ерыс, мысанмæ æхст æмæ а.д…. Ахæм уавæр фысымы уазæджы цæсты бæрзонд иста. Стæй уазæгдоны уазæг исгæйæ цас фылдæр адæм уыд, уый фылдæр кад уыд уазæгæн.  

 

Æхсæвæры фæстæ-иу фынæйафон куы æрцыд, уæд-иу уазджыты сæ хуыссæнмæ æрвыстой афтæ: цалынмæ уазджыты хистæр йæхи цæттæ кодта, уæдмæ иннæ уазджытæ æмæ фысымтæ лæууыдысты йæ уæлхъус. Уазджыты кæстæр, кæнæ фысымты лæппутæй исчи-иу ын йæ къахы дарæс раласта, фыццаг æнæмæнг галиу къахæй, стæй йын-иу йæ къæхтæ ныхсадтой. Сæ къахы дарæс-иу иннæ уазджытæн дæр раластой, фæлæ-иу уыдон сæ къæхтæ сæхæдæг ныхсадтой. Дзаума-иу раластой цæппузыртæ уæлейæ бынмæ рафтаугæйæ, дзаума кæнгæйæ та цæппузыртæ æфтыдтой бынæй уæлæмæ.  

 

Уазæг райсыны æгъдау карз уыд, фысымы ахаст уазæгмæ цыд бæлвырд фæткмæ гæсгæ. Фæлæ ахæм бæлвырд фæтк уыд уазæджы уагæн дæр. Цыфæнды æвзæр дæ куы райсой фысымтæ, уæддæр фысым баивын, сыхæгтæм ацæуын уыд худинаг, адæмы ‘хсæн æгадыл нымад. Уазæг хъуамæ йæхи уæздан дардтаид, хæрд æмæ нозтæй хъуамæ бæрц зыдтаид. Уый уыд æгъдауджын уазæджы нысан. Хистæр уазæг-иу йæ хæрд куы ныууагъта, уæд сæ хæрдæй иннæ уазджытæ дæр хъуамæ æрлæууыдаиккой. Хæрзæгъдауы фæтк домдта уазæгæй, цæмæй дзидзайы хуыздæр хай нывæра фысымты лæппуйæн. Абон дæр ма бирæ рæтты уазæгуаты чи цæуы, уымæн хæдзары бахæрын кæнынц.  

Йæхицæн кад чи кодта, уый-иу уазæгуаты бирæ нæ бафæстиат. Уазæджы æвиппайды ацыд-иу бинонтæн хъыг уыд, фæлæ дыууæ-æртæ боны уазæгуаты бадын дæр хорз нæ уыд, фысымтæ-иу стыхстысты, кæд-иу сæхи тыхстæй бынтондæр нæ равдыстой, уæддæр. Æгъдаумæ гæсгæ уазæг хъуамæ бинонты ‘хсæн цы ныхас цæуы, уымæ ныхас ма æппара, ма хыл кæна, æвзæр дзыхæй ма дзура, цы бинонтæ йæ суазæг кодтой, уыдон мацæмæй бафхæра.  

Уый нæ, фæлæ хъуамæ хæдзарæй куы цæуа, уæд бинонтæн арфæ ракæна. Уазæг-иу куы бафынæй, уæд ын-иу сылгоймæгæ йæ дзаумамæ базылдысты. Куы-иу хъуыд, уæд ын-иу йæ дзаума æхсгæ дæр ныккодтой, иту-иу ын сæвæрдтой.  

Уазæг-иу цæуынвæнд куы скодта, уæд-иу ын фысымтæ дзырдтой, цæмæй ма сæм ноджы афæстиат уа. Уазæджы-иу фæндараст кодтой æрмæстдæр нæлгоймæгтæ. Сылгоймæгты цур йæ бон нæ уыд бæхыл, науæд уæрдоныл сбадын. Цалынмæ-иу бæхыл не сбадт, уæдмæ йын-иу йе ‘ргом хæдзармæ разылдта. Уый нысан кодта фысымтæй райгонд кæй у, уый. Исты-иу йæ зæрдæмæ куы нæ фæцыд, уæд-иу гæнæн уыд æмæ бæхыл сбадтаид йæ чъылдым хæдзармæ здæхтæй, афтæмæй. Ацы æгъдау уыд адыгъемæ дæр.  

Бæхтыл бадтысты куыд хистæрæй. Бæхы æрцæвын не ‘мбæлдис, цалынмæ хæдзарæй нæ адард уа, уæдмæ: мыййаг фысым афтæ куы ахъуыды кæна, уазæгмæ цыдæр хъыг фæкаст. Уазæджы фæндарастгæнгæйæ фысым хæдзармæ нæ цыд, цалынмæ-иу уазæг нæ араст æмæ-иу нæ адард хæдзарæй, уæдмæ. Раджы заманы-иу дард бæстæй кадджын уазæджы фысым иннæ хъæумæ ахизын кодта.  

Стыр кад кодтой æндæр бæстæтæй æрцæуæг уазджытæн. Ирыстоны чи уыд, уыцы ахуыргæндты куыстыты æмбæлæм уазæджы æгъдауы тыххæй фыст æрмæгыл. Уым загъд цæуы ирон адæмæн уазджытæм цы уæздан ахаст уыд, уый тыххæй. Ирон адæмы царды уаг хорз зонæг Вахушти фыста: «Ирæттæ зонынц фæсарæйнаг уазæгæн стыр кад кæнын, хъахъхъæнын, никæй бон у уазæгæн фыдбылыз скæнын, уымæн æмæ йæ сæрыл рахæцдзысты æппæт мыггаг дæр». Цымыдисаг у Ю. Клапроты ныхас: « Фæсарæйнаг адæймаг куы бахауы ирон хъæумæ, æмбал дæр ын кæм нæй, уæд цалынмæ уым уа, уæдмæ йæ хъахъхъæндзысты, хæрд æмæ нуæзтæй хъуаг нæ æййафдзæн, хæстæджы ахаст æм уыдзæн». Фæлæ уазæджы æгъдауы иууыл бæстондæр афыст уынæм немыцаг ахуыргонд Карл Кохы фыстыты. Уый Ирыстоны алы кæмтты, суанг Чеселтгомы дæр, уыд Х1Х æнусы фыццаг æмбисы. Уый нæм уыйбæрц цымыдисаг фæкаст æмæ дзы æрхастам егъау цитатæ: " Цы хъæуы хъуамæ æрлæууыдаиккам, уымæ цалынмæ нæ бахæццæ стæм, уæдмæ мæ размæ арфæтимæ рацыдысты хъæуы хистæртæ. Уыдон мæ цуры уыдысты, цалынмæ нæ бахæццæ стæм цы хæдзары хъуамæ æрлæууыдаиккам, уырдæм. Сæ иу мын баххуыс кодта бæхæй æрхизын æмæ мæ бахуыдта сыгъдæг æфснайд уатмæ. Фысым мын йæ худ йæ сæрæй сисгæйæ загъта: «Амонд æркаст мæнмæ, мæ хæдзармæ, ды нын ахæм кад кæй скодтай æмæ нæ хæдзармæ кæй саккаг кодтай». Уый фæстæ йæ риуыл йæ къухтæ дзуарæвæрд скодта, йæ рахиз къахы фындз галиу къахы фæстæ æрæвæрдта, йæ сæрæй акуывта æмæ мын загъта: «Амонд æркаст æмæ мæнмæ». Ацы ныхæстимæ мæ бахуыдта уатмæ. Уаты астæу сыгъдис арт. Бакодта мæ дуары комкоммæ цы æртæкъахыг бандон æвæрд уыд, уымæ. Мæхи куы æруагътон ныллæг бандоныл, уæд хæдзары хицау мæ разы æрлæууыд æмæ мын афтæ зæгъы: « Демæ мæ хæдзармæ æмæ нæ хъæумæ æрцыд амонд æмæ нын уымæ гæсгæ бар ратт æмæ уын мах дæр кад скæнæм. Дæ зæрдæ цы зæгъы, цæмæй дын аргæвдæм? Хъуг æви къамбец, дыууæ хуыйы æви дыууæ фысы? Дæ фæндон мын зæгъ æмæ дын æй мæ лæппутæ сæххæст кæндзысты?» Мæ хъуыды куы загътон тæлмацгæнæджы æххуысæй, æнæмæнгхъæуæг цы у, уымæй дарддæр мæ кæй ницы хъæуы, уæд фæсивæд (уæдмæ дуаргæрон æнхъæлмæ кастысты)ацыдысты. Цыбыр рæстæджы фæстæ мæ разы алæууыдысты, цы кусарт акодтой мæ номыл, уый мын мæ разы æрæвæрдтой æмæ мын загътой: «Дæ фæнд дын сæххæст кодтам, кусæрттаг рыст æвдисгæйæ хъыпп-сыпп дæр не скодта, уымæ гæсгæ нын бар ратт куывд райдайынмæ». Ирон адæммæ уыд диссаджы æгъдау, цæмæй цины бонты суанг кусæрттаджы рисы хъæр дæр ма хъуыстаид. Кусæрттаг-иу хъæр куы кодта, уæд-иу уый хорзы нысаныл нымад нæ уыд. Фæсивæд кусæрттаг уайтагъд авæрдтой ставд судзгæ хъæдыл, йæ хуылфыдзаумæттæ йын асыгъдæг кодтой æмæ йын йæ царм астъыгътой.  

Цалынмæ фæсивæд дзидзаимæ архайдтой, уæдмæ æрыгон сылгоймæгтæ кæнæ хистæр чызджытæ дзул кодтой. Сылгоймæгтæ сæ уæрæх къабаты, фылдæр æрвхуыз къабаты мæ цæстыты раз змæстой ставд ссад æмæ дон. Цалынмæ хыссæ цæттæ кодта, уæдмæ тебæ зынджыты ‘хсæн стæвд кодтой, йæ уæлæ йын хыссæйы тымбылтæ рæвæрдтой, иу хатт сæ æрфæлдæхтой æмæ сæ зынджыты сæвæрдтой фыцынмæ. Дзул уым цыбыр рæстæгмæ сфыхт. Афтæ ма скодтой фиу æмæ хъæдындзимæ, ахæм дзул кодтой Тюрингийы дæр æмæ мын мæ Райгуырæн бæстæ мæ зæрдыл æрлæууын кодтой.  

 

Фæсивæд дзидза æрлыгтæ кодтой сæ дынджыр кæрдтæй æмæ сæ дынджыр агты ныккалдтой. Агтæ дзаг уыдысты донæй алыхуызон хъацæнтæ æмæ хъæдындзимæ. Дзидзайы хуыздæр кæрдихтæ æрлыг кодтой ноджы лыстæгдæр, бакодтой сæ уæхстыл æмæ сæ зынгыл сфыхтой. Ирыстоны цы дзидза бахордтон, ахæм хæрзад дзидза никуы бахордтон.  

Фынг цæттæ кæнгæйæ мæ алыварс уыдысты хъæуы хистæртæ. Тынг мæ фæндыд мæн дæр, исты сын куы балæггад кодтаин æмæ ме ‘ххуырстæн цай скæнын кодтон. Никуы федтой ахæм нуазинаг æмæ йæ нуæзтой арæхстгай, фæлæ стæй сæ зæрдæмæ тынг фæцыд æмæ-иу дзы сæхæдæг æрдомдтой. Хæринаг куы сцæттæ, уæд хъæуы цæрджытæ æмæ ме ‘мбæлттæ æртымбыл сты уаты, къулгæрæтты сæвæрдтой даргъ бандæттæ. Бандæттыл фыццаг сбадтысты хистæртæ. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ куывды нæ архайдтой.  

Алцы дæр куы сцæттæ ис, уæд хæдзары хицау ногæй мæ разы æрлæууыд æмæ мын загъта: «Мæ фырттæ æмæ мæ чызджытæ æрцæттæ кодтой куывдæн цы æмбæлд, уый, разы дæ, цæмæй нæ куывд райдайæм?». 

 

Хæдзары хицауæн йæ лæппу кæнæ та се ‘ххуырст рахаста дурын донимæ æмæ алкæмæн дæр йæ къухтæ æрыхсынæн дон æркодта, иннæ йæ фæдыл хисæрфæнимæ цыд, æртыккаг та уæздæттæн сæ уæрджытыл урс хæцъилы скъуыддзаг æрытыдта. Уæд хъæуы хистæр бацыд, хæдзары хицауы фыртты æххуысæй фых дзидза æрлыгтæ кодта æмæ зынгыл фых дзидза уæхстæй фæхицæн кодта. Иууылдæр куы æрбадтысты хистæрæй кæстæрмæ уæд хæдзары хицау мæнмæ æрбацыд йæ къухы дынджыр сыкъа бæгæныимæ æмæ мын загъта: «Кад дæуæн, кæй нæм æрбацыдтæ æмæ нын кæй радтай фадат уазæджы æгъдау равдисынæн. Амонд æмæ фарн дæ сæ бæркады бын фæкæнæд, дæ хæдзарыл æнæнизæй куыд сæмбæлай æмæ дæ бинонтимæ хъæлдзæгæй куыд фæцæрай; дæ алыварс чи уа, уыдон дæ куыд уарзой æмæ дын куыд аргъ кæной. Арфæ ма дын кæнæм иу хатт!» Уый фæстæ иу-чысыл аныуæзта сыкъайæ бынаты бардуаджы номæн, стæй йæ уый фæстæ иууылдæр аныуæзта. Стыр аргъ мын кæй скодта, уый æвдисынæн бацыд арты цурмæ æмæ йæ сыкъа арты сæрмæ фæфæлдæхта. Иунæг æртах дæр дзы не ‘ртагъд. Дарддæр иннæтæ дæр хъуамæ баныуæзтаиккой ме ‘нæниздзинады тыххæй æмæ сæ сыкъа фæфæлдахтаиккой арты сæрмæ. Уый фæстæ фысым дыккаг хатт сыкъа райста йæ къухмæ æмæ загъта: «Дыккаг куывд дæ бинонты тыххæй. Бирæ азты хъæлдзæгæй фæцæрæд дæ фыд, дæ мад, дæ бинойнаг, дæ цот, дæ хотæ æмæ де ‘фсымæртæ, дæу кæй ауагътой кæйдæр бæстæм æмæ уымæй махæн нæ зæрдæ кæй барухс кодтой. Дæ бинонтæн кад!». Уый фæстæ æгъдаумæ гæсгæ æз райстон сыкъа, тæлмацгæнæджы æххуысæй раарфæ кодтон фысымтæн æмæ йæ банызтон. Ныр мæ рад уыдис кувынæн æмæ мемæ чи уыд, уыцы къниаз Пауленойы нæниздзинады тыххæй банызтон. Алчи дæр хъуамæ банызтаид къниазы нæниздзинады тыххæй, уый фæстæ та къниаз хъуамæ ракуывтаид æндæр искæмæн. Афтæ хъæлдзæгæй ацыд фылдæр рæстæг. Худгæ мæ хъазгæйæ æрвыстам рæстæг фынджы уæлхъус, хатгай райхъуысы хъæрæй худын, кæрæдзийæн хъазæн ныхæстæ кæнынгæйæ. Григорьевский афтæ дзырдта, ома вæййы афтæ, æмæ куывды адæмы ‘хсæн рауайы хыл дæр, фæлæ æз мæ балцы рæстæджы иунæг хатт дæр нæ федтон æмæ исчи фæхыл уыдаид, æвæццæгæн хъæлдзæг хъæлæба уый хылыл банымадта.  

Ирон æгъдау домы, цæмæй уазæг йæ хæрынæй куы æрлæууа, уæд иууылдæр æфсæстхуыз сæхи равдисой. Æддагон адæймаджы раз хæрын аив нæу ирон адæммæ. Уымæ гæсгæ цалынмæ фынгыл хæринаг уыд, уæдмæ æз дæр фынгыл бадтæн.  

Куывды кæронмæ æрсабыр вæййынц иууылдæр, фысым кæнæ хъæуы хистæр слæууы æмæ ма иухатт уазæгæн арфæ ракæны, ацы хъæумæ кæй æрбацыд уазæгуаты æмæ уымæй хъæу кæй скадджын кодта. Ногæй та дыууæ æххуырсты фæзындысты дон æмæ хисæрфæнимæ æмæ уазджытæ сæхи æрыхсадтой. Хъæуы цæрджытæ сабырæй ацыдысты сæ хæдзæрттæм. Уазджытæ та сæ хуыссæнтæ ссарынц æмæ адджын фынæй бакæнынц».  

Уазæг ирон хæдзары афтæ арæх уыд æмæ дзы уыд хицæн уат-уазæгдон.  

Цæгат Ирыстоны цæрджыты хъæздыгдæртæм суанг ХХ æнусы райдианмæ дæр уыдис уазæгдон(кунацкая), уый уыд æхсæнадон-мыггагон ахастытæй баззайæг элемент, уæд-иу уазæг нымад уыд æппæт мыггаджы уазæгыл. Хъæуы цæрджытæй кæмæн фæнды дæр йæ бон уыд æмæ спайда кодтаид уазæгдонæй, фысымы нæ фæрсгæйæ дæр. Уымæ гæсгæ уазæгдоны дуар æхгæд никуы уыдис. Иууыл бæлвырддæр уазæгдоны афыстыл æмбæлæм Кокиты С.-мæ : "Уазæгдон арæзт цыдис иннæ цæрæнуæттæй æддæдæр, къулдуармæ хæстæгдæр. Йæ фарсмæ уыд уазæджы бæхæн бæхдон. Уазæгдон сæрмагондæй уазæджы тыххæй кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ дуæрттæ кæддæриддæр уыдысты гом æмæ уазæгæн йæ бон уыд цафонфæнды дæр æрбацæуын. Ам уазæг йæхи хатыдис сæрибар, уазæгдон йæ арæзты бынатмæ гæсгæ дæр уымæн фадат лæвæрдта. Афтæмæй уазæг бинонтæй дæр никæй хъыг дардта. Уазæг тугхæстæг куы нæ уыдаид, уæд бинонты æхсæнмæ ист нæ цыдис, уымæн æмæ уæд уазæг дæр тыхстаид æмæ фысымтæ дæр. Уазæгдонæн уыдис хицæн хуыссæн, хуыссæнгæрзтæ, бандæттæ, саджы царм, хъуывгъан, тас, суанг цъылын дæр». 

Уазæг уазæгдоны иунæг никуы уыдис, кæддæриддæр йæ цуры хъуамæ исчи уыдаид.  

Уазæгæн йæ бон уыдис æмæ баййæфтаид уазæгдоны фысымы æмæ ма ноджы хъæуæй искæйты, уымæн æмæ-иу хъæуы лæгтæ уым æрвыстой сæ уæгъд рæстæг. Уазæг хъуамæ хынцфарст ма кодтаид бинонты сæ цардæй. Кæрты рауай — бауай кæнын, иннæ уæттæм цæуын уазæгæн не ‘мбæлдис. «Уазæгдонæй дарддæр уазæг нæ цыдис, — фыста Д.Лавров, — фысымы йæ бинойнагæй æмæ йæ чызджытæй рафæрс-бафæрс кæнын ирон адæммæ тынг худинаг уыдис».  

 

Цалынмæ-иу хæринаг æвæрдтой фынгтыл, уæдмæ-иу уазæгдоны ныхас кодтой, фæлæ æнæмæнг хистæр-кæстæры ахастытæ хынцгæйæ. Уазæгимæ ныхас-иу уыдис сабыр, уæздан, гуырымыхъ ныхасæн дзы уæвæн нæ уыдис, уазæг сæ зæрдæйы фæндон куы нæ уыдаид, суанг сæ туджджын куы уыдаид, уæддæр.  

Уазæджы фарсмæ кæддæриддæр уыдис бинонты хистæр, кæстæртæ та лæууыдысты дуары кæнæ рудзгуыты раз. Чи лæууыдаид æмæ чи баттаид, уый хистæр-кæстæры ахастытæ бæрæг кодтой: кæд уазæг кæстæр уыдис, уæд æй фысым иста бадгæйæ, фæлæ-иу уазæгæн дæр дзырдта, цæмæй æрбада. Уымæй уæлдай сыхæгтæ æмæ хæстæджытæ куы фехъуыстой уазæджы æрбацыд, уæд-иу сæ хæсыл нымадтой уазæгмæ бацæуын арфæйы ныхæстимæ: "Алы бон дæр нæм æгас цу". Чи-иу æрбауад уазæгмæ, уыдон-иу архайдтой йæ цуры фылдæр афæстиат уæвын, уымæн æмæ уазæджы цур цас фылдæр адæм уыдис, уыййас кадджындæр уыдис.  

Кæд-иу фысымæн фадат нæ уыдис уазæджы цур уæвынæн, уæд-иу йæ бæсты сыхæгтæ уыдысты, кæннод-иу æрбахуыдтой хъæуæй ахæм адæймаджы, уазæджы æгъдау хорз чи зыдтаид.  

Уазæгдонæн уыдис æхсæнадон нысаниуæг. Уæлдæр куыд дзырдтам, афтæмæй-иу уазæгдоны сæрибар рæстæг æрæмбырд сты фæсивæд, хъæуы хистæртæ та-иу ам ныхасы бадтысты.  

Уазæджы æгъдау ам куыд æвдыст æрцыд, афтæмæй йæ тыхы уыд XIX æнусы дыккаг æмбис — ХХ æнусы райдианы дæр. Фæлæ фæстæдæр, европæйаг культурæйы æндæвдад тыхджындæр куы кодта, уæд уазæджы æгъдауæн дæр йæ фыццаг хуызы карздзинад сæфын райдыдта. Мæнæ куыд фыста æбæрæг автор æнусы райдиан: "Кæд æмæ раздæр Кавказы адæм се ‘ппæт дæр уазæджы æгъдау лæвæрдтой алы цæуæгæн дæр, йæ социалон уавæр æнæ хынцгæйæ, уæд абон мах уынæм æндæр уавæр: горæттæм æмæ æфсæнвæндæгтæм хæстæг цы хъæутæ сты, уыдон уазджыты æвзаргæ кæнынц. Фылдæр исынц хъæздыг зонгæты, уазæг æнæзонгæ куы уа, уæд та йæ йæ æддаг бакаст, йæ конд, йæ уагмæ гæсгæ æвзарынц. Æнæзонгæ адæймаджы уазæгæн зивæгæй исынц». Æмæ дарддæр: «Абоны бон ма уазæджы æгъдауыл æмбæлæм Кавказы ахæм рæтты, æфсæнвæндаг нæ, фæлæ хуымæтæг фæндаг дæр зынтæй кæмæ хæццæ кæны. Уым ма бæлццон зынаргъ уазæгыл нымад у æмæ фысым кæддæриддæр цæттæ у йæ фæстаг къæбæр дæр уазæгимæ адих кæнынмæ».  

Уæлдæр загъд хъуыдыимæ разы у ацы рæнхъыты автор дæр. Уый 50-æм азты фæстæ иу-ссæдз азы бæрц Ирыстоны алы хъæутыл зылд этнографион æрмæг æмбырдгæнгæйæ.  

 

"Осетинский аул и его традиции" Л.А. Чибиров. Владикавказ "ИР" 1995.  

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ