Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Мамсыраты Темырболат
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Мамсыраты Темырболат  

(1843-1899)  

Фыццаг ирон профессионалон поэт.  

 

Мамсыраты Осмæны фырт Тасолтан райгуырдис Цæгат Ирыстоны.  

1865 азы Темырболаты мадыфсымæр инæлар Куындыхаты Муссæйы амидинæй пысылмон ирон адæмæй цалдæр мин адæймаджы аивылдысты Туркмæ, хуыздæр цард агурæг. Уыдонимæ уыдис æрыгон æфсæддон офицер Мамсыраты Темырболат дæр. Фæлæ уый йæ царды кæронмæ нæ сивта йæ зæрдæ йæ райгуырæн бæстæмæ, уарзта йæ æгæрон уарзтæй. Уый зыны йæ алы æмдзæвгæйæ дæр. Ирыстоны сæ адæм базыттой Муссæйы фырт Темырболаты къухвæллæйттæ 20-æм азты Ирыстонмæ куы æрбаласта, уæдæй фæстæмæ. Фæлæ, раст зæгъгæйæ ацы курдиатджын поэты сфæлдыстад æмæ царды фæндан ныр дæр æххæстæй иртæст нæма у.  

 

Æрыгон офицерыл уыдис хорз фæхæцæг – инæлар Куындыхаты Муссæ (Турчы йæ хуыдтой Мусса-Паша) . Йæ бон уыдис йæхицæн кадджын фæндаг айгæрдын. Фæлæ Темырболат ныууагъта йæ æфсæддон куыст æмæ йæ царды кæронмæ фæцардис хуымæтæг адæймагæй. Нæ сарæзта бинонтæ дæр. Йæ иунæг удæнцой уыдис йæ сфæлдыстад.  

Темырболат амардис Батманшы æмæ уым æвæрд æрцыдис.  

 

 

Мамсыраты Темырболаты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй 

 

Цард тынг диссаг у. Истори къухæй фыст куы нæ æрцæуа, уæд ын йæ сусæгдзинæдтæ ницыхуызы раргом кæндзынæ æмæ афтæмæй тархъæды хуызæнæй баззайы адæмы зæрдæты. Мамсыраты Темырболат, нæ фыццаг поэт, цас сусæгдзинæдтæ фæхаста йемæ йе 'нусон бынатмæ. Ныр æй зæрдиагæй фæмысæм, сæрныллæгæй фæлæууæм йæ номы раз, фæлæ æцæгæй чи уыдис, цы уыдис?  

 

Æнæнымæц фарстатæ, æнæнымæц æмбæхст хъуыдытæ. О зæхх, диссаг у дæ конд, цас разагъта адæймаджы бацыд дæ хъæбысмæ æмæ абоны бон дæр нæ зынынц сæ сусæгдзинæдтæ. Темырболат... йæ диссаджы ныхæстæ – «уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, куыд ма цæрæм уæ фæстæ!» 

 

Кæд ныффыста ацы диссаджы хъуыдытæ? Кæм сæ фыста, йæ райгуырæн Ирыстоны æви æцæгæлон бæстæ Турчы? Темырболатæн иууыл зындгонддæр æмдзæвгæ у «Сагъæстæ». 

 

Кæд фæзынд ацы æмдзæвгæ æмæ цы хуызы рапарахат адæмы æхсæн? 1881 азы Мæскуыйы  

мыхуыры рацыд уырыссаг ахуыргонд Всеволод Миллеры чиныг «Осетинские этюды». Ацы чиныджы мыхуыр æрцыд æмдзæвгæ «Сагъæстæ» зарæджы хуызы, фæлæ академик Миллер фæхатыд, ахæм текст кæй хицæн кæны адæмон зарджытæй, йæ индивидуалон миниуджытæй, йæ аивдзинадæй бæрзонддæр кæй лæууы адæмон зарджытæй.  

Сæрысуанг афтæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, «Сагъæс» ныффыста Къуындыхаты Муссæ. Афтæ уымæн  

хъуыды кодтой, æмæ уæды дуджы ирæттæй фыссын æмæ кæсын ничи зыдта. Муссæ та уыдис инæлар æмæ фыссыны хъуыддаг дæр хорз зыдта. Ахæм хъуыды Иры æхсæнадмæ дзæвгар фæцис, фæлæ фæстагмæ хъуыддæгтæ фæбæрæг сты. 1922 азы Турчы паддзахадæй æрцыд Мæскуымæ дипломатон делегаци. Делегацийы сконды уыдис Къуындыхаты Муссæйы фырт Бечырби. Фæстæмæ цæугæйæ, Бечырби йæ фæндаг ракодта Цæгат Ирыл æмæ Дзæуджыхъæуы фембæлд ирон интеллигенцийæ кæимæдæртыл.  

Ам гуыры иу цымыдисаг фарста: Бечырби цы халдихтæ æрхаста, уыдон фæстæмæ йемæ цæмæн ахаста? Уыдон Темырболатæн йæхи къухфыстытæ нæ уыдысты. Сфыстой сæ французаг дамгъæтæй, цахæм дамгъæтæй сæ фыста йæхæдæг Темырболат, уый мах абон нæ зонæм æмæ уымæн та стыр нысаниуæг ис æмæ кæд æмдзæвгæтæ Темырболатæн йæхи фыст нæ уыдысты, уæд ма сæ халдих цæмæн хъуыдис Бечырбийы.  

Йæ рæстæджы Туркмæ ацæуын æнцон нæ уыдис. Бар райсын хъуыдис алыхуызон инстанцитæй, фæлæ уæддæр æз иуахæмы институты дирекцийы раз фарст æрæвæрдтон, цæмæй Туркмæ делегаци арвитæм Темырболаты тыххæй. Дирекци мæ фарстыл сразы, фæлæ уæдмæ хъуыддаг схæццæ æмæ фарст рохуаты аззад. 

 

Миллер фыста йæ фиппаинаджы ацы æмдзæвгæйы тыххæй: «Продукт нового более художественного творчества». 1965 азы ам нæхимæ рацыдис хицæн чысыл чиныг Темырболаты тыххæй. Чиныг мыхуырмæ бацæттæ кодта Нафи æмæ йын скодта иттæг хорз комментаритæ. Уыцы комментаритæм фау æрхæссæн ницæмæй ис, фæлæ иумæйагæй Темырболаты сфæлдыстад æвзæрын кæны дзæвгар фарстатæ, кæм æмæ кæд райдыдта фыссын æмæ ма йын ацы иуæндæс æмдзæвгæйæ уæлдай исты уацмыстæ баззад æви нæ? Ацы фарстатæ Иры культурон историйы сты тынг ахсджиаг æмæ сæ рафæлгъауынæн ис стыр нысаниуæг.  

Уæд Цæгат Иры зонадон институт нæма уыд, фæлæ дзы уыд ирон историон-филологон æхсæнад. Хистæрæй дзы куыста фыццаг ирон профессор Æлборты Барысби. Бечырби æхсæнадмæ радта Темырболаты иуæндæс æмдзæвгæйы халдихтæ. Халдихтæ арæзт уыдысты французаг дамгъæтæй æмæ сын Дзæуджыхъæуы сæ халдихтæ систа Хъаныхъуаты Инделыхъ. Халдихтæй иу æви дыууæ баззадысты Ирыстоны æмæ французаг дамгъæтæй халдих Бечырби фæстæмæ ахаста. Бечырби сын фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы æмдзæвгæтæ (зарджытæ) ныффыста мæ фыды хойы лæппу Темырболат æмæ афтæмæй нæ фыццаг поэты ном ахæлиу Ирыстоныл.  

Уымæй дарддæр ма Бечырби дзуры, зæгъгæ, Темырболат фыста æндæр уацмыстæ дæр æмæ ракодта иу сылгоймаджы кой, зæгъгæ, уымæ æвæрд сты йæ иннæ къухфыстытæ. Уый у стыр цымыдисон хабар. Чи уыдис уыцы сылгоймаг æмæ ма уый тыххæй Турчы исты зонæнтæ баззадис?  

Абон рæстæг фæивта. Ныр Туркмæ ацæуынæн уадиссаг ницы хъæуы. Арæх вæййынц ам Турчы ирон фæсивæдæй чидæртæ, нæхи уæдтæ дæр арæх фæцæуынц, уырдæм, фæлæ сæ, хъыгагæн, Темырболаты кой никуы ничи скæны. Бынтондæр ферох нæ адæмæй æмæ мæм уый раст нæ кæсы. 

 

Темырболат фæзиан 1899 азы, уæдæй ардæм дзæвгар рæстæг рацыдис, фæлæ адæмы ‘хсæн цыдæр ныхæстæ баззайы. Гæнæн ис æмæ Токаты хъæуы цæрджыты ‘хсæн ис, нæ фыццаг поэты тыххæй бæлвырд зонæнтæ кæмæ баззад, ахæмтæ æмæ уыдоныл фæзилгæйæ, лæг исты зонæнтæ æрбамбырд кодтаид. Йæ ингæн ма йын исчи зоны, уый мæ тынг нæ уырны. Адæмæй алцыдæр рох кæны, уымæй дæр Темырболатæн Турчы ахæм стыр ном нæ уыдис, æмæ йын йæ ингæн чи хъуамæ бахызтаид.  

 

Марина Кудухты, газет "Владикавказ" 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ