Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Ирон Æгъдау
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Плиты Гриш 

 

Раст цыма мæ цæстытыл ныр уайы: 

Саниба йæ уазджыты хынцы, — 

Хъаныхъон Боламæ дзы Сонайы 

Хъæу æрвиты Хъобанмæ чындзы. 

 

Уый бæрц адæм иу кæрты нæма уыд. 

Йе сæм цас чындзхæсджытæ æрцыд! 

Иу-сæдæ сæм барджытæ æрбацыд, 

Иу-сæдæ та галуæрдæттыл уыд. 

 

Симджыты бын зæхх цыма уынæргъыд, 

Уæлдæф та сæ къæрццæмдзæгъдæй рызт; 

Фынгтыл адæм бадтысты рæгъ-рæгъы, 

Кæхц, фынккалгæ, къухæй къухмæ хызт. 

 

Афтæ 'гас къуыри — æхсæвæй-бонмæ, 

Бон-изæрмæ не 'рынцади хъазт, 

Фысым æмæ сыхæгты цæсгомыл 

Иу уысммæ нæ фæбæрæг и маст. 

 

Афтæмæй æрцыд уæззау фыдхабар, 

Æмæ хъæуы ничи скодта хъæр. 

Чындзхонты æрбацыдмæ кæй амард 

Фысымтæн сæ бинонты хуыздæр... 

 

Ды, рæсугъд ирон æгъдау, хъæбæр дæ! — 

Хорз фысым нæ равдыста йæ мард. — 

Загъта: уадз, нæ уазджытæн сæ зæрдæ 

Ма кæна сæ цины бон æнкъард. 

 

Фæлæ хъазтæн дæр кæрон кæм нæ уыд, 

Æмæ чындз куы 'рцыди кæртмæ конд, — 

Чындзхонты раз гомсæрæй æрлæууыд 

Санибайаг урсбоцъо зæронд 

 

Æмæ уым йæ сæр ныллæг æруагъта, 

Радтой йæм бæгæныдзагæй къус... 

Судзаг хабар уазджыты раз загъта 

Æмæ дзыллæ й' алфамлблай фæхъус. 

 

Ахæм джих æваст ныййисты бæстæ — 

Хъазты цинæн атади йæ кой: 

Устытæ æрхæндæгæй дзынæзтой, 

Лæгтæ цæссыг сау къухтæй сæрфтой. 

 

- Мард цæмæй йæ сыджытмæ ныххиза, — 

Загъта зæронд, — рухсаг ын зæгъут, 

Йе стæй сыгъдæг Уастырджи — уæ хизæг 

Æмæ фод уæ сæрвæлтау мæ уд! 

 

Уазджытæ сæ цæстысыг фæкалдтой... 

Мæрдджынтæн сæ хъыджы тых фæсаст... 

Зæронд лæг йæ сæрыл худ æрнадта 

Æмæ, худгæ, уазджытæм фæкаст. 

 

— Ныр фæндараст а фæрныг хъæубæстæй, 

Мардæн радтат хорз ирон æгъдау! — 

Хæхтæ, ризгæ, адæмау дзынæзтой, 

Адæм та лæууыдысты хæхтау. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ