Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Æмхъæлæсæй зард
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Искуы бауыдзæн нæ бон æмхъæлæсæй зарын? 

 

Ирон сайтты æмæ блогты абоны архайджытæй, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæтæ уарзынц ирон зарджытæ, æмбырд сæ кæнынц, хъусынц сæм. Афтæ æз дæр, ирон адæмон аивад уарзгæйæ, 1970-æм азты ме ‘ргом аздæхтон ирон зарæгмæ, бæлвырддæр та – къорды мидæг æмхъæлæсæй зарынмæ (уырыссагау: хоровое пение). Архайдтон уæды рæстæджы зындгонд зарæггæнджыты коллективтæй бирæты. Цæгат Ирыстоны композиторты Цæдисы фольклорон ансамбль «Чепена»-имæ куыстой нæ музыкалон аивады дæсныдæртæ, кæцытæм уыдис уæлдæр музыкалон ахуырад. Уыдон уыдысты композитортæ Цорионти Резван, Бериты Алыбег æмæ хормейстер Дзанайты Ольга. Сæ къухы бафтыд æмхъæлæсæй зарыны аивад бæрзонд къæпхæнмæ сисын, кæцыйæ раздæры азты йæ бон раппæлын уыд æрмæст 1960-æм азты кæфтыты æмæ зарджыты паддзахадон ансамблæн.  

 

Фæлæ-иу уæддæр на зарджытæм магнитофоны лентæйыл фыстæй куы хъуыстон, уæд-иу æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, нæ гуырдзиаг, цæцæйнаг æмæ кæсгон сыхæгты æмхъæлæсæй зард æндæрхуызон зæлы: дзæвгар фæлмæндæр, аивдæр. Кæд бирæ азты дæргъы «Чепена»-имæ дысвæлдæхтæй курдиатджын разамонджытæ фæкуыстой, уæд иннæ хихъæппæрисадон къордтæй бирæты зард та абон дæр тынг дæрзæг, гуырмыхъæй фæзæлы. Æнцонæй раиртасæн вæййы хоры алы архайæджы хъæлæс дæр. Сæвзæрди-иу мæм фарста: «Цæмæн афтæ у? Цæй мидæг ис проблемæ?» Фæлæ мæ фарстайæн дзуапп уæд не’ссардтон. 

 

Æрмæстдæр иу ссæдз азы фæстæ, куы рацардтæн, царды фæндæгтыл дзæвгар куы рауадтæн, йæ фæзилæнтæ йын бæстондæр куы бамбæрстон, уæд æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ: ацы хъуыддаджы аххоссаг музыкалон аивадмæ æппындæр кæй ницы бар дары. Уый афтæ арф ахъардта не уæнгты, нæ туджы, æмæ адæймаг дисы бафты. Цы у æмхъæлæсæй зарын аивад? Уый у ахæм дæсныйад, кæцыйæн йæ бындуры ис архайджыты кæрæдзийы æмбарынад, гармони. Уый у коллективон куыст. Хъуамæ алы зарæггæнæг дæр аиуварс кæна хи амбицитæ, хиуарзондзинад æмæ хъуыды кæнæ æрмæст иумæйаг æнтыстыл. Къорды хъуамæ алы зарæггæнæг дæр архайа, цæмæй йæ хъæлæс ма хицæн кæна иннæты ‘хсæнæй, уый нæ, фæлæ хъуамæ æрдзон æгъдауæй сиу уа иннæты хъæлæстимæ, саив кæна иумæйаг зæлынад. Хиуарзон, йæхицæн тынг бæрзонд аргъ чи фæкæны, ахæм тыхджын тенорæн тынг зын зарæн вæййы къорды мидæг. 

 

Махмæ царды алы къабæзты ис тынг бирæ «солисттæ». Зæгъæн-ма ис, æмæ æцæгæй дæр ахæм «солисттæм» чи нæ хауы, уыдон дæр сæхи нымайынц «стъалытыл», фæзмынынц сæ, хæрæг бæхты къæхты хъæрмæ куыд уайа, раст афтæ. Цал ироны ис, уал фæндоны. Æртæ адæймаджы нæм иу хъуыдымæ стæм хатт æрцæуынц. Æппæты зындæр махæн у иумæйаг хъуыддаг саразын, цыфæнды дæр уæд: проект, шедевр, бизнес, командæ.  

Æмбисондæн хæссинаг фæци: «Æмæ ды мæнæй цæмæй лæгдæр дæ?» Уыцы ныхас, зæгъæн ис, сси нæ хъуыдыкæнынады девиз. Хатт мæм афтæ фæкæсы, æмæ И.А. Крылов йæ зындгонд æмбисонд «Лебедь, Щука и Рак» махыл ныффыста. Цымæ цæмæн афтæ у? Цæй мидæг ис йæ аххосаг, йæ уидаг? 

Мæнмæ гæсгæ нæ рагфыдæлтæн, тыхджын, æвзыгъд хæстонтæн, суанг аланты дугæй райдай, æнтыстддзинад, уæлахиз сæ къухы æфтыд индивидуалон миниуджыты, хи хъаруйы фæрцы. Лæгæй лæгмæ сын ныхмæлæууæг нæ уыд. Сæ царды уавæртæ ахæм уыдысты, иннæ адæмтимæ абаргæйæ, æмæ цæмæй историон тыгъдады аирвæзтаиккой куыд наци, уый тыххæй авдыстой æхсар æмæ лæгдзинад. Уый ныхмæ иудзинадæн, иумæйаг зондæн фаг аргъ кæныныл нæ фæцалх сты. Ахæм миниуæг рахастой æнусты сæрты, æмæ æрхæццæ суанг абоны онг. Уый уæлдай ирдæй рабæрæг вæййы æрвылбоны сабыр царды. Æрмæстдæр нæ тохы бон æрбангом кæны, фæзыны нæм æмвæнд, æмзæрдæдзинад. 

 

Уымæн æвдисæн у мæ сайт «Ирæттæ»-йы ивгъуыды æмæ ныры зындгонд ирæтты тыххæй цы æрмæг лæвæрд цæуы, уый. Нæ адæмы историйыл куы афæлгæсæм, уæд не ‘ппæт æнтыстытæ æмæ уæлахизтæ дæр сты хицæн адæймæгты æнтыстытæ: зонады, аивады, хæстон хъуыддаджы, спорты… 

 

Цæвиттон, ныгуылæйнаг сахарты цæрджытæн нæ олимпаг æмæ дунеон чемпионты номхыгъд куы равдисай, уæд дыл фæхуддзысты, схондзысты дæ сайæгой, хиппæлой. Нæ сæ бауырндзæн нымæцæй ахæм чысыл адæммæ уыйбæрц сгуыхт спортсментæ ис, уый. Сайты æрмæгыл кусгæйæ ахæм уавæры æз иу æмæ дыууæ хатты нæ бахаудтæн. Уымæн æмæ дунейы иунæг адæммæ дæр, цæрджыты нымæцимæ абаргæйæ, ахæм æнтыстдзинæдтæ нæй. Ахæм æнтыстытæ сты феноменалон æмæ, чи зоны, сты Гинесы Рекордты Чиныгмæ бахæссыны аккаг. 

Уыимæ уыциу рæстæг æнæбафиппайгæ нæу, фаг иудзинад нæм кæй нæй, æмзæрдæ кæй не стæм, уый дæр. Хицæн удгоймæгты æнтыстытæй, уæлахизтæй сæ бон раппæлын кæмæн нæу, уыцы адæмты къухы уыйхыгъд бантыст æвæджиауы æнгомдзинад. Уыдоны æрбаиу кодтой алыхуызон идеологитæ, дины æмæ национ идеятæ. Æмвæндæй цыдæртæ аразынц, тынг бирæ æнтыстытæ сæ къухы æфты комкоммæ сæ иудзинады фæрцы. Æз сæм арæх бахæлæг кæнын: «Тæхуды, мах дæр ахæм куы уаиккам…» 

Исты зындгонд раздзог сæм фæсиды: «Цæйут, иумæ нæ адæмы пайдайæн ахæм хъуыддаг саразæм». Æмæ уайтæккæ йæ алфамблай æрбамбырд вæййынц дзыллæтæ, æххуысмæ цæттæ адæм. Уымæн æмæ сæм чи сидтис, уыцы адæймагæн аргъ кæнынц, сæ цæсты у кадджын. Нæ куырыхон хистæртæй иуы загъдау: «Иннæ адæмтæ се’взæрты дæр размæ тæрынц, мах та нæ хуыздæртæн дæр аргъ нæ кæнæм». 

Иу хатт Дзæуджыхъæуы æвдисæн уыдтæн ахæм цауæн: Ирыстоны зындгонд æмæ номдзыд чи уыд, иу ахæм адæймаг, аивады сгуыхт кусæг, рæгъмæ рахаста æппæт адæмæн дæр пайдайаг чи уыдаид, йæ ахæм фæнд. Уый фехъусгæйæ мæ иу зонгæ, нозтуарзаг шофыр, былæсчъилæй дзырдта: «Æмæ уый та чи у? Цы нын уынаффæ кæны? Нæхæдæг æй нæ зонæм, цы хъæуы æмæ цы нæ хъæуы, уый?» 

 

Куы йæ зониккат, цал диссаджы аргъуаны сарæзтой индийæгтæ æнæхъæн дунейы дæр, кæмдæриддæр сæ диаспорæтæ цæрынц, уым. Уыдон ахæм егъау æмæ æрдхæрæны рæсугъд сты, æмæ сæ ахæссæн ис Дунейы Диссæгты нымæцмæ. Арæзт та æрцæуынц фылдæр хуымæтæг цæрджыты, кувæг адæмы къухвæллой æмæ æхцайы фæрæзты фæрцы. Канадайы мæ дæлбар цы æрыгон индиаг лæппу куыста, уый цалдæр мæйы дæргъы къуыри иу хатт архайдта ахæм арæзтады, уымæй уæлдай ма къуыри иу бон та лæвар ахуыр кодта мадæлон æвзагыл йе ‘мбæстаг сывæллæтты. 

Æз дзæвгар рæстæг фæцардтæн æцæгæлон бæстæйы, Ирыстонæй дард. Фæндыд мæ нæ диаспорæйы пайдайæн исты мадзæлттæ саразын. Фæлæ мæ къухы бирæ нæ бафтыд. Иумæйаг ирон бæрæгбонты фынгтыл бадынæй дарддæр хъуыддаг никуы райрæзтис (фынджы уæлхъус бадгæйæ иу чысыл фææнгомдæр вæййæм). Ме ‘ппæт фæндтæ дæр æмбæлдысты æнæмбарындзинады цæлхдуртыл. Ме ‘мзæххонты нæ фæндыд хæрз чысыл хи рæстæгæй, хи фæрæзтæй рауæлдай кæнын иумæйаг хъуыддаджы пайдайæн. Æмæ æз уым никæй дарын азымы. Не сконд ахæм у… 

 

Мах тынг рагæй агурæм нæ адæмы чи æрбамбырд кæндзæн, чи нæ æрбангом кæндзæн, ахæм национ идейæ. Тынг бирæ алыхуызон фæндтæ, хъуыдытæ æргомгонд æрцыдысты ацы хъуыддаджы фæдыл. Фæлæ нæ хæрзгæнджытæ лæуд сты рæдыд фæндагыл: алкæй дæр фæнды, уый хъуыды, уый уынаффæ иннæтæй хуыздæрыл нымад куы ‘рцæуид. Нæ йæ æмбарæм, нæ зонд æй нæ кæрды, æрмæстдæр нæ иудзинады кæй ис нæ ирвæзт, кæй нæ хъæуы нæ зондджындæрты, нæ куырыхондæрты фарсмæ æрбалæууын, не ‘ххуысы уæхск сæм бадарын. Уый куы нæ уа, уæд национ идейæйы хъуыддагæн æмæ нæ адæмы рухс сомбоны бæллицтæн размæ фенкъуысæн нæй. Цымæ искуы фенкъуысдзысты? Цымæ искуы базондзыстæм æмхъæлæсæй зарын, кæрæдзимæ хъусгæйæ, кæрæдзийæн аргъгæнгæйæ? 

 

Кучиты Руслан 

www.ossetians.com 

 

Уырыссаг æвзагæй Брытъиаты Анжелайы тæлмац 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ