Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Блиты Марк
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

АХУЫРГОНД ÆМÆ ÆХСÆНЫ КУСÆГ 

 

 
Блиты Максимы фырт Маркыл сæххæст и 80 азы. Марк у нæ бæстæйы зынгæдæр ахуыргæндтæй, Кавказы истори иртасджыты курдиатджындæртæй иу. Райгуырди 1929 азы Быдыры Дæргъæвсы. 1947 азы каст фæци хъæууон скъола, 1951 азы та — Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон факультет. 

 

Æнцон ын нæ уыди наукон куысты фæндаг равзарын — дарддæр дæр ма йæ хъуыди фæлварæнтæ дæттын, дзæвгар азты дæргъы ахуыр кæнын. Мæскуыйы паддзахадон университет уыд йæ дæсныйады сæйраг скъола. Уым 1956 азы каст фæци ССР Цæдисы историйы капитализмы дуджы кафедрæйы аспирантурæ. Наукæты кандидат сси, афтæмæй Мæскуыйæ сыздæхт йæ фыдыуæзæгмæ æмæ 1958–1963 азты разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæг институты историйы хайадæн. 1964 азы кусын райдыдта педагогон институты — ныры ЦИПУ-йы. 1967 азы Мæскуыйы университеты бахъахъхъæдта докторы диссертаци «Уырыссаг-ирон ахастытæ (XVIII æнусы 40-æм азтæ — XIX æнусы 30-æм азтæ)». 1969 — 1974 азты профессор Блиты Марк уыди ЦИПУ-йы историон факультеты декан, 1980 азæй нырмæ та иудадзыг лæууы ССР Цæдисы историйы революцийы агъоммæйы заманы кафедрæйы сæргъы (1992 азæй фæстæмæ хуыйны Уæрæсейы историйы æмæ Кавказ иртасыны кафедрæ). 

 

Блиты Марк канд наукон-педагогон куыст нæ кæны, фæлæ ма тынг зæрдиагæй йæ хъарутæ дæтты бирæвæрсыг иртасæн куыст æмæ наукон-административон хъуыддæгтæн дæр. ЦИПУ-йы мидæг Цæгат Ирыстоны-Аланийы историйы æмæ археологийы институтæн у йæ бындурæвæрæг æмæ йæ директор. Институт арæзт æрцыди Цæгат Кавказы археологон экспедицийы æмæ Цæгат Ирыстоны историйы æмæ культурæйы цыртдзæвæнтæ иртасæн лабораторийы бындурыл. Уыдоны сæргъы æрлæууыди 1978 азы. 1980-æм азты æмбисы йæ разамындæй арæзт æрцыди Археологон музей. 1993 азы та уыцы дæлхайæдты бындурыл сырæзыди ЦИПУ-йы фундаменталон иртасæнты институт. 1996 азы йæ рацарæзтой æмæ йæ схуыдтой Республикæйы историйы æмæ археологийы институт. 

 

Марк иу хатт цы цардвæндаг равзæрста, ууыл кæронмæ баззад æнувыдæй. Æмæ ныр æртиссæдз азы дæргъы уæхскуæзæй лæггад кæны наукæйæн. Цымыдисаг у профессорæн æрмæст йæ биографи дæр. 38 азы йыл куы сæххæст, уæд бахъахъхъæдта докторы диссертаци. Ахæм кары историктæй стæмтæй ис раппæлæн уыцы хъуыддаджы. Уæдæ наукон институт чи сарæзта, уыцы ахуыргæндтæ та иугæйттæ йеддæмæ не сты. 

 

XX æнусы дыккаг æмбисæй XXI æнусы райдианмæ Кавказ иртасыны хъуыддаджы цы куыстытæ фæзынд, уыдоны ’хсæн Блиты Маркы чингуытæ ахсынц зынгæ бынат, ис ын йæхи æрмдзæф. Кавказы хæст æмæ уырыссаг-кавказаг ахастыты тыххæй фæллæйттæн рахонæн ис нæ бæстæйы Кавказ иртасыны этаптæ. 

 

Йе сфæлдыстады бæрæгдæрæй зынынц иукъорд сæйраг темæйы кæнæ къабазы. 

 

Фыццаг къабаз: Уæрæсейы паддзахады мидæг уырыссаг-ирон ахастытæ æмæ Ирыстоны социалон-политикон истори, стæй уырыссаг-кавказаг ахастытæ æмæ Кавказы бæстæтæ Уæрæсеимæ баиу кæныны фарстаты раиртæст. Центрон Кавказы адæмты Уæрæсеимæ баиу кæныны историйыл кусгæйæ, Марк дунейы рухсмæ рахаста уырыссаг-цæгаткавказаг ахастыты историйы иумæйаг концепци æмæ периодизаци. Йæ сæйраг хъуыды — Цæгат Кавказы адæмтæ Уæрæсеимæ цы фидыды уавæрты баиу сты æмæ фæстæдæр цы хæстон быцæутæ рауад, уыдоны ’хсæн ис мæнг, ницæмæ даринаг ныхмæлæудтытæ, æмæ сæ сæрты хъæуы ахизын. Кавказы адæмтæ Уæрæсеимæ куыд иу кодтой, уыцы дæргъвæтин хъуыддаг иртасгæйæ, Марк федта дыууæ ахсджиаг этапы. Кæрæдзийæ сæ хицæн кæны дæлбарад ныффидар кæныны охыл арæзт барадон акт. Карз ныхмæлæудтытæ æмæ быцæутæ рауади дыккаг этапы, Уæрæсе Кавказы æфсæддон администраци куы ’рфидар кодта, уæд, уымæн æмæ уыцы хъуыддагæн хæххон адæмтæ йæ ныхмæ уыдысты. 

 

Уырыссаг-ирон бастдзинæдтæ иртасгæйæ ма Марк архайдта, сæрмагонд наукон ахадындзинад кæмæн уыд, уыцы хъуыддæгтыл дæр: агуырдта архивты æрмæг æмæ куыста йæ рауадзыныл. Цы документалон æрмæджыты дыууæтомон æмбырдгонд ын рацыд («Уырыссаг-ирон ахастытæ XVIII æнусы»), уый фæрцы адæм базыдтой Ирыстоны политикон æмæ культурон историйы цаутæ. 

 

Блиты Маркы иртасæн куысты дыккаг къабазыл куы дзурæм, уæд бафиппайын хъæуы, цæмæй райдыдта, уый: райхалинаг сты XIX æнусы уырыссаг-ирон ахастыты быцæйуаг хабæрттæ. Марк лæмбынæгæй кæй архайдта, уый фæрцы фæстæдæр ног хуызы æркаст, ахуыргæндтæм уæды онг Кавказы хæсты тыххæй цы хъуыдытæ уыди, уыдонмæ. Уый фæдыл йæ фыццаг уац рацыди 1983 азы журнал «ССР Цæдисы истори»-йы æмæ расайдта карз быцæутæ. Блийы-фырт рæгъмæ цы ног хъуыды рахаста, уымæ гæсгæ Кавказы хæст æвдисы, адæмтæ патриархалон-мыггагон цардыуагæй кълассон æхсæнадмæ æмæ паддзахадон цардыуагмæ куыд бахызтысты, уый. 

 

Æрæджы йын Мæскуыйы рауагъдад «Мысль»-ы цы чиныг рацыд: «Уæрæсе æмæ Стыр Кавказы хæххон адæмтæ. Цивилизацимæ фæндагыл», уым Кавказы хæсты ног концепци æвдыст цæуы æххæст теорийы хуызы. 

 

Кавказы хæсты гуырæнтæ, цаутæ æмæ фæстиуджытæ æппæт адæмты рæзты фæндæгтæм цы сæрмагонд æвæрæн бахастой, уый равдисын æппæты фыццаг бантысти Блиты Маркæн. Ома, адæмтæ рагон æхсæнады уагæвæрдтæ æмæ мифологон зондахасты хуызтыл сæ къух куыд систой æмæ паддзахадон уагæвæрдтæ аразыныл куыд ныллæууыдысты, уый. Шамилы динон, хæстон æмæ паддзахадон архайдæн уыди бæлвырд программæ, æмæ, Блиты Марк куыд зæгъы, афтæмæй уыцы программæ æнцой кодта Мæхæмæт-пехуымпары историон æмæ динон фæлтæрддзинадыл. Чи зоны, ам имам Шамилы фæлгонц у æппæты цымыдисагдæр. Канд политик æмæ хæстон, номдзыд реформатор æмæ паддзахад саразæг нæ уыди Шамил, фæлæ ма уыди диссаджы куырыхон лæг æмæ интеллектуал — мюридизм æмæ имаматы фыццаг историограф. 

 

«Хæххон Революци» йе ’нгæс æндæр цаутимæ баргæйæ, ома алы бæстæты æмæ адæмты, уыимæ астæуккаг æнусы европæйаг æмæ араббаг историйы цаутимæ баргæйæ, Блиты Марк Кавказ иртасыны фарстатыл уынаффæ кæныны хъуыддаг систа теоретикон æмвæзадмæ. Уымæ гæсгæ, Кавказы хæсты разамонджытæ æмæ архайджытæ фыццаг хатт нымад æрцыдысты провинциалон партизантæ-патриоттæ кæнæ «колониализмимæ тохгæнджытыл» нæ, фæлæ дунеон историйы номдзыд хъæбатыртыл. 

 

Историк Блиты Марк йæ размæйы ахуыргæндтæй хицæн кæны уымæй, æмæ, йе ’ргом ивгъуыдмæ здахгæйæ, æмбары ныры царды уаг, архайы нæ дуджы фарстатæ райхалыныл, тыхсы фидæныл. Стыр дзуапджын лæг кæй у, суанг уымæй дæр бæрæг у, дæсны историкæн йæ наукон сфæлдыстады æртыккаг къабаз дæр ма кæй фæзынд, историон быцæуты ахуырад, зæгъгæ, уый. Кавказы хæстон-политикон быцæутыл рагацау сагъæс кæнгæйæ æмæ, цæмæй уыцы быцæутæ ма ’рцæуой, ууыл йæхи хъаргæйæ, Марк разæнгардæй архайдта наукон стыр æмбырдты æмæ фидауынгæнæн мадзæлтты. Быцæуты теорийы тыххæй арæзт тæккæ стырдæр дунеон конференциты заман-иу уыди оргкомитеты уæнг æмæ докладгæнæг, быцæуты ахуырады бындурыл разамынд лæвæрдта уырыссаг-бритайнаг семинарæн дæр. Гуырдзиаг-ирон ахастытыл, цæцæйнаг фарстатыл, чидæртæ Горæтгæрон районмæ тонайы цæстæй кæй кæсынц, ууыл кæнæ лигъдæтты уавæрыл куы фæдзуры, уæд фидарæй фæзæгъы: цæмæй кризисы цъысымæй рацæуæм, цæмæй адæмты бафидауын кæныны хъуыддæгтæ уæззау зонды тæразыл барст æрцæуой, уый тыххæй æнæмæнг бæлвырд зонын хъæуы политикон быцæуы социалон-историон гуырæнтæ æмæ, уыцы быцæу дæргъвæтин рæстæджы дæргъы цы аххосæгтæм гæсгæ райрæзы, уыдæттæ. Йæ дæрзæг æмæ æнкъарæнтæй хъæздыг чиныджы («Хуссар Ирыстон — уырыссаг-гуырдзиаг быцæуты амæддаг») ныхас цæуы, дæргъвæтин рæстæг Ираны дæлбар чи уыд, уыцы Гуырдзыстоны социалон рæзты миниуджытыл, стæй Фæскавказы провинциалон гуырдзиаг империйы бындуртæ чи сарæзта, уыцы Уæрæсейы цыбырзонд политикæйыл. 

 

Æхсæнад æмæ паддзахад наукон зонæнтæй спайда кæнынмæ цæттæ куынæ разынынц, уæддæр сæ æнæмæнг бахъæуы дзуапп раттын. Ахуыргонды нысан у хъуыддаг рагацау бамбарын кæнын — райсом бæллæхæй фервæзыны охыл. Истори æмæ быцæуты ахуырад органикон æгъдауæй баиу сты Блиты Маркы наукон публицистикæйы. Йæ уацтæ йын æхсызгонæй кæсынц адæм, æхсæнады сын ис стыр ахадындзинад. Чи сæ кæсы, уыдоны амидин кæнынц, цæмæй сæм фæзына сæхи сæрмагонд цæстæнгас. 

 

Фехъуыстон ахæм хабар, зæгъгæ, 1942 азы фашисттæ Быдыры Дæргъæвс куы бацахстой, уæд пионер Блиты Марк срæмыгъта немыцæгты бензоколонкæ. XX æнусы 80-æм азты кæрон æмæ 90-æм азты фыццаг æмбисы, Ирыстоны ног историйы æппæты уæззаудæр заман, Марк уыди нæ нацийы интеллигенцийы раздзæуджытæй иу. Уыцы интеллигенци сси граждайнаг оппозицийы астæумагъз æмæ, æддагон агресси æмæ терроризмы фыдæнæн, сбæрæг кодта нæ нацийы мидцарды сæйрагдæр миниуджытæ. 

 

Йæ нæмтты бæрзонддæрыл Блиты Марк нымайы профессоры ном, йæ ахсджиагдæр хæсыл та — ахуыргæнæджы куыст. Уырыссаг историографи æмæ йæм Кавказы адæмты историйы тыххæй цы лекцитæ ис, уыдон уæрæх фæндаг ссардтой студентты зæрдæтæм. Йæ разамындæй фыст æмæ хъахъхъæд æрцыди дæсгай диссертацитæ. Йе ’мкусджытимæ иумæ цы ахуыргæнæн чингуытæ ныффыста, уыдонмæ гæсгæ сæ фыдыбæстæйы истори бирæ азты дæргъы ахуыр кæнынц Ирыстоны скъоладзаутæ. 

 

Йæ куыстытæ æмæ йæ концепци кризистæ æмæ рацарæзтыты зилдухæнты нæ байсæфтысты, фæлæ ма ноджы арфдæрæй разынди сæ нысаниуæг. Кæд ам исты сусæгдзинад ис, уæд æнæмæнг уый у зæрдиагæй ног зонæнтæм тырныны монц, стæй, царды цы вазыгджын фарстатæ ис, уыдон агурын æмæ сын дзуаппытæ ссарынмæ тырныны курдиат. 

 

Зæгъæн ис, æмæ истори у, æхсæнады зæрдæйы мыггагмæ чи æрбынат кодта, уыцы наукæ. Блиты Марк ма æвзонг лæппу куы уыд, уæд ыл æрæвæрдтой сæ цæст, аккаг аргъ ын скодтой йе ’мкусджытæ, уарзтой йæ чиныгкæсджытæ. Йæ ном хъуыстгонд уыди канд йæ фыдызæххыл нæ, фæлæ иннæ рæтты дæр. Мæскуыйы университеты чи никуы куыста, уыцы историктæ æмæ политиктимæ Марк дæр хаст æрцыди «Мæскуыйы университеты энциклопедион дзырдуат»-мæ. Уæрæсейы Федерацийы æмæ Хуссар Ирыстоны Республикæйы наукæйы сгуыхт архайæг, Уæрæсейы Федерацийы «Кады Орден» æмæ Хуссар Ирыстоны Республикæйы æппæты бæрзонддæр хæрзиуæг «Кады Нысан»-ы ордены кавалер, И.А. Ильины номыл Æвзист майдан «Уырыссаг хъуыды парахат кæныны сæраппонд» хæссæг — ацы номхыгъдæй йæ хæрзиуджытæ дзæвгар фылдæр сты. 

 

Блиты Максимы фырт Маркæн нырма йæ бон бирæ у, дзæвгар æм ис сфæлдыстадон фæндтæ. Гъемæ йын нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй ма йын Хуыцау ратта ног хъарутæ æмæ зæрдæрухс цард. Йæ рухс фæндтæ йæ къухы бафтæнт! 

 

БЗАРТЫ Руслан 

Журнал «Мах дуг», 2009, №3 

 

 

Æрмæг ист у: 

http://allingvo.ru 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ