Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Брытъиаты Зариффæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Брытиаты Зарифæ  

(13. I. 1919- 2002) 

Зындгонд советон театралон режисер. 

Уæрæсей Федерацийы адæмон артисткæ.  

Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт кусæг 

 

 

Зындгонд ирон фыссæг Брытиаты Елбыздыхъойы чызг Зарифæ 1945 азы фæцис каст ГИТИС-ы режиссерон факультет æмæ райдытта кусын Цæгат Ирыстоны драмон театры. Зарифæ тырныдта театры сценæйыл романтикон сурæттæ саразынмæ, стыр фæзындтытæ æмæ тыхджын сурæттæ равдисынмæ.  

 

Йæхуыздæр куыстытыл банымайæн ис спектакльтæ: 

Плиты Гришы "Чермен" 1949 аз. 

"Дыууадæсæм æхсæв" 1954 азы 

"Отелло" 1950 азы, 

"Фатима", 1956 азы,  

"Знæгтæ", 1948 азы, 

"Любовь Яровая", 1946. 

æмæ бирæ æндæртæ. 

 

Фæлæ ацы æргом æмæ зæрдæргъæвд адæймаджы цард иуыл лæгъз нæ цыдис.  

Хъысмæт ын бирæ цæлхдуртæ сæвæртта йæ размæ, фæлæ йын йæ асæттын йæ бон нæ бацис. Хъыгагæн, йæ царды кæронмæ нæ фехъуыста "бахатыр кæн", зæгъгæ, йæ цард æмæ йын йæ сфæлдыстадон балицтæ сæ къæхты бын чи ныккодта, удонæй.  

Режиссер Бритиаты Зарифæ, фыццаг ирон драматургы чызгæн йæ миддуне æххæстæй дæр баст уыдис сфæлдыстадимæ. Ирон театралон аивадæн лæггад кодта æвæллайгæйæ, æмæ йæ рухс ном æнустæм цæрдзæн адæмы зæрдæты. 

 

 

БРЫТЪИАТЫ ЗАРИФФА 

 

Фыццаг поэт драматург, фыццаг режиссер… Кæд искуы ирон театралон режиссурæйы тыххæй иртасæн куыст фæзына, уæд дзы фыццаг ирон сылгой-маг-режиссеры бынат æрхаудзæн Брытъиаты Елбыздыхъойы чызг Зариффæмæ (1919-2001). Уæззау хъысмæт фæцис йæ хай, йæ номдзыд фыдау, бавзæрста æфхæрд, низ, рохуаты бонтæ.  

 

Зариффæ райгуырд 13 январы 1919 азы Цæгат Ирыстоны, Дзуарыхъæуы. Йæ сабийы бонтæй фæстæмæ Зариффæ тынг бæллыд ахуырмæ. Уæлдай зæрдæргъæвддæр Зариффæ уыд ирон литературæмæ.  

 

1938 азы Зариффæ радта фæлварæнтæ Мæскуыйы Театралон аивæдты паддзахадон институтмæ, фæахуыр кодта иттæг хорз, иста Сталины стипендии. Зариффæ бæллыд йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кæнын æмæ Ирыстонмæ сыздæхынмæ, театры кусынмæ, цæмæй йæ бирæ зонындзинæдтæ сфæлвара сценæйыл. Фæлæ йын Фыдыбæстæйы Стыр хæст йæ бæллицтæ сæххæсты æмгъуыд ныддаргъ кодта. 1941 азы июлæй августмæ иннæ студенттимæ къуыригæйтты къахтой æгæрон хъахъхъæнæн дзыхъхъытæ Мæскуы æмæ Смоленскы бынмæ. Уый тыххæй Зариффæ хорзæхгонд æрцыд майданæй «За оборону Москвы». 1941 азы сентябры сыздæхт Ирыстонмæ, уымæн æмæ Театралон аивæдты паддзахадон институт эвакуацигонд æрцыд. Кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры. Ирыстоны уæвгæйæ дæр та Зариффæ хъахъхъæнæн дзыхъхъытæ къахта Дзæуджыхъæуы бынмæ. Уæд райста йæ майдан «За оборону Кавказа» дæр. Фæндыд æй Уæлахизы бæллиццаг бон фæхæстæгдæр кæнын. Радистты скъоламæ дæр уымæн бацыд, цæмæй йæ иуафон хæсты цæхæрмæ баппарой, фæлæ Зариффæ балæууыд Тбилисы, стæй – Дзæуджыхъæуы, ныр йæхæдæг иннæты ахуыр кодта бастдзинады аппаратурæимæ архайыныл. Фæлæ йын хъысмæтæй нысангонд уыд сфæлдыстадон фæндаг æмæ уæлахизтæ. 1945 азы та бацыд Мæскуыйы Театралон аивæдты паддзахадон институтмæ æмæ йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кодта. Кусынмæ сыздæхт йæ райгуырæн зæхмæ. Æрыгон Ирон театры йыл стыр æхсызгонæй сæмбæлдысты йæ фыццаг фæлтæры æрттивгæ фæсивæд: Тæутиаты Соломон, Тæбæхсæуты Бало, Икъаты Серафин, Баллаты Валодя æмæ иннæтæ.  

 

1945 азы Зариффæ сæвæрдта йæ фыццаг спектакль «Талынджы фембæлд» – йæ фыццаг æнтыст. Спектакльæн бæрзонд аргъ скодтой куыд йе ‘мкусджытæ, афтæ театралон критикæ дæр.  

 

Цал æмæ цал хъысмæты, характеры, сценикон быцæуы равзæрста уæдæй фæстæмæ режиссер. Йæ æвæрд спектакльты нымæц сæдæйы онг схызт. Уыдонимæ Ирон театрæн ном æмæ цæсгом чи скодта, уыцы ахъаззаджы куыстытæ: Къостайы «Фатимæ», Шекспиры «Отелло», «Дыууадæсæм æхсæв», «Ромео æмæ Джульеттæ», Плиты Грисы «Чермен», «Æууæнк», Брытъиаты Елбыздыхъойы «Амыран», «Дыууæ хойы», Къубалты Алыксандры «Æфхæрдты Хæсанæ», Туаты Дауыты «Мæрдтæйдзæуæг», А. Островскийы «Судзгæ зæрдæ», «Æнаххосæй аххосджынтæ», Мольеры «Тартюф», Брытъиаты Зариффæйы æмæ Саламты Къолайы «Дыууæ чындзæхсæвы», Уырыймæгты Езетханы «Знæгтæ». Стыр сфæлдыстадон æнтыстыты тыххæй 1960 азы Мæскуыйы ирон литературæ æмæ аивады декадæйы сæйраг режиссер Брытъиаты Зариффæйæн лæвæрд æрцыд «Сырх Тырысайы орден».  

 

60-æм азты нæ республикæйы Уырыссаг театры куыст зынгæ фæца-уддæр. Æмæ дзы уæд сæйраг режиссерæй нысагонд æрцыд Брытъиаты Зариффæ. Театрыл фæзынд курдиатджын разамонæджы хъæппæрисджын архайд. Йæ спектакльтæй иуæн – Уырыймæгты Езетханы «Перед грозой»- æн саккаг кодтой Хетæгкаты Къостайы номыл преми. Фæстæр сфæлдыстадон бæрзæндтæм схизæг режиссеры хонын райдыдтой æндæр театртæм дæр. Спектакльтæ сæвæрдта Цæцæн-Мæхъæлы, Болгарийы алы горæтты театрты сценæтыл.  

 

Уæлтæмæн æмæ æнтыстытæй дзаг бонтæ, мæйтæ, азтæ. Йæ ныхасы кæддæриддæр уыд уæз. Йæ куысты театралон хъуыддаджы æппæт фæзилæнтæ дæр афтæ хорз зыдта, æмæ-иу йæ уынаффæйыл, фиппаинæгтыл сразы сты суанг мæскуыйаг театрты дзырддзæугæ архайджытæ дæр. Уымæн æрцыд æвзæрст æмæ бирæ азты фæкуыста Æппæтуæрæсеон театралон æхсæнады цæгатирыстойнаг хайады сæрдарæй. Цæмæй йæ бон уыд, уымæй æххæст кодтатеатрты кусджыты социалон домæнтæ, æнæ дзуаппæй никуы никæй раздæхта. Уæлдæр ранымад хорзæхтæй дарддæр ма Зариффæ райста майдантæ «За доблестный труд в ВОв 1941-1945 гг» (1946), «За трудовую доблесть» (1948), «За доблестный труд в ознаменование 100-летия со дня рождения В.И. Ленина».  

 

Царды фыдæх, цардау, æнусон у, æмæ йæ азарæй басыгъта сыгъдæгуд Зариффæйы дæр. Сфæлдыстады рухс бæрзæндтæй йæ хæрамдзинады тарфмæ ныппæрста. Зариффæ йæхи удыл бавзæрста æнаккаг адæймæгты æфхæрд, æмгæртты мæнгарддзинад. Бынтон æнаххосæй йæ ахæстоны бакодтой, байстой йын йæ паддзахадон хæрзиуджытæ, йæ намыс ын сæвдылдтой цъыфы. Уый 1937 азы нæ уыд, фæлæ 80-æм азты.  

 

Дагестаны адæмон фыссæг Расул Гамзатов Мæскуыйы хицауадмæ цалдæр хаты фыстæджытæ фæфыста Зариффæйы сæрыл. Суæгъд æй кодтой цалдæр азы фæстæ йæ удæн ын Амыраны зынтæ чи бавзарын кодта, уыцы ахæстонæй.  

 

1991 азы йын лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны АССР-йы аивæдты сгуыхт архайæджы ном.  

 

Зариффæ уыд ирон театры историйы бæрæгдæр хай. Йæ удуæлдай куыстæй уый тох кодта æхсæнадон царды хъæнтæ æмæ хæрамдзинадимæ, адæймаджы уды æнæраст æфхæрдимæ. (Брытъиаты Анжела чин. "Куырттаты ком æмæ куырттатæгтæ ") 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ