Здравствуйте, Гость
Регистрация| Вход
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Гугкаева Евелина
< назад  Комментарии к статье (0)      Версия для печати

Гугкаева Евелина Леонтьевна  

 

Народная артистка Грузинской ССР, заслуженная артистка Республики Южная Осетия, актриса осетинского театра 

 

(идет поиск информации)  

 

 

 

 

На снимке:Гугкаева Евелина и Кокойты Мэлс 

 

Фотографии присланы на сайт Ревмирой Алборовой. 

 

 

Нæ паддзахадон драмон театры историон фæндаг кæд даргъ нæу, уæддæр ыл рацыдис цалдæр фæлтæры, кæцытæй бирæтæ нæ адæмæн систы уарзон. Уыцы сценæйы фидауцтæй сæ иу у Гуырдзыстоны ССР-ы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæ Гугкаты Эвелинæ. Театры ивгъуыдыл, йæ абоны уавæрыл, йæ сомбоныл æмæ ма афтæ актеры зын царды тыххæй, уый йæ хъуыдытæ дзуры нæ уацхæссæгимæ ныхас кæнгæйæ. 

 

- Эвелинæ, ды театры кусын райдыдтай 1961 азы. Фæлæ уымæй размæ дæр æнæзонгæ нæ уыдаис театры актертимæ, куыд театрдзау, афтæ. Кæцы актеры сфæлдыстад дзы цыд дæ зæрдæмæ тынгдæр? 

 

- Æз æрмæстдæр зонгæ уыдтæн Цæгат Ирыстоны актертимæ. Уымæн æмæ уым цардтæн, астæуккаг ахуырад уым райстон. Зонгæ та сæ афтæ кодтон æмæ скъолайы ахуыр кæнгæйæ, æз арæх цыдтæн спектаклтæм æмæ сын уыдтон сценæйыл сæ архайд. Тæбæхсайы фырты хъазт Отеллойы ролы уæд диссагæн баззад. Мах театрмæ æввахс цардыстæм, нæ хæдзары рудзгуытæ арæзт уыдысты театры 'рдæм æмæ-иу йæ кæрты къухбакæнæн нæ уыдис, Отелло иу куы цыдис, уæд. Æнæуый дæр-иу сæм арæх кастæн куыд кусынц, сæ репетицитæ куыд цæуынц, уымæ. Фæлæ мæ сценæ йæхимæ никуы æлвæста æмæ скъола каст куы фæдæн, уæд æрцыдтæн Цхинвалмæ æмæ мæ гæххæттытæ радтон медахуыргæнæндонмæ. 

 

Æнтысгæйæ радтон фæлварæнтæ æмæ ахуыр кæнын райдыдтон. Иудзырдæй, мæ бæллиц уыдис дохтыр суæвын. Уæдмæ ардæм, нæ горæтмæ æрцыдысты Мæскуыйы театралон институтæй режиссертæ æмæ нæ фæсивæдæй сæхæдæг æвзæрстой, театры сценæйыл чи сарæхстаид, ахæмты. Мæн дæр ме 'мбæлттæ баразæнгард кодтой, фæлæ сæ ницæмæ æрдардтон. Фæлæ сæм фæсивæд æгæр куы гуылф кодтой, уæд мæ мæ цымыдис бахаста æмæ сæ разы балæууыдтæн. Кæсын æмæ дзы стыр конкурс. Ахæм рæсугъд чызджытæ æмæ дзы лæппутæ уыдис нæ фæси-вæдæй æмæ сæм кæсгæйæ баззадтæн. Æз дæр дын мæ амонд сфæлвæрдтон æмæ ахызтæн фыццаг фæлварæны, радтон иннæты дæр æмæ диссæгтæ! Райстой мæ Мæскуыйы аивадон академион театрмæ ахуыр кæнынмæ. 

 

- Куыд ацыдысты исæн фæлварæнтæ та Мæскуыйы? 

 

- Куыд ма загътон, афтæмæй тынг нæ бæллыдтæн актрисæ суæвынмæ æмæ нæ фæнд кодтон уырдæм фæцæуын. Уæд театры директор Гæззаты Степан уыдис æмæ мæ уæгъд нал уагъта. Ацу, зæгъгæ, чизоны дзы дæ зæрдæмæ фæцæуа, кæннод дæр раздæхдзынæ. Ныццыдыстæм æмæ та уым дæр фæлварæнтæ. Кæсын æмæ рæгъæй бадынц Мæскуыйы аивадон академион театры профессортæ, фæлæ мæнæн уæлдай нæ уыд, ницæуыл дзурæг мын уыдысты едысаг зæронд лæгтæй хъауджыдæр. Уымæн æмæ дзы мæ зæрдæ нæ уыд. Фæлæ та ацы фæлварæнтæй дæр ахызтæн æмæ дзы райдыдтон ахуыр кæнын æмæ дзы мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис. Бирæ цæуылдæрты нæ цайдагъ кодтой. Архайдтой дзы спортæй, балет дзы уыдис, вокалон къордтæ æмæ аивады бирæ æндæр хуызтæ. Райсом 9 сахатæй изæры 12 сахатмæ мах уыдыстæм ифтыгъд хуымон галтау. Мемæ иу курсы ахуыр кодтой Лазарев, Высоцкий, Жанна Прохоренко, Майя Полянская. Высоцкий хорз цагъта гитарæйыл, иу дзы Фролов уыд æмæ уый та цагъта аккордеоныл æмæ Годжыцаты Исахъ та - иу заргæ кодта. Сæ зæрдæмæ тынг цыдис «Додой» æмæ-иу Исахъы уæгъд нал уагътой, зæгъгæ, азарæм та йæ æмæ йæ афтæ рæсугъд зарыдысты æмæ-иу сæм æрыхъуыстой. Заргæ та йæ кодтой уырыссагау. 

 

- Эвелинæ, ды ныр æрдæг æнусæй фылдæр уыдтæ сценæйыл. Æрдæг æнус та цъус нæу. Цымæ уæды актерты хъазт, абоны актерты хъазтæй истæмæй хицæн кæны? 

 

- Æз ахуыры фæстæ нæ театрмæ куы æрбацыдтæн кусынмæ, уый та уыдис 1961 азы, уæд дзы æрбаййæфтон æцæг корифейты. Уыдон уыдысты Цхуырбаты Барис, Таугазты Гаврил, Мæргъиты Цоцко, Цæбиты Нинæ, Цоциты Нинæ. Мæнæн мæ фыццаг роль радтой Цхуырбаты Барисимæ æмæ æхсæвы нал бафынæй дæн, зæгъын, еныр ахæм зындгонд актеримæ æз куыд ахъаздзы-нæн. Гъе, ахæм кадджын уыдысты мæ цæсты. Сæхæдæг дæр нæ хорз райстой, аудыдтой ныл сæхи хъæбултау æмæ сæ мах дæр тынг аргъуц кодтам. Ныр уы-цы рæстæг æмæ абоны рæстæгыл куы дзурæм, уæд мах рæстæг хуыздæр цæ-мæй уыдис? Хæст нæ федтам. Ницы дæ æндæвта дæ куыстæй дарддæр æмæ дзы арф аныгъуылдыстæм. Кæд нæм уыцы рæстæджы хицауады 'рдыгæй æркаст нæ уыдис, уæддæр нæхæдæг тынг архайдтам. Хистæр актертæ нæ æнæ хъусдардæй нæ уагътой. Æрхуыдтой-иу режиссертæ дæр. Æмæ актер сырæзы классикон репертуарыл куы хъомыл кæна, уæд. Абоны актертæ сты тынг курдиатджын, фæлæ сын уавæртæ нæй кусынæн. Ныртæккæ цы уавæрты архайынц, уый куыст нæу, фæлæ тыхми. 

 

- Æмæ цы зæгъдзынæ сценæмæ-кæсæджы тыххæй та? Уыдон та цæмæй хицæн кæнынц? 

 

- Цхинвалы хуызæн сценæмæкæсæг никуы ис. Æз ме сценæмæкæсæджы куыд уарзтон, афтæ мæхи дæр нæ уарзтон. Сценæмæ-иу мæхи куы цæттæ кодтон, уæд-иу æхсæв нæ бафынæй дæн, мыййаг, сценæмæкæсджытæй искæй зæрдæмæ куыннæ фæцæуон, уый тасæй. Хъазыдысты-иу мемæ, æнхъæлдтон, мæ текст мын дзурын райдайдзысты, сæ бахудт дæр мын, цыма, бузныг дзырдта, афтæ тынг æй æн-къардтон. Иу хатт нæм Прибалтикæйæ уыдысты æмæ дисы хаудысты, сценæмæкæсджытæм кæсгæйæ. Сæхæдæг ыл басастысты, ахæм æмбаргæ сценæмæ-кæсæг кæй никуы федтой, актеры алы фезмæлд дæр чи æмбара. Худын кæм хъæуы, уым худгæ кæны, кæуын кæм хъæуы, уым - кæугæ, æмдзæгъд кæм хъæуы, уым та - æмдзæгъд. Махæн-иу нæ профессортæ афтæ дзырдтой, ирон адæмы, дам, театралон аивадыл ахуыр кæнын дæр нæ хъæуы, уый, дам, сæ туджы ис. 

 

- Эвелинæ, дæхæдæг та дæ сабийы бонтæ цы уавæрты арвыстай? 

 

- Мæ сабийы бонтæ æз арвыстон Ирыстоны иууыл бæрзонддæр, рæсугъддæр хъæутæй сæ иу - Едысы. Бирæ фæсивæд дзы уыдис уæд. Уыдис дзы астæуккаг скъола. Бонизæрмæ мæхи æмцахъхъæнтимæ мах нæ рæстæг фылдæр æрвыстам мæнæргъыты, саунæмгуыты фæстæ рахау-бахау кæнгæйæ, кæм стырдæр бæлас уыд, уый цъуппæй-иу ракастæн. Хорз сты сабийы бонтæ, ницы мæт дæ ис, дæ рæстæг арвитынæй дарддæр. 

 

- Эвелинæ, искуы фæтыхстæ сце-нæмæкæсæджы раз? Кæд о, уæд уавæрæй куыд рахызтæ? 

 

- Æз зыдтон сценæмæкæсæджы æнкъарæн. Уыдис ахæм цау, æмæ «Сæрмæт æмæ йæ фыртты» хъазыдыстæм. Ныр мæ роль ахæм уыд, æмæ мæ уарзтой дыууæйæ. Сæ иу уыд Бекъойты Гоги æмæ иннæ та Зæгъойты Ростик. Æз, цыма, мæхæдæг та уарзтон Гогийы. Уæд Ростикимæ кæрæдзимæ æцæгæйдæр зулдзых уыдыстæм, фæлæ нын æндæр гæнæн нæ уыд, хъуамæ ахъазыдаиккам иу спектаклы. Ростикæн йæ роль та ахæм уыд, æмæ мæ хъуамæ йæ маст райса, фехса мæ æмæ мæ амара. Куы-иу мæ æхста, уæд-иу мæ хъуамæ фехстаид дардмæ, цæмæй мыл йæ цæхæр ма ауадаид. Мæсты мæм кæй уыд, уымæ гæсгæ мæ мæсты æхст фæкодта æввахсмæ, æмæ разæй мæ къабайы гуыр иууылдæр асыгъдис цæхæртæй. Мæхæдæг дæр фæсæццæ дæн, фæлæ нæ хъазт не 'рлæууыд. Гоги мæ фелвæста йæ хъæбысы æмæ мæ афтæмæй раскъæфта сценæмæкæсæджы размæ. Уыдон хъуыддаг æцæгæй куыд уыд, уый нæ рахатыдтой. Ахæм цаутæ арæх уыд. Цæмæдæр гæсгæ-иу арæх афтæ рауадис, æмæ-иу мæ роль Ростикимæ æрхауд афтæ, уый мæ уарзы, æз та йæ нæ уарзын. Уый йæм фæстагмæ тынг хъыг æркаст царды дæр. Уый дын уымæн зæгъын, æмæ-иу нæ ролты афтæ арф бацыдыстæм æмæ-иу нæ ферох ис, уый спектакль кæй уыдис. 

 

- Цы рольтæ сæххæст кодтай, уыдонæй дын уарзондæр кæцы уыдис? 

 

- Æз цы спектаклты хъазыдтæн, уыдон 100 ахызтысты. Афæдзы дæргъы æвæрдтам 2, 3 спектаклы. Фæлæ мын сæ иууыл æввхасдæр уыд Госæмайы роль «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы. Уымæн æмæ уый у ирон цардуагыл дзурæг æмæ мæм тынг æввахс уыдис йæ архайд, йæ мидис, йе 'нкъарæнтæй, йæ амонд æмæ йе 'намонддзинадæй дæр. Мæ зæрдæйæн æцæгæлон нæ уыдысты иннæтæ дæр, уымæн æмæ уыдоны дæр æвæрдтон мæ тых, мæ фыдæбæттæ. 

 

- Эвелинæ, ды канд актрисæ нæ уыдтæ, фæлæ ма дæ тыхтæ лæвæрд-тай режиссурæйы дæр, цас дын бантыст уыцы фадыджы саразын. Цы спектаклтæ сæвæрдтай? 

 

- Сæвæрдтон «Гамлет»-ы. Ирон курдиатджын фыссæг Гаглойты Владимиры сфæлдыстад мæ зæрдæмæ тынг цыдис æмæ йын сæвæрдтон йæ фыст пьесæ «Стъалытæ», Валодяйæн ма сæвæрдтон «Зæххон Хуыцæуттæ». Сæвæрдтон ма «Æфсин æмæ чындзытæ» æмæ бирæ æндæртæ дæр. 

 

 

- Аивады кусæгæн адæм фæцымыдис кæнынц йæхи сæрмагонд цардмæ дæр. Зæгъынц, зæгъгæ, уыдон сæ цард снывонд кæнынц сæ куыстæн æмæ куыддæр æнæхъусдардæй аззайынц, зæххыл ын иууыл зынаргъдæр чи сты, уыдон, йæ сабитæ, йæ бинонтæ. Уый æцæгæйдæр афтæ у? 

 

 

- Кæмдæр афтæ дæр у. Уымæн æмæ мах уыдыстæм гастролты æмæ-иу аззадыстæм æнæхъусдардæй. Мæнæн сын нæ уыд хицау æмæ сæ фылдæр автобусты ралас-балас кодтон мемæ. Æнæрæвдыд уыдысты мæнæй, раст у. Нæ уыд рæстæг семæ архайынæн. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, раст нæу, фæлæ куыст афтæ домдта. Æндæр гæнæн дзы нæ уыд. 

Эвелинæ, тынг æхцондзинад мын æрхаста, дæ цард æмæ де сфæлдыстадимæ æввахсдæр кæй базонгæ дæн, уый. Æвæццæгæн, æхцондзинад æрхæсдзынæн нæ газеткæсджытæн дæр. Æмæ дын зæгъæм бузныг, рæстæг кæй ссардтай æмæ немæ зæрдæбынæй кæй аныхас кодта, уый тыххæй. 

 

 

- Бузныг. 

 

БЕСТАУТЫ Валя 

 

Источник: 

http://osinform.org/ 

 

 



 Комментарии к статье (0)      Версия для печати
 
Выдающиеся осетины