Иры кадджындæр бæрæгбæттæй иу æрхæццæ кæны, æмæ уæ йæ хорзæх уæд!
Хетæгæн Уастырджи зын рæстæг цы æххуыс бакодта, уыцы æххуысæй сыгъдæг зæрдæйæ йæм чи кувы, уыдон иуылдæр хайджын уæд!
Бирæ адæм цæудзысты Хетæджы Къохмæ уыцы бонты, æмæ уыцы бацыды цы æгъдау ис, цы домæнтæ куры, ууыл ныхас цыди æхсæнад "Иудзинады" уæнгтæ æмæ сæ уазджыты 'хсæн.
Бакæсут, уæ хорзæхæй.