АЛЦЫДÆР НÆХИЦÆЙ АРАЗГÆ У
Нæ адæм сæ фæндагыл бирæ гуыргъахъ фæзилæнтыл рацыдысты. Астæуыккаг æнусты нæ тæтæр æмæ къуылых Тимуры æфсæдтæ бындзагъд кодтой, фæстæдæр æвадат бæрзонд хæхты лæгæтты æмæ къæдзæхты фæрстыл зын царды архайдтой исты хуызты аирвæзыныл. Уыцы уавæрты, стæй ма бирæ знæгты æмæ лабурджыты ныхмæ иудадзыг тохы бахъахъхъæдтой сæ рагфыдæлты дунембарынад, сæ диссаджы Фарн æмæ Æгъдау, сæ фидар уырнынад.
Азтæ цыдысты, ралæууыд æндæр рæстæг, æндæр дуг. Адæм сæхиуыл схæцыдысты, сулæфыдысты æмæ хъазуатонæй ног цард аразынмæ бавнæлдтой. Ныры хистæртæ иууылдæр райгуырдысты æмæ хъомыл кодтой уыцы арфæйаг æмæ райдзаст Советон дуджы. Зæгъæн ис, Ирыстон уыцы азты тынг стыр къахдзæф акодта размæ. Бирæ сгуыхтдзинæдтæ бафтыдис нæ зындгонд адæмы къухы. Фæлæ уый ныхмæ тынг фæцудыдта нæ миддуне, нæ национ химбарынад, не'гдау, нæ уырнынадон бындур. Цæмæн? Кæй аххосæй?
Советон идеологи 1950 -1970 азты уæды хицауады стыр рæдыдæй карз тох самадта уырнынад æмæ динтимæ, адæмы фыдæлтыккон æгъдæуттимæ. Уыцы архайд схуыдтой "Борьба с пережитками прошлого". Нал уагътой кувын, Дзуармæ цæуын, адæмон бæрæгбæттæ кæнын, æгъдау æххæст кæнын. Н.Хрущев хицау куы ссис, уæд ма скъолатæй мадæлон æвзаг фæтæрыны уынаффæ дæр рахастой. Уыцы стыр знаггады фæстиуджытæ ныл абон дæр ма æргомæй зынынц. Улæнтæй цæуынц фæлтæрæй фæлтæрмæ.
Мæхæдæг дæс азы дæргъы Алагиры скъолайы иунæг бон дæр ирон æвзаг нæ ахуыр кодтон. Нæ уыдис ахæм уроктæ. Хъæуты ма ныууагътой дыууæ "ма амæлайы" сахаты. Мадæлон æвзаг та айдагъ дзурыны мадзал нæу. Уый у сыгъзӕрин дæгъæл, кæцы гом кæны дуар нæ адæмы æгӕрон хæзнадонмæ. Куы нæ дæм уа, уæд уыцы диссаджы хæзнатæм дæ бон у æрмæстдæр дардæй кæсын, æмæ искæйы амонæнтæм хъусын. Нæ бамбардзынæ сæ мидис, се стыр нысан, нæ сын базондзынæ аггаг аргъ скæнын, стæй сæ нæ бахъахъхъæндзынæ фидæны фæлтæртæн.
Гъе, уыцы хабар æрцыд мах фæлтæрыл. Мæнæн Хуыцау æххуыс кодта æмæ мын мæ царды фæндагыл бирæ хæрзгæнджытæ, бирæ куырыхон хистæртæ базонын кодта. Уыдоны фæрцы мæ бон бацис раст фæндаг равзарын. Ирон ӕвзаджы диссаджы ад дӕр ӕххӕстӕй банкъардтон асӕй, хи хъаруйӕ йын сахуыр кодтон йӕ фӕзилӕнтӕ, ӕмӕ мын уый мӕ цӕстытӕ ӕххӕстӕй байгом кодта.
Хъыгагæн, фылдæры уыцы амонд нæ фæци. Нæ федтой æмæ не саргъ кодтой, цы хæзнаты кой скодтон, уыдонæн. Нæ бакастысты иу ирон чиныг, нæ хъуыстой таурæгътæм, кадджытæм, нæ бамбæрстой нæ рагон дунембарынады арф æмбæхст хъуыдытæ. Фæхицæн сты Хуыцауæй, кувынæй æмæ уыдоны бындурыл æвæрд æгъдæуттæй. Нæ сæм уыдис дæгъæл, уыдонмæ дуар байгом кæнынæн.
Ма сæм хæссæм карз азым уый тыххæй, - сæ дуг, сæ уавæр ахæм рауадис. Фæлæ, уый зæрдыл даргæйæ, хъуамæ дывæр хъаруйæ архайæм уыцы аипп сраст кæныныл, тутт бынат баххæст кæныныл. Уымæн нæм ис алы фадат дæр. Ма кæсæм æнхъæлмæ хицæуттæм, чиновниктæм, скъолатæм. Алчи йæ бон цас у, уыйбæрц куы архайа, уæд нæ къухы бирæ бафтдзæн.
Бауарзын кæн дæ кæстæртæн сæ мадæлон æвзаг, ратт сæм уыцы "сыгъзæрин дæгъæл" æмæ сын бацамон фæндаг нæ адæмы хæзнадонмæ. Дарддæр сæхæдæг цæудзысты. Кæд дæ бон у, уæд уыцы хорз лæггад бакæн дæ хиуæттæн, дæ хæстæг адæмæн, дæ сыхагæн, дæ хæларæн. Искуы дæ стыр бузныг уыдзысты.
Хорз зонд, хорз æгъдау уæларвæй не 'рхауы, цæуы лæгæй лæгмæ, хистæрæй кæстæрмæ. Дардæй æнæмæт каст куы кæнæм нæ адæмы национ фидæны фарстатæм, зивæггæнгæйæ, фæлмæн диваныл бадгæйæ, искæмæ куы кæсæм æнхъæлмæ, уæд цæудзыстæм Нарты сæфтмæ.
Нæ дæ фæнды уый æрцæуа? Уæд дæхимæ дзæбæх æркæс, бафæрс дæхи "Цы лæггад бакодтон нæ адæмы фидæнæн?" æмæ змæлын райдай. Дæ хæдзармæ дын дæ кæстæртæн Фарн æмæ Æгъдау ничи 'рбахæсдзæн дæ дуар æхгæд куы уа, уæд.
КУЧИТЫ РУСЛАН
2022 аз.