Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

* Марды разæй цæуын æмбæлы?
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Хорз хъуыды кæнын, иу 50 азы размæ дæр ма ирон адæммæ чырыны разæй ничи цыд уæлмæрдтæм. Нæ фыдæлтæм нæ арæзтой чырынæн сæр дæр. Ингæн йæхæдæг уыд къæлæт амад, чырын иу дзы бавæрдтой разæй. Нæ уыдис веноктæ, къамтæ, дидинджытæ зæхмæ æппарыны æгъдау дæр. Адæм иуылдæр иумæ цыдысты чырыны фæстæ. Сæ фæндагыл цæуджытæ иу сæ хæдтулгæ машинæтæй рахызтысты æмæ иу иуварс, фæндаджы был сæркъулæй, тæфæрфæсгæнæгау æрлæууыдысты. Тынг тагъдгæнгæйæ дæр, ничи аййæфтаид чырын хæсджыты, кæнæ сæ разæй фæуыдаид. 

 

Фæстæдæр советон дуджы рæстæг, коммунистон идеологи сфидар кæнынæн паддзахад куы стынг кодта "борьба с пережитками прошлого" кæй хуыдтой уыцы национ уидæгтимæ тох, уæд адæмы тыххæй фæхицæн кодтой æгъдæутты мидисæй, сæ дунембарынадæй.  

Хуыцаумæ кувын, фыдæлты фарныл хæцын, цин æмæ марды æгъдæуттæ куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæнын худинагыл нымад æрцыд.  

 

Уыцы уавæрты алчи нæ фыдæлты рæсугъд æмæ арфмидисджын æгъдæуттæ йæхимæ гæсгæ ивын райдыдта, зыгъуыммæ сæ кодта. Уыимæ ирон æгъдаумæ хæссын райдыдтой иннæ адæмтæй æрбайсгæ митæ, кæцытæ арæх цыдысты æгъдауæн йæ бындурон мидисы ныхмæ. Фæзындис нæм бирæ, уырыссагау "светский этикет" кæй хонæм, уымæй дæр. Уæд райдыдтой нæ адæм зианы музыкæ цæгъъдын, саударæн “митинг (ома æмбырд) гом кæнын, æмæ æхгæнын", веноктæ, къамтæ хæссын, стæй бирæ æндæр ахæм митæ кæнын. Кæмдæрты ма чи амарди, уымæн йæ уарзон зарæг дæр чырыны уæлхъус азарынц. Афтæмæй тагъд, æвæццæгæн, симд уадзын дæр райдайдзыстæм нæ зианты уæлхъус.  

 

Хорз сты æви æвзæр, уый алчидæр йæхицæн зæгъæд. Бæлвырд уый у, æмæ Стыр хæсты фæстæ чи хъомыл кодта, уыдон абон сты хистæртæ. Цы æрæййæфтой æмæ цы федтой сæ рæстæджы, уый хонынц бындурон ирон æгъдау. Уымæн æмæ сын æндæр цæстæнгас , фыдæлты бындурон дунембарынад æмæ æгъдæуттæн сæ монон мидис æмбæрстгонд никуы æрцыдысты. Уый уыдоны аххос нæу, сæ рæстæг ахæм уыди. Сæ зонд аивын дæр нæ бон нал бауыдзæн.  

 

Фæлæ чырыны разæй кæстæрты æрвитыны фæтк та абон бирæтæм раст нæ кæсы, кæстæртæн æй æлгъыстыл нымайынц чидæртæ. Цæмæн?  

Ууыл цæуы ныхас мæнæ ацы телеравдысты.  

 

КУЧИТЫ РУСЛАН 

 

 

 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ