Йæ уацмыстæ сты цæрæццаг
Зæлланггæнæг æмæ аивадон æгъдауæй æххæст уацмыстæ æввахс балæууынц дзыллæтæм, арф сæ айсынц сæ зæрдæтæм, автор та сын свæййы уарзон æмæ табуйаг. Ирон музыкалон аивадмæ уæзгæ у йæ хайбавæрд композитор Хаханты Дударæн. Уый дзæвгар зæрдæмæхъаргæ уацмыстæ балæвар кодта ирон аивадуарзджытæн æмæ сæ йæ табугæнджытæ исынц æхцондзинад, сæ зæрдæтæ сын рухс кæнынц музыкæйы рæсугъд æмæ хуызджын ахорæнтæй.
Хаханты Дудар райгуырд Цхинвалы 1921 азы июлы 4-æм боны. Фидæны композиторæн чысылæй фæбæрæг музыкалон аивадмæ йæ курдиат æмæ йыл цыд ныфсджынæй. Ирон профессионалон музыкæйæн бындур чи æрæвæрдта, тыхджындæр æй чи кодта, уыцы курдиатджын композитортæй иу уыд Хаханты Дудар дæр. Композитор æдзухдæр тырныдта, цæмæй йæ уацмыстæ арф хъарой адæмы зæрдæмæ, сæ царды цаутæ сын чи æвдиса, ахæм уацмыстæ фыссынмæ. Хаханы фырты уацмыстыл цæст ахæсгæйæ, адæймаг æнæ фæхатгæ нæ фæуыдзæн, композиторы уацмысты темæ кæй у алыгъуызон. Уый зары Райгуырæн бæстæйыл, нæ адæмы сгуыхтдзинад, сæ тох æмæ фæллойадон æнтыстытыл, уарзт фыдыуæзæгмæ, хæлардзинад, фыдыуæзæгыл æнувыд уæвын æмæ æндæр ахсджиаг темæтыл.
Ирон профессионалон музыкæйы йæ фыццаг фæлтæрæнты тырныдта, цы уацмыстæ фыста, уыдон хуымæтæгдзинадмæ, цæмæй сæ хъусæг æмбара. Фæлæ азты цыдимæ рæзт ирон музыкæ дæр æмæ уæд райдыдта вазыгджын формæтæй пайда кæнын. Уый разæнгардæй бавнæлдта ирон музыкæйы жанртæ фæуæрæхдæр кæнынмæ æмæ йын æнтысгæ дæр кодта. Банысан кæнын хъæуы, фыццаг ирон балет кæй ныффыста Хаханы фырт. Уымæй уæлдай йе сфæлдыстады ис дзæвгар симфонитæ, оперæтæ, цалдæр инструментон концерты, опереттæтæ, оратори, контатæтæ, увертюрæтæ, драмон спектакльтæ æмæ кинонывтæн музыкæ, камерон уацмыстæ, романстæ, хортæ, зарджытæ. Уыдон ‘хсæн сты оратори «Намыс фæллойæн», хъайтарон поэмæ-оратори «Кадæг Ирыл», вокалон-хореографион сюитæ «Ирыстон кафы симд», хор æмæ оркестрæн «Дзыллæты амонд», «Дæуæн, Ирыстон», нæлгоймæгты хъайтарон хорæн «Гагкайты Алиханы зарæг», «Гасанты æфсымæрты зарæг» æмæ æндæртæ.
Хаханты Дудар райдианы каст фæци Цхинвалы музыкалон скъолайы скрипкæйы кълас. Фæлæ фидæны музыкант ууыл не ‘рлæууыд æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд Тбилисы консерваторийы цæттæгæнæн факультетмæ. Ам йæ ахуыргæнæг уыд профессор И. И. Туския. Ахуыры рæстæджы ма йын йæ курдиат райхалыныл тынг бандæвтой музыкæйы гуырдзиаг зынгæ минæвæрттæ Арахъишвили, Бархударян, Асланишвили, Мшвелидзе æмæ æндæр-тæ. Консерватори æнтысгæйæ каст фæуыны фæстæ Хаханты Дудар куыста æндæр æмæ æндæр бынæтты, уыцы нымæцы Цæгат Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамблы аивадон къухдариуæггæнæгæй, разамынд лæвæрдта Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-æн куыста Тбилисы 2-аг музыкалон ахуыргæнæндоны теоретикон дисциплинæйы ахуыргæнæгæй. 1958-1961-æм азты уыд Тбилисы консерваторийы аспирант. 1961-1964-æм азты уыд Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты ансамблы аивадон къухдариуæггæ-нæг. 1964-65-æм азты куыста Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы аивадон къухдариуæггæнæгæй. 1961-1968-æм азты уыд Цæгат Ирыстоны композиторты Цæдисы правленийы сæрдар. 1975-1987-æм азты куыста Цæгат Ирыстоны истори, филологи æмæ экономикæйы зонадон-иртасæн институты хистæр зонадон кусæгæй. 1986-88-æм азты уыд Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты ансамбль «Симд»-ы аивадон къухдариуæггæнæг.
1954 азы Хаханы фырты фæхуыдтой Хуссар Ирыстонмæ, цæмæй бацæттæ кодтаид Тбилисы ирон литературæ æмæ аивады декадæмæ паддзахадон ансамбль «Симд»-ы. Уыцы хъуыддагыл бакуыста уæхскуæзæй, æмæ цыбыр æмгъуыдмæ ансамблы программæ систа бæрзонд æмвæзадмæ. Уый тыххæй йын саккаг кодтой Гуырдзыстоны ССР-йы аивæдты сгуыхт архайæджы кадджын ном.
Тбилисы консерваторийы аспирант уæвгæйæ, Хаханы фырт сахуыр кодта симфонион оркестры дæсныйады сусæгдзинæдтæ. Ахуыры рæстæджы ныффыста «Намысы увертюрæ», афтæ ма йæ фыццаг симфони «Фæсивæдон» дæр. 1960-æм азы Мæскуыйы ирон аивад æмæ литературæйы декадæйы ацы симфони ацагъдæуыд æмæ уый уыд стыр бæрæгбон композитор æмæ музыкæуарзджытæн дæр.
Хаханы фырт иу æмæ дыууæ хатты æвзæрст не ’рцыд УФ-йы æмæ ССРЦ-йы Композиторты цæдисы ревизион къамисы уæнгæй. 1953 азæй уыд Композиторты цæдисы уæнг. Уыд ГССР-йы, Цæгат Ирыстоны æмæ УСФСР-йы аивæдты сгуыхт архайæг. Йæ Дыккаг симфонийы тыххæй та 1969 азы ссис Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат. Уыд аивадзонынадты кандидат. Хорзæхджын ма æрцыд цалдæр майданæй дæр.
Хаханты Дудар цардæй ахицæн 1995 азы декабры мæйы.
Хуыбиаты Н.
|