ХИВÆНДЫ ФÆСМОН
Сидзæр лæппу æнахъомæй бафтыдис иу æлдармæ. Иу къорд азты йæм фæкуыста йæ гуыбыныдзагыл.
Иу заман æлдар йе ’ххуырстыты фурды былмæ арвыста кæсаг ахсынмæ, лæппу дæр семæ, афтæмæй. Æххуырстыты сæ иуыл бафæдзæхста æппæты, цæмæй сæм уый йæ цæст дардтаид. Фурды былмæ куы бахæццæ сты æххуырстытæ, уæд сæ хистæр æххуырст арвыста фурды былты фæйнæрдæм кæсаг ахсгæ, лæппуйы та йæхи раз
баурæдта. Лæппуйы домдта, тыхцума йын кодта, нæ йын зыдта йæ рис. Фылдæр хатт-иу лæппу йæ цæссыгтæ йæ уадултæй нозта уарыны æртæхтау. Йæ къæхтæ ныскъуыдтæ сты, йæ дарæс — бызгъуыр.
Лæппу æмæ йе ’мбал фурды æнгуыр баппæрстой тымбыл тыхтытæй. Йæ иу кæрон æнгуырæн сæ къухты, аннæ фурды абадт. Уайтагъд кæсаг æнгуыры бос риуыгъын байдыдта. Йæ риуыгъдæй йæ базыдтой, стыр кæсаг кæй у, уый. Рахæцыдысты йыл дыууæйæ, фæлæ сын раласын нæ комы. Уалынмæ дымгæ фурды фæйлауæн фесхуыста, æмæ кæсаг сурыл абадти.
Æнгуыр къудзийыл æрбастой, кæсаг сын уромын куыд нæ куымдта, уымæ гæсгæ, æмæ æххуырст дзуры лæппумæ:
— Ды кæфы цур фæлæуу, æз галтæ æрбакæнон.
Æххуырст хъæумæ раивгъуыдта, бацыди æлдары размæ æмæ йын раппæлыд:
— Кæф доны уылæны руаджы раппæрстам, ныр æм скъæрын галтæ, æмæ йæ сласдзыстæм.
Æлдар дæр куыннæ бацин кодтаид.
Ныр лæппу кæфмæ дæрддзæфгомау лæууы, хæстæг бацæуын æм нæ уæнды, афтæмæй йæм кæсы. Уалынмæ дын кæф лæппумæ адæймаджы æвзагæй куы сдзурид:
— Ауадз мæ, æмæ дын дæ бахъуыды сахат баххуыс кæндзынæн. Лæппу фæджих ис, исдугмæ тæрсæгау дæр фæкодта, стæй йæм диссаг фæкаст, кæф куыд сдзырдта, зæгъгæ. Бауадис æм хæстæгдæр, æмæ та йæм кæф дзуры:
— Ауадз мæ, феххуыс дын уыдзынæн.
Лæппу фæразæнгард ис, фæрсы йæ:
— Куыд мын феххуыс уыдзынæ?
Кæф загъта:
— Мæнæ мын ме рагъы хъистæй иу ракæн. Куы дæ бахъæуон, уæд-иу хъис айваз фурды был æмæ йæ доны атъысс, æмæ дæм æз уырдæм зындзынæн.
Уыцы æгъдауæй кæфы ауагъта, йе рагъы хъистæй йын иу ратыдта, афтæмæй. Доны æрбафæйлыдмæ кæф ныцъцъыллинг ласта æмæ фурды афардæг ис.
Лæппу къудзийы рæбын бадгæ баззад, йæ къухты хъисмæ ракæс-бакæс кæны æмæ ныджджих ис, йе ’мбалмæ æнхъæлмæ кæсы.
Уалынмæ йæм йе ’мбал галтæ æрхæццæ кодта. Лæппу хъис йæ роны афснайдта, фестадис æмæ йе ’мбалмæ дзуры:
— Кæф атыдта æмæ алыгъдис.
Æххуырст ыл æваст нæмыныл ралæууыд æмæ йыл хъæртæ кæны:
— Куыд алыгъдис кæф, цæмæн æй ауагътай? Ды ма æндæр цы гæс уыдтæ?
Лæппуйæн йæ фæрстæ надæй ссау сты, афтæмæй куыддæртæй феуæгъд ис йæ фыдгулы къухтæй. Дзæгъæл быдыры лидзын байдыдта, цæстысыгæй йæ цæстытæ сау мигъау сæхгæдтой, æмæ йæ развæндаг нал уыны. Лидзы, лидзы, иу быдырмæ бафтыдис æмæ обауыл бахаудта. Фæсабыр ис йæ хæкъуырццæг. Цæстытæ асæрфта, йæ алыварсмæ акастис, хъæмпы рагъ ауыдта æмæ йæ цурмæ бацыд.
Хъæмпы рагъæй тонæгау кæны, афтæмæй йæхицæн лыстæн скодта. Хъæмпрæбын, мæгуыр, мæстыйæ батымбыл æмæ уайтагъд афынæй ис. Иуцасдæр куы афынæй кодта, уæд фестъæлфыд йæ тар мидфынæйæ. Фестади, араст ис уырдыгæй æмæ фæцæуы дарддæр. Цас фæцыд, чи зоны, фæлæ та ахæццæ ис иу ранмæ, алæууыд обауыл, акастис дарддæр, æмæ йæм æрбазындис иу хъæу. Хъæумæ йæхи сарæзта æмæ йæм баввахс.
Хъæумæ нæма бахæццæ, афтæ кæсы, æмæ фæндаджы был цæргæс бады, расыгау цуды, йе цæуынæн нал у, йе стæхын нæ фæразы. Бацыдис æм хæстæгдæр. Диссаг уыд йæ ас: уыгау дынджырцæстджын. Исдугмæ дзы лæппу фæтарстис, фæлæ йæм цæргæс дзуры:
— Тæрсгæ мæ ма кæн, фæлæ мын исты æххуыс бакæн. Мæ базыр цæф у, стæй сыдæй мæлын.
Базылди лæппу цæргæсы базырмæ, æвдадзы хосæй йæ адзæбæх кодта, хæринагæй дæр æй бафсæста. Дзуры йæм цæргæс:
— Бузныг дæ хорздзинадæй, ды дæ мæ ирвæзынгæнæг, фæлæ рох нæ уыдзынæ мæнæй дæр. Дæ бахъуыды сахат дын æз дæр феххуыс уыдзынæн.
Йæ бырынкъæй рахиз базырмæ февнæлдта, иу сис дзы ратыдта, лæппумæ йæ радта:
— Уый дын мæ нысангарз. Дæ бахъуыды бон-иу ын йæ кæроныл зынг адар, кæм уай, уым-иу хъæугæронмæ рацу æмæ-иу дуррæбын бабад. Тыхсдзынæ дымгæйæ, фæлмæцдзынæ рыгæй, фæлæ-иу дæ зæрдыл бадар, уый дæм æз кæй æртæхын уæларвæй.
Цæргæс дардыл йæ базыртæ айтыгъта, уæлдæфмæ йæхи систа.
Араст ис лæппу дæр хъæуы ’рдæм, хъæугæрæтты сарæзта йæхи. Кæрон бæрæг нæ зынди хъæуæн. Иу хæдзармæ бадзырдта æмæ йæхицæн хæринаг ракуырдта. Æрбадтис доны был, афсæста йæхи æмæ та дарддæр йæ фæндаг дары. Сагъæс йæ зæрдæйæ нæ цух кæны, дзуры йæхицæн: «Кæмæ цæуон, кæмæ дзурон, цы уыдзынæн ныр?» Уалынмæ бахæццæ иу мæгуыр хæдзары цурмæ. Хъамылæй æмбæрзт цаудгомау агъуыст. Бадзырдта мидæмæ, æмæ йæм зæронд ус рауади.
— Де ’хсæв хорз, нана, — сдзырдта йæм лæппу.
— Дæ нана дæ хуртæй бафсæдæд, мæ бон, мидæмæ нæм рацу, — загъта зæронд ус.
Бацыдис мидæмæ. Цъуйы цъар цырагъæн судзы артдзæсты. Авæрдта йын бандон къонайы раз æмæ йын зæгъы:
— Æрбад уал, мæ бон.
Лæппу æрбадтис, æмæ йын ус хъæдын тæбæгъы сау æмыс йæ разы авæрдта, йæ фарсмæ æрбадтис æмæ йæм дзуры:
— Ахæр, мæ бон, ахæр, хуыздæр дæ цæмæй абуц кæнон.
Лæппу йын загъта:
— Бузныг, мæнæн уый дæр æгъгъæд у.
Хæргæ-хæрын æй зæронд ус фæрсы:
— Кæцæй цæуыс æмæ кæдæм цæуыс, мæ бон, стæй цæй мæгуырхуыз дæ?
Лæппу йæ хабæрттæ усæн фæдзырдта, ус та лæппуйæн, æмæ афтæмæй кæрæдзийы базыдтой. Ус иунæг у, лæппу та сидзæр. Лæппу йын афтæ зæгъы:
— Абонæй фæстæмæ æз дæуæн хъæбул, ды мæнæн мад.
— Цæр, мæ бон, цæр дæхи фæндиаг, мæнæн та уыцы хорз цы хуыцау дæтты, — загъта ус.
Мадау лыстæны банорста лæппуйы. Цас æмæ цас тухæнтæ федта лæппу, мæгуыр, æмæ йæ фæрстæй уынæргъы. Ус æй афарста:
— Уæ, мæ бон, цы кæныс, цы?
Лæппу йын дзуапп радта:
— Фæллад, фæлмæцыд дæн, æндæр куы ницы кæнын.
Бабадти зæронд ус лæппуйы нывæрзæн, сагъæс ыл бацайдагъ, йæ хуыссæг фæхаудта: иуæй лæппуйы зæрдæвæрд ныхасыл цин кæны, аннæмæй та йыл дис кæны æмæ йæхицæн фæзæгъы: «Куыд уыдзæнис уый, æмæ мæнæн ахæм лæппу мемæ бацæра, уыцы хорздзинад та мын цы хуыцау дæтты».
Афтæмæй усыл йе ’хсæв æрбабон. Фестадис рæвдзгомау, февнæлдта арт кæнынмæ. Сау рæхыс æрбазылдта арты сæрмæ æмæ йыл къæй ацауыгъта. Ацæттæ кодта лæппуйæн хæринаг. Уалынмæ лæппу дæр рабадтис йæ лыстæны, кæсы хæдзары къуымтæм: сахъари къултæ æрдæгсæрстытæ. Лæппу йæ зæрдæйы фидар ныфсæн систа: «Хъуамæ араст уон сау хъæдмæ, агъуыстæн хъæддзаума æрцæттæ кæнон». Радзырдта йæ уынаффæ йæ кæнгæ мадæн. Зæронд ус дæр цы загътаид.
Ахордта хæринаг, йæ хызыны фæндаггаг авæрдта æмæ араст и. Хъæдмæ нæма бахæццæ ис, афтæ рувасыл фембæлд. Мæлæгау йæ цыппæртæ цæгъды, афтæмæй лæппумæ йæ къæдзил къæбылайау тилы. Дисгæнгæ бацыди лæппу йæ цурмæ.
— Рувас — хæрзæмбæлæг! — зæгъгæ, йæ цуры абадтис. Рувас йæ фарсыл рафæлдæхт æмæ лæппуйæн афтæ зæгъы:
— Æххормагæй сæфын, дæ хорзæхæй, фервæзын мæ кæ.
Лæппу сырдтæн æххуысыл фæлтæрд уыдис. Йæ хызынæй сау æмыс систа, рувасæн дзы бадардта. Рувас уайтагъд афсæсти, йæ фæстæгтыл рабадт æмæ лæппумæ бакаст. Йæ къæдзилæй æртæ зонды æрдуйы ратыдта, лæппумæ сæ радта æмæ йын загъта:
— Адон дын дæ бахъуыды сахат таурæгъæн бæздзысты.
Ууыл лæппу йæ фæндагыл араст ис, рувас та пыхсбынмæ басенк ласта. Бахæццæ ис лæппу сау хъæдмæ. Байдыдта бæлæстæ калын æмæ хъæддзаума цæттæ кæнын. Алцыппæтæй цы хъуыди агъуыстæн, уый куы ракодта, уæд бæндæн бийынæн мæцъытæ растыгъта. Хъæддзаума ласын байдыдта сау хъæды æрдузмæ. Кæцы гал рахæцыдаид, лæппу куыд тыхджын куыст кодта, афтæ. Йæ ном ма лæппу уыд, фæлæ лæгæмбал сси. Йæ хъæддзаума æрдузмæ куы рафтауц кодта, уæд рараст ис сау хъæды кæронмæ. Хъæдгæрон хуымгæнды ныхмæ ауыдта халагъуд. Бацыдис мидæмæ халагъудмæ. Æрбадтис лыстæныл. Уалынмæ æлдары æххуырст æрбахæццæ ис, дыууадæс цæды галтæ йæ разæй. Галтæ халагъуды кæрты абаста, хæринаг сын сæ разы авæрдта æмæ халагъудмæ бацыдис. Лæппуйæн «æгас цу» загъта, æмæ иумæ æрбадтысты. Сæ хабæрттæ дзурынц кæрæдзийæн, æмæ йын лæппу афтæ зæгъы:
— Хъæддзаума ракодтон, сау хъæды сæ æрдузмæ æрластон. Гъе ныр сæм хъуамæ ссæуон галтæй æмæ сæ раласон, æмæ мын дæ галтæ авæр.
Галты хицау загъта:
— Ахсæв кæд ласыс, уæд дын галтæ, райсом дын мæ бон нæ бауыдзæн, ме ’лдар мæ бафхæрдзæни.
Лæппу галтæ аифтыгъта, сау хъæдмæ ссыд æмæ дыууадæс цæдыл йæ хъæддзаума хатгай ныббаста. Æрласта сæ мæгуыр усы хæдзармæ æмæ йын сæ йæ кæрты æрцамадта.
Райсом хъæу кæрæдзийæн диссагæн дзырдтой — уыцы иунæг саударæг усæн уыйбæрц хъæддзаума кæцæй æрцыдис, чи йын æрласта, зæгъгæ.
Авд лæгæн цы ’нтыстис, уый йæхицæн æнтысти лæппуйæн, афтæмæй агъуыстытæ кæныныл æрлæууыдис саударæг усы кæрты. Уайтагъд фæцæттæ сты агъуыстытæ.
Кусын æмæ цæрын байдыдта лæппу. Дунейыл диссаджы сæрæн æмæ æфтиагджын разынди. Алыхуызон дзаума æмæ хæзнайæ хæдзар байдзаг кодта. Хæдзар алцыппæтæй куы срæвдз ис, уæд дзы æрцардысты зæронд усимæ, сæ хъамылæй æмбæрзт хæдзар та кæркдонæн баззад.
Иубон лæппу загъта зæронд усæн:
— Æз хъæумæ цæуын æмгæрттæ зонынмæ. Чи мæ бахынца, æгъдау мын чи ратта, нана, уыдон-иу ды дæр рæвдау, æз цы ’мгæрттимæ цæрон, уыдон-иу мадау уарз.
Æмæ араст ис хъæумæ æмгæрттæ зонынмæ. Йæ хорз æгъдау æмæ йæ уæздан дзыхыдзуаппы фæрцы уый йæхицæн скодта бирæ æмгæрттæ.
Иубон ссæуы йе ’мгæрттимæ хъæууынджы. Хъæуы астæумæ куы схæццæ сты, уæд кæсы, æмæ уæртæ бæрзонд мæсыг, йæ алфамбылай æфсæн быру, быруйы михтыл лæджы сæртæ конд. Дисы йыл бацыдис лæппу æмæ фæрсы йе ’мбæлтты:
— Ай та цы хабар у? Мæсыг ма диссаг нæу, фæлæ быруйы михтыл лæджы сæртæ конд цæмæн ис?
Æмбæлттæй йын иу дзуапп радта:
— Уый диссаг у, фæлæ йыл дис дæр ма бакæн. Уым бады бæстырæсугъд, арвы айдæны кæсæг. Курæг æм чи бацæуы, уымæн йæ ирæд у хæснаг. Æртæ хатты бамбæхсыны бар ын ратты чызг æмæ йæ куы ссары, уæд ын йæ сæр ракæны æмæ йæ кауы михыл æрсадзы.
— Æмæ йæ куы нæ ссара, уæд та?
— Уæд æй лæппу йæхицæн бинойнагæн ахæсдзæн.
Изæры куы ’рцыдис лæппу, уæд йæ кæнгæ мадæн рахабар кодта бæстырæсугъды тыххæй æмæ йæ фæрсы:
— Нана, дæ фæсдуар дын бæстырæсугъды куы ’рлæууын кæнин чындзæн, кæстæриуæггæнæгæн, уæд куыд уаид?
Саударæг ус уыцы ныхасмæ йæ уæрджытæ æрхоста:
— Дыууæ боны хур федтон, æмæ мын æй цæмæн талынг кæныс, уæ мæ бон? Ууыл алы домбæйттæй æмæ алы æвзаргæ фæсивæдæй чи нæ схаттис ракурыны æгъдауыл, ахæм куы нал баззад, æмæ куы никæмæн бантысти. Се ’ппæтæн дæр сæ сæртæ ракодта æмæ сæ кауы михтыл æрсагъта. Уымæн йæ ирæд у хæснаг. Æртæ хатты бамбæхсын кæны йæ курæджы æмæ йæм арвы айдæны акæсы. Æртæ кастæн æй куы ссара, уæд ын йæ сæр акъуыры æмæ йæ кауы михыл æрсадзы. Æмæ дзы нырма иуы дæр æнæссаргæ куы нæма фæцис, уæд ма мын ды уыдонæй арфдæр кæм бамбæхсдзынæ? Ныр мын дæу уыцы зондыл чи сардыдта, уый мын мæ цард халы, æмæ мын мæ хур ма баталынг кæн.
— Нæ, нана, — зæгъгæ, загъта лæппу. — Æнæ мæн уыцы сæгæйдзаг къуымы куы цардтæ мæгуырæй, уæд ацы рæсугъд галуанты æмæ бирæ мулкыл цæрын нал бафæраздзынæ? Мæнæн дæр мæ амонд конд у, тæрсгæ ма кæн. Мæ тыхыл мæ зæрдæ куы нæ дарин, уæд не сфæнд кодтаин. Фидиссаг мардæй амæлын мæ нæма фæнды.
Райсомæй лæппу араст ис бæстырæсугъдмæ æмæ йæм баминæвар кодта.
Бæстырæсугъд ын йæхимæ рарвыста, цæмæй йæм æмдзых бацæуа æмæ йемæ аныхас кæна. Бацыдис лæппу бæстырæсугъдмæ. Уыцы иу бакастæн лæппу йæ зæрдæмæ фæцыдис бæстырæсугъдæн, æмæ йæм дзуры:
— Цæмæн дæхи марыс, суинаг гуырд куы дæ? Цæмæн дæхи сафыс, тынг дзæбæх лæппу куы дæ?
Лæппу бæстырæсугъдæн дзуапп радта:
— Æз дæу уыдæттæй нæ фæрсын. Фæлæ æз дæумæ æрбацыдтæн курæг, æмæ мын дзуапп ратт.
Бæстырæсугъд ын загъта:
— Мæнæн мæ ирæд у хæснаг. Æртæ хатты бамбæхс, æмæ дæ куы ссарон, уæд дын дæ сæр акъуырын кæндзынæн æмæ дын æй дæлæ иннæ сæртимæ михыл æрсадзын кæндзынæн.
— Æмæ мæ куы нæ ссарай, уæд та?
— Уæд дын æз мæнæ бинойнаг, æмæ мæ дæхицæн ахæсдзынæ.
Ууыл се ’хсæн авд лæджы æвдисæнтæ скодтой.
Араст ис уырдыгæй лæппу æмбæхсынмæ. Фурды былмæ бацыд. Фурды был æрбадтис, кæфы хъис айвæзта æмæ йæ доны атъыста. Кæф уайтагъд фæйлаугæ æрбахæццæ лæппумæ æмæ йæ фæрсы:
— Цы хабар у, цæй сонт фæдисон дæ?
Лæппу загъта:
— Гъе ныр, гъе, æмбисонд фæдæн, дæ сæр мæ бахъуыдис. Бæстырæсугъдимæ хæснаг скодтон, бамбæхсын мæ хъæуы.
Кæф йæ дзых фæхæлиу кодта æмæ лæппумæ дзуры:
— Æрбахиз мæнæ мæ дзыхмæ æмæ тагъд мæ хъæлæсы дæхи ауадз.
Лæппу кæфы хъæлæсмæ бахызтис, абырыди дзы суанг йæ гуыбынмæ. Кæф ныцъцъыллинг ласта, сау денджызы бынмæ афардæг æмæ уым хъуынайы бабырыд.
Бæстырæсугъдæн йæ афон куы ’рхæццæ ис, уæд арвы айдæн райста æмæ дзы кæсы. Аннæты-иу куыд æрцагуырдта зæххы цъарыл, афтæ уый дæр агуры, æмæ нæй. Дыккаг æвæрдæн уыдта доны хуылф, зæххы хуылф æмæ цæрæгойты хуылф. Дыккаг æвæрд куы ’ркодта, уæд æй ссардта. Денджызы бын хъуынаты хуылфы кæфы гуыбыны бадти лæппу.
Бæстырæсугъд фæдзырдта йе ’вдисæнтæм:
— Диссаг, стыр диссаг! Ацы лæппуйæн кæфтæй дæр æрдхæрдтæ ис! Кæф æй йæ хъуыры ауагъта, æмæ сау денджызы бынмæ афардæг, ууыл дæр нæ ныллæууыдис, фæлæ ма хъуынаты бабырыд.
Афон куы ’рхæццæ ис, уæд кæф доны былмæ рахæццæ кодта лæппуйы. Рахызти лæппу кæфы хъæлæсæй æмæ æрбацыд бæстырæсугъды размæ. Афарста лæппу, æмæ хъуыддаг куы бамбæрста, уæд рафардæг. Æрцыдис йæ хæдзармæ, фæлæ кæм уыдис, уый йæ кæнгæ мадæн не схъæр кодта.
Райсомы та бæстырæсугъдмæ ссыдис дыккаг æмбæхст кæнынмæ. Араст и лæппу хъæугæронмæ æмæ бацыдис стыр дуррæбынмæ. Цæргæсы сис йæ бæрцагъудæй сласта, æрцъыккысхонæй зынг ацагъта æмæ йæ сисыл адардта. Уыцы зынгадардмæ быдыры лæгъзы зилгæдымгæ сыстадис, тыхджын рыгæй боны рухс нал зынди. Фæлмæцы лæппу, дуррæбынмæ æнгомдæр бабадт. Цæргæс дурыл куы ’рбадти, уæд æм лæппу дуррæбынæй рауад.
Цæргæс æм дзуры:
— Сфæлмæцыдтæ, æнхъæлдæн, фæлæ дæм æз дæр рæвдз куы ’рхæццæ дæн. Арвы астæу — сау мигъы къуымбил, гъе уым ис мæ ахстон, æмæ кæд афæстиат дæн, уæддæр мæ аххос нæу. Цæй, уыдæттæ дæр хорз сты, фæлæ цы у дæ хабар?
Лæппу йын загъта:
— Хæдзары æрцардтæн, ам хъæуккаг сдæн, сдзырдтон бæстырæсугъдыл æмæ йæ курын. Йæ ирæд у хæснаг. Бамбæхсын мæ хъæуы. Гъе уымæй хуыздæр мæ дæ сæр никуыуал бахъæудзæн. Куы мæ ссара, уæд мын мæ сæр ракæнын кæндзæн.
— Уæдæ тæрсгæ ма кæн, — сдзырдта цæргæс, йæхæдæг дуры сæрæй зæхмæ æргæпп кодта æмæ фæсал ратыдта. Йæ къæхтæ къухтау кæрæдзийы саггæмтты атъыста. — Фæсал æрлыстæн кæн гъе ныр уыцы ран æмæ фæлмæн æрбабад, — дзуры лæппумæ цæргæс, — æцæг мын тæрсгæ ма кæн.
Лæппу февнæлдта, цæргæсы къæхты æхсæн фæсал æрлыстæн кодта æмæ дзы бабадт. Цæргæс йæ базыртæ айтыгъта, уæлдæфы йæхи систа. Уырдыгмæ йын цас æнтыст цæргæсæн, уыйбæрц тагъд ын сæнтысти уæлæмæ, арвы астæумæ дæр. Уадидæгæн йæ ахстонмæ схæццæ ис æмæ къуырттон каркау йæ ахстоны æрбадти лæппуйыл.
Бæстырæсугъдæн та йæ афон куы ’рхæццæ ис, уæд арвы айдæн райста, авд æвдисæны раз æй фыццаг æвæрд æркодта, иннæты-иу куыд агуырдта, афтæ агуры, фæлæ йæ не ссардта. Дзуры æвдисæнтæм:
— Зæххыл никуы ис. Æвæрын дыккаг æвæрд, агурдзынæн зæххы хуылфы, доны хуылфы æмæ цæрæгойты хуылфы. — Агуры, кæсы бæстырæсугъд, фæлæ йæ нæ ары. Уæд æнкъардгомауæй сдзырдта:
— Нæй, нæ та йæ ссардтон, фæлæ æртыккаг æвæрд кæнын, дæлдзæхæй-уæлдзæхæй зæххыл цæрæгойæ цыдæриддæр ис, уыдон мæм иууылдæр куыд зыной.
Рафæлдæхта арвы айдæн, æмæ та агуры, агуры, фæлæ уæддæр не ссардта лæппуйы. Æмæ уæд йæ арвы айдæн зæххыл ныццавта, уый дæр нал ис, æмæ мæ ды дæр нал хъæуыс, зæгъгæ.
Исдугмæ джихæй аззадысты æвдисæнтæ, стæй уæд сцин кодтой, лæппу хæснаг кæй рамбылдта, ууыл. Хъæумæ фæхабар кодтой, мæгуыр саударæг зæронд усы кæнгæ лæппу бæстырæсугъды йæхицæн рамбылдта, зæгъгæ.
Уалынмæ цæргæс лæппуйы æрхæццæ кодта.
— Ссардтай мæ? — зæгъгæ, афарста лæппу бæстырæсугъды.
Уæд ын бæстырæсугъд йæ бæрзæйыл ныттыхсти:
— Не ссардтон, фæлæ ма дæ уынгæ кæй фæкодтон!
Алырдыгæй лæппумæ арфæтæм згъордтой. Афæдзæхста йе ’мгæрттæн лæппу, æмæ хонджытæ арвыстой чындзæхсæвмæ æрцæуыны тыххæй. Адæмы æрæмбырдмæ чындзæхсæв дæр сцæттæ ис. Бæстырæсугъды кæрты базмæлæнтæ нал уыд, уыйбæрц дзыллæтæ æрцыди хуынд адæм æмæ хæддзу адæмæй. Фынгтыл æрбадтысты. Фондз боны бæрц сыл ахицæн сæ бадтыл, райдыдта æхсæзæм. Цас хордтой, цас нозтой, уыйбæрц сæ фынгтæ дзагæй-дзагдæр кодтой алы хæрд æмæ нозтæй.
Бацыдис лæппу мæсыгмæ, бæстырæсугъды афæдзæхсон, зæгъгæ. Дзуры бæстырæсугъдмæ:
— Адæм хæрын æмæ нуазынæй сфæлмæцыдысты. Цæуын хъæуы, æгъгъæд скæнæм.
Бæстырæсугъд æм ницы сдзырдта.
Бадынц чызджытæ пылыстæг фынджы алыварс къæлæтджын бандæттыл, бæстырæсугъд сæ астæу, афтæмæй. Бæстырæсугъды раз авджын тæбæгъы буцдæрæн æрæвæрдтой кæфы фыд, фæлæ йæм бæстырæсугъд не ’вналы. Бацыдис лæппу, бæстырæсугъдæн йæ фæстæ алæууыдис æмæ та сæм дзуры:
— Адæм сфæлмæцыдысты хæрд æмæ нозтæй дæр фынджы уæлхъус, æгъгъæд скæнæм, ахæрут, æмæ цæуын хъæуы.
Уыцы ныхасмæ бæстырæсугъд афтæ куы бакæнид:
— Хæрин дзы, бæргæ, фæлæ кæд ацы кæфы фыд нæлгæф у.
Уыцы ныхасы уæлвæд авджын тæбæгъы кæфы фыд базыр-зыр кодта. Бæстырæсугъд фæджих ис. Кæфы фыды ныррызт кæфы худын схуыдта æмæ лæппумæ дзуры:
— Кæф цæуыл фæхудти, уый мын зæгъ.
Лæппу йын уæд афтæ зæгъы:
— Ма мæ фæрс уыдæттæй, фæлæ, уæ хорзæхæй, рæвдздæр ахæрут, цæуын хъæуы.
Бæстырæсугъд та загъта:
— Нæ, кæф цæуыл фæхудт, уый мын зæгъ, науæд дзы нæ бахæрдзынæн.
Лæппу бæстырæсугъдмæ ницыуал сдзырдта, фæлæ раздæхтис æмæ хъæуы кæронмæ рацыд.
Систа, рувас ын цы æртæ зонды æрдуйы радта, уыдон, æмæ дзы иу айвæзта. Рувас уайтагъд йæ уæлхъус æрбалæууыд. Радзырдта лæппу рувасæн, йæ хабар куыд уыдис, уый, стæй йын загъта:
— Гъе ныр мæ дæ сæр бахъуыди; цы дзуапп раттон бæстырæсугъдæн?
Рувас ын уæд зæгъы:
— Æмæ ууыл та цы тыхсыс? Æз дæм æртæ зонды æрдуйы куы радтон мæ къæдзилæй, хъуыды ма йæ кæныс? Уыдон сты дæ абоны бахъуыдæн. Гъе ныр ацу æмæ та бæстырæсугъдæн, бахæр, зæгъгæ, зæгъ. Куы нæ бакоммæ кæса, уæд ын æртæ фæсмойнаджы таурæгъы æрхæсдзынæ. Кæд уыдонæй дæр нæ бакоммæ кæса, уæд, дæхæдæг куыд зонай, афтæ кæн.
Бацыди лæппу чызджыты бадтмæ. Дзуры та бæстырæсугъдмæ:
— Цæй, хæрыс æви нæма?
Бæстырæсугъд та йын загъта:
— Нæ, кæф цæуыл фæхудт, уый мын зæгъ.
Уыцы ныхасыл лæппу таурæгъ кæнын байдыдта...
— Иу ран цардис æртæ æфсымæры. Сфæлмæцыдысты мæгуыр цардæй æмæ ацыдысты исты бакусынмæ. Иу ран ныллæууыдысты куысты æмæ æртæ теуауаргъы æхца бакуыстой. Рацæйцыдысты сæ хæдзармæ, æмæ сыл æфцæгыл баталынг. Бæласы рæбын æрæхсæвиуат кодтой. Дыууæ хистæры уайтагъд афынæй сты. Кæстæр æфсымæр теуауæргътæ куыд хъахъхъæдта, афтæ бæласмæ фемдзаст. Бæлас зæрдыл лæууын кодта адæймаджы уæнгты конд. Лæппу йæм бацыдис æмæ йæ акалдта, адæймаджы уæнгты кондыл æй самадта, фæстæмæ йæ бæласы бындзæфхадыл банцой кодта, йæхæдæг бафынæй ис. Иу заман куы уыдис, уæд райхъал ис лæппуйæн йæ хистæр æфсымæр. Фæтарсти æмæ йæхинымæр дзуры: «Цымæ ацы бирæ æхсныфтæ чи самадта, уый нын не ’хца нæ адавта?» Фестадис æмæ теуауæргътæ асгæрста.
Теуауæргътæ уыдысты æнæхъæн. Уæд кæсы, æмæ мæнæ адæймаджы уæнгты кондыл амад хъæд. Бацыдис йæ цурмæ æмæ йыл адæймаджы ныв скодта. Æрхуыссыдис æмæ та уый дæр бафынæй. Уый куы бафынæй ис, уæд та уый хистæр райхъал ис. Уый дæр æхсныфтæ куы ауыдта, уæд фæтарсти æмæ теуауæргътæ абæрæг кодта. Теуауæргътæ æнæхъæн сты, уый куы федта, уæд æрбаздæхтис, æхсныфтæ кæм уыдысты, уырдæм, уæдæ адон цæй æхсныфтæ уой, зæгъгæ. Æркастис, æмæ уыцы калд бæласæй чызджы ныв конд. Лæппу дзы уд бауагъта, æмæ чызг йæ цуры рабадтис.
Уалынмæ æрбабон ис, æмæ иннæ дыууæ æфсымæры дæр райхъал сты. Æрбалæууыдысты йæ цуры æмæ йын радтой чи хæлаф, чи хæдон, чи та дзабыртæ. Чызг кæй хъуамæ бауа, зæгъгæ, тæрхон кæнынц, æмæ сын фæстагмæ хылмæ рауади. Кæстæр загъта: «Уый бæлас уыд, æмæ йæ æз акалдтон æмæ йæ адæймаджы уæнгтыл дæр æз æрцамадтон, æмæ мæн у. Уый хистæр загъта: «Дæуæн къодах уыдис, адæймаджы ныв дзы æз скодтон, æмæ мæн у». Се ’ппæты хистæр загъта иннæ дыууæйæн: «Дæуæн дæр къодах уыд, дæуæн дæр къодах уыд; уд дзы æз бауагътон, æмæ мæн у».
Афтæ хъаугъа кæнынц æртæ æфсымæры, нæ фидауынц æмæ æппынфæстаг сæ хъаст сауджынмæ бахастой. Сауджынæн сæ хабар куы радзырдтой, уæд сын загъта: «Уый уæ иуы дæр нæу æмæ уе ’ннæйы дæр, чызг мæн хъуамæ уа, сымах та уæхи фæйнæрдæм айсут». Афтæмæй сын сæ чызджы байста. Цалынмæ сауджыны цур лæууыдысты, уæдмæ сын сæ теуауæргътæ чидæр адавта. Æмæ уыдон сæ чызджы байстыл æмæ теуауæргъты фесæфтыл куыд фæфæсмонгонд сты, афтæ фæсмонгонд фæуыдзынæ — мауал мæ бафæрс дарддæр.
Бæстырæсугъд уæддæр загъта:
— Нæ, кæф цæуыл фæхудт, уый мын зæгъ.
Уыцы дæргъвæтин ныхасмæ адæм сæ цуры æмбырд кæнын байдыдтой. Лæппу байдыдта дыккаг таурæгъ хæссын...
***
— Иу ран уыди, — загъта лæппу, — цуанон, æмæ йæм уыдис куыдз. Иу къуылдымты-иу цуанон цыдис, иннæ къуылдымты — куыдз, афтæмæй-иу куыдз сырдæй кæй ссардта, уыдон цуанонмæ тардта, æмæ сæ цуанон мардта. Иу заманы цуанон лæппу тынг сдойны ис. Сау хъæды æрдузы ауыдта сау суадон, тындзгæ йæм бауадис. Сау суадоны уæлхъус аназон куыд загъта, афтæ куыдз йæ уæле дон сдæрыныл фæцис. Цуанон ыл фæхъæр кодта:
— Дæ бындар фæуай, дæ дойны мæнмæ цы ’рхастай!
Уæлдæр та бацыдис, аназон, зæгъгæ. Куыдз та йæ уæле доны багæпп кодта. Тынгдæр æм фæмæсты ис цуанон куыдзмæ, фæлæ та уæддæр куыдзы уæлемæ бацыдис дон нуазынмæ. Аназон, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ та куыдз ногæй йæ уæлемæ бауадис æмæ доны багæпп кодта, дон сызмæста. Лæппу йæ маст нал баурæдта, топп йе ’фцæгæй фелвæста æмæ йæ куыдзыл ныццавта. Куыдз фæмард ис. Уыцы мæстыйæ лæппу йæ куыдзы фæмардыл фæджих. Стæ-ма, ацы дон уæлдæр фенон, мæ куыдз мæ цымæ нуазын цæуыннæ уагъта, зæгъгæ, ма иучысыл уæлдæр бауади, кæсы донмæ, æмæ дзы калмы мард. Лæппу уыцы донæй куы банозтаид, уæд амардаид, уый куыдз зыдта æмæ йæ нæ уагъта нуазын.
Уыцы цуанон лæппу йæ куыдзы амардыл куыд фæфæсмонгонд ис, афтæ фæсмонгонд фæуыдзынæ — ма мæ бафæрс дарддæр, — загъта лæппу бæстырæсугъдæн.
Бæстырæсугъд та уæддæр загъта:
— Нæ, кæф цæуыл фæхудтис, уый мын зæгъ.
Адæмыл йæ цæст ахаста лæппу æмæ загъта:
— Хъусут æртыккаг фæсмойнаджы таурæгъмæ.
Æмæ æртыккаг зонды æрдуйы зондæй лæппу дзурын байдыдта...
***
— Иу ран цардис куырм ус æмæ лæг. Уыдонмæ уыдис кæркхæссæг уари æмæ сын алырдыгæй хаста алы халсар æмæ хойраджы дзæбæх, æххормаг сæ нæ уагъта. Иубон куы уыд, уæд та уари атахт æмæ йе ’мсæр мæргътыл сæмбæлди. Афарстой сæ кæрæдзийы, куыдтæ цæрыс, зæгъгæ. Фарст куырм лæг æмæ усы уаримæ куы ’рхæццæ, ды та куыд цæрыс, зæгъгæ, уæд сын уый загъта: «Æз дæн тынг тыхст раны æвæрд, тынг мæгуыр. Ис мын дыууæ даринаджы: куырм лæг æмæ ус. Уыдонæн æз куы ницы ’рхæссон, уæд æххормаг уыдзысты, сыдæй мæлгæ сын у».
Уыцы ныхасмæ йын йе ’мбæлттæ афтæ зæгъынц:
«Ау, æмæ уыдонæн хос нæ зоныс?» Фæджих ис уари æмæ сæ афарста: «Ау, æмæ сын цы хос ис æмæ кæм ис? Уый мæ куы уаид, уæд ма мæн уымæй хуыздæр цы хъæуы!» Йе ’мбæлттæ йын радзырдтой: «Сау айнæджы дагъы нæууы уæзæгыл — фæткъуы бæлас. Уый у цæстырухсы дыргъ. Гъе уымæй сын æрхæсс фæйнæ фæткъуыйы, æндæр дæхи цæуыл тухæнæй марыс. Куыддæр сæ бахæрой, афтæ сæ цæстæй ракæсдзысты».
Хорз уыл æрцæуæд, мæнæн уый чи бацамыдта, зæгъгæ, сын раарфæ кодта уари, йæхæдæг ныппæррæст ласта æмæ сау айнæджы астæу цæстырухсы дыргъыл абадт. Уыцы фæткъуы бæласмæ маргъ æрбатæхынæй дарддæр къахæй бацæуæн нæ уыдис. Кæрдæджы æртæхау сæ хуры тынтæ хъазыдысты, ахæм диссаджы дыргъ задис уыцы балæсыл. Уари дзы иу ратыдта æмæ йæ дарддæр рахаста. Атахт æмæ та ноджы дыккаг хатт дæр æртыдта, стæй уæд йæ фыццаг фæткъуы абæрæг кодта, æмæ уым куы уыдис, уæд стахти уæлæмæ æмæ атахти йæ хæдзармæ. Фæткъуы уæлвæйнæг авæрдта æмæ иннæмæ ратахт. Зæронд лæг æм дзуры: «Уари, мæ хур, уый ды дæ?» Уарийæн дæр ма тæхгæ-тæхын йæ уынæр æрбайхъуыст, «о», зæгъгæ.
Зæронд лæг ма сдзырдта: «Цæй удхарæй мæлыс, кæдмæ нæ хæсдзынæ!»
Стæй уæд йæ усмæ дзуры:
— Марадз-ма, уари цы ’рбахаста?
Цалынмæ уари æддæ уыдис, уæдмæ куырм ус æмæ лæджы царæй калм æрбабырыди сæ артдзæсты сæрмæ. Калмыл фæздæг куы ссыди, уæд сæлхынцъытæ ис, рахаудта. Арты сæрмæ ауыгъд уыд тæвд къæй, калм æрхауд æмæ ныммарди. Калмы ма
уарийæ дæр æмæ дæхицæй дæр, — загъта, — мæнæ дын иу бырæг цыдæр æрбахаста». Зæронд лæг загъта: «Фæлæуу, æз уымæн йæ къубал куы нæ стонон, стæй мын-иу уæд бырæджы фыдтæ-йедтæ хæссæд». Уалынмæ та уари фæткъуыимæ æрбатахт æмæ уый дæр уæлвæйнæг иннæ фæткъуыйы фарсмæ æрæвæрдта, йæхæдæг йæ фыццаг ахуырмæ гæсгæ зæронд лæджы уæрагыл абадт. Зæронд лæг ын йæ бæрзæй дауы, афтæмæй йын дзуры: «Цæй мæгуыр æмæ тæригъæддаг дæ, кæдмæ нæ хæсдзынæ!» Стæй къухтæ къубал куы ссардтой, уæд ын йæ къубал стыдта, йæхæдæг усмæ дзуры: «Марадз-ма, ныр та цы ’рбахаста».
Куырм ус уæлвæйнæгыл йæ къухтæ рахафта. Дыууæ фæткъуыйы райста æмæ дзы иу зæронд лæгæн радта, иннæ та йæхæдæг ахордта. Куы сæ бахордтой, уæд сæ дыууæ дæр сæ цæстæй ракастысты. Уый фæстæ ма фæсмонæй мардысты, фæлæ ма йæ куыд райгас кодтаиккой сæ ирвæзынгæнæг уарийы?
Уыдон хуызæн фæсмонгонд фæуыдзынæ ды дæр, мауал мæ бафæрс, кæннод.
***
Уæддæр та бæстырæсугъд загъта:
— Нæ, кæф цæуыл фæхудт, уый мын зæгъ.
Уæд лæппу адæммæ дзуры:
— Хъусут, æз уын, кæф цæуыл фæхудт, уый зæгъон: бæстырæсугъд мын нæлгæфæй тæрсы, афтæмæй йæ сынтæджы рахиз къахы бын — дуар йæ мæсыгмæ, æмæ йын уыцы ран лæджы хай æмбæхст ис дæлимонтæй. Уыимæ æхсæв-бонмæ лæг æмæ усы хъазт фæкæны, бон та мын арвы айдæны кæсы. Афтæмæй мын нæлгæфæй тæрсы.
Ракодтой сынтæг иуварс æмæ дæлимоны уырдыгæй сластой.
— Кæф гъе ууыл фæхудт, — загъта лæппу. — Стыр ныхас хъæдбыны дæр нæ фидауы.
Дæлимоны дыууæ цæфы ныккодта æмæ йæ амардта. Уый фæстæ бæстырæсугъды уырсы къæдзилыл ныббаста æмæ загъта:
— Фесæф, æнаккаг, адæмы тæригъæдæй, гъе уый дын мæ тæрхон!
Уырсы ныцъцъыччытæ кодта, æмæ æнæдомд уырс бæстырæсугъды аскъæфта тыгъд быдыры зæвæтдзæгъдæнæй хойгæ, æмæ ныппырх ис. Йæ исбон та йын лæппу йæхицæн аласта æмæ йæ кæнгæ мадимæ цæрынтæ байдыдта.
|