Хохы Карца
Еси, Узег ӕмӕ Мамыхъ уыдысты ӕфсымӕртӕ. Цардысты Куырттаты комы Дӕллагхъӕуы. Еси иу рӕстӕджы абалц кодта Персмӕ. Къорд азы дзы хабар нал уыдис. Уӕд ӕфсымӕртӕ сӕхимидӕг уынаффӕ байдыдтой, Есийӕн йӕ мулк нӕхимидӕг байуарӕм, зӕгъгӕ, сӕфтыл ӕй кӕй банымадтой, уый тыххӕй. Есийы ус Колион ӕфсымӕртӕй куырдта, банхъӕлмӕ ма йӕм кӕсӕм, зӕгъгӕ. Уыцы ныхӕстӕ куыд кодтой, афтӕ Еси авд хӕргӕвсы уаргъимӕ ӕрбалӕууыд сӕхимӕ. Ӕрбахаста бирӕ дзаумӕттӕ ӕмӕ ӕхцатӕ.
Есийӕн къорд азы цот нӕ рацыд. Фӕстӕдӕр Куырттатӕй раивта Карцамӕ ӕмӕ дзы ӕрцардис. Ам ын цот рацыд, фыды номӕй сӕ схуыдтой Есиатӕ. Фыды номӕй рацыдысты йӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ — Узег ӕмӕ Мамыхъы мыггӕгтӕ дӕр — Мамыхъатӕ, Узегатӕ. Адонӕн ма се ‘фсымӕрты хуыдтой Парси, Хуытъина ӕмӕ Огъуа. Уыдон дӕр фыды номӕй систы Парсиатӕ, Огъуатӕ, Хуытъинатӕ.
Карцамӕ Дыгурӕй, бӕлвырддӕр та Гуылӕры хъӕуӕй ӕрбалыгъд иу хӕдзар Дзаххотӕй. Дыгуры кӕй фӕтуджджын сты ӕмӕ сын уым цӕрӕн кӕй нал уыд, уый тыххӕй. Дыууӕ хӕдзары куы бауыдаиккой, уӕд дзы иуӕн ӕндӕр ранмӕ лидзгӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ Дзаххотӕ цардысты бирӕ бинонтӕй. Есиатӕ Карцайы куы ӕрцардысты, уӕд сӕм сӕ зонгӕтӕ лидзын райдыдтой алы кӕмттӕй.
Карца кодта ӕртӕ дихы. Уӕллаг Карцайы ӕрцардысты Датитӕ (ӕрбалыгъдысты Цъамады хъӕуӕй). Дӕллаг Карцайы цардысты Есиатӕ, Узегатӕ, Тезиатӕ, Борсиатӕ (ӕрбалыгъдысты Куырттаты комӕй). Чысайы цардысты Хъаратӕ, Дагомӕй Дзугатӕ, Гӕздӕнтӕ, Гӕджынатӕ (ӕрбалыгъдысты Уӕлладжыры комӕй Урсдоны хъӕуӕй). Мсойтӕ — (Донысӕрӕй ӕрбалидзӕг). Барзы цардысты Хестантӕ, Насхъидатӕ (ӕрбалыгъдысты Донысӕрӕй), стӕй иу хӕдзар (Куырттатӕй ӕрбалидзӕг).
Хӕдарцатӕ ӕрцардысты Гуысырайы. Хуытъинатӕ цардысты Карцайы бынмӕ, Хъонагъи, зӕгъгӕ, уым. Хъонагъи цы амоны, уый бӕрӕг нӕма у. Бынӕттон цӕрджытӕ ӕнхъӕл сты «хъонагъи» у кӕнӕ ногъайаг, йе та мангойлаг ном. Борсиатӕ кӕм цардысты Карцайы, уый хонынц «Бӕхты лӕгъз».
Йӕ рӕстӕджы Есиаты Аминӕт сӕ мыггаджы тыххӕй дзырдта, зӕгъгӕ, Куырттаты комы уӕлӕсыхы цардис Хакъуына, йӕ ус Аламас. Хакъуына ӕмӕ Аламасӕн райгуырд лӕппу. Йӕ ном хуынд Ханджери. Ханджери цӕуылдӕр фӕтӕргай ис йӕ мад, йӕ фыды хӕдзары ӕмӕ ацыд Кӕсӕгмӕ. Ам Ханджерийӕн уыд бирӕ хӕлӕрттӕ, хӕтӕнты хатт йе ‘мгӕрттимӕ, уыд ӕхсарджын лӕппу. Ханджерийӕн Дзылаты ӕхсин радта йӕ рӕсугъд чызджы. Ханджери йӕ бинойнагимӕ Суадагмӕ бафардӕг йӕ фыды хӕдзармӕ. Райгуырд сын дыууӕ фырты — Куырта ӕмӕ Тӕга. Уыд сӕм дыууӕ цуанон уарийы. Иу рӕстӕджы уыдон асырдтой цъиусуры. Раздӕр ӕй сырдта Куыртайы уари, фӕлӕ Тӕгайы уари фӕраздӕр ӕмӕ цъиусуры ӕркъуырдта. Уый фӕхъыг ис Куыртайӕн ӕмӕ Тӕгайы уарийы къубал стыдта. Уый адыл Куырта ӕмӕ Тӕгайы ӕхсӕн фыдӕхдзинад сӕвзӕрд.
Тӕгайы ус, цӕмӕй фыдбылыз ма ‘рцӕуа, уый тыххӕй йӕ лӕджы нал уагъта, Дӕргъӕвсмӕ алидзӕм, зӕгъгӕ. Тӕга йӕ усы коммӕ бакаст, ӕмӕ алыгъдысты Дӕргъӕвсмӕ. Ам Куыртайӕн фырт райгуырд, йӕ ном Тымбол. Уымӕн дӕр райгуырд фырт ӕмӕ йыл ном сӕвӕрдта Еси. Есийӕн Колионӕй (Колыты чызг) райгуырдис дыууӕ фырты — Тамби ӕмӕ Солтӕмӕт.
Карцайы ис тъӕпӕн ӕрдуз, ис дзы хӕдзаруӕттӕ. Цӕрджытӕ йӕ хонынц Солтӕмӕты хъӕууат. Уым, ӕвӕццӕгӕн, цардис Солтӕмӕт.
Уӕдӕ цымӕ Есиаты мыггаг куы равзӕрдис, уӕдӕй нырмӕ цал фӕлтӕры, цал азы рацыд? Райсӕм дзы Солтӕмӕты байзӕддӕгты. Солтӕмӕтӕн райгуырдис дыууӕ фырты — Адылджери ӕмӕ Хъуыдайнат. Адылджерийы фырттӕ уыдысты Хӕтъанӕ ӕмӕ Бахтынджери. Бахтынджерийӕн райгуырдис фырт Мулдар. Уымӕн — Беслӕн, Аслӕмырзӕ, Аслӕмырзӕйӕн — Хъасболат, Мӕхӕмӕт, Хъамболат, Адылджери, Долӕтджери ӕмӕ Хадзымурат. Астӕуккаг фырт Хъасболатӕн райгуырд цыппар чызджы: Фатъимӕт, Фузӕ, Теминӕ ӕмӕ Аминӕт. Есийӕ Аминӕтмӕ рацыд 10 фӕлтӕры, ӕппынкъаддӕр 300-350 азы.
Ӕрмӕг мыхуырмӕ бацӕттӕ кодта Тохсырты Къоста.
https://растдзинад.рф/2020/10/13/hohy-kartsa.html
|