Бынаты Хицауы æхсæв
Бынаты хицауы æхсæв тыххæй Агънаты Гæстæны чиныгæй ист æрмæг бакæсæн ис нæ сайты
http://ossetians.com/iron/news.php?newsid=30
Бынаты Хицаумæ куывд.
– Бынаты Хицау, табу дын уæд!
– Оммен!
– Дæ бынат фæрныг æмæ амондджын бынат уæд.
– Оммен!
– Дæ бынаты цы бинонтæ бамбырд вæййы,
Уыдон æнæниз æмæ æнæфыдбылыз уæнт!
– Оммен!
– Хорз цард, хорз амонд сæ куыд уа,
Кæрæдзийы бирæ куыд уарзой,
Дæ ном дын дзæбæхæй куыд арой,
Уыцы ахъаз бакæ.
– Оммен!
– Бирæ кувынæй бирæ хæрзтæ хуыздæр у,
Æмæ нын бирæ хæрзтæ балæвар кæн!
– Оммен!
Бынаты хицауы æхсæв æмæ хæйрæджыты æхсæв.
IUDZINAD IRONDZINAD.
.
Ацы æхсæвы бæрæгбон куыд бæрæг кнын хъæуы, уый тынг бирæ быцæутæ æмæ гуырысхотæ расайы: уæддæр Бынаты æхсæв у æви æнæзæгъинæгты æхсæв, хицæн бонты сæ нысан кæнын хъæуы æви иу æхсæв?.. Уæ размæ хæссæм Цæгат Ирыстоны ист æрмæг, стæй Хуссар Ирыстоны цы равдыст бацæттæ кодтой ацы бæрæгбонмæ, уый дæр.
|