Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Гутнаты Феликс
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 

 
 

 

Гутнаты Феликс (1952-2020) 

 

Гутнаты Хадзымырзæйы фырт Феликс – зындгонд ахуыргонд, историон наукæты доктор, профессор.  

Феликс райгуырд 7 апрелы 1952 азы Дзæуджыхъæуы. 1969 азы каст фæци горæты 5-æм скъола. Фæсидтысты йæм æфсадмæ: 1970-1972 азты службæ кодта Германийы, стæй ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкты Къостайы номыл паддзахадон университеты историон факультетмæ. 1977-1978-æм азты стажировкæ кодта Ленинграды университеты Советон Цæдисы историйы кафедрæйы, 1979 азы та бацыд аспиратурæмæ. 1979 азы, æмгъуыдæй раздæр, бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци.1981 азæй фæстæмæ куыста Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæн институты (ныры Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты) археологи æмæ этнографийы хайады. Уыимæ иумæ кодта ахуыргæнæджы куыст дæр – 1995 азæй фæстæмæ куыста ЦИПУ-йы. 1998 азы бахъахъхъæдта докторы диссертаци. 

Йæ монографитæ йын зæрдиагæй кастысты канд зонадон кусджытæ нæ, фæлæ хуымæтæг адæм дæр.  

Феликс уыдис фæлмæнзæрдæ адæймаг, хуымæтæг ныхасы мидæг, хæларзæрдæ æмæ æргом. Уый уарзта фæлхат кæнын: "Махæн, ирæттæн, нæ хъул сах абадт. Мах стæм, иууыл намысджындæр истори кæмæн ис, ахæм адæм". Профессор Гутнаты Феликс ахуыр кодта Ирыстоны астæуæнусон истори, æмбырд кодта генеалогион таурæгътæ, æмæ сæ нымадта адæмы ивгъуыд сног кæныны историон æвидигæ суадоныл. Зындгонд бæрæгуат "Ирон хъæутæ"-йы фæстæ адæмы 'хсæн уæлдай нымаддæр уыд йæ фæстаг проекттæй иу — чиныг "Ирон мыггæгтæ". Аст азы дæргъы автор бакодта стыр куыст: йæ чиныгмæ бацыдысты мин ирон мыггаджы равзæрды историйы тыххæй æрмæджытæ. Ирыстоны мыггæгты чиныгыл кусгæйæ, бирæтæн фадат фæцис чиныджы сæ мыггæгты равзæрды истори ныммыхуыр кæнынæн, зындгонд профессионалон ахуыргонды æххуыс райсынæн. Уый тыххæй æппæт республикæйы дæр арæзт цыдысты мыггæгты советтæ, æмæ бæрæгуатæн цæттæ кодтой æрмæджытæ. Уыдоныл цыдис быцæуныхас, æмæ-иу рабæрæг кодтой Ирыстоны историимæ баст æнæнхъæлæджы цæвиттонтæ. Афтæмæй профессоры архив дзагæйдзагдæр кодта. Уыцы чиныг уагъд æрцыд æртæ хатты. Стыр куыст бакодтой автор æмæ рауагъдады коллектив, фæстаг дыууæ азы куыст цыдис чиныджы цыппæрæм рауагъдыл, æмæ нæ зæрдæ дарæм, уый дæр рухс кæй фендзæн, ууыл 

Феликсы куыстыты цыбыр номхыгъд (æдæппæтæй у 150 зонадон куыстæй фылдæры автор): 

 

Генеалогические предания Осетии. Орджоникидзе, 1989 

• Средневековая Осетия. Владикавказ, 1993; Аристократия алан. Владикавказ, 1995 

• Ранние аланы. Владикавказ, 2001 

• Древо жизни. Владикавказ, 2007 

• Горский феодализм. Ч. I Владикавказ, 2007. Ч. II., 2008 

• Аланы: научно-популярные очерки истории. Владикавказ, 2011 

• Осетинские фамилии. Владикавказ, 2012 

• История Осетии с древнейших времен до конца ХVIII века. Т. 1. Владикавказ, 2012 

• История Осетии в ХIХ-начале ХХ века. Т. 2. Владикавказ, 2012 

• Обычное право осетин. Ч. I. Адаты Тагаурского общества (Список Норденстренга 1844 г.). Владикавказ, 2012 

• Горский феодализм. Часть III. Северный Кавказ в ХIII—ХV вв. Владикавказ, 2014 

• Осетинские фамилии. Владикавказ, 2014; Скифы. Аланы. Владикавказ, 2014 

• Нормы обычного права осетин. Часть II. Адаты обществ Западной Осетии. Владикавказ, 2015. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ