Ирон музыкалон аивадмæ бахаста аккаг хуынтæ
Ирон музыкалон аивадмæ аккаг хуынтæ чи бахаста, уыдонæй сæ иу уыд зынгæ композитор, фольклорист, дирижер æмæ æхсæнадон архайæг Кокойты Тæтæрхъан дæр. Уый райгуырд Хуссар Ирыстоны Мæсгуытыкомы 1908 азы 17 марты. Зæрдæргъæвд лæппу чысылæй фæстæмæ йæ зæрдæмæ арф айста музыкæ æмæ дзы нал фæхицæн суанг йæ царды бонтæм. Райдиан музыкалон ахуырад райста Тифлисы музыкалон скъолайы скрипкæйы къласы, йæ ахуыргæнæг та уыд Г. Шотниев. 1919 азы каст фæци ацы горæты æфсæнвæндагон ахуыргæнæндон, 1924-26-æм азты та ахуыр кодта Тифлисы консерваторийы композицийы хаххыл. Уыд Тбилисы ирон драмон къорды хайадисæг, стæй та йæ къухдариуæггæнæг. Кокойы фырт ма музыкалон ахуырад райста Мæскуыйы консерваторийы композицийы къласы ахуыр кæнгæйæ. 1934 азæй 1936 азмæ уыд, йæ хъæппæрисæй чи сырæзт, адæмон инструментты уыцы оркестры разамонæг, фæстæдæр та Цхинвалы вокалон-хореографион къорды разамонæг.
Кокойы фырт уый фæстæ ацыд Цæгат Ирыстонмæ æмæ куыста Беслæны маисон комбинаты драмон æмæ кæфтыты къордты аивадон разамонæгæй. Æвзыгъд æмæ курдиатджын музыканты арæхстдзинадыл сæ цæст æрæвæрдтой аивадæн табугæнджытæ. 1938 азæй 1946-æм азы онг куыста Цæгат Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамблы аивадон къухдариуæггæнæгæй. Æндæр æмæ æндæр азты ма уыд Цæгат Ирыстоны филармонийы аивадон къухдариуæггæнæг, 8 азы та уыд Цæгат Ирыстоны Композиторты цæдисы сæрдар. Йæ намысджын æмæ æвæллайгæ фæллойы тыххæй йын лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæджы ном, хорзæхджын ма уыд «Кады нысан»-ы орденæй.
Кокойы фырты æрдз стыр курдиатæй фæхайджын кодта æмæ уырдыг лæууыд йæ раттæг адæмæн балæггад кæныныл. Уый ссис ирон музыкалон аивады бындурæвæрджытæй сæ иу, сарæзта фыццаг театралон, хореографион, музыкалон-æххæстгæнæг национ коллективтæ. Студент уæвгæйæ, 20-æм азты Кокойты Тæтæрхъан хайад иста Тифлисы ирон драмон къорды куысты куыд актер, драматург æмæ композитор, афтæ. Сæххæст кодта цалдæр ролы, уыцы нымæцы Брытъиаты Е. «Амран»-ы Дуртула (зæгъын хъæуы, ацы спектаклæн музыкæ кæй ныффыста йæхæдæг). Уыимæ иумæ ма æвæрд æрцыдысты Кокойы фыртæн йæхи пьесæтæ дæр, уыцы нымæцы «13 Коммунары», «Дуне фæфæлдæхт», «Тугæйдзаг рæстæг», «Лæг æмæ ус» æмæ æндæртæ.
1928 азы йæ хъæппæрисæй сырæзт цæугæ колхозон театр æмæ йын уыд хорз æнтыст культурон-рухсадон куысты, концерттæ æмæ спектакльтæ æвдыста Хуссар Ирыстоны дæрддагдæр хъæуты. 1931азы та сарæзта ирон адæмон инструментты ансамбль, фæстæдæр та вокалон-хореографион къорд. Ацы ран сæ аивадон фæндагыл слæууыдысты фæстæдæр профессионалон музыканттæ: зарæггæнæг Плиты Гриша, композитортæ: Плиты Христафор, Хаханты Дудар.
Тæтæрхъан цалдæр хатты уыд фольклорон экспедицийы Ирыстоны æмæ ныффыста адæмон мелодитæ, æмбырд кодта рагон му-зыкалон уадынгæрзтæ. 1937 азы ирон адæмон инструментты коллекци радта Мæскуыйы Глинкæйы номыл музыкалон культурæйы Паддзахадон музеймæ. Цæгат Ирыстонмæ композиторы æрцыд баст уыд, цæмæй разамынд лæвæрдтаид зард æмæ кафты паддзахадон ансамблы сырæзтæн. Хъаруджынæй æрæвнæлдта йæ хъуыддагмæ æмæ йын цыбыр æмгъуыдмæ бантыст курдиатджын фæсивæды æрæмбырд кæнын. Коллективимæ куыста куыд хормейстер, хореограф, администратор-разамонæг, композитор, дирижер æмæ мæйы æмгъуыдмæ, æнæрынцойæ кусгæйæ. Бацæттæ кодта концертон программæ. Уый фæстиуæгæн 1938 азы ансамблы гастрольтæ æнтысгæйæ ацыдысты горæт Налцыччы. Сæ репертуары уыдысты Кокойты Тæтæрхъаны зарджытæ «Партийы гимн», «Плиты Иссæйы зарæг», «Тауче», стæй адæмон зарджытæ æмæ кафты мелодитæ «Æфхæрдты Хæсанæ», «Антъоны зарæг» æмæ æндæртæ. Кокойы фырты хъæппæрис æмæ активон хайадисты тыххæй 1939 азы Ирыстоны равзæрстой музыкæмæ иууыл æвзыгъддæр фæсивæды Мæскуыйы консерваторийы ахуыр кæныны тыххæй. Фæстæдæр уыдон систы зындгонд профессионалон музыканттæ: зарæггæнджытæ æмæ композитортæ.
1943 азы Тæтæрхъан йæ къухмæ райста симфонион оркестр саразыны хæс, фæстæдæр та — филармони æмæ йæ фыццаг аивадон къухдариуæггæнæг уыд йæхæдæг. Уыцы азты композитор ныффыста цалдæр егъау оркестрон уацмысы — Фыццаг симфони, Скрипкæйы концерт, фортепианон фантази «Азау», симфонион сюитæ «Хæлардзинад», симфонион ныв «Изæр колхозы» æмæ уыдон се ппæт дæр систы тынг популярон. Фыццаг «Ирон симфони» Кокойы фырты сфæлдыстады сси иууыл бæрзонддæр. «Азау»-ы фантази фортепианойæн оркестримæ та фыст у ирон чызджы хъысмæтыл, кæцы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты равдыста хъайтарон сгуыхтдзинад. Йæ фæстаг егъау уацмыстæ сты Дыккаг симфони æмæ оперæ «Нарты Сослан». Уый йæ царды фæстаг бонтæм дæр нæ уагъта йе сфæлдыстадон архайд, баззад дзыллæты хсæн музыкæ парахатгæнæгæй.
Зынгæ композитор æмæ музыкæйы дæсны йæ цардæй ахицæн 1980 азы 3 апрелы, фæлæ йын цы егъау куыстытæ бакæнын бантыст, уыдонимæ цæрдзæн йæ раттæг адæмы зæрдæты.
ХУЫБИАТЫ Никъала
http://new.xurzarin.ru/iron-muzykalon-aivadmae-baxasta-akkag-xuyntae/
Круговой танец (муз. Татаркан Кокойти). Исполняет Венера Дзеранова
|