Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ЗИАНЫ ФЫНГЫЛ ХИСТÆРТÆ КУЫД БАДЫНЦ?
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Ацы уацы сæргонд уæлæнгай макæмæ фæкæсæд. Ис ын монон, фыдæлты дунембарынадыл æнцайгæ мидис. Тынг цымыдисаг æмæ ахсджиаг фарста у, уæлæнгай дзуапп ын раттæн нæй. Бирæ быцæутæ йыл рацæуы. Бафæрсæм нæхи, цæмæн? Куыд рауади афтæ, æмæ Ирыстонæн йæ иу æмбис зианы фынгыл æртæ хистæры бадын кæнынц, иннæ æмбис та дыууæ хистæры фынджы фæрсты? 

 

Æз мæхи рагæй фæрсын уымæй. Æрыгонæй иу æнусы карæн хистæрты дæр бафарстон алы хъæуты. Фæрсæй фарсмæ дыууæ комы, æмæ алыхуызон бадынц. Цæмæн? Æмæ куыд у растдæр? Ацы ран, "махмæ рагæй афтæ кодтой, æмæ уымæн раст у" хъуыды цалынмæ иуварс авæрæм, уæдмæ раст дзуапп не ссардзыстæм. Уый нæ райдианæй зылын фæндагыл аразы. Æз дæр, махмæ, туалтæм, стæй мæ райгуырæн Алагиры куыд кæнынц, уый рæстæгмæ иуварс авæрдтон. 

Бæлвырд у, фынджы сæр хистæр куы фæбады, уæд йæхицæн дæр æмæ бадты адæмæн дæр у æнцондæр: хуыздæр зыны адæммæ, йæ ныхас хуыздæр хъуысы, бакæсгæйæ хуыздæр фидауы.  

Фæлæ æгъдау уыцы æхсызгондзинæдтыл не 'нцайы, арæх зын вæййы йе 'ххæст кæнын. Уæлдай зынхæссæн, уæззау уаргъ сты зианы æгъдæуттæ. Уый æмбаргæйæ, бафæлварæм фарстайæн йæ уыйдæгтæ ракъахын.  

 

Фыццаджыдæр, дызæрдыггаг нæу, нæ фыдæлтæ сæ цины æмæ зианы æгъдæуттæ, сæ рагон дунембарынады бындурыл æнцайгæйæ, хицæн кæй кодтой. Иухуызон дзы хъуамæ мацы уыдаид. Цины кувгæ кæнæм, ома Уæларвон дунемæ дзурæм Стыр Хуыцау æмæ йе сконд Зæдтимæ. Зианы кæндты та рухсаг зæгъæм, хойраг хæлар кæнæм, Мæрдты бæстæмæ (æцæг дунемæ) чи ацыд, уымæн.  

Уыцы зондæй иухуызон архайд хонгæ дæр кодтой хицæн ныхæстæй. Сидт - рæгъ, хонæг - хъæргæнæг, лæггад - фыдæбон, кусæрттаг - æргæвдинаг, æмæ афтæ дарддæр. Уый нæ æфтауы фыццаг дызæрдыгыл, нæ рагфыдæлтæ цины æмæ зианы хистæрты иухуызон кæй бадын кодтой, ууыл. 

 

Хъуыдыйаг хъуамæ уа ноджыдæр иу хъуыддаг. Куыд зонæм, афтæмæй циндзинады хистæр æртæ кæрдзыны æмæ бæгæныйæ скувы Хуыцаумæ, йе 'ргом Хур скæсæнырдæм, афтæмæй. Ома уыцы рæстæг комкоммæ ныхас кæны Сфæлдисæгимæ. Уый тыххæй фæлæууы фынджы сæр, цæмæй йе 'ргом уа Хуыцаумæ арæзт.  

 

Зианы кæндты кувгæ ничи кæны, не 'мбæлы. Нæ ныхас æндæр бæстæмæ арæзт у. Фыццаг рæгъæй хистæр бинонты Хуыцауыл фæдзæгъсгæ бакæны. Нæй дзы комкоммæ ныхас Сфæлдисæгимæ. Цæмæй уый бахахх кæнæм, уый тыххæй нæ бадтис хистæр фынджы ныхмæ, ома Хуыцаумæ æргом здæхтæй. Афтæмæй амыдтой, цины фынг кæй нæу æмæ дзы æндæр фæтк кæй ис, уый.  

 

Дарддæр. Куыдæй æмæ кæд фæзынд ацы хицæн цæстæнгас хистæрты фынгмæ?  

Уый бамбарынæн æркæсæм, кæцы рæтты бадынц æртæ хистæры, кæм та - дыууæйæ. Дыууæ хистæры: Хъобангомы, Тæгиатæм, Куырттатæм (иннæтимæ куы нæма сæмхæццæ сты, уæд), Дыгургомы æмæ уырдыгæй ралидзгæ хъæуты. Æртæ хистæры зианы фынгыл бадынц: Хуссар Ирыстоны, Нарыгомы, Мамысоны, Уæлладжыры комы æмæ уырдыгæй ралидзгæ адæмы быдыры хъæуты. Раст зæгъгæйæ, ныртæккæ фылдæр хъæуты стæй горæты кæртыты алы рæттæй ралидзгæ адæм сæмхæццæ сты, æмæ хатгай хæстæг сыхты дæр хицæн æгъдау вæййы.  

 

Ацы бæрæггæнæнтæй, æз скодтон хатдзæг: цины æмæ зианы хистæртæ иухуызон бадынц, 19 æнусы æмæ 20 æнусы райдианы, гуырдзиаг миссионертæ æмæ саудаджертæ кæуылты цыдысты, кæдæм хæццæ кодтой, уым. Уымыты ма абон дæр ис фенæн ууыл дзурæг бирæ фæдтæ. Гуырдзымæ дæр ис фынджы æгъдау (застольный этикет), фæлæ уый мах æнусон уырнынадыл æмæ нæ фыдæлты дунембарынадыл баст нæу. Ис сæм тамада (кæддæриддæр бады фынджы сæр), кæцыйæн баргонд вæййынц фынг аив кæныны æмæ йын къухылдариуæг кæныны хæстæ. 

 

Гъе, уым, мæнмæ гæсгæ, æмбæхсы дзуапп "2 æви 3 хистæры" фарстайæн. Махмæ, мæ райгуырæн Алагиры, зианы дыууæ хистæры бадын кæныныл разы нæ кæнынц, æмæ сæ æз хорз æмбарын. Дызæрдыг нæ кæнын, мæ 1870 азы гуырд фыдыфыд дæр зианы хистæрæн фынджы ныхмæ кæй бадтис. Уымæн æмæ уыцы рæстæгмæ гуырдзиаг миссионерты æмæ саудаджерты тавæг йæ куыст бакодта. Уыдонимæ уыцы кæмтты цæрджытæ арæхдæр æмбæлдысты, иннæ кæмтты адæмы та нæ уыдтой. Йæ хæрз æфсымæр уыдис сауджын, стæй Тибы, Нары æмæ Зæрæмæджы ист зæронд къамтыл уынын бирæ дингæнджыты. Абон афтæ чи фæзæгъы, чырыстæттæ нæм нæ уыдис, сауджынты тæргæ кодтой, стæй аргъуантæ дæр нæ арæзтой, уыдон рæдийынц. Уыдис алцыдæр, æмæ уый гæнæн нæ уыд, цæмæй уыдон сæ тавæг ма ныууагътаиккой не'гъдæуттыл. Акæсæм ма, дæнцæгæн, Хуссар Ирыстоны Гурыдзымæ хæстæг хъæуты æгъдаумæ. Уымы цины æмæ зианы æгъдæутты сæ ирон хай гуырдзиагæй бирæ къаддæр у. Уымæн уæвæн нæй, æмæ сæдæгай æзты дæргъы цы адæмыхаттимæ цæрай фæрсæй-фарсмæ, уый царды æгъдауæй мацы райсай.  

 

Мæнæ афтæ фыст у ацы хъуыддаг сæдæгай хистæрты зондæй арæзт æмæ ирон адæмы 6-æм Съезды (2007 азы) фидаргонд "Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæутты".  

 

"Хæрнæджы бадты хистæр фæбады фынджы райдайæны галиуырдыгæй фыццаг бынаты, йæ комкоммæ (фынджы рахиз фарс) – æрцæуæг адæмæй дыккаг хистæр. Мæрдджын мыггагæй лæг бады хистæрты фарсмæ. Рæгъытæ уадзы бадты хистæр. Зианы фынгыл уыцы бар æндæр никæмæ хауы. 

Уыимæ Ирыстоны бирæ рæтты марды кæндты фынджы хистæр бады фынджы ныхмæ. Мах уыцы хъæутæн зонд нæ амонæм, фæлæ Иры Стыр Ныхасы хистæртæн сæ фылдæрмæ уый раст нæ кæсы. Зиан æмæ цины фынгтæ дардæй бакæсгæйæ дæр хъуамæ кæной хицæн. Уыцы хъуыды нæ фыдæлтæм уыдис арф æвæрд, гæнæн - амалæй архайдтой, цæмæй сæ цины хъуыддæгтæ æмæ зианы кæндтæ кæной алыхуызон.  

 

Фыццаджыдæр зианы алцыдæр нымайынц къæйттæй. Ис дзы хистæртæ сыхбæстæй, стæй æрцæуæг адæмæй. Æртыккаг хистæр уыцы нымæцмæ æфтыд æрцыдис фынджы хистæр фынджы ныхмæ бадын куы райдыдта уæд, æмæ баисты æнæкъай – æртæ (цины фынджы æгъдау). Дыккаджы та, зианы фынгыл нæ кæнынц нæдæр кувгæ, нæдæр сидгæ. Хистæртæ уадзынц дæлæмæ рæгъытæ, ома ныхас æдзухдæр цæуы дыууæ лæджы ‘хсæн. Уыимæ зианы фынгыл бадæг адæм, уæлæмæ кæсгæйæ уынынц афтид бынат фынджы ныхмæ, æмæ сын уый уæлдай хатт сæ зæрдыл лæууын кæны, кæм бадынц, æмæ дзы цы ‘гъдау æвдисын хъæуы. Уæдæ иу раджы, фынгмæ бацæуыны размæ дардæй сæмбæлæг барæг хъуамæ зыдтаид цы æгъдауыл рахиза йæ бæхæй, йæ ехс кæцы къухмæ райса, хистæртæм кæцырдыгæй бацæуа, æмæ йæ размæ рацæуæгæн цы зæгъа." 

 

Гъе, уый уын мæн хъуыдытæ. Семæ разы чи нæу, уымæн дæр йæ бар - йæхи. Æгъдау тыххæй домгæ нæу. Цæмæй йæ раст кæнай, уый тыххæй та йын æмбарын хъæуы йæ мидис, кæцы фидарæй æнцайы нæ фыдæлты дунембарынад æмæ уырнынадыл.  

 

КУЧИТЫ РУСЛАН 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ