Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Къутугæнæнтæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

КЪУТУГÆНÆНТÆ
 

Уалдзыгон, хоры бæркады бæрæгбон. Уыцы бонмæ-иу сцæттæ кодтой, бæрæгбонæн цы фæхъæуы хæрд æмæ нозтæй, уый. Уæлдай цинагдæр уыд сывæллæттæн. Уыдонæн æфсинтæ мæнæу кæнæ хъæбæрхоры ссадæй фыхтой, алыхуызон хæдзары фосы æмæ кусæнгæрзты хуызтæ чи æвдыста, ахæм гуылтæ. Сæйрагдæр та дзы уыдысты къутутæ, хорæфснайæн къутуты, гонты хуызæгтæ. Бæрæгбон дæр афтæ уымæн хуыйны. Хоры бæркады охыл-иу цы бирæ къутутæ сфыхтой, уыдон хæрздзаг бакодтой мæнæу, хъæбæрхор æмæ сысджыйæ, ома ацы аз хортæй афтæ байдзаг уæнт нæ къутутæ, хордæттæ, гонтæ. Уый уыд зæхкусæджы стырдæр бæллицтæй иу æмæ, цæмæй æрцæуа, уымæн кодта фæзмæгой нымд митæ. «Хæдзары хистæр-иу бацыдис къæбицмæ æмæ-иу хордоны къутуйы фарс бакъуырц-къуырц кодта кувгæ-кувын æмæ-иу загъта: нæ хордон афтæ дзаг уæд хорæй, – фыссы Цыбырты Людвиг. – Уый фæстæ æвзонг фæсивæд ерыс кодтой милмæ æхсынæй». Ноггуырдты, ног чындзыты хæдзæртты кæртыты кæнæ сыхты бæрæг рæтты-иу сывæллæттæ мысанæн æрæвæрдтой сæ фых къутутæ, хæдзарон фосы, стæй хоры куыстгæнæн дзаумæтты хуызæгтæ æмæ сæ фатæй æхстой радгай. Фылдæр хъавыдысты къутутæм. Мысан-иу чи акъуырдта, уый йæ-иу амбылдта æмæ дзы-иу цингæнгæ ныккомдзаг кодта. Уымæн æмæ хъуыды кодта: иуæй мысан акъуырдтон, иннæмæй та хоры бæркад рамбылдтон. Хъæлдзæг æмæ æхцон бæрæгбон-иу ахаста суанг изæрмæ. 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ