Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Адырхаты Светланæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 
Кафты базыртыл — Хуымæллæгæй Ленинградмæ. 

 

Ирыстоны уарзон хъæбул, Уырыссаг балеты тæмæнкалгæ стъалы, УСФСР-йы адæмон артисткæ АДЫРХАТЫ Светланæ бæрæг кæны йæ 80 азы юбилей. Хуыцау æй фæхайджын кодта, дунейы аивадуарзджыты дисы чи бафтыдта, ахæм курдиатæй, æмæ дзы удуæлдайæ барæвдыдта театрдзауты зæрдæ, арф æнкъарæнтæ сæм æвзæрын кæнгæйæ, кодта сын лæггад. Диссаг та куыд нæ у, æвæдза, — æвддæсаздзыдæй театры примæ су, УФ-йы паддзахадон академион Стыр театры сценæйы кафты уæлтæмæны бацæугæйæ, 30 азы сæйраг кафæджы ном стыр кадимæ хæсс. Кафты аивады æвзагæй, буары алы нуары базмæлд, зæрдæйы цавд æмæ уæнгты тасынæй къахфындзты цъуппытыл дунейы классикæйы уацмыстæ æнæ дзыхы сныха- сæй зæрдæмæхъаргæйæ равдисын у Светланæйæн Хуыцауæй лæвæрд. Йæ хигъæдон миниуджытæ сценæйы кæдфæнды дæр дардтой бæрæг, æмæ дзы чи йæ сæр бæрзæндты хаста, чи та йæм кодта тæхуды. Диссаг у, æвæдза. Хуымæллæггаг гыццыл чызджы Ленинграды хореографион училищемæ ахуыр кæнынмæ куы райстой, уæд иунæг ныхас дæр уырыссагау нæ зыдта. Авдаздзыдæй Дзæуджыхъæуы кинотеатры киноныв «Балерина» фенгæйæ, Светланæ фыццаг хатт фехъуыста ныхас «балет» æмæ йæ цæстытæ экранæй нал иста. Уый ма зона, уый суыдзæн, йæ цард æнæхъæнæй дæр кæмæн снывонд кæндзæн. Уыцы бон кинонывмæ бакастæй сывæллоны зæрдæйы цы нæмыг баззад, уымæй сæвзæрд тала, рауад дзы уидагджын бæлас æмæ радта адджын дыргътæ. Уыцы дыргътæй фæхъæстæ сты канд Ирыстоны цæрджытæ нæ,фæлæ Уæрæсейы æмæ ма суанг фæсарæнты цæрджытæ дæр. Уæдæй абонмæ Светланæ иунæг хатт дæр нæ фæфæсмон кодта йæ равзæрст фæндагыл. Уырыссаг балеты стъалытæ Мая Плисецкая, Нинæ Тимофеева, Екатеринæ Максимоваимæ иу сценæйы Адырхаты Светланæ тæмæнтæ калдта йæ аивадæй. Балеты ахъазыд 30 партимæ хæстæг, æмæ уыдонæй алкæцы дæр арф æнкъарæнтимæ баззад адæмы зæрдæйы. Уымæн æмæ нæй кæрон йæ уарзондзинадæн кафты аивадмæ. Ныртæккæ дæр Светланæ кусы Стыр театры. Суинаг артистты ахуыр кæны йæ дæсныйадыл. Светланæйы юбилейы бон Стыр театры уыдзæн бæрæгбон. Йæ ахуыргæнинæгтæ ратдзысты Гала-концерт сæ ахуыргæнæджы юбилейы кадæн. Светланæйæн уацхæссæгимæ цы интервью уыд, уымæй иу хай хæссæм уæ размæ. 

— Светланæ, дæ фæлтæрддзинад, арæхстдзинад æмæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй тауыс кæстæр фæлтæртыл. Балеты скъолайы историйы бацахстай сæрмагонд бынат. Зæгъынц, ды æрмæст балеринæтимæ кæй кусыс… 

— О. Мæнмæ гæсгæ, нæлгоймæг-кафæгимæ хъуамæ нæлгоймаг-ахуыргæнæг куса. Уымæн æмæ, кæм хъæддыхдзинад равдисын хъæуы, кæм хъару, нæлгоймаджы удыхъæд. Чызджытимæ кусгæйæ та сæйрагдæр у хæрзконддзинад, пластикæ, æнкъарæнты арфад. Нæ дæсныйады бирæ сусæгдзинæдтæ ис. Хорз ахуыргæнæг скульпторæй уæлдай нæу. Уæлдайдæр та ма, йæ ахуырдзау Хуыцауы цæхæрæй куы фæхайджын вæййы, уæд. 

— Петр Чайковскийы «Лебединое озеро» дæ царды бацахста сæрмагонд бынат, ссис нысанхæссæг… 

— Зæгъæн ис, ссис мæ царды лейтмотив. Уыцы спектаклæй 1956 азы ирон фæсивæд, Ленинграды ахуырад райсгæйæ, байгом кодтой Челябинскы оперæ æмæ балеты театры фыццаг сезон. Уæд мæныл баууæндыдысты Одеттæ-Одилияйы парти, æмæ сдæн театры примæ æвддæсаздзыдæй. Хуымæллæггаг чызгæй рауад «Царевна-лебедь». Разæй мæм æнхъæлмæ кастысты Уæрæсейы стырдæр горæттæ æмæ фæсарæнты хуыздæр сценæтæ. Мæ сурæтимæ сценæйы æмдзард кодта Врубелы «Царевна-лебедь». Училищейы ма ахуыры кæрон кафыдтæн «Лебединое озеро»-йы дыккаг акты. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ каст, цыма ахуыры фæстæ Ленинграды Кировы номыл оперæ æмæ балеты театры кусдзынæн. Фæлæ ахуыры кæронбæттæн концерты Федор Лопухов загъта, Ленинграды баззайыны бар мын кæй нæ радтой, хъуамæ æрцыдаин фæстæмæ Ирыстонмæ. Фæлæ не ‘рцыдмæ цы театр хъуамæ сарæзтаиккой Дзæуджыхъæуы, уый цæттæ нæма уыд. Фæстæдæр бамбæрстон, царды мæ къухы æнцонтæй кæй ницы бафтыд, уый. Афæдзы фæстæ Мæскуыйы Советон Цæдисы музыкалон театрты фестивалы мах нымад æрцыдыстæм хуыздæртыл. Мæ Одеттæ- Одилия уæд хорзæхджынгонд æрцыд фыццаг преми æмæ тыхджын къухæмдзæгъдæй. Уый фæстæ куыстон Одессæйы паддзахадон оперæ æмæ балеты академион театры. Уырдыгæй 1960 азы ацыдыстæм Мæскуымæ Ирон аивад æмæ литературæйы декадæйы архайынмæ, æмæ та «Лебединое озеро» басгуыхт. Не ‘мзæххон æрыгон артистты æрæмбырд кодтой Советон Цæдисы алы къуымтæй уæды Орджоникидземæ, цæмæй декадæмæ бацæттæ кæнæм музыкалон уацмыстæ. Уæд декадæйы балетмейстер уыд Сергей Корень. Программæйы изæрмæ бахаста, æз кæм архайдтон ахæм æхсæз номыры: «Лебединое озеро» æмæ «Спящая красавица»-йæ скъуыддзæгтæ, дыууæ национ номыры Хаханты Дудары балет «Хетæг»-æй адажио æмæ Гæбæраты Ильяйы музыкæмæ гæсгæ кафт. Уыцы рæстæг Галинæ Улановайæн йæ артисты карьерæ кæронмæ æрхæццæ, æмæ æмбырд кодта ахуырдзаутæ. Федта, куыд акафыдыстæм концерты, уый, æмæ мын Сергей Корень афтæ зæгъы: «Светланæ, 11 сентябры Стыр театры сценæйы кафдзынæ «Лебединое озеро» Николай Фадеечевимæ. Уыцы рæстæг мæ риуы абухæнтæ цы æнкъарæнтæ кодтой, уыдонæн ныхасæй зæгъæн нæй. Галинæ Уланова мын уæд балæвар кодта балеты кафæн туфлитæ. Абон дæр ма мын æвæрд сты, зынаргъ лæварау сыл ауæрдын. 

 

— Дунейы хуыздæр æмæ стырдæр театрты дын æмдзæгъд кодтой дæ курдиатæн стыр аргъ кæнгæйæ. Сæ газетты-иу дæ рахуыдтой «прекрасная кавказка». Дæ ирон уидæгтæ классикон балетыл куыд сахадыдтой? 

— Нæ зонын. Фæлæ бæлвырд у, нæ национ пластикæ кæй ницæимæ ис абарæн. Дæ туджы куы нæ уа, уæд æй нæй бафæзмæн, уымæн æмæ алцыдæр мады æхсыримæ ахъары сывæллоны дадзинты. Ирыстоны æрдз, ирон аргъæуттæ, традицитæ, кæфтытæ, музыкæйы зæлтæй сфæлтæры ирон адæймаджы удыхъæд. Юрий Гри- горович «Легенда о любви» куы æвæрдта сценæйы, уæд Мехменэйы кафыдысты дыууæйæ. Фæлæ суанг сæ сæры фæзылд, сæ къухты айст дæр кæрæдзимæ лæууыд тынг дард. Уæд мæм Юрий бацыд æмæ загъта: «Я начинаю «Легенду о любви». Ты будешь танцевать Мехменэ. Плисецкая и ты». Уый бирæ цæуылдæрты дзурæг у. 

 

— Зæгъыс, царды æнцонтæй мæ къухы ницы бафтыд. Фæлæ уыцы-иу рæстæг цух нæ уыдтæ адæмы уарзондзинад æмæ сæйраг партитæй. 

 

— Уый æцæг афтæ уыд. Фæлæ мын Хуыцау æххуыс кодта. Æндæр ма ахъуыды кæнут, кæм æз — авдаздзыд хуымæллæггаг гыццыл чызг, кæм Ленинград, æмæ цы хуыздæр балетон скъолайы ахуыр кодтон, уый, уырыссагау иу ныхас дæр куы нæ зыдтон, уæд. 

Хæсты фæстæ азты нæ республикæмæ Ленинграды Агриппинæ Вагановайы номыл училищейæ æрцыдысты ахуыргæнджытæ Еленæ Мэй æмæ Аннæ Бажаева. Зылдысты, хъæуты сывæллæтты ‘хсæн курдиатæй хайджын чи у, уыдон агурæг, цæмæй сæ аласой Ленинградмæ æмæ сæ фараст азы ахуыр кодтаиккой балеты дæсныйадыл. Цыдæр æгъдауæй æз дæр се ‘хсæн фæдæн, фæлæ мын азтæ кæй нæ фаг кодта, уый тыххæй мæ нæ истой, мæ мад дæр мæ нæ уагъта. Фæлæ йæ нæ сыхæгты ус сразы кодта. Ахуыдта мæ горæтмæ, фæлæ уæдмæ æркастытæ фесты. Цæмæдæр гæсгæ мæ Варварæ Мэй куы федта, уæд мæм лæмбынæг æркаст сæрæй къæхтæм æмæ йæ бафæндыд мæн дæр бафæлварын. Фæстæдæр, Стыр театры примæ куы сдæн, уæд мæ чызг Фатимæйæн дзырдта: «Йæ къах, дам, ын мæ къухмæ куы райстон, уæдæй абонмæ, дам, æй мæ зæрдæ суæгъд кæнын нæ комы». Афтæ уыд, гъе… 

 

Дæхицæн уыд тынг хорз ахуыргæнджытæ. Дæхæдæг, дæ ахуыргæнинæгтимæ кусгæйæ, хъæддых ахуыргæнæг дæ, тызмæгæй сæм сдзурыс? 

— Мæ ахуыргæнджыты хуызæттæм уыдис æрмæстдæр бæллæн. Училищейы мæ ахуыргæнджытæ уыдысты Еленæ Ширипина, Варварæ Мэй. Театры та мæ амондæн бахаудтæн балеты зындгонд дæснытæ Галинæ Уланова æмæ Маринæ Семеновайы къухтæм. Мæнмæ гæсгæ, уыдонæй стырдæр дæснытæ балеты ныронг нæма уыд. Сæ рæгъмæ никæй рахæсдзынæн. Фæлæ мæнæн уыдонмæ ахуыр кæнын уыд æнцон, уымæн æмæ нæ дыууæтæн дæр бындур сæвæрдта Вагановайы скъола. 

Мæхи тыххæй куы дзурæм, уæд алкæд иухуызон нæ рауайы хъуыддаг. Зæрдиагæй чи нæ архайы, уыдонимæ кусын зын у. Зæгъæм, иу ахæм хабар æрхæсдзынæн дæнцæгæн. Мæ ахуыргæнинæгтæй иу — Катяйæн кæнын кодтон, иннæтæ цы нæ сараздзысты кафты, ахæм фæзилæнтæ. Уый ныццæхгæрмæ, иннæтæ куы нæ кæнынц, уæд мæн цæмæн бахъуыдысты, зæгъгæ. Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, æз мæ дзаумæттæ амбырд кодтон æмæ йæ сценæйы иунæгæй ныууагътон. Уый мæ фæстейы расырдта, бахатыр кæн, æз раст нæ уыдтæн, зæгъгæ. Æмæ йын загътон, иннæты хуызæн кæй нæ кафыс, дæ хорздзинад дæр уый мидæг ис, уый тыххæй дæ примæ. Æз тыххæй никæуыл хæцын. Ахуыргæнджытæй фылдæр ницы ис. Табуафси, ссар хуыздæр ахуыргæнæг. Алы балеринæ дæр хъуамæ хигъæдон уа. 

 

— Дæ цардæмбал — РЦИ-Аланийы адæмон артист, Стыр театры балеты экс-солист Алексей Закалинскиимæ уæ хуыдтой советон балеты рæсугъддæр къай. Афтæ уыд? 

— О, уый афтæ уыд. Раст зæгъгæйæ нæм ахæм къæйттæ цалдæр уыд. Хъыгагæн, Алексей удæгас нал у. 

 

— Дæ зæрдæ дæ дыууæ хæдзары ‘хсæн дыууæрдæм кодта. Иу хæдзар — Хуымæллæджы, иннæ — Ленинграды. Арæх Ирытоны æвдыстай спектакльтæ. Цы зæрдæйы ахаст дæм дардтой, цы æнкъарæнтимæ дыл æмбæлдысты театрдзаутæ? 

 

— Тынг хорз. Кодтой мын кад, аргъ. Мæ зæрдыл абоны бонау лæууы, иу хатт мæ райгуырæн хъæу Хуымæллæджы цæрджытæ гыццыл ма бахъæуа æнæхъæн хъæубæстæй мæ концертмæ куы æрбацыдысты, уый. Разæй бадджытæй иу иннæйы куыд фарста, афтæ мæм сценæмæ æрбайхъуыст: «Уый нæхи Светланæ у, Таисæйы чызг?!». Уæддæр, адæймаг кæм райгуыра, уымæй зынаргъдæр ын зæххыл никæд ницы уыдзæн. 

 

Æрмæг ист у газет «Рæстдзынад»-æй.  

Ныффыста йæ ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ. 

 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ