Джергаты Датъи царди Тибы, Ногъарæйы.
Уыдис ын æртæ фырты æмæ дыууæ чызджы. Туалгомы адæмты 'хсæн уыдис кадджын æмæ æгъдауджыныл нымад. Йæ хистæр чызг чындздзон куы сси, уæд æм Мамысонæй курæг фæзынди. Датъи усгурмæ хибармæ фæсидт æмæ йæ бафарста:
— Чи дæ? Кæмæй дæ? Чи дын ис?
— Мæ фыд Челдыты Бекъа амард цалдæр азы размæ. Дæн иунæг.
— Уæдæ, мæ хур, иунæг мæгуыр у, куы дæ амардæуа, уæд дын дæ туг райсæг дæр куы нæ ис. Мæнмæ дын чызг нæй. Дæхи дæр æмæ мæн дæр ма тыхсын кæн. Лæппу æмæ йе'мбæлттæ сæ бæхтыл сбадтысты æмæ сæхимæ бафардæг сты.
Цас рацыдаид, чи зоны, фæлæ лæппуйы йæ уарзондзинад сæрра кодта, æмæ Датъийы чызгмæ йе 'мбæлттимæ скъæфынмæ рацыд. Чызджыты уатмæ рудзынгыл бахызтысты æмæ ивддзагæй кæстæр чызджы рахастой. Бæхмæ йæ куы сæргъæвтой, уæд йæхи разыввытт кодта, æмæ йæ сæр æмбондыл ныппырх. Скъæфджытæ катайы бацыдысты. Хæстæгдæр хæдзармæ дуар бахостой, æмæ сæм зæронд лæг ракасти.
— Чи стут? Цы уæ хъæуы?
— Бахатыр кæн, нæ фыды хай, стыр бæллæхы бахаудыстæм æмæ цы бакæнæм, уымæн ницыуал зонæм. Раскъæфтам уæлæ уæ сыхаг Датъийы чызджы. Бæхæй нын йæхи раппæрста æмæ дзургæ дæр нал скодта. Лидзын нæ сæрмæ нæ хæссæм. Мæлын дæр нæ никæй фæнды æмæ фæрсынмæ æрбацыдыстæм.
— Скъæфæг чи у? Кæй фырт у?
— Бекъайы зыдтаис, гъе уый фырт.
— Стыр бæллæхы бахаудыстут, фæлæ мард иунæг ма ныууадзут. Æз цæуын Датъимæ. Уæздан лæг у æмæ кæд бамбарид.
Марды цур æрлæууыд. Рухсаг ын загъта æмæ Датъимæ ацыди. Йæ фыртты йын баййæфта сæ бæхтыл сæргътæ æвæргæ æмæ сæм дзуры:
— Бахатыр кæнут, уæ фыд мæ хъæуы ныхасæн.
Бахызт хæдзармæ. Датъийы баййæфта æд кæрддзæм æхсаргардыл йæ иу къух иннæуыл æвæрдæй, йæ сæр æруагъта, афтæмæй зæхмæ каст. Йæ разы æрлæууыд зæронд лæг æмæ загъта:
— Датъи, æппæт фенæг лæг дæ, бирæ адæмты 'хсæн вæййыс, бирæ туджджынты бафидауын кæныс дæ фидар зондæй. Абон æрцыд стыр бæллæх дæхи хæдзарыл... Рухсаг уæд дæ чызг... Йæхи бæхæй раппæрста æмæ фæмард и. Скъæфджытæ иу нымæт йæ быны бакодтой, иннæмæй та йæ æмбæрзгæ бакодтой, афтæмæй йæ цуры дзыназынц дæлæ мах цур. Сæ тæрхонгæнæг фæу дæхæдæг. Датъи фестъæлфыд, йæ хъуыртæ ахгæдтой, иу дзæвгар æгуыппæгæй аззад, стæй йæ фырттæм фæдзырдта æмæ сын загъта:
— Сисут уæ сæргътæ, равдисут уæхи уæзданæй, иу тызмæг ныхас дæр ма скæнут мæ разæй. Фæдзурут нæ сыхбæстæм æмæ уæ хойы мард хæдзармæ æрбахæссут.
Бинонты æрдиагæй хæдзары къултæ фæцæйтыдтой... Дыккаг бон Мамысонгом æрбамбырд сты. Дыууæ мыггаджы бафидауын кодтой. Челдытæ бæзджын мæрддзыгойæ рацыдысты. Захъа, Нар, Зруг æмæ Зæрæмæджы марддзыгойдзаутæ тæфæрфæс ракодтой. Зиан бавæрдтой. Бирæ ныхæстæ адæмы æхсæн æрцыди... Æртыккаг сабатизæр куы ахицæн, уæд Датъи Челдытæм барвыста æмæ лæгæвзæрстæй Бекъайы фыртимæ рацыдысты. Иуæрдыгæй æрлæууыдысты уазджытæ, иннæрдыгæй — Датъийы сыхæгтæ æмæ йæ кæстæртæ. Датъи размæ ралæууыд æмæ загъта:
— Ацы хъуыддаджы аххосджын дæн æз мæхæдæг. Æгъдауæй мын Челдытæ агуырдтой мæ чызджы. Фæндыдис сæ мæ мыггаг æмæ мæ кæстæртимæ хæстæгдзинад. Гъе ныр, Бекъайы фырт, дæ разы мæ чызг, уый æфсон бахауд мæ кæстæр чызг, йæ хо, фыдбылызы. Бар дын ис цардæмбалæн мæ чызджы равзарынæн кæнæ мæ фырттимæ æфсымæртæ скæнынæн.
Лæппу чызгмæ æфсæрмдзастæй бакаст, сæргуыбырæй йæ цæстысыгтæ асæрфта. Уый фæстæ æфсымæрты къухтæ райста æмæ йе 'мбæлтты дæле æрлæууыд. Уыцы æхсæв бафидыдтой, снысан кодтой чындзæхсæвы бон... Æрæмбырд сты Датъийы сыхбæстæ, хъæубæстæ æмæ хæстæджытæ алы хъæутæй æмæ кæмттæй. Челдыты чындзхонтæ дæр лæгæвзæрстæй араст сты Згъилæй Тибмæ.
Раст Хълиатæй Тлийы 'хсæн уыдаиккой, афтæ Датъийы фыд 107 азы фæцарды фæстæ, чындзыл нал бацин кодта, афтæмæй ахицæн йæ цардæй. Датъи йæ сыхбæстæн бамбарын кодта æмæ сæ ракуырдта, цæмæй зиан бабæстон кæной æмæ йæ хицæн агъуысты сæвæрой. Адæмæн та йæ ма схъæр кæной. Бирæ сидтыты фæстæ уазджытæ æгъдаумæ гæсгæ бацагуырдтой хæдзары хистæры. Уырдыглæуджытæ йæ рынчын рахуыдтой, æмæ йын нуазæн кæстæртæн арвыстой. Фысымтæн гæнæн нал уыдис æмæ æндæр хъæуккаг зæронд лæджы хуыссæны абадын кодтой. Уазджытæн арфæ ракодта, сæ нуазæн сын банызта. Кæстæртæ буцæй раздæхтысты. Бадты адæмæн хистæры арфæтæ радзырдтой. Чындзæхсæв ахицæн. Дыккаг бон хъæргæнджытæ арвыстой. Адæм æрбамбырд сты æмæ Джергаты зиан баныгæдтой.
Ныр мах фæлтæрæй чидæртæ æгъдау æмæ уæздандзинад æдылыйыл цæмæн нымайынц? Цард æгъдауæй куы фидауы, уæд!
Æрмæг ист у газет "Рæстдзинад"-æй, №106, 17.06.2017 аз.