Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

* Soslan æma Sirdoni tauæræq - Сослан æма Сирдони тауæрæхъ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Soslan æma Sirdoni raiguruni tauæræq  

 

Narti Alægæn insæj læquæni raigurdæj. Uonæn sæ kæstær xundtæj Sosæg-Ældar. Æ fidæ ʼj necæbæl isaxur kodta fonsæj ændær ma Sosæg-Ældar uoni xætdzæ xadtæj ma cardæj. Sosæg-Ældar ma bitdzeu ku adtæj, uæd æj æ fidæ æskhæti bakodta, æ xætdzæ ba ma ærtæ fusi ænæ furæj. Jetæ jeunæg anzbæl sædæ fusi bacæncæ. Sosæg-Ældar æ fonsi xætdzæ uotærdti cardæj. Ci jibæl racudæj, xucau æxuædæg zonuj, ma æ fons uoramun næbal færasta. ‘ 

 

Jeu bon kæmi adtæj, uomi ba sæ Terk uordgutæ isæskhardta ma sæ hæuaj kodta, læg jeunæg fus kud hæuaj kænæ uotæ. Æxsijni unæut fælgæsænæj rakastæj ma zaxta:  

"Auæxæn dessag nekæd fæjidton: dælæ i budurtæ fonsæj basauæncæ, hæuaj ba sæ jeunæg læg kænuj!"  

 

Æxsijnæ rakastæj fælgæsænæj ma i fijjaui ku fæjdta, uædta uærdun rajeftindzun kodta ma Terki bilæmæ niccudæj. Uomi ba æxe madiard bæhnæg iskodta. Sosæg-Ældar silæstæg bæhnægæj nekæd fæjdta ma fæddes kodta, uædta jeu dorbæl rafunæj æj ma fe ʼrtajunagæj. Æxsijnæ ʼj kud næ balædærdtajdæ ma niffardæg æj. Sosæg-Ældar dær æxe ni ʼrtadta ma randæj æ fonsi xætdzæ.  

Cidær adtæj, Æxsijnæ i bændtæ nimajun raidædta i doræn. Æ afonæ ku ærqærttæj, uædta dor bakhært kodta ma jimæ dori nafæj bitdzeu nixxudtæj.  

 

Bitdzeu jin zaxta:  

"Dæ qiamæt ma bal fædzdzæhæl kænæ. Nur ba min lilahz iskænæ ma mæ Kurd-Ala-Uærgonæn baisærun kænæ, je ba ajdah bolat ison." Æxsijnæ duuadæs uærduni dorin ævzalu ærbalasta, lilahzi don nikkodta ma ʼj kuncgomi istævdæ kodta, uædta ʼj i bitdzeu nivvardta ma jin æ uæragisærtæ næ rambarsta.  

 

"Dæ qiamæt dzæhæl kænuj, ræxgi don ærbadavæ," zæhgæ, ma Æxsijnæ æxuædæg donmæ rauadæj. Dongæs in don næ lævardta ma Æxsijnæ bauæzzauæj. Ærægiau ba ærbacudæj ma uædmæ i bitdzeu rauazalæj, ma æ uæragisærtæ ænæ isard baizadæncæ.  

 

Uæd Æxsijnæ æ dumægkægtæbacaxta ma Sirdon ællæuirdta. Ralihdæj. Bitdzeu imæ dzoruj: "He mæ bærcag ærvadæ, kumæ ledzi? Natar-Uatari furt Sirdon dæ nom fæuuæd!"  

 

Sirdon ba jin zaxta: "Sosæg-Ældari furt sos-doræj xuærzigurd Soslan ba dæu nom fæuuæd!" Jeci bonæj ba sæ ramælæti bonmæ Soslan æma Sirdon kærædzej fædbæl nekæd racudæncæ.  

 

 

 

Сослан æма Сирдони раигуруни тауæрæхъ  

 

Нарти Aлæгæн инсæй лæхъуæни раигурдæй. Уонæн сæ кæстæр хундтæй Сосæг-Æлдар. Æ фидæ ʼй нецæбæл исахур кодта фонсæй æндæр ма Сосæг-Æлдар уони хæтдзæ хадтæй ма Сосæг-Æлдар ма битдзеу ку адтæй, уæд æй æ фидæ æскъæти бакодта, æ хæтдзæ ба ма æртæ фуси æнæ фурæй.  

Йетæ йеунæг анзбæл сæдæ фуси бацæнцæ. Сосæг-Æлдар æ фонси хæтдзæ уотæрдти цардæй. Ци йибæл рацудæй, хуцау æхуæдæг зонуй, ма æ фонс уорамун нæбал фæраста.  

 

Йеу бон кæми адтæй, уоми ба сæ Терк уордгутæ исæскъардта ма сæ гъæуай кодта, лæг йеунæг фус куд гъæуай кæнæ уотæ. Æхсийни унæут фæлгæсæнæй ракастæй ма захта:  

"Aуæхæн дессаг некæд фæйидтон: дæлæ и будуртæ фонсæй басауæнцæ, гъæуай ба сæ йеунæг лæг кæнуй!" Æхсийнæ ракастæй фæлгæсæнæй ма и фиййауи ку фæйдта, уæдта уæрдун райефтиндзун кодта ма Терки билæмæ ниццудæй. Уоми ба æхе мадиард бæгънæг искодта.  

Сосæг-Æлдар силæстæг бæгънæгæй некæд фæйдта ма фæддес кодта, уæдта йеу дорбæл рафунæй æй ма фе ʼртайунагæй.  

 

Æхсийнæ ʼй куд нæ балæдæрдтайдæ ма ниффардæг æй. Сосæг-Æлдар дæр æхе ни ʼртадта ма рандæй æ фонси хæтдзæ. Цидæр адтæй, Æхсийнæ и бæндтæ нимайун раидæдта и дорæн. Æ афонæ ку æрхъæрттæй, уæдта дор бакъæрт кодта ма йимæ дори нафæй битдзеу ниххудтæй. 

 

Битдзеу йин захта: "Дæ хъиамæт ма бал фæдздзæгъæл кæнæ. Нур ба мин лилагъз искæнæ ма мæ Курд-Aла-Уæргонæн баисæрун кæнæ, йе ба айдагъ болат исон."  

 

Æхсийнæ дууадæс уæрдуни дорин æвзалу æрбаласта, лилагъзи дон никкодта ма ʼй кунцгоми истæвдæ кодта, уæдта ʼй и битдзеу ниввардта ма йин æ уæрагисæртæ нæ рамбарста. "Дæ хъиамæт дзæгъæл кæнуй, рæхги дон æрбадавæ," зæгъгæ, ма Æхсийнæ æхуæдæг донмæ рауадæй.  

 

Донгæс ин дон нæ лæвардта ма Æхсийнæ бауæззауæй. Æрæгиау ба æрбацудæй ма уæдмæ и битдзеу рауазалæй, ма æ уæрагисæртæ æнæ исард баизадæнцæ. Уæд Æхсийнæ æ думæгкæгтæбацахта ма Сирдон æллæуирдта. Ралигъдæй.  

 

Битдзеу имæ дзоруй: "Гъе мæ бæрцаг æрвадæ, кумæ ледзи? Натар-Уатари фурт Сирдон дæ ном фæууæд!"  

 

Сирдон ба йин захта: "Сосæг-Æлдари фурт сос-дорæй хуæрзигурд Сослан ба дæу ном фæууæд!" Йеци бонæй ба сæ рамæлæти бонмæ Сослан æма Сирдон кæрæдзей фæдбæл некæд рацудæнцæ.  

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ