Bolat-Xæmic.
Bolat-Xæmicæn ba adtæj duuæ uosi.
Jeu bon in sædæ hunemæj nimæt kodtoncæ ma jibæl alli zari sær xastoncæ: "Aci nimæt uæxæn nivgui? nimæt uodzænæj ma nin næ særi xecau Auarmæ cæudzænæj; Auari ræsuhd qumæctæj nin æ næxæt bæstæ idzagæj xæssdzænæj; Auari ræsuhd kizgæ ba nin ærtigkagæn xondzænæj.
Xæmic ba æxe isxussæg kodta khelabæl ma sæmæ fehusta, uædta sin zaxta: "Xucau uin ma bakomæd! Mæ zærdi ka ne ʼftudæj, uoj min mæ zærdi æriftudtaitæ". Bolat Xæmic Auaræj qumæctæ xæssun raidædta, uædta Auari ræsuhd kizgæ uosæn rakurdta. Uostitæj ba ne ʼruagæs kodta.
Ua-næ-ua æj isxonuj, uoj ku bazudtoncæ, uædta cæxgun ærtæ kherej rakodtoncæ, tuppurmæ rauadæncæ ma iskuftoncæ, afæj sæjgæ ma nekæd rabadgæbæl, æ afædzi boni ba æ mælæt kud fæcajdæ uobæl.
I kizgæ nadbæl fæsæjgæj, æ afædzi bonmæ fæssadæj, ma nur mældzænæn, zæhgæ, uædta zaxta Xæmicæn: "Mæ qiamætæj dæbæl neci jes, fal mæ ærtæ æxsævi bahæuaj kænæ!" Auari kizgæ ramardæj.
Xæmic æj hæuaj kænun baidædta, je ʼstur kærcæ iskodta uælæftauæj, æ cerq ba uoj medægi barimaxsta. Duuæ æxsævi bahæuaj kodta; ærtigkag æxsævæ ba rujmon ærbalæstæj uobaji duari chasæj ma i mardmæ æ hælæs kud fæxxæleu kodta, uotæ ba ʼj æ cerqæj rasærfta.
Rujmon duuæ ʼ mbesi raxaudtæj ma fitdzag ærdæg læsun raidædta ma jeu færdug ærxasta. I duuæ luxi jeumæ bakodta uotemæj ma sæbæl æj ærsærfta ma niccæfstæncæ. Xæmic fællæuirdta ma færdug baræmuxta ma ʼj mardbæl særfun baidædta ma mard ærabadtæj.
Uædta æ fijjag lædzægbæl jeu særi qabolæ bakodta, i kizgi dzigkotæj ba jin tæntæ iskodta, ma jibæl uotemæj cahd iskodta i uobaji xurfi. Uæd izæræj uostitæ sabatizæri ærcudæncæ ma fænduri cahd uobaji xurfæj ku fehustoncæ, uædta fæstæmæ fællihdæncæ. Adæm dessagmæ ærcudæncæ ma uordigæj Auari kizgæbæl dugkag alaj hikkodtoncæ.
I duuæ uosej ba ænædændti dumgutæbæl nibbastoneæ, se ʼstægi qazala ba sin basuxtoncæ. (Bolat Xæmic sin uoj ærdzurdta, uædta zaxta: "Uoj cacægæj zæhun, uacægæj æj mæ læquænæn radtetæ!")
Болат-Хæмиц.
Болат-Хæмицæн ба адтæй дууæ уоси. Йеу бон ин сæдæ гъунемæй нимæт кодтонцæ ма йибæл алли зари сæр хастонцæ: "Аци нимæт уæхæн нивгуи? нимæт уодзæнæй ма нин нæ сæри хецау Ауармæ цæудзæнæй; Ауари рæсугъд qумæцтæй нин æ нæхæт бæстæ идзагæй хæссдзæнæй; Ауари рæсугъд кизгæ ба нин æртигкагæн хондзæнæй.
Хæмиц ба æхе исхуссæг кодта къелабæл ма сæмæ фегъуста, уæдта син захта: "Хуцау уин ма бакомæд! Мæ зæрди ка не ьфтудæй, уой мин мæ зæрди æрифтудтаитæ".Болат Хæмиц Ауарæй qумæцтæ хæссун раидæдта, уæдта Ауари рæсугъд кизгæ уосæн ракурдта.Уоститæй ба не ьруагæс кодта.
Уа-нæ-уа æй исхонуй, уой ку базудтонцæ, уæдта цæхгун æртæ къерей ракодтонцæ, туппурмæ рауадæнцæ ма искуфтонцæ, афæй сæйгæ ма некæд рабадгæбæл, æ афæдзи бони ба æ мæлæт куд фæцайдæ уобæл. И кизгæ надбæл фæсæйгæй, æ афæдзи бонмæ фæссадæй, ма нур мæлдзæнæн, зæгъгæ, уæдта захта Хæмицæн: "Мæ qиамæтæй дæбæл неци йес, фал мæ æртæ æхсæви багъæуай кæнæ!"
Ауари кизгæ рамардæй. Хæмиц æй гъæуай кæнун баидæдта, йе ьстур кæрцæ искодта уæлæфтауæй, æ церq ба уой медæги баримахста.
Дууæ æхсæви багъæуай кодта; æртигкаг æхсæвæ ба руймон æрбалæстæй уобайи дуари цъасæй ма и мардмæ æ гъæлæс куд фæххæлеу кодта, уотæ ба ьй æ церqæй расæрфта.Руймон дууæ ь мбеси рахаудтæй ма фитдзаг æрдæг лæсун раидæдта ма йеу фæрдуг æрхаста.
И дууæ лухи йеумæ бакодта уотемæй ма сæбæл æй æрсæрфта ма ниццæфстæнцæ. Хæмиц фæллæуирдта ма фæрдуг барæмухта ма ьй мардбæл сæрфун баидæдта ма мард æрабадтæй. Уæдта æ фийяг лæдзæгбæл йеу сæри qаболæ бакодта, и кизги дзигкотæй ба йин тæнтæ искодта, ма йибæл уотемæй цагъд искодта и уобайи хурфи.
Уæд изæрæй уоститæ сабатизæри æрцудæнцæ ма фæндури цагъд уобайи хурфæй ку фегъустонцæ, уæдта фæстæмæ фæллигъдæнцæ. Адæм дессагмæ æрцудæнцæ ма уордигæй Ауари кизгæбæл дугкаг алай гъиккодтонцæ. И дууæ уосей ба æнæдæндти думгутæбæл ниббастонеæ, се ьстæги qазала ба син басухтонцæ. (Болат Хæмиц син уой æрдзурдта, уæдта захта: "Уой цацæгæй зæгъун, уацæгæй æй мæ лæqуæнæн радтетæ!")