Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

5. ДЗЫЛÆУ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ДЗЫЛÆУ 

 

Сæуæссæйы дыггаг лæппу Дзылæу уыди, æмæ цуаны цæуын сегасæй 

фылдæр уарзта. Иубон фæцыди иу бæрзонд хохы сæрмæ, афæлгæсыд, фæлæ 

ницæуыл æрхæцыд йæ цæст. Хъæдырдæм акасти, æмæ хъæды бæлæстæ 

бындзарыл нызмæлынц, чи та хъил авæййы 'мæ афæлдæхы. Диссаг æм 

фæкаст Дзылæумæ, æмæ диссаг дæр куыд нæ уыди, æмæ загъта: "Ноджы ма 

бакæсон". 

Æмæ федта дыууæ сæрджын саджы. Сæ сытæй кæрæдзийы гуымскодтой 

сагтæ, æмæ сæ сыты къуыртцытæй ком арыдта, бæстæ æрвнæрæгау кодта. 

Сагтæ сæ хæцын нæ уагътой, пырхкодтой сæ сæфтджыты бын дуртæ, 

æмæ сæ рыг арвыл æмбæлди. 

Уæд сæхи рахастой хæцгæ-хæцын. Ныффуттытæласынц, æмæ дон 

уысммæ йæ цыд фæуыромы. Сæ хид цъыккæны. Хъæдмæ та сæхи байстой, 

бæлæстæ цыл фæлдæхтысты 'мæ пыхсы стыхстысты. Стæй сæ дыууæ дæр 

бæласы саджилæджы ныффидар ысты, æмæ цын ацæуæн нал уыди. 

Дзылæу бæрзонд хохæй йæхи рахста, уæрдæг абыдта, æмæ цын сæ 

сытæ фидар абаста 'мæ сеггой абадти. Сагтæ фæтарстысты. Сæхиуыл 

ахæцыдысты, æмæ бæлас атыдтой. Семæ йæ ахастой æд уидæгтæ, æмæ 

Дзылæу дæр – сеггой. Дзылæу уæрдæхæй сагты йæхимæ 'лхъывта. Фæлæ 

тарст сагтæн сæ бон нал уыди сæхи уыромун, æмæ дымгæйау тахтысты. 

Комы бацыдысты. Уым уыдис æртæ гуымиры галуан. Бæрзонд, дурæй амад 

æртæ æмбонды ныззылди й' алыварс. Фыдздзаджы сæрты багæпкодтой. 

Дыггаг æмбонды сæрты дæр бахызтысты. Фæлæ æртыггаг æмбондыл хизгæйæ 

бæлас фæфидар и систыл, æмæ нал афæрæзтой ахизын. Æрсабыр ысты, æмæ 

Дзылæу зæгъы: 

– Уæ, фыдбылызы сагтæ! Ай мæ кæдæм æркодтат, кæй æмбондтæ сты 

адон? 

– Уæдæмæ нæ ды кæдæм æркодтай? Ныр мах дæр сæфт, æмæ – дæхæдæг 

дæр. 

Æртæ гуымирæн диссаджы рæсугъд хо уыди – Æдзæдзымæсыгæй касти. 

Дзылæу йæ рыгтæ цагъта, æмæ йыл чызг худти. 

– Уо, уæлæ 'хсинæг! – дзуры йæм Дзылæу. – Цæй зæрдиагæй худыс? 

Ам цæрæг уыдзынæ, æмæ дæм æппын доныкъус нæ разындзæн? Мæхи 

æрыхсон. 

Чызг йæ худын фæуагъта. Æдзæдзымæсыгæй æрхызти. Даргъ 

хъуывгъаны йын дон рахаста. Дзылæу йæхи æрыхсадта, æмæ бакасти 

чызгмæ. Йæ зæрдæмæ фæцыди 'мæ дзуры: 

– Тæхуды фæуа, ды кæй хай фæуыдзынæ, кæй къуымты разилдзынæ дæ 

цъылынимæ! 

Чызг фефсæрмы и. Хъуывгъан уым фæуагъта, æмæ та Æдзæдзымæсыгмæ 

балыгъды, йæ сæрмæ сызгъордта мæсыгæн, æмæ йæм радзырдта уырдыгæй: 

– Йæ, дæлæ лæппу, тагъддæр цу! Ме фсымæртæн се рцæуынафон у. 

Ам дæ æрæййафдзысты, æмæ дæ бахсындзысты. Дæ сагты дæр дын 

ысфизонæгкæндзысты. 

– Уæд та мын бæндæны скъуыддзаг авæр сæрбосæн. 

Чызг æм сæрбос æрæппæрста. Дзылæу сагтæй бæлас фæхицæнкодта, 

æмæ та дзуры чызгмæ: 

– Зæгъ-ма, æхсинæг, кæд ма дæ фендзынæн? 

– Æргом дын куы зæгъон, уæд мæ зæрдæмæ фæцыдтæ. Фæлæ стыр тасы 

дæн ме фсымæртæй. Кæд хъуыддаг кæныс, уæд мæ иу æнафоны фен. 

Арвыкæронмæ дæр фæцæудзынæн демæ. 

Дзылæу сагтыл абадти, æмæ Нартæм рараст. Дурæмбондæй рахызти, 

иучысыл ауади 'мæ 'рбаййæфта иу хуымы кæрон иу къаннæг лæппуйы 

тухæнтæгæнгæ. 

Дзылæу æй фæрсы: 

– Цы кæныс, лæггаг? 

– Мæ фыд фæрынчын, æмæ нæ хуым æнæласт у. Ацы сагтæ æнæхъæн 

быдыр дæр баласдзысты. Адæг ацараз, дæ хорзæхæй, æмæ мын 

баххуыскæн. Стыр бузныг дæ фæуыдзынæн. 

Дзылæу тулдзбæлæстæ рацагъта, æмæ адæг абыдта. Лæппуйы адæгыл 

авæрдта. Хуым баластой æмбойны. 

– Фæсмон ма фæкæ дæ лæггадыл, – загъта лæппу, – алас адæг 

дæхицæн. Мæнæн дæр кæд мæ фыд фæсæрæн уаид. Æмæ дæм уæд æз дæр 

зындзынæн. 

Дзылæу адæгыл нæргæ рацыди. Изæрдалынгтæ кодта, афтæ сæхимæ 

'рфардæг и. Хъуыдыты ацыди: "Уæдæ чи уыдаид, цымæ, уыцы къаннæг 

лæппу? Фæлæ баххуыскæнын удыбæстæ у. Æмæ йын хæлар уæд мæ фæллой." 

Сагты сæ кæрты 'рбаста Дзылæу. 

Стæй йæ хуыссæны афынæй. 

 

* * * 

Къаннæг лæппу дæр йæ фыдмæ бацыди. 

– Бузныг Дзылæуæй – иу Хуыцауы уарзон лæппу Нартæй. Уым мæм 

фæкасти. 

Æххуыс дыууæрдæм у зæгъгæ загъта зæронд лæг. – Дæ зæрдыл æй 

бадар. Кæм тыхса, уым та йын-иу ды баххуыскæн. 

Дзылæу афтæ фæллад уыди, æмæ, райсом куыд æрбабон, уый зонгæ 

дæр нæ бакодта. 

Болатбæрзæй фестади, æмæ сагты ку' ауыдта, уæд афарста йæ 

фыды. 

Ацы сагтæ та кæй ысты? 

– Фен-ма Дзылæуы. Кæд ам и, уæд уый уыдзысты. Кæд ам нæй, уæд 

та Борæйы афæрс. 

Болатбæрзæй йæ асгæрста Дзылæуы йæ хуыссæны. 

– Ам ис Дзылæу. 

Сæ ныхæстæй райхъал и Дзылæу, æмæ рудзынгæй ракаст. Йæ хуыз 

йæхимæ нал уыди. 

Æмæ йæ фæрсы Сæуæссæ: 

– Цавæр фæллад бакодтай, хуызæртау дæ куы нæ уал и? 

– Ницы дæн фæллад! 

– Уæдæ та ды дæр кæд никæй федтай! 

– Федтон бæгуыдæр – æртæ гуымиры хойы. Мæ бон æй зæгъын дæр 

нæу. 

– Уый æнцонтыл рахæссæн нæй. Нæдæр ын рахæссæн ис, нæдæр 

бадзурæн ис æнцонæй семæ. Уыдонæн сæ цæрæнбынатмæ цъиу дæр нæ 

батæхдзæн. 

– Уый та ныр мæхицæй кæнгæ у. 

– Бар дæхи, фæлæ арæхстгай. 

Дзылæу бацыди Болатбæрзæймæ 'мæ йæм дзуры: 

– Мемæ дын æнæцæугæ нæй, æрмæст дæ иу нард фæхсын рахæссын ма 

ферох уæд. 

Болатбæрзæй бæхтæ сифтыгъта, нард кусарт дымитбосыл абаста. 

– Цæттæ стæм, Дзылæу! 

Абадтысты сæ бæхтыл, æмæ фæцыдысты гуымир-уæйгуытæм. 

Æризæр и, æмæ Дзылæу бахъæркодта уæйгуытæм: 

– Ам ыстут, цы? 

Хъæрмæ ничи ракасти. 

– Кæм ыстут, фысымтæ? – дыггаг хъæр та бакодта. 

Уæддæр та ничи ракасти. Æртыггаг хъæр бакодта: 

– Иу уæ æгас нал у? Кæм ыстут? 

Уæд чызг дзуры йе фсымæртæм: 

– Бын бауат, цавæр ыстут? Акæсут-ма, чи у? Уæд та тыхст 

адæймаг... 

Кæстæр гуымир æм рауади. 

– Ахсæв мæ фысым фæу, – загъта Дзылæу. – Къахæй бирæ фæцыддæн, 

æмæ ныффæлладдæн. Нæхимæ та хæддзæ нал бауыдзынæн. 

Бакодта йæ мидæмæ уæйыг. Чызг катайыл ысси: "Ныр исты куы 

срæдийа, уæд йæхи 'рбайсафдзæн уыцы лæппу". 

– Фарн а хæдзары! 

– Фæрнæйдзаг у. 

Æрбадын æй кодтой. Æртæ гуымиры фестадысты. Иу саджы мард 

бакойкодта, иннæ арт æндзæрста, æртыггаг сугтæ хаста. Уыдон сæ 

куыстытæ куыд кодтой, афтæ уæйгуыты хо æмæ Дзылæу та сусæг ныхасыл 

фесты. 

– Мацы срæди!.. Æмæ иунæг дæ? – афарста йæ чызг. 

– Ме фсымæр нæм æнхъæлмæкæсы. 

– Иууылдæр куы бафынæй уой нæ бинонтæ, уæд алидздзыстæм. Фæлæ 

нæ куитæ базондзысты. 

– Фæхсын цын рахаста ме фсымæр. 

 

* * * 

Гуымиртæ æхсæвæр ацæттæ кодтой. Фынг æрывæрдтой, æмæ дзурынц 

Дзылæумæ: 

– Айс, ахæр, уазæг. 

Дзылæу иу арм ыстыдта, æмæ уæд гуымиртæ дæр бавнæлдтой 

хæрынмæ. 

Амыртмырткодтой саджымард, æмæ схуыссыдысты. Дзылæу хуыссыди 

хицæнæй. 

Фæсæмбисæхсæв гуымиртæ фыдфынæй баисты. Дзылæу сыстади. Уæдмæ 

Болатбæрзæй куитæн нард фæхсын аппæрста, æмæ куиты рæйынмæ нал 

æвдæлд. Болатбæрзæй рудзынджы бын балæууыди, æмæ йæм Дзылæу дзуры: 

– Дæ кард мæм ысдæдт – æвдузæнтæ стонон. 

Болатбæрзæй йæм кард ыслæвæрдта, æмæ Дзылæу æвдузæнтæ стыдта. 

Ралæвæрдта чызджы, æмæ йæ Болатбæрзæй рахаста. 

Дзылæуæй йæ кард æрбайрох и, æмæ сабыр рацæйхызти. Фæлæ йын 

дуар рахаудта, æмæ гуымиртæй иуы ныхыл сæмбæлд. 

– Амардтай мæ, гъеуый, æмæ кæцы дæ? – ныхъхъæркодта гуымир. 

Хъæрмæ куыйтæ срæйдтой. Дзылæу рагæпласта. Сисамадыл 

рацæйхызти, фæлæ йæ ацахстой куыйтæ. Хъæрмæ иннæ гуымиртæ дæр 

фехъал ысты. Бæстæ сæ сæрыл систой. Сæ хойы абæрæгкодтой, фæлæ ма 

цы ссардтаиккой! 

Дзылæу тыхамæлттæй аирвæзти – йæ фæдджи йын атыдтой куыйтæ. 

Гуымиртæ йæм æркастысты, æмæ кæстæр гуымир загъта: 

– Уый нæ уазæджы фæдджи у! 

Дуæрттæ фегæмттæластой æртæ уæйыджы, æмæ æртæрдæм алæбурдтой. 

Дзылæу иу бæрзондмæ бахæддзæ и. Хистæр гуымир æй баййæфта, æмæ 

хæцынтæ систой. Хохы фæхсты йас дуртæй кæрæдзийы хостой. Дуртæ 

лыстæг уыр кодтой, æмæ коммæ лæбырдысты. Кæрæдзимæ армæй 

бавнæлдтой. Хистæр гуымир Дзылæуы базыг фездыхта. Уæд Дзылæй йæ 

иннæ къухæй гуымиры ныххурхкодта, æмæ йæ фехста айнæджысæрæй. 

Дзылæй, йæ цонг æлвæст, афтæмæй коммæ 'рцæйхызти. Фæлæ йыл 

лæсæн æрцыд, æмæ йæ дуртæ хойгæ рахастой, æмæ лæппу доны былмæ 

ныххаудта. Баззади иунæгæй, æмæ йæ цæфтæй туг фæцыд. Йæхи æрыхсын 

дæр йæ бон нал уыди, афтæмæй уым талынгмæ баззад. 

Болатбæрзæй æмæ гуымирты хо уыууылты рацæйцыдысты, æмæ Дзылæуы 

ауыдтой. 

– Мемæ цæ чи хæцыди, уый хохы сæр баззади. Фен-ма йæ, æгас у 

æви мард у? – загъта Дзылæу Болатбæрзæйæн. 

Болатбæрзæй хохы сæрмæ суади. Уæдмæ гуымирты хо Дзылæуы бын 

дзалайæ лыстæн æркодта. 

Æз дæуæй фæцæуинаг нал дæн зæгъгæ загъта чызг Дзылæуæн. 

Дзылæу æмæ гуымирты хо боны 'рбарухсмæ кæрæдзийæ нал фæхицæн 

ысты. Куыддæр Бонвæрнон ысзынди, афтæ Дзылæу ыстыхсти 'мæ йæ уд 

систа. 

Ныккуыдта гуымирты хо. Болатбæрзæй кæуын фехъуыста, æмæ йæхи 

раппæрста хохæй. Гуымирты хо йæ цæссыгæй йæхи 'хсадта. Фæмасткодта 

Болатбæрзæй дæр. Стæй дзуры гуымирты хомæ: 

– Æгъгъæд у кæуынæн. Фæцу ныр де фсымæртæм. А Дзылæуы æз 

фæхæсдзынæн Нартæм, йæ фыдыуæзæгмæ. 

Чындз йæ чъылдым фездæхта: 

– Кæдæм мæ 'рвитыс? Æз нæ хæдзармæ фæцæуинаг нал дæн. 

Болатбæрзæй фефсæрмы и. Сынт ацарæзта мардæн. Систой йæ 

дыууæйæ 'мæ 'рхастой Дзылæуы Нартæм. 

– Сæгдзæф чындз дæм æркодтон, – загъта Болатбæрзæй йæ фыдæн. – 

Дзылæуы уд та дзæнæттаг баци. 

Фæмасткодтой Сæуæссæ 'мæ бинонтæ æгасæй дæр. Сарæзтой бæрзонд 

мæсыг. 

Идæдзчындзы йын йæ сæры бакодтой. Дзылæуы та зæппадзы 

бавæрдтой. Сæуæссæ дургаст кодта, æмæ йын Болатбæрзæй йæ сау сагъæс 

мид=зæрдæмæ 'мбæрста. 

 

* * * 

Иубон фæрсы Болатбæрзæй йæ идæдз=чындзы: 

– Уыцы 'хсæв мæ кард Дзылæумæ слæвæрдтон, æмæ йын уым баззад. 

Бацæуин, æмæ мæ куыйтæ базондзысты. 

Идæдз-чындз Болатбæрзæйæн сусæг фæндаг бацамыдта. 

– Дæ кард, кæм аззади, уым уыдзæни. 

Болатбæрзæй араст и гуымиртæм. Хохы сæрмæ схæддзæ. Уым федта 

хистæр гуымиры мард, саусауидæй зынди 'мæ мæрдзытæф калдта. Ацыди 

'мæ ауыдта гуымирты сисамæдтæ. Гуымиртæ уым нæ уыдысты. Болатбæрзæй 

сусæг фæндаг не ссардта. Асин ыскодта 'мæ бахызти уырдыгæй. Кард 

ыссардта 'мæ загъта йæхинымæр: 

– Ацы куыйтæн сæ хос мæнмæ и! 

Цъыхыры 'мæ хъæмп самадта фидæрттыл. Атр цыл бандзæрста, æмæ 

сæ фæздæг арвыл æмбæлди. 

Дыууæ гуымиры цъитийы сæрæй кастысты. 

– Цы диссаг уыдзæни, нæ фидæрттæй уый цавæр фæздæг кæлы? 

Рагæпластой, æмæ сæ къæхтыхъæрæй кæмттæ арыдтой. Болатбæрзæй 

цæ базыдта, æмæ комынарæджы бабадт сæ размæ. Æмæ дуррæдзæгъдæн 

систа. Бæстæ рыджы бын фæци. Сæ гыбаргыбур хъуысти Нартæм, æмæ 

идæдз-чындз Сæуæссæмæ 'рдзырдта сæ мæсыджы сæрæй: 

– Болатбæрзæй иунæгæй хæцы гуымиртимæ, æмæ йын баххуыс хъæуы. 

Сæуæссæйæн Борæ дард балцы уыди 'мæ æрæгмæ зынд. 

Дыггаг бон фылдæр хæст самадта Болатбæрзæй гуымиртимæ. Дардмæ 

хъуысти сæ гыбаргыбур æмæ сæ нæрын. 

Уох-хай, цыдæр æрцыди Нартыл зæгъгæ загъта Борæ. 

Сæхимæ 'рхæддзæ 'мæ фæрсы Сæуæссæйы: 

– Ай, æмæ цы у? 

– Уæлæ афæрс дæ идæдз-чындзы. 

Борæ мæсыджы бынмæ бауад æмæ хæрдмæ схъæркодта: 

– Уæ, менæзæгъа чындз. Ай цавæр рын у? Кæцæй цæуы? Нартæ йæ 

быны куы фесты. 

– Де фсымæр ныр дыггаг бон хæцы гуымиртимæ, æмæ тыхсы. 

Борæ бæхыл абадти, æмæ цæ чъылдымдзæф фæкодта гуымирты. Дыууæ 

гуымиры скъуымбилкодтой Борæ 'мæ Болатбæрзæйы. Гуымирты адæм 

загътой: "Нарты мыггаг нырма чысыл у. Фæлæ цы сты, уымæй сæттын нæ 

комынц. Куы фæфылдæр уой, уæд нæ бындзагъд кæндзысты. Баххуыскæнæм 

дыууæ гуымир-æфсымæрæн". 

Гуымирты мыггаг цæрц-æфсад ыскодтой. Цæст цыл кæм æххæссыдаид! 

Æмæ рабырстой Нартæм. Æртыггаг бон ыстынг ис мæлæтдзаг тох. Кæрдтæй 

хæцыдысты. Борæ дæлимонты хистæры æртæ хилы карды фистоныл 

æрбабаста, æмæ цæ йæ разæй айста гуымирты. 

Сæуæссæйы идæдз-чындз фæдзырдта зæрватыкмæ. Йæ дзыггутæй иу 

хил ратыдта 'мæ загъта: 

– Ацы хил аскъæф, æмæ йæ Болатбæрзæймæ радт. Йæ кæстæр 

æнгуылдзыл æй æрбатухæд! 

Зæрватыкк идæдз-чындзы сæрыхъуын аскъæфта, æмæ йæм дзуры 

Болатбæрзæймæ: 

– Байхъус-ма, Болатбæрзæй! 

– Уæ, ма мæ хъыгдар! Мæ уд мæ хъуырмæ у. 

– Нæй дын æнæ байхъусгæ! 

– Хæцгæ кæндзынæн, æмæ дзур: цы дæ хъæуы? 

– Мæнæ ацы сæрыхъуын дæумæ рарвыста дæ идæдз-чындз. Æрбатух æй 

дæ кæстæр æнгуылдзыл, æмæ уæд дæ фæллад фесæфдзæн. 

Болатбæрзæй райста сæрыхъуын, æмæ йын æрхауди. Куыд æй 

фæгуыбыркодта, афтæ цъæррæмыгъдцæф фæци. Зæрватыкк хъуын фелвæста. 

– Абæтт æй де нгуылдзыл. 

Болатбæрзæй та райста хъуын, æмæ та йын æрхауди. Афтæмæй рог 

цæф фæци. Зæрватыкк та æртыггаг хатт дæдты сæрыхъуын Болатбæрзæймæ. 

– Сæфыс, фæлæ сæрыхъуын атух дæ кæстæр æнгуылдзыл. 

Болатбæрзæй райста сæрыхъуын. Йæ кæстæр æнгуылдзыл æй куыд 

баста, афтæ галиу уæхск уæззау цæф фæци. 

Фæлæ æртывæр тых сæвзæрди Болатбæрзæйы уæнгты. Йæ цæф 

ницæмæуал æрдардта, æмæ цыл ногæй ысхæцыди гуымиртыл. Кæрон нæ уыди 

сæ хæстæн. Гуымиртæ 'мæ Нартæ бон изæрмæ фæхæцыдысты. Изæрæй бонмæ 

та ногæй сæхи цæттæ кæнын байдыдтой хæцынмæ. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ