Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Æрнигон Илас (Тогызты Газакк)
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Дзесты Куыдзæг 

ИЛАС ÆРНИГОН 

 

Революцийы размæ, фæсхох, Урстуалты ма куы цардыстæм, уæд иуахæмы мæ къухмæ æрбафтыдысты цалдæр ирон журналы. Æдде сыл ставд дамгъæтæй фыст уыд: «Чырыстон цард». Аргъуан нæ хъæу Едысы уыд, сауджын дæр нæхи хъæуккаг уыд, æмæ æвæццæгæн, уыдон истой уыцы журнал, уымæн æмæ нæ хъæуы цæрджытæй уыдонæй фæстæмæ газеттæ æмæ журналтæ ничи иста. Цы журналы кой кæнын, уый уагътой Дзæуджыхъæуы. Йæ автортæ, стæмтæй фæстæмæ, уыдысты сауджынтæ, фысгæ та кодтой, чырыстон дин куыд хорз у, стæй аргъуанты æмæ хæдзары мидæг дæр хуыцаумæ куыд кувын хъæуы, уыдæтты тыххæй. Гъе, фæлæ-иу журналты фæстаг цъæрттыл фæзындысты, чырыстон динмæ æппындæр чи ницы бар дары, ахæм фыстытæ: иронау куыд растдæр фыссын хъæуы, уый тыххæй æмæ ма суанг æмдзæвгæтæ дæр. Дзæвгар уыдысты, æмдзæвгæтæ чи фыста, уыдон дæр, фæлæ уыдон астæу иу авторы æмдзæвгæтæ бæрæг дардтой.  

Æз уыцы рæстæджы хъæууон скъолайы ахуыр кодтон. Иронау рæвдз кастæн, фæлæ æмдзæвгæтæн сæ хорзæн дæр æмæ се ’взæрæн дæр ницыма иртæстон. Мæхимидæг бафиппайдтон æрмæст уый, æмæ уыцы иу лæджы æмдзæвгæтæ уыдысты иннæты æмдзæвгæтæй цыбырдæр, æнцондæр кæсæн æмæ æнцондæр ахуыр кæнæн. Сæ быны-иу фыст уыди: «Илас Мзурон».  

Илас нæлгоймаджы ном кæй у, уый зыдтон, нæхи хъæуы дæр уыд Илас. Фæлæ Мзурон æххæст не ’мбæрстон, фæсномыг ном цы у, уый нæ зыдтон. Нæ ахуыргæнæн чиныджы иу урок уыд — «Нарон æмæ Уæлладжырон къæрныхы аргъау», æмæ мæм афтæ каст, цыма «Илас Мзурон», Мызуры чи цæры, ахæм фыссæг у. Фæстæдæр, ссæдзæм азты Цæгат Ирыстонмæ куы ралыгъдыстæм æмæ 1926 азы газет «Рæстдзинад»-ы куы куыстон, æрмæст уæд базыдтон, «Илас Мзурон» чи у, уый. Цæвиттон, газеты редактор Косирати Сæрмæт ссардта Мзуроны (уый та уыцы рæстæджы Харбины уыд) æмæ газеты мыхуыр кæнын райдыдта, Иласæн мыхуыры чи нæма рацыд, уыдонæй иуæй-иуты. Æцæг, æмдзæвгæты бын «Илас Мзурон» фыст нал уыд, фæлæ «Илас Æрнигон». Уæд базыдтон, Илас Мзурон чи у, уый — Тогызты Газакк.  

Уалынмæ Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæн рауагъта Илас Æрнигоны къаннæг худæджы ныв — «Уайсадæг чындз» — иуактон пьесæ. Ссæдзæм азты уыцы цыбыр пьесæ Ирыстоны хъæуты клубты сценæтæй кæм нæ уыд, ахæм дзы, æвæццæгæн, нал баззад. Цыбыр, хæстæлвæст, худæг æмæ æнцонæвæрæн «Уайсадæг чындз» тынг цыдис адæмы зæрдæмæ. Стæй йæ темæ дæр, ныртæккæ дæр ма куы у актуалон, уæд ссæдзæм азты та уæлдай тынгдæр уыд. Ссæдзæм азты кæронæй фæстæмæ иу-цалдæр азы Æрнигонæй ницуал райхъуыст ногæй, æрмæст ма, Америкæй йæхимæ цы ирæтты къорд æрбацыд, уыдонæй иу — Хадаты Берди — радзырдта, Владивосточы Газакмæ куыд æрфысым кодтой, уый. 1934 азы фæззæджы райхъуыет ног хабар: Æрнигон Илас — Тогызты Газакк — æд бинонтæ æрбахæццæ Харбинæй Ирыстонмæ. Уый уыд, Китайы цæгатаг хай — Маньчжур — Японы империалисттæ сæхи куы бакодтой, уыцы рæстæджы. Паддзахы заманы Китайы зæххыл Уæрæсе сарæзта æфсæнзæндаг, Китайы Схæсæн æфсæнвæндаг кæй схуыдтой, уый. Уыцы фæндагæн йæ кусджытæ дæр уæрæсейæгтæ уыдысты. Фæлæ ныр, фæндаг Японы куы бацис (хицæн паддзахад дзы ацарæзтой, йæ ном — Маньчжоу-го), уæд уæрæсейаг кусджытæн фадат нал уыд уым уæвынæн æмæ лидзæг фесты СССР Цæдисмæ. Æрнигоны æрбацыд цы бон фехъуыстам, мæ хо дæр чындзы раст уыцы изæр цыди. Цы адæм нæм æрбамбырд, уыдонæй уыд æрыдойнæгтæ дæр, æмæ Газаччы хабар куы фехъуыстой, уæд мын дзы иу афтæ:  

— Газакк де ’мхæрæфырт у, уый нæ зоныс?  

— Куыд ме ’мхæрæфырт? æз — хуссайраг, уый — цæгатаг...  

— Дæ мад Джыккиан нæу? — О.  

— Газаччы мад дæр Джыккиан уыд, æрыдоны Джыккайтæй... «Уæдæ нын ныр йе ’рбахонын фенцондæр уыдзæн»,— загътон мæхицæн, æмæ йæм Фæрниаты Къостаимæ бацыдыстæм уазæгæгуатмæ. Газаччы баййæфтам номыры. Загътам ын нæ чындзæхсæвы хабар, æмæ нæ афарста:  

— Æмæ ма уæм ахæмтæ дæр вæййы?  

— Ома, цахæмтæ?  

— Ирон чындзæхсæвтæ.  

— Æмæ нæм цæуылнæ хъуамæ уой? Рацыдис немæ. Дæуæй хистæр ничи ис фысымтæм, зæгъгæ, йæ хистæрæн сбадын кодтам. Бирæ азты дæргъы Ирыстонæй иппæрд чи уыд, уымæн диссаг хъуамæ ма уыдаид ирон фынджы æгъдæуттæ æмæ куывдтытæ ферох кæнын, фæлæ Газакк цыма уыцы бон йæ райгуырæн хъæу Æрыдонæй схæццæ, афтæ кодта фынджы фæтк. Фылдæр та дзырдта, Советон Ирыстоны йæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыди, уыдæттыл. Дзырдта, фыццаджыдæр, ирон аив литературæйы тыххæй. Куыддæр Дзæуджыхъæумæ ссыд, афтæ азылд горæтыл æмæ æппæты фыццаг цæуыл фæдис кодта, уый уыд ирон чингуыты дукани. Паддзахы заманы, дам-иу цалдæр азы дæргъы иунæг чиныг куы фæзынд ирон æвзагыл, уæд, дам, æрмæст уый дæр уыд цины хос, ныр та ирон чингуытæ уыйбæрц сты, æмæ сын сæрмагонд дукани кæнын бахъуыд. Уый цæйбæрц стыр хъуыддаг у, уый тыххæй ма йæхи цардæй æрхаста ахæм диссаджы цау...  

Æрыдоны семинар каст куы фæцис, уæд æй арвыстой Куырттаты коммæ ахуыргæнæгæй. Цæмæй скъоладзаутæ тагъддæр базоной уырыссаг æвзаг, стæй иронау дæр — кæсын æмæ фыссын, уый тыххæй ахæм фæнд æрымысыд: тетрады цъарыл уырыссаг дзырдтæ фыст кæм уыд, уыдонæн сæ акомкоммæ иннæ цъарыл та фыста, уыцы ныхæстæ иронау куыд сты, уый. Зæгъæм, дзырдæн, уырыссаг дзырд «вода»-йы комкоммæ иннæ цъарыл фыст уыд — «дон», «дом»-ы ныхмæ — «хæдзар» æмæ афтæ дарддæр. Иуахæмы Куырттаты коммæ ссыд се скъолайыл аудæг æрыдоны семинары ахуыргæнæг — сауджын. Ахуыргæнинæгты тетрæдтæм куы ’ркаст æмæ сæ уыцы хуызы куы федта, уæд фæхъæр ласта ахуыргæнæгыл: — Адон та цы сты?! Ахуыргæнæг ын бамбарын кодта, уырыссаг ныхæстæ иронау фыст цæйфæдыл сты, уый. 

— Æмæ дын чи радта бар ирон æвзаг ахуыр кæнынæн? — сауджын йæ къухтæ сцагъта ахуыргæнæгыл къласы мидæг скъоладзауты цæсты раз. Æвæццæгæн, æнхъæл уыд: ныртæккæ ахуыргæнæгæн йæ уд йæ къæхты бынæй агæпп ласдзæн, хатыртæ курдзæн, фæлæ афтæ нæ рауад. Газакк фæхæцыд сауджыны æфцæгготыл æмæ йæ къласæй раппæрста... Ацы хабар Газакк уымæй балхынцъ кодта, ома кæсут, мæнæн паддзахы заман ирон дзырдтæ фыссыны бар дæр нæ уыд, фæлæ ныр ирон чингуытæй къухбакæнæн дæр нæй дуканийы, стæй скъолаты дæр ахуыр кæнынц мадæлон æвзагыл. Гъе, фæлæ нæ батад Газаккæн уыцы ми. Сауджын бæстæ йæ сæрыл систа. Æрæмбырд кодта хъæубæсты нæлгоймæгты, уе скъола уын æхгæнгæ кæнын, зæгъгæ. Газакк лидзæг фæцис Куырттаты комæй æмæ Æрыдоны. дæр нал афæстиат, афтæ Дардхурыскæсæны балæууыд. Афтæ куы нæ бакодтаид, уæд та йæ ахсгæ æркодтаиккой. Къорд азты нал æрбаздæхт уырдыгæй. Советон хицауад куы æрбæстон Дардхурыскæсæны æмæ хистæр скъолатæ куы байгом сты, уæд бацыдис Владивосточы университетмæ æмæ йæ фæцис каст.  

Кусын райдыдта рухсады комиссарады кусæндæтты, фæстæдæр та сси, Китайы Скæсæн æфсæнвæндаджы хаххыл цыдæриддæр скъолатæ уыд, уыдоны инспектор. Маньчжур Японы оккупацийы бын куы фæцис, уæд цæхгæр фæфыддæр сты, фæндагыл уæрæсейæгтæй чи куыста, уыдон царды æмæ куысты уавæртæ. Газакк куыд радзырдта, афтæмæй сæ партион организацийæн дæр æргомæй кусæн нал уыд æмæ сусæг куыстмæ рахызтысты. Газакк йæхæдæг дæр лæуд уыд коммунистон партион организацийы, нырма уал кандидатæй, фæлæ йæ рацæуыны рæстæгмæ йæ карточкæ йæ къухы нæ бафтыд æмæ ам æнхъæлмæ каст йæ сæрвитынмæ. Иухатт та йæ æрцахстой китайаг бандиттæ — хунхузтæ,— æмæ ма тыххæй-фыдæй фервæзт мæлæтæй. Цæвиттон, уыцы фæндагыл чи куыста, уыдоныл-иу хунхузтæ сæхи ныццавтой æмæ-иу сæ уацары акодтой хъæдмæ. Стæй-иу ныффыстой уацайрæгты бинонтæм: уæ лæг махмæ ис æмæ, кæд уыйас æмæ уыйас æхца фидут ахæм æмæ ахæм æмгъуыдмæ, уæд æй ауадздзыстæм, кæннод та йæ маргæ акæндзыстæм. Æмæ æцæг, æхца-иу кæй бинонтæ нæ бафыстой, уыдонæн-иу сæ лæгтæ хæдзар нал ссардтой. Бафыста Газаччы тыххæй æхца йæ хæлар æмæ йæ фервæзын кодта. Цал æмæ цал уыдысты хукхузты балтæ! Цыбырныхасæй, дарддæры куыстæн æмæ цардæн фадат нал уыд Маньчжуры, Японы оккупанттæ та хунхузты цырен цы кодтой, уыййедтæмæ сæ иргъæвгæ нæ кодтой. Барæй уыд уыцы политккæ, цæмæй адæм сфæлмæцой æмæ иууылдæр лидзæг фæуой уырдыгæй.  

1935 азы Газакк кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны облæстон чиныгуадзæны. Ратæлмац кодта иу-цалдæр чиныджы: политграмотæйы чиныг (ахуыргæнæн чиныг политкъордтæн), Д. Дефойы «Робинзон Крузо», Сетон Томпсоны уацмыстæ æмæ æндæртæ. Уыцы иу рæстæджы Газакк цæттæ кодта йæ уацмысты æмбырдгонд рауадзынмæ. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ йын 1960 азы цы чиныг рацыд, уыцы æмбырдгонды не сты йæ уацмыстæ æххæстæй. Æниу чиныг аразджытæ ницы аххосджын сты уымæй, сæ къухы æндæр ницы бафтыд. Фæлæ, зæгъæм дзырдæн, цы æмбырдгонды кой кæнæм, йæ ном «Æрæмыс-иу мæн», уым Газаккæн ис æрмæст иунæг радзырд «Челе». Уый фыццаг хатт фæзынд мыхуыры 1915 азы æмæ йын фесæфынæй нал уыд тас. Фæлæ ма йын æз кастæн, æппындæр мыхуыры чи нæма уыд, ахæм дыууæ радзырды, æмæ, куыд зокын, афтæмæй, абон дæр ма никæцæй зынынц. Æз сæ кастæн тетрады фыстæй, рауагъдады иу уаты куы куыетам, уыцы рæстæджы. Хъуыды ма кæнын сæ дыууæйæн дæр сæ мидис æмæ сыл цæмæй исчи фæхæст уа, уый тыххæй æмбæлы сæ кой ракæнын. Йæ кой дардыл кæмæн айхъуыст, ахæм æвзыгъд хуыснæг æрхаста ус æмæ уæды онг кæй никуыма федта, ахæм диссæгтæ цæуын байдыдтой йæ хæдзары. Æмæхсæвæджы æрбатæры йе ’хгæд кæртмæ давæггаг фос, бæхтæ, стуртæ. Дуæрттæ хорз сæхгæны, фæлæ мæнæ диссаг: давд фосæй сæумæрайсом кæрты кæнæ скъæты иу дæр нал аззайы, æхсæвы æрбацыдæр вæййынц. Исдугмæ афтæ хъуыды кодта, кæд сæ иу йæхи хуызæн уæндон хуыснæг адавы. Фæлæ уæд уыкджы кæнæ хъæугæрон искуы цæмæн разынынц æнæхицауæй?  

Иу-цалдæр æхсæвы бабадти хъахъхъæнæг, фæлæ ницы раиртæста. Уыцы æхсæвты-иу йæ фосыл ницы ’рцыд. Иу æхсæв фынæйæфсон скодта йæхи йæ хуыссæны. Йæ ног ус æнæкъæрццæй сыстад хуыссæнæй, рацыд кæртмæ, кулдуар бакодта æмæ, йæ лæг цы фос радавта, уыдон кæртæй феддæдуар кодта. Йæхæдæг æрбаздæхт, «ныххатыр кæ!», зæгъгæ, ма загъта йæхинымæр æмæ та æнæкъæрццæй æруагъта йæхи йæ лæджы фарсмæ. Лæджы зæрдæмæ тынг бахъардта йæ усы рæстзæрдæ ми æмæ уæдæй фæстæмæ ныууагъта йæ хуыснæгдзинад. Иннæ радзырд та арæзт уыд ирон адæмон æмбисонды бындурыл. Чи зоны, æндæр радзырдтæ дæр ма йæм уыдаид кæнæ æмдзæвгæтæ, мыхуыргонд чи нæ уыд, ахæмтæ. Чи зоны, искæцæй ма разыной... 

 

Источник: http://reftrend.ru/545905.html



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ