Нигер (Дзанайты Иван)
(1896-1947)
Зындгонд ирон поэт
Нигер уыд курдиатджын поэт, ахуыргонд æмæ хъуыдыгæнæг, ахуыргæнæг æмæ рухстауæг. Нигер æрдзæй рахаста сфæлдыстадон курдиат, йæ цæст уыди уынаг, йæ зæрдæ – æнкъараг, фæлæ уыцы миниуджытимæ поэт æххæст æмæ ифтонг уыд зонындзинæдтæй, ахуырадæй. Æппæт уыцы миниуджыты фæрцы йын бантыст йæ рæстæг æмæ йæ адæмы цард парахатæй равдисын. Нигер уыди ныфсхаст поэт, гуманист, сæрибары зарæггæнæг, æргом æмæ хъæрæй дзырдта рæстдзинад. Уымæ гæсгæ йæ поэзи хоны размæ, рухс нысанмæ, рæстдзинад дунемæ.
Нигер – Дзанайты Иван – райгуырд 1896 азы 2 ноябры Нары зылды. Иван уыди зæрдæргъæвд саби æмæ тырныдта ахуырмæ. 1908 азы каст фæци Нары райдиан скъола,уый фæстæ та Дзæуджыхъæуы дины скъола (1913 азы).
1913 азæй 1917 азмæ Нигер ахуыр кодта Æрыдоны семинары. Уый уыди ахсджиаг рæстæг йæ зондахасты рæзтæн. Семинары цы æвзыгъд æмæ зæрдæргъæвд фæсивæд ахуыр кодта, уыдон уадзын байдыдтой къухфыст журнал «Фидиуæг», йæ аразджытæй иу уыдис Иван, йæ фæсномыг – Сау лæппу. Ацы журналы фæзындысты поэты иннæ фæсномыгтæ Ололи æмæ Нигер дæр. Æрыгон поэт тынг сагъæс кодта ирон адæмы хъысмæтыл, нæ культурæйы рæзтыл, тырныдта цард æмбарынмæ, йæ фæзындтæн аргъ кæнынмæ. Йæ зæрдæмæ арф иста Къостайы зарджытæ, цымыдисæй каст уырыссаг æмæ европæйаг литературæ. Фæлæ Нигер агуырдта йæхи фæндаг, йæхи поэтикон хъæлæс. Æмдзæвгæ «Æхсызгон зарджыты тыххæй» у поэты сфæлдыстадон манифест. Нигер фыссы, зæгъгæ, цард уæззау кæм у, адæм тыхст кæм сты, уым поэт хъæлдзæг зарджытæ нæ кæндзæн.
Æрыдоны семинары фæстæ Нигер ахуыр кæнынмæ бацыд Саратовы университетмæ. Ам ахуыр кодта æвзæгтæ, зындгонд филологты фæрцы (В.М.Жирмунский, М.Ф.К. Фасмер) арфдæр базыдта литературæ, архайдта сфæлдыстадон æмæ зонадон къордты. Каникулты фæстæ йын Саратовмæ аздæхыны фадат нал фæци - мидхæст бацыд йæ тæмæны. Поэт йæ бæстæ федта зындоны уавæры, æфхæрæг тыхты бын. Уыцы уавæртæ нывæфтыд æрцыдысты къорд уацмысы («Додой»). 1920 азы Цæгат Ирыстоны æрфидар Советон хицауад. Уыцы азты лæуд уыди æхсæнадон хъуыддæгты, архайдта адæмон ахуырады органты куысты. 1927 азы Нигерæн фадат фæци Хæххон педагогон институты ирон æвзаг æмæ литературæйы хайадмæ бацæуынæн. Институт каст куы фæци, уæд æй айстой аспирантурæмæ, уый фæстæ куыста педагогон институты. Нигер уыди дæсны ахуыргæнæг, хорз зыдта дунейы литературæ. Уыцы иу рæстæджы куыста Цæгат Ирыстоны Зонад-иртасæн институты литературон хайады сæргълæууæгæй дæр. Ахуыргонд разамынд лæвæрдта аспирантты ахуыртæн, йæ кусджытимæ æмбырд кодтой адæмон сфæлдыстад, арæзта ахуыргæнæн чингуытæ.
Ралæууыдысты 1937-1938 азтæ. Фыдгæнджытæ, козбаутæ, фæлитойтæ курдиатджын поэтыл фыстой хахуыртæ, кодтой йыл даутæ, хуыдтой йæ советон æхсæнады знаг. Ахæм уавæрты рыст йæ зæрдæ, саст йæ хъару.
Фæлæ уыцы уавæрты дæр поэт йæ зæрдæ дардта фидæныл, фæндыд æй адæмæн лæггад кæнын, æмæ куыста. Бирæ тых радта 1939 азы Къостайы уацмысты фыццаг академион рауагъд цæттæ кæнынæн. Уыд Нарты комитеты уæнг æмæ ахъаззаг куыст бакодта эпосы иугонд текст аразыныл, ныффыста цалдæр мидисджын уацы эпосы бындурон фарстаты фæдыл, тæлмац кодта æндæр адæмты фысджыты уацмыстæ ирон æвзагмæ. Фæлæ фыдцард æмæ уæззау куыстæй, мæстытæ æмæ сфæлдыстадон сагъæстæй тадысты йæ тыхтæ, æмæ иры номдзыд фырт цардæй ахицæн 1947 азы.
Нигеры курдиат æмхиц уыд эпикон сфæлдыстадмæ дæр. Поэт поэмæйы жанры ныффыста «Уæхæтæджы фырт чысыл Гуыйман», «Мулдар», «Бадилон симд», «Гыцци».
Нигер загъта: « У фадат аразæг». Фæлæ цы фæнды уавæры дæр хъуыдыгæнæг æмæ аразæг адæймаг кæны уæлахиз. Поэт гуманист æвдисы адæймаджы стырдзинад, йæ уды рухс, йæ зонды тых – уыдон раргом вæййынц тохы. Адæймаджы рæсугъддæр идеал у сæрибар, йæ нысан – адæм æмæ фидæны фарныл кусын. Нигерæн йæ бон уыд зæгъын:
Адæм, дæ фырт дæн, дæ хъæбул дæн æз,
Адæм, дæ туг æмæ де стæг дæн æз.
Дзесты Куыдзæг
ДЗАНАЙТЫ ИВАН (НИГЕР)
Дзанайты Иванæн йæхи нæма зыдтон, афтæ йын бакастæн, фыццаг хатт ын мыхуыры цы æмдзæвгæ фæзынд, «Цæр!», зæгъгæ, уый. Уый уыди 1921 азы, «Ирон зарджыты чиныджы». Уыцы чиныджы ма уыди иу-цалдæр фыссæджы æмдзæвгæйы, фæлæ се ’ппæтæй дæр мæ зæрдæмæ тынгдæр ныххызт Нигеры æмдзæвгæ. Æмæ уæвгæ дæр куыд нæ! Хохæй ног ралидзæг уыдыстæм, æмæ æмдзæвгæ цыма иууылдæр мах тыххæй фыст уыд, афтæ мæм фæкаст. Афтæ райдайы: «Кæмттæн сæ нарджытæй нал хъуысынц хъарджытæ, Нал кæуы сидзæр сыдæй. Мæгуыры къазхты бын ниуынц йæ марджытæ, Фидынц сæ бонтæ фыдæй». Ссæдзæм азты кæрон Иванæн йæхи дæр базыдтон, æмæ уæдæй фæстæмæ арæх æмбæлдыстæм нæ кæрæдзийыл. 1933 азы фæззæджы Иван, Фæрниаты Къоста æмæ æз сфæнд кодтам Октябры революцийы бæрæгбонты Цхинвалмæ ацæуын. Ацыдыстæм автобусы. Цхинвалы Иван æмæ æз æрфысым кодтам уазæгуаты, Къоста та йæ кайыстæм бацыд. Уазæгуат уыд Леуахи-доны хиды цур. Радтой нын хицæн уат. Цхинвал уыд бæрæгбонхуыз. Бæрæгбоны размæ изæр уыдыстæм Культурæйы галуаны (ныртæккæ — драмтеатр).
Доклад кодта обкомы фыццаг секретарь. Æмбырды фæстæ уыд стыр концерт. Бонæй дæр та уыдыстæм галуаны æмæ бирæ бафæстиат стæм Тугъанты Махарбеджы ног ныв «Зæйластыты агургæйæ»,— уый раз. Иван нал фæрæзта йæ цæстытæ атонын уыцы æбуалгъ цауы нывæй. Рацæй-иу цыдыстæм, фæлæ та-иу фæстæмæ фездæхт æмæ-иу нымдзаст нывмæ. Мæнæ-ма! Ахæм æбуалгъ цаутæ арæх нæ вæййынц адæймаджы царды.
Уый уыд 1932 азы зымæджы. Хуссар Иры кæмттæй иуы — Къуыдаргомы хъæу Арасенда фæцис зæйы бын. Цæргæ-цæрæнбонты уыцы хъæуыл никуы ракалд зæй, фæлæ уыцы зымæг мит фыдбирæ ныууарыд, æмæ раст аходæнафон бабын хъæу æппæтæй дæр. Дыууæ æви æртæ адæймагæй фæстæмæ æгас хъæубæстæй удæгас ничиуал баззад. Ахæм стыр æбуалгъы хабар ма æрцыд 1850 азты кæрон Нары комы. Джинаты хъæуы дыууиссæдз хæдзарæй ма фервæзт æрмæст иу хæдзар — зæронд ус æмæ лæг, сæ хæдзар къæдзæхы бын кæй уыд, уый руаджы, иннæты иу æхсæв баныгæдта зæй йæ быны. Тугъанты Мухарбеджы ныв асæй дæр стыр у — уаты къулы æмбисы ас. Фыццаг бакастæй дæр æм ныккæрзы адæймаджы зæрдæ. Æрдхæрæны, тæригъæддаг ныв. Фæдисонтæ... Æнæнымæц бирæ адæм зæйы уæлæ арæхыс сты æмæ къахынц. Æппæты разæй, ныртæккæ кæй систой зæйы бынæй, ахæм чындздзон чызг уæлгоммæ хаудæй адаргъ зæйыл, йæ цæнгтæ тыгъдæй баззадысты, афтæмæй. Йæ уæлхъус — лæг æмæ ус кæуынц æмæ дзыназынц, сæ тæригъæд хъарынц арв æмæ зæхмæ. Уыдонæй чысыл фалдæр иу зæронд лæг ныггуыбыр йæ хъис-фæндырыл, йæ алыварс та æд фиййæгтæ лæууынц фæдисонтæ цалдæрæй, нымдзаст сты фæндырмæ æмæ йæм хъусынц къæрцхъусæй. Кæд фæндыр æмыр хъæр скæна, уæд, дам, уыцы ран, зæйы бын адæймаг ис æмæ йæ тагъддæр ракъахын хъæуы, чи зоны ма... стæй æнæуи дæр йæ мард уалдзæгмæ миты бын чи уадзы?.. Иван тынг бирæ фæкаст уыцы нывмæ, Культурæйы галуанæй куы рацыдыстæм нæхимæ, уæддæр бирæ рæстæг нæ хицæн кодта йæ хъуыдыйæ Мухарбеджы нывы, бакаст.
Фæстæдæр, 1934 азы журнал «Мах дуг»-ы фыццæгæм номыры фæзынд йæ хъуыстгонд æмдзæвгæ «Хур — фæдисон» Арасендайы сæфты тыххæй. Æртæ боны фæстæ рацыдыстæм фæстæмæ нæхимæ. Райгонд уыдыстæм не ’ппæт дæр нæ балцæй. Фæндагыл Иван æхсызгонæй базарыд. Млетмæ ма нæ хъуыдис иу-ссæдз километры бæрц, афтæ скастыстæм Бæрзæфцæгмæ, æмæ нæ зæрдæтæ бауазал сты. Урс-урсид дары æфцæг æмбисæй уæлæмæ. Рацæй-рабон, æмæ дыууæ боны раздæр рауарыд мит. Нæ автобусы шофыр басагъæс кодта, мах дæр хъуыдытыл фестæм. Уæлвæзмæ дзæбæх схæццæ стæм, фæлæ уырдыгæй суанг æфцæджы сæрмæ зæнгбæттæны онг мит. Фыдæбонæй амардыстæм. Сæлæф миты-иу машинæйы цæлхытæ сæ мидбынаты зилдух райдыдтой æмæ та: «Фæстейæ рахæцут!», «Цæлхыты бын дуртæ баппарут!». Ацу æмæ ды агур дуртæ миты бын! Гъе, фæлæ уæддæр стылдтам машинæ тыххæй-фыдæй æфцæджы сæрмæ. Æртынæм азты райдайæны онг нæ республикæйы астæуккаг скъолатæн æмæ институты ирон æвзаджы факультетæн дæр нæ уыд ирон аив литературæйы хрестоматитæ.
Ахуыргæнджытæй чи куыд амалджындæр уыд, афтæ ардта ирон аив литературæйы хицæнæй уагъд чингуытæ, фæлæ уæддæр иуæй-иу чингуытæ къухы не ’фтыдысты, уæлдайдæр та, революцийы агъоммæ чи рацыд, ахæмтæ. Адæмон ахуырады хайады курдиатмæ гæсгæ облæсты хицауад бауынаффæ кодта, цæмæй æвæстиатæй уагъд æрцæуой ирон литературæйы хрестоматитæ астæуккаг скъолаты алы къласæн дæр. Æртæ æви цыппар къорды арæзт æрцыд хрестоматитæ аразджыты автортæй. Октябры революцийы агъоммæйы литературæйы хрестомати лæвæрд æрцыд Иван æмæ мæнмæ. Къостайы «Ирон фæндыр» ма арæх уыд адæммæ, фæлæ иннæ авторты чингуытæ ссарынæн тынг бирæ рæстæг бахъуыди. Агуырдтам нæ дыууæ дæр. Иу-цалдæр чиныджы ма ссардтам Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæг институты чиныгдоны. Афтæмæй æрæмбырд кодтам Хетæгкаты Къостайы, Мамсыраты Темырболаты, Гæдиаты Секъайы, Гуырдзыбеты Бласкайы, Къубалты Алыксандры, Коцойты Арсены, Тлатты Хохы, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Кочысаты Розæйы, Хъороты Дауыты, Илас Æрнигоны, Æбати Шамилы æмæ æндæрты чингуытæ æмæ уацмыстæ. Хрестоматимæ хъуамæ бахастаиккам критикон уацтæ дæр, фæлæ уыдон зындæр агурæн уыдысты. Къухфыст «Октябры Революцийы агъоммæйы ирон аив литературæ» куы сцæттæ, уæд та нæ разы февзæрд æндæр зындзинад: программæтæ аразын. Иу стæм уацмыстæй фæстæмæ (Къоста æмæ Елбыздыхъойы уацмыстæ) иннæтæн мыхуыры никуыма уыдис аргъгонд æмæ сын мах нæхæдæг хъуамæ бацамыдтаиккам сæ ахаст æмæ сæ хъуыды. Хъуыды ма кæнын, бирæ радзур-бадзуры сæр нæ бахъуыд Кочысаты Розæйы «Гæды лæджы» тыххæй: цы у йæ хъуыды, цæуыл дзурæг у? Уымæй ноджы дæргъвæтиндæр рауад Елбыздыхъойы «Худинаджы бæсты — мæлæт»-ы хабар. Хрестомати аразджытæ куыд æмбæрстой авторы хъуыды, афтæмæй æргом бæрæг у: пъырыстыф ныццавта Хъырымы. Хъырым уыцы худинаг йæ сæрмæ не ’рхаста æмæ амардта пъырыстыфы. Худинаджы бæсты ауæлдай кодта йæ цард. Фæлтау мæлæт хуыздæр. Ахмæт йæ быгъдуан бакодта сæ хъæуы рæгъау. Рæгъауæй исты куы фесæфа (давд æрцæуа æви тыхæй ист — уæлдай нæу), уæд уый сæ гæсæн худинаг у. Æмæ Ахмæт дæр уыцы худинаджы бæсты райста мæлæт.
Цыбырныхасæй, сæ иу дæр худинаджы бæсты йæхицæн саккаг кодта мæлæт æмæ иннæ дæр. Уыцы хъуыды раст нæ фæкаст облæсты ахуырады кусджытæй кæмæдæрты. Уыдон та афтæ дзырдтой: Хъырым амардта паддзахы фæсдзæуин пъырыстыфы. Уымæй уый бакодта революционеры ми. Ахмæт та фæстæзад зондахастыл хæцæг адæймаг у, нæ баххуыс кодта революционерæн. Хъырым — æвæрццæг хъайтар, Ахмæт та — æппæрццæг хъайтар. Ницуал давтой нæ ныхæстæ, Хъырым фæстагмæ адæмы цæстысындз кæй сси, уыдæттæ. Иу-цалдæр хатты нæ цæуын бахъуыд облæсты ахуырады хайадмæ æмæ обкомы скъолаты хайадмæ хъуыддæг сбæлвырд кæнынмæ. Хрестоматийыл куы куыстам, уыцы рæстæджы мæ иу-бон Иван æхсызгонæн бахъуыд, æмæ йæм ссыдтæн институтмæ. Иван уыцы аз институты студенттæн касти лекцитæ рагон бердзенаг литературæйы тыххæй. Урок уыд йæ тæккæ тæмæны. Аудиторийы дуар йе ’мбисæй уæлæмæ авгæй уыд, æмæ мæм Иван дзæбæх зынд. Лæууыд кафедрæйы фæсте æмæ дзырдта рагон бердзенаг литературæйы тыххæй.
Ацы ныв мæ зæрдыл уæлдай ирддæрæй уый тыххæй баззад, æмæ Иваны уæды онг ахæм хуызы дзургæ никуыма федтон. Нæ иумæйаг æмбырдты куыд ныхас кодта, уый цал æмæ цал хатты федтон æмæ фехъуыстон! Цыма-иу тæрсгæ кодта, ома, исчи афтæ куы зæгъа, йæхицæй æппæлы, иннæтæй йæхимæ зондджындæр кæсы, уыйау-иу йæ ныхæстыл арæх æфтыдта ахæм дзырдтæ: «мæнмæ гæсгæ», «чи зоны», «афтæ мæм кæсы» æмæ æндæр уыдон æнгæс дзырдтæ. Сæрмæт ма-иу æй хатгай амæстæй марынмæ дæр рахъавыд: «мне кажется», «может быть» — уыцы дзырдтæ, дам, æгæр бирæ вæййынц дæ ныхасы. Иттæг хорз цы зыдта Иван, æппындæр гуырысхо цæуыл нæ кодта, уыдæтты тыххæй дзургæйæ дæр цыма æфсæрмы кодта комкоммæ зæгъын (искæмæ афтæ куы фæкæса, йæхицæй æппæлы). Ныр æм лекци кæсгæйæ куы байхъуыстон, уæд æй нал базыдтон. Иван афтæ æнæфæкъæзгæйæ дзырдта, æмæ мæм фæкаст, цы уыд, уымæй дыууæ хатты бæрзонддæр, мæхæдæг та цыма скъоладзау фестадтæн æмæ йæм хæлиудзыхæй хъуыстон. Нæ уарзта Иван хиппæлой æмæ, «æз», «æз» чи кæны, ахæм адæймæгты, хи стауын æмæ ’вдисын йе ’нæуынон уыдысты. Куыд уæздан, куыд æфсæрмдзæстыг æмæ нымд уыди Иван, уымæн ма иучысыл æвдисæн. Æртынæм азты Косирати Сæрмæт æрхуыдта Мæскуыйæ йæ зонгæ нывгæнæджы, кæддæр альманах «Зиу»-ы чи снывджын кодта, уый — Слуцкийы. Бирæ рæстæг фæцис уый ам æмæ Нары дæр. Ныффыста бирæ нывтæ, уæлдайдæр та хæхты хуызтæй. Наукон-иртасæг институты залы сарæзта йæ нывты равдыст æмæ æрхуыдта адæмы. Нывтыл æрдзурыны размæ Иванимæ кастыстæм Хæхты æмæ Нарыхъæуы нывмæ. Слуцкийы куыстæн саргъ кæныны ныфс мæнмæ нæ уыд, фæлæ Иванимæ æргомдзырд кæй уыдыстæм, уыйфæдыл мæхимидæг загътон, зæгъын, æгæр алыхуызон ахорæнтæ ныккалдта нывгæнæг, хæхтæ æмæ хæххон хъæутæм æз дардæй куы бакæсын, уæд мæм тынгдæр уыцы иухуызон æнкъард æмæ тарфæныкхуыз фæкæсынц. Равдыстмæ чи ’рцыд, уыдон райдыдтой дзурын. Радзырдта Иван дæр. Уымæ дæр нывтæй иуæй-иутæ æгæр æрттиваг æмæ хъулон-мулон фæкастысты. Æмæ уыдæттыл куы дзырдта Иван, уæд ма йæ ныхасыл бафтыдта: «Æниу, уыцы хъуыды Куыдзæг мæнæй раздæр загъта...» Мæнæн хъыггомау уыд уыцы ныхас æмæ Иван йæ ныхас куы фæцис, уæд ын бауайдзæф кодтон, зæгъын, мæн та ма дзы цы фæтъыстай, мæ фиппаинаг мæм афтæ зондджын куы кастаид, уæд мæхæдæг дæр ныхасы бар ракуырдтаин, уыцы хъуыды æз куы нæ загътаин, уæддæр æй ды загътаис... Цæгат Ирыстоны фысджыты организаци бауынаффæ кодта фысджытæй иу къорды арвитын куыстуæттæ æмæ хъæутæм, цæмæй ныффыссой очерктæ заводты, фабрикты, арæзтадты æмæ колхозты раззагдæр æмæ сгуыхтдæр кусджыты тыххæй. Æмæ ацыдысты фысджытæ иугæйттæ æмæ дыгæйттæй нæ республикæйы алы къуымтæм. Æртынæм азты райдайæны нæ облæсты тæккæ стырдæр арæзтадыл нымад уыди Джызæлдонарæзт. Гъе, æмæ Иван æмæ æз нысангонд æрцыдыстæм уырдæм, уымы раззагдæр кусджыты тыххæй очерктæ ныффыссынмæ. Иван гуырысхо кодта, ома, нæ очерктæ зæрдæмæдзæугæ куы нæ рауайой, арæзтад æмæ куыстуаты техникæ æмæ кусджыты психологи арф кæй нæ зонæм, уыйфæдыл, хъæууон адæмы зæрдæйы ахаст куыд зонæм, уыимæ абаргæйæ. Æз ын загътон, зæгъын, газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы кусгæйæ æз арæх цыдтæн Джызæлдонарæзтмæ æмæ чысыл цыдæртæ базыдтон, уымæй фылдæр та нæ хъæугæ дæр нæ бакæндзæн йæ техникæ зонын. Кусгæ дзы чи кæны, уыдонæй та бирæтæ мæ зонгæтæ сты, стæй сæхæдæг знон дæр ма хъæууон цæрджытæ уыдысты.
Автобусы бацыдыстæм Хъобанмæ, городокмæ. Арæзтады хицау нын радта хицæн уат, æмæ уым æрбæстон стæм. Уыцы рæстæгмæ арæзтадæн йæ тæккæ сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæр куыстытæ фесты, æмæ дзы дыууæ азы размæ цас адæм куыста, уыдонæн ма ныр ам уыд æрмæст сæ цыппæрæм кæнæ фæндзæм хай. Дыккаг бон бацыдыстæм комы мидæмæ, бахæццæ стæм станцæмæ, стæй æхсæрдзæны бынмæ æмæ схæрд кодтам Къæхтысæры. Уым федтам цаддон, донуадзæн æмæ сæйраг тъунелы рацыдыстæм фæстæмæ. Уыцы бон бремсберг нæ куыста, æмæ та нæ фæстæмæ дæр къахæй цæуын бахъуыд. Сæйраг тъунел, йæ дæргъ æртæ километры, къахт раджы фæцис, фæлæ ма йæ хъуыди бетон кæнын, æмæ ныртæккæ ууыл архайдтой. Рацыдыстæм тъунелы кæрæй-кæронмæ, нæ разæй прораб Багаты Уасо, афтæмæй, æмæ дыккаг бремсберджы фæрсты æрцыдыстæм дæлæмæ, коммæ, станцæйы агъуыстæн чысыл фалдæр. Арæзтады хицау бацыд нæ размæ æмæ тынг бауайдзæф кодта Уасойæн, тъунелы æмæ нæ уыцы уырдыг фæндагыл кæй ракодта, уый тыххæй.
— Уæд та сæ искæуыл дур æрхауд тъунелы кæнæ къæдзæхæй йæхæдæг рахауд! — загъд кодта хицау Багайы-фыртмæ.
— Уый мах аххос уыд! — дзырдта Уасойы сæрыл Иван.
— Нæ нын куымдта, фæлæ йæ мах сразы кодтам... Уыйфæстæ бон райдыдтам ныхас нæ геройтимæ. Багатæй дыууæ æфсымæры: Виктор æмæ Самсон. Станцæйы арæзтад байгом 1927 аз 13-æм сентябры, уыдон та кусын райдыдтой уым 15-æм сентябры. Фыццаг уал куыстой фæндæгтæ аразджытæй, стæй арæзтой бремсберг, ныртæккæ та машинисттæ сты. Дзаттиаты Габо (Будти). Æрыгон, ныллæг, мызыхъхъарæзт лæппу. Афтæ чи загъта: «Кæдæй-уæдæй, мæ ас гыццыл кæй у, уый дæр æхсызгонæн бахъуыд». Цæвиттон, иу ран тъунелы сæр тутт разынд, æмæ къæдзæх æркалд дæлæмæ. Стæй лæбырын байдыдта. Йæ бафидæрттæн æмæ бетон кæнынæн бахъуыд фæдисы куыст. Габо æхсæрдæс сахаты фæкуыста къæдзæхыл ауыгъдæй æнæ раивгæйæ. Нал дзы уыд фадат схиз-æрхизтæн, хæринаг дæр ын лебедкæйæ истой уæлæмæ. Михаил Кречко, Таматы Инал — инженертæ, пълотник æмæ парторг Туаты Резо, йæ куысты нормæтæ 140—200 процентæй чи æххæст кæны, уый, æвзыгъд электромонтер Мысыкаты Джамботт. Авд адæймаджы, авд хъысмæты, алыхуызон специалисттæ. Нæ очерк афтæ сарæзтам, æмæ дзы уыд æппæты фыццаг Джызæлдонарæзтады хæрзцыбыр истори, йæ ас æмæ йæ тыхы бæрц, кæд райдыдта, уыдæттæ. Стæй уæлдæр кæй ранымадтам, уыцы авд адæймаджы царды фæндаг суанг сæ сабийы бонтæй арæзтадмæ бацæуыны рæстæгмæ. Нæхи цæстæй федтам, станцæ цæйбæрц зындзинæдтимæ сырæзыд, адæм цы домбай куыст бакодтой, уый, æмæ бирæ фæхъуыды кодтам, нæ чиныгыл цы ном сæвæрæм, уый тыххæй. «Дыккаг хур аразджытæ», «Зæххон хур кæнджытæ», «Ног цырагъдарджытæ» æмæ æндæр ахæмтæ уыдысты нæ варианттæ. Иу къуырийы бæрц фестæм городочы. Фæфыстам нæ хъайтарты радзырдтæ æмæ рацыдыстæм горæтмæ. Очерктæ рацыдысты журнал «Мах Дуг»-ы, фæстæдæр та хицæн чиныгæй. Искуы сыл мыхуыры рецензи фæзынд, уый нæ хъуыды кæнын, фæлæ нын не ’мбæлттæ куыд дзырдтой, афтæмæй цыма зæрдæмæдзæугæ рауадысты. Цыдæриддæр уыд, уæддæр мах нæ быгъдуан сæххæст кодтам. Чиныг «Ног цырагъдартæ» æххæстæй хаст æрцыд Нигеры уацмысты 3-аг томмæ. Зæгъынмæ ма хъавын, Иванæн æрмæст йæ иуæй-иу уацмыстæ куыд равзæрдысты æмæ мыхуыры куы фæзындысты, уæд адæмы зæрдæмæ куыд фæцыдысты, уыдæтты тыххæй иу-дыууæ ныхасы. Цин кодта Иван, хохæгтæ быдырбæсты хуымзæхх æмæ цæрæнуат кæй райстой, ууыл, фæлæ уыдонæн (хохæгтæн) сæ фылдæр хай хохы царди, æмæ уым та нырма раджыйау æвадат уыд цард. Горæтты фæзындысты (НЭП-ы рæстæджы), Иван «тæнджынтæ» кæй хуыдта, ахæмтæ: базаргæнджытæ, спекулянттæ, лæвархортæ æмæ æндæр ахæмтæ. Æмæ сыл Иван йæ азар бакалдта: «Ды цы уыныс, дæу цы домы: Галуан — райдзаст, хъарм, сыгъдæг. Къух нæ атулдзынæ доны... Суг дын — ласт, хæринаг афтæ. Гауызтæ... дари... бæмбæг...» (æмдзæвгæ — «Дæу цы домы!») Æмдзæвгæ фыццаг хатт мыхуыры фæзынд 1927 азы (æниу, фыст та бирæ раздæр уыд) æмæ адæмы зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд, уæлдайдæр та, литературæйы куыст чи кодта, уыдонмæ, æмæ-иу кæрæдзийыл фембæлгæйæ иу иннæмæ хъазгæйæ бадзырдта: «Дæу цы домы! Къух нæ атулдзынæ доны...» Иннæ æмдзæвгæ «æз цагъайраг нæ дæн!» мыхуыры фæзынд, 1930 азы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны фысджыты фыццаг иумæйаг съезды рæстæджы. Цыбыр рæнхъытæй æмæ æлвæст, хуызджын аив дзырдтæй фыст æмдзæвгæ фæцыд чикыгкæсджыты зæрдæмæ æмæ æмбырдты кæнæ къордæй иумæ фембæлгæйæ арæх фехъусæн уыд, æнæкæсгæйæ чи дзырдта, ахæмты. Æмдзæвгæ стыр нæу асæй, фæлæ цыма авторæн йæ цард æмæ йæ зæрдæйы истори у, афтæ фæкаст, Иваны сфæлдыстад чи уарзта, уыдонмæ. Хъуыды ма кæнын, Иван-иу Фæрниаты Къостайæн исты куы фæдзæхста кæнæ исты «цума» куы кодта, уæд та-иу уый фæхъæр ласта: «æз цагъайраг нæ дæн!» Æмдзæвгæ «Дæу цы домы»-йы фæзындыл рацыд афæдзы бæрц, афтæ чиныгкæсджытæ бакастысты Иваны ног вазыгджындæр æмдзæвгæ — «Хидыл». Уыцы æмдзæвгæйы кой бирæ уыд мыхуыры йæ рæстæджы дæр æмæ уыйфæстæ азты дæр. Поэт раджы кæддæр (1922 азы) цы æмдзæвгæ фыста (мыхуыргонд уыд «Зиу»-ы дыккаг чиныджы 1927 азы), уым афтæ загъта: «Мæн мæ зæрдæ никæд сайы: зонын, зарын хъæуы ныр. Фæлæ зарæгæн йæ хуызæн ницыма зонын бæлвырд. Йе цæй фæдыл, йе куыд уыдзæн арвы нæрынау мæ дзырд». Ныр æндæр хъуыдытæ фæзынд поэтмæ. Хæхбæстæ. Арф, æнтъыснæг ком. Сау мылазон мигътæ сау нымæт æрæмбæрзтой кæмттыл. Æрра дымгæ къæйтæ æмæ дуртæ хойы къæдзæхтыл. Нарæг æмæ тæссонд хид — хохæн йæ пу фахсæй иннæмæ. «Дымгæ рæдувы бæрзонд хохы къæйты! Уайтагъд фæзылдтон мæ бæрзæй æз размæ: нал ис фæстæмæ здæхæн, нæй, нал ис: зындонмæ чи здæхы барæй йæхæдæг, хи къахæй чи цæуы ингæны хуылфмæ!?» Иу уысм фемдзаст бæлццон, хиды бын гуылфæй цы дон цæуы, уымæ æмæ йæм бахæлæг кодта. «Зары ’мæ хъазы зæрдæбынæй хъал дон. Размæ куы скодта йæ фæндаг æдыхстæй, катай нæ кæны, фæйнæрдæм нæ кæсы. Размæ — йæ цæстæнгас, размæ — йæ тындзыд». Бафæзмыдта бæлццон дæр, катай чи нæ кæны, уыцы хъал доны, æмæ фесхуыста хидыл размæ... Иван ма Цæгат Кавказы пединституты куы ахуыр кодта, уæд бахæлар ис, уым махъхъæлæй цы лæппутæ ахуыр кодтой, уыдонимæ, уæлдайдæр та Мальсаговтимæ. Уыдон фæстæдæр азты уыдысты Мæхъхъæлы наукон-иртасæг институты бындурæвæрджытæ. Иуахæмы — 1931 азы уалдзæджы мæхъхъæлæттæ Иваны ахуыдтой сæхимæ, Галашкæ, зæгъгæ, уыцы хъæумæ (ныртæккæ Горæтгæрон районы Комгæронхъæуы æдде цы рагъ ис, уый фæстæ ком). Хъæуыл цæуы стыр цæугæдон Ассæ. Иваны хорз суазæг кодтой йæ фысымтæ, уыдонæн ма сæ сыхæгтæ дæр, æмæ уазæджы зæрдæ барухс, бахъæлдзæг, æмæ уайтагъд Ассæйы (Ессæйы) былгæрон йæ хæлар зæрдæйы бæллицтæ æмæ йæ хъуыдытæ гæххæтмæ ныффæдис кодтой. Тыхджын æмæ аив фæлгонц у æмдзæвгæ «Ессæ». Поэт ныхас кæны Ессæимæ, дæтты йын салам æмæ зæгъы: «Зонын, ирон лæджы салам ды никуыма фехъуыстай ам». Æмдзæвгæйы кæрон поэт сиды Хъулгъа, Ир, Кæсæг, Хъæрæсе, Абхаз, Дагъистанмæ: «Дæларм-уæларм абон æрцæут мæ куывдмæ æмхуызон — сылæй уæд, нæлæй!» Æмдзæвгæйæн хорз аргъ скодтой критиктæ æмæ чиныгкæсджытæ, уæлдайдæр та уымæн, æмæ нæм бирæ литературон уацмыстæ нæма уыд интернационалон темæйыл уæды рæстæджы. Æртынæм азты фыццаг æмбис бæркадджын уыд Иваны сфæлдыстады. Уыцы рæстæджы йæ къорд æмдзæвгæтæй уæлдай Иван бабуц кодта чиныгкæсджыты зæрдæ йæ номдзыд «Мулдар» (1930 аз), «Гыцци» (1934), «Уæхатæджы фырт чысыл Гуйман» (1935), «Бадилон симд» æмæ æндæртæй. Уыдон се ’ппæт дæр уыдысты æмæ сты стыр хæзна нæ аив литературæйы къæбицы. Фæлæ Иван йæхæдæг, йе ’мбæлтты ’хсæн куыд дзырдта, афтæмæй йæ кадæг «Мулдар»-ы фылдæр уарзта æмæ йын фылдæр аргъ кодта иннæтимæ абаргæйæ. «Нæ тæрсын æз дæуæй, мæлæт, уый зон!» — фыста Иван 1934 азы, фæлæ йыл æртындæс азы фæстæ мæлæт фæтыхджындæр. Æниу цæй мæлæт ис ахæм лæгæн! Раст загъта Иван йæхæдæг дæр уыцы æмдзæвгæйы: «Мæ фæд хæрзарф æмæ уæрæх зындзæн, Ирыстон, зон, дæ риуыл. Æууæндын абон æз мæхиуыл, Æмæ мын нæй мæлæн». Ацы аз æххæст кæны Дзанайты Иваны райгуырдыл цыппарыссæдз азы. Дыууиссæдз азы та рацыд, фæстаг хатт ма куы сæмбæлдыстæм, уыцы рæстæгæй. Чысыл рæстæг нæу дыууиссæдз азы. Фæлæ ма абон дæр мæ цæстыты раз лæууы ирдæй Иваны рухс цæсгом. Цыма ныртæккæ дæр ныхас кæны мемæ сыгъдæгзæрдæ, цæстуарзон, æнæхин, æфсæрмдзæстыг æмæ уæздан ирон разагъды лæг, курдиатджын фыссæг, адæймаджы ном æмæ кадæн стыр аргъ чи кодта, æппæлой, дывзагон, дыдзæсгом, хахуыр æмæ былдауæг адæймæгтæ æнæуынон кæмæн уыдысты, уыцы Иван.
Источник: http://reftrend.ru/545905.html