Хъаныхъуаты Инал
(1850–1899)
Фыссæг æмæ рухстауæг , йæ рæстæджы уыд Ирыстоны раззагдæр æхсæнадон архайджыты рæнхъы. Уый зынгæ бавæрæн бахаста ирон адæмы этнографи, истори æмæ культурæ ахуыр кæныны хъуыддагмæ. Йæ æппæт тыхтæй дæр архайдта, цæмæй Ирыстоны бастдзинад Уæрæсеимæ æнгомдæр кæна.
Хъаныхъуаты Дудары фырт Инал райгуырд 1851 азы, Хъаныхъуаты хъæуы (ныры Джызæл) бонджын æлдары хæдзары. 1959 азы йæ ахуыр кæнынмæ радтой Стъараполы гимназы цæттæгæнæн къласмæ. Фæлæ йæ фыд Дудар генерал-майор Куындыхаты Муссæйы амындæй сфæнд кодта Туркмæ лидзын. Йæ фарастаздзыд лæппуйы гимназæй ракодта æмæ йæ бинонтимæ иннæ хохаг адæмтимæ араст дард æмæ уæззау фæндагыл.
Дудар тагъд бамбæрста, Турчы цард тынг зын кæй уыдзæн, æрмæст дзы дыууæ къуырийы ацардысты æмæ сыздæхтысты Ирыстонмæ. Æлдар йæ бинонтимæ æрцард Бруты хъæуы. Инал фæстæмæ ахуыр кæнын райдыдта Стъараполы гимназы, 1872 азы йæ каст фæци æмæ райста аттестат. Уыцы аз, сентябры Инал ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы æфсæддон-артиллеристон училищемæ æмæ йæ 1874 азы каст фæци поручикы цины. Уырыссаг æфсады служба кæнгæйæ, архайдта 1877-1878 азты уырыссаг-туркаг хæсты.
Дарддæр 18 азы арвыста Сыбыры, Дард Скæсæны, Уссурийскы, 1844 азмæ уыд æфсæддон службæйы. Отставкайы куы рацыд, уæд æрцард Влвдивостокы. Афæдз акуыста ахуыргæнæгæй, уыд горæты управæйы нымæрдар, архайдта периодикон мыхуыры куысты. Йæ фыдыбæстæйæ дард уæвгæйæ, Инал нæ рох кодта Кавказ, йæ былыцъæрттæ хордта фæстæмæ сыздæхынмæ. Æмæ мæнæ 1897 азы, 23 январы рараст Владивостокæй Ирыстонмæ пароходыл. Йæ фæндаг рауад тынг дæргъвæтин: пароход Одессæмæ бахæццæ 2 мæйы фæстæ. Йæ фæндаг уыд Нагасаки æмæ Сингапурыл, Цейлон æмæ Коломбойыл, Порт-Саид æмæ Константинополыл… Уыцы бæстæты цы федта, уыдон фыста йæ фæндаггон боныджы. Ирыстонмæ схæццæ мартъийы кæрон кæнæ апрелы райдиан. Æрцард Бруты.
Инал тынг хорз зыдта ирон æвзаг, фæлæ ирон газеттæ кæй нæма цыдысты, уымæ гæсгæ фыста уырыссагау. Фыссын райдыдта Стъараполы гимназы-ма куы ахуыр кодта, уæд. Йе сфæлдыстадон куысты фыццаг æмбисмæ хауынц 1870-1879 азты, Кавказы-ма куы уыд, уæд кæй ныффыста, уыцы уацмыстæ: очерктæ: «В осетинском ауле», «Горцы-переселенцы», «Кровный стол», радзырдтæ «Две смерти», «Воровстово – месть», публицистон уацтæ. Йе сфæлдыстады дыккаг æмбисмæ хауынц 1879 азы, Сыбыры æмæ Дард Скæсæны фыст æмдзæвгæтæ, уацтæ, фельетонтæ.
Хъаныхъуаты Иналы уацмысты сæ бынат ссардтой ирон адæмы истори, царды фæзындтæ, уæззау уавæртæ, Туркмæ алыгъды хабæрттæ æмæ а.д.
Иналы фыццаг сфæлдыстадон фæлварæн уыд очерк «Ирон хъæу» («В осетинском ауле»), ныффыста йæ 1870 азы гимназы-ма куы ахуыр кодта, уæд. 1875 азы мыхуыргонд æрцыд «Сборник сведений о кавказских горцах»-ы VIII рауагъдыУацмысы æвдыст цæуы ирон хъæуы цард, хуымæтæг адæмы гæвзыкк уавæр, сæ царды фæтк, се ‘гдæуттæ, сæ уырнынад, социалон ахастытæ зæхкусæг адæм æмæ «царды хицæутты» æхсæн… Фыссæг йæ очеркы карз тæрхон хæссы æрцæуæг æлдæрттæн, абырæгдзинадæн, зианхæссæг ирон æгъдæуттæн. Мæгуыр хохаг ирæтты æвдисы хъайтарон миниуджытимæ, патритоттæй. Ахæмтæ сты зæронд лæг Мосе æмæ слепцовскаг операциты хъæбатыр архайæг Хатæхцыхъо. Кæд иннæтау мæгуыр æмæ гæвзыкк у, уæддæр æнкъард нæ кæны, нæ сæтты йæ ныфс. Æууæнды фидæныл. Уæлдай æнкъарæнтæ фыссæгмæ гуырын кæны хохаг сылоймаджы уæззау уавæр.
Йæ иннæ очерк «Хохаджы фыстытæ» æвдисы Туркмæ лидзæг адæмы трагедийы нывтæ. Уыцы темæйыл дзурæг у йæ уац статье «От Александрополя до Эрзерума» (1878), уым автор биноныгдæр æрдзырдта Туркмæ алыгъды аххосæгтыл. Уыцы уацмысты автор дзуры æлдæртты, буржуазон интеллигентты, чиновникты гадзрахатдзинадыл, æрмæст цинтæ æмæ исбоны тыххæй чи службæ кодта, уыдоныл. Ахæм æлхæд лæгтæ уыдысты ирон-æфсæддон зылды хицау, инæлар Куындыхаты Муссæ æмæ Иналы фыды æфсымæр капитан Хъаныхъуаты Елдзарыхъо. Уыдон 1861 азы мæгуыр хæххон адæмы акодтой рæдыд фæндагыл, ныууадзын сын кодтой сæ райгуырæн бæстæ, Турчы сын дзæнæты цардæй зæрдæ бавæргæйæ.
Йæ уацмысты хуыздæртæй иу – радзырд «Дыууæ мæлæты»-йы фыссæг равдыста фыдæлтыккон тугисыны æгъдауы зианхæссæг фæстиуджытæ. Уыцы æгъдауыл ма фыста йæ уацтæй цалдæры («К вопросу об уничтожении вредных обычаев среди кавказских горцев» æмæ æнд.)
Хъаныхъуаты Иналы сфæлдыстадон куысты дыккаг æмбис райдыдта йæ фыдыбæстæй дард, Сыбыры æмæ Дард Скæсæны, уым фæци 1879-1897 азты. Ам ныффыста 50 æмдзæвгæйæ фылдæр, тынг бирæ публицистон уацтæ æмæ рецензитæ, мыхуыры йын цыдысты дардскæсæйнаг газетты «Окраина» æмæ «Владивосток»-ы, тифлисаг газет «Кавказ»-ы. Йæ уацмыстæ-иу бафыста псевдонимтæй «И.Восточный», «Иронов» æмæ æндæртæй.
Æцæгæлон бæсты Инал фыста сæ хæдзæрттæ æмæ хуымтæ кæмæн фæдæлдон сты, уыцы уырыссаг зæхкусджыты уæззау уавæрыл («В страдную пору»), мæгуыр къæрейæгтыл («На бухте»), йæ хæрæг кæмæн амард æмæ ууыл чи хъынцъым кæны, уыцы мæуыр ирон лæгыл («Горе Алибека») æ.а.д. Инал карз тæрхон кæны тугкалæн хæстæн («Кровь и слезы», «На батарее», «Апофеоз войны» æмæ æнд.)
Инал арæх йе ‘ргом здæхта сатирæйы жанрмæ дæр (фельетонтæ «Из летописей города Ориенвилля», «Рефлексы тротуара» æмæ æнд.)
Йæ бирæ тухæнтæ, хæтгæ царды уавæртæ, Фыдыбæстæйæ дард цард æнæфæзынгæ нæ фесты Иналы æнæниздзинадыл: фæрынчын туберкулезæй æмæ 1899 азы ахицæн йæ цардæй. Ныгæд у Бруты хъæуы.
Фыссæг Дзанайты Сергей Хъаныхъуаты Иналы тыххæй фыста: «… йе сфæлдыстадон бынтæн стыр аргъ ис. Уыдон ирон литературæ хъæздыг кæнынц ног хъомыладон æмæ зонадон документтæй. Фæзминаг сты Фыдыбæстæмæ йæ удуæлдай уарзондзинад æмæ иузæрдиондзинад, Фыдыбæстæйы сæрибары сæрвæлтау йæ царды фæстаг бонмæ кæй тох кодта, уый. Царды æмбыд æмæ фæстæзадæй цы уыд, уый ныхмæ тохгæнгæйæ, Инал адæмы æхсæн парахат кодта сæрибары, рухсы, рæстдзинады æмæ хæлардзинады идейæтæ; амыдта сын ног адæймаджы миниуджытæ: патриотизм, гуманизм, знæгтæм æгъатырдзинад, хи нацийæн аргъ кæныны æнкъарæнтæ, рæстдзинад æмæ æмбардзинадæн аргъ кæнын æмæ æндæртæ» («Рæстдзинад»,2001, 7 авг.)
Хъаныхъуаты Иналы фыст уац "Хохæгтæ лигъдæттæ" бакæсæн ис мæнæ ам
http://ossetians.com/iron/news.php?newsid=189