Зæрдæйæ цы цæуы, зæрдæмæ дæр уый хъары
Йæ цард æнæхъæнæй дæр аивадимæ чи сбаста, уый зындгонд у ирон адæмæн. УФ-йы сгуыхт артист,РЦИ-Аланийы æмæ Абхазы адæмон артист, УФ-йы Станиславскийы номыл паддзахадон премийы лауреат. Дардыл айхъуыст Годжыцаты Исахъы ном. Уый йæ диссаджы курдиатæй бирæ адæмы зæрдæтæ барухс кодта. Йæ диссаджы зард, йæ булæмæргъы хъæлæс ирон адæмæй никуы ферох уыдзысты. Ирон театры сценæйы сарæзта цымыдисаг сурæттæ опереттæты, музыкалон комедиты, ирон спектаклты, дунеон классикæйы репертуары. Киноаивады дæр ныууагъта бæрæг фæд. Годжыцаты Исахъ райгуырд 1930 азы 15 мартъийы Хуссар Ирыстоны Гъортъеуы хъæуы. 1956 азы бацыд Мæскуыйы аивадон академион театры Немирович-Данченкойы номыл студимæ актерон факультетмæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæци. 1961 азы кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры, 1963 азы та — Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон академион театры æмæ дзы фæкуыста йæ царды фæстаг бонтæм.
Нæ цæст ма ахæссæм, йæ къухы цы бафтыд, уыцы фæллæйттыл. Исахъæн иу сценикон жанр дæр цæлхдур нæ уыд — оперæ, опереттæ, музыкалон комеди, драмæ, трагеди… Цы фæлгонцтæ сарæзта, уыдон дзурæг сты йæ бирæвæрсыг курдиатыл. Плиты Христофоры «Нæ усгур алыгъд»-ы — Локо, Хаханты Дудары «Хæмæт æмæ Зæлинæ»-йы — Сауи, Хуыгаты Георы «Мæ усы лæг»-ы — Эльбрус, «Сæтти æмæ Бæтти» -йы — Бæтти, «Æмпъузæнты» — Дафин, Туаты Дауыты «Пæсæйы фæндон»-ы — Мысырхан, Шекспиры «Тимон Афинаг»-ы — Флави, Мольеры «Тартюф»-ы — Оргон, Горькийы «Царды бын»-ы — Бубнов, Чеховы «Æртæ хойы» — Чебутыкин æмæ бирæ æндæртæ. Ирон театры сценæйы ахъазыд фондз æмæ дыууиссæдз ролы. Бæллиццаг курдиат!
Эмоционалон арфад, органикæ, аив лирикæ, æрдзон юмор, адæймаджы зæрдæскъæфæн, хæрзгæнæг, æнæрымысгæ райдайæн уыдысты йе сфæлдыстадон æрмдзæфы зынгæ миниуджытæ. Уыдонæй уæлдай ма йын ахъаз кодтой, æрмæстдæр уымæн уагæвæрдон чи уыди, уыцы диссаджы миниуджытæ дæр. Йæ уды фæлмæндзинад, хуымæтæгдзинад, йæ зæрдæйы арф æмæ йе ‘ргомдзинад ирдæй зындысты йе сфæлдыстадон «цæсгомыл».
Йæ ном ма баст у ирон кинематографийы фыццаг къахдзæфтимæ дæр. Хъазыди ахæм кинонывты, куыд «Ах, любовь!», «Сюрприз», «Во всем виновата Залина», «Мужское самолюбие», «Диалог», «Долг»…
Аивадæн йæ миниуæг уый мидæг ис, æмæ адæймаджы зæрдæйы, йæ хъуыдыты цыдæр æнахуыр æнкъарæнтæ бауадзы æмæ йын йæ миддунейы къуымтæ расыгъдæг кæны, йе ‘нкъард риумæ йын хуры тынау бакæсы, кæнæ та йæ йæхи хъысмæтыл сагъæсты бафтауы… Исахъ кæддæриддæр уыд æрмæст ахæм аивады хицау.
Зындгонд ма уыди, куыд драматург, афтæ дæр. Ныффыста «Уарзон зарæг», «Æз ус нæ курын», «О, ацы фæсивæд», «Хъæддаг чызг», «Сидзæрты мæсыг» æмæ æндæртæ. Сæ фылдæр æвæрд æрцыдысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны драмон театрты. Уым дæр уыд цард, юмор. Не ‘хсæн цард стыр актер, йæ æвæджиауы курдиат аивадæн чи снывонд кодта, ахæм зæрдæхæлар адæймаг.
Æгъатыр у рæстæг. Цæуынц азтæ, тындзынц æнусты тармæ. Сæ аууон кæнынц хицæн адæймæгты æмæ æнæхъæн фæлтæрты, семæ хæссынц стыр хæзнатæ æмæ удуæлдай куысты фæллæйттæ.
…Зылын æмбонды цур, уазал дуртыл банцойгæнгæ, скъуыд хæлафы лæууы фондзаздзыд лæппу. Уый у Исахъ. Фыруазалæй ныцъцъæх ис. Бурхил сæрыхъуынтæ ныппыхцыл сты. Ставд дзыгъуыртæ иугуырæй тауынц сабийы цæсгом, зыны йыл æххæст амонд. Абон йæ бæрæгбон у. Раст зæгъгæйæ, бæрæгбон у сæ сыхæгтæн. Уым зарынц, кафынц, цин кæнынц æмæ хъусынц патефонмæ. Патефон та лæппуйæн уыд йæ бæллиц.
Æмæ мæнæ, кæдæй-уæдæй, патефоны бæсты Исахъæн фæзынди пандури. Йæ хистæр æфсымæр Филипп ын сусхъæд бæласæй гуырдзиаг пандури скодта, æмæ йыл Исахъ ахуыр кодта ирон æмæ гуырдзиаг цæгъдтытæ. Тагъд ыл сахуыр ис гыццыл музыкант, æмæ иу чындзæхсæв, иу бæрæгбон дæр нæ ахицæн æнæ Исахъы зард æмæ кафтæй. Уый алцæмæ дæр арæхст æнцонæй. Булæмæргъау зарыд, йæ къахфындзтыл кафгæйæ.
Гъортъеуы хъæу æрæнцад Цхинвалæй фынддæс километры æддæдæр бæрзонд къуылдымтыл. Уырдыгæй цыдысты хъæуы сывæллæттæ Цхинвалы авдазон скъоламæ. Уыцы азты Хуссар Ирыстоны кафджытæ æмæ зарджыты ансамблы фæндырдзæгъдæгæй куыста цæгатираг, Ногхъæуæй афтгæ зæронд Бабо. Уæлдæр кæй кой ракодтам, уыцы авдазон сколайы сывæллæтты дæр кафын æмæ зарыныл уый ахуыр кодта. Исахъ хорз бахъуыды кодта йæ хæрзгæнæг Гугкаты Бабойы æмæ йæ бинойнаг Гыдойы. Бабо иуахæмы федта, чысыл лæппу йæ къахфындзтыл куыд кафы, уый. Уыцы скъолайы та æфснайæгæй куыста Исахъы мад Тикъо.
— Дæ лæппуйæ, цыма, артист рауайдзæн, — зæгъы Бабо. — Уæд та йæ бафæлвариккам?
— Бафæлварут æй, — загъта мад. — Мæн дæр, исты лæггаг дзы куы рауаид, уый фæнды.
Скъолайæ йæ сæхимæ акодта зæронд Бабо æмæ йæм дзуры:
— Æз дын фæндырæй ацæгъддзынæн, æмæ акаф.
Лæппу Гыдойы цур кафын нæ уæндыд. Рæдау Гыдо йын гуыл куы скодта æмæ йæм фæлмæн æвзагæй куы сдзырдта, уæд фæуæндондæр æмæ скафыди къах-къухтыл. Æмпъызтытæ фæсмын цъындаты уаты къуымты цалдæр зылды ‘ркодта. Йæ лыстæг къабæзтыл цæст нæ хæцыд. Цъил фестад. Фырдиссагæй бæрзонд скъапмæ сгæпп кодта, лæппын сæгуытау уырдыгæй йæхи фехста æмæ та йæ къахфындзтæ æрсагъта… Кафт куы фæци, уæд зæронд фæндырдзæгъдæг æхсызгонæй сулæфыди æмæ загъта:
— Артист, дæ мады гуыбынæй уыцы курдиат демæ рахастай.
Йæ къухыл ын ныххæцыди, ансамблы цы сывæллæтты къорд уыди, уырдæм æй бакодта. Уыцы бонæй фæстæмæ чысыл Исахъ кафын æмæ зарыныл ахуыр кодта ансамблы кæстæр къорды. Фæсурокты йæ хистæр æфсымæр Къостаимæ (уый уыцы азты нымад уыд ансамблы хуыздæр кафджытæй иуыл) згъордта репетицитæм.
Æхсæрдæсаздзыдæй Исахъ баиу Годжыцаты зараг æмæ кафаг фæсивæдимæ. Алы рæттæй хъуысти йæ фæндыры цагъд, йæ цъæхснаг хъæлæс. Стæй фæндыр дæр, зарæг дæр фæсыкк сты… Бæстыл тугуарæн рæстæг скодта, æмæ Годжыцаты нæргæ фæсивæд тохы быдырмæ фæцыдысты. Сæ фылдæр фæстæмæ нал сыздæхтысты. Нал сыздæхтысты Ладойы æфсымæры æртæ фырты дæр. Цардысты уæд Цхинвалы. Скъолайы сæ ахуыр ныууагътой. Кълæстæ — сæ тæккæ дзаг цæф хæстонтæй. Æххормаг æййæфтой. Исахъ дæр йе ‘мгæрттæй фæcтæдæр никуы баззад. Хæстонтæн бирæ фæхаста дыргътæ. Иннæтæй уæлдай ма сын-иу кафгæ æмæ заргæ дæр кодта.
Исахъ фыццаг хатт сценæмæ куы рахызт, уæд йæ царды цыдæр æнахуыр диссаг æрцыд. Уый фæстæ йын цас æмдзæгъдгæнджытæ уыди! Фæлæ йæ фыццаг концерты адæмы рухс цæсгæмттæ, адæмы зæрдæбын къухæмдзæгъд цæрæнбонтæм йæ зæрдæйы баззайдзысты. Йæ зæрдæйы баззайдзысты, цыппæрдæс æмпъузæны кæуыл уыди, уыцы хæлаф, йæ мады хо Нанайы конд хом хъуымацæй сау хæдон, йæ фыд Ладойы хуыд хæцъилдзабыртæ…
Арт цас цырендæрæй судзы, уыйас тагъддæр ахуыссы. Фæлæ Исахъы курдиаты арт нæ ахуыссыд. Уый судзгæ баззади Иры къонайы… Баззад, чи йæ зыдта, кæимæ куыста, йæ аивадæй æхсызгондзинад кæмæн хаста, уыдоны зæрдæты…
Ацыд цардæй диссаджы актер, цæрæнбонты адæмæн лæггад кæнынæй чи не ‘фсæст, уый. Ацыд, йæ адæмæн йæ уд радтын дæр чи нæ бавгъау кодтаид, ахæм адæймаг. Æмæ цæмæй рæстæджы амæттаг ма фæуой Годжыцаты Исахъы кадджын ном, йæ фæллой Ирыстоны аивады сæраппонд, уый тыххæй фыст æрцыд чиныг. Уым æвдыст æрцыдысты йæ цард æмæ йæ хъæздыг сфæлдыстад.
Тагъд тæхы рæстæг, фæлæ абоны хуызæн мæ зæрдыл лæууынц нæ фембæлдтытæ Годжыцаты Исахъимæ. Бирæ мысинæгтæ баззад Исахъы тыххæй мæ зæрдæйы. Зынаргъ мын у æрмæст йæ ном дæр. Тынг сæрыстыр дæн, ахæм адæймагимæ зонгæ кæй уыдтæн, уымæй. Нæ фембæлдтытæ радгай мæ цæстыты раз сыстынц. Раздæр æй зыдтон æрмæст йе сконд хъайтартæй сценæйы, кинонывты. Йæ сурæттæ — хуымæтæг адæм, фæлмæн, æнæхин, адæмуарзаг. Фæлæ ма Исахъ царды уыдонæй хæрззæрдæдæр разынд.
Фыццаг фендæй фæстæмæ мæм, цæмæдæр гæсгæ, хион фæкаст. Йæ цæсгом ын хæстæгмæ куы федтон, уæд ыл уæздандзинад фыст уыд. Йæ цæстытæн уыд фæлмæн æмæ хæлар каст. Диссаг уый у, æмæ, цæрæнбонты цы фæлмæндзинад хаста йемæ Исахъ, уый нæ фесæфта йæ карз низимæ тохгæнгæйæ дæр. Цас æмæ цас уыди йæ зæрдæйы хъарм! Куыд æнæвгъауæй йæ лæвæрдта адæмæн. Цал хатты йыл æмбæлдтæн, уал хатты-иу мæ фæндыд уыцы адæмуарзон артистæн арфæ ракæнын, истæмæй йын йæ зæрдæ барухс кæнын.
Тынг фæцыдысты мæ зæрдæмæ Исахъ æмæ йæ бинойнаг Зоя дæр. «Ма ‘фсæрмы кæн. Куыд дæхи хæдзары, афтæ дæхи дар ам дæр», — дзырдтой мын сæ дыууæ дæр, куы-иу сæм бацыдтæн, уæд. Ницы мæ ферох ис: сæ зæрдæагайæг ахаст, сæ фæлмæн ныхас… Алцыдæр — зæрдæбынæй.
Зæрдæйæ цы цæуы, зæрдæмæ дæр уый хъары…
Исахъ уыд æнæмаст, рæстзæрдæ адæймаг, кæстæртимæ фæлмæн, рæвдыд ныхасгæнаг. Алцыдæр цыд йæ зæрдæйæ, æмæ уымæн мæ зæрдæйы дæр йæ алы бакаст дæр, йæ алы ныхас дæр арф фæд ныууагътой… Уазæгыл — цингæнаг. Мисхалы бæрц æй истæмæй æрхъуыды кæн, æмæ дын дæ гыццыл æгъдау хохы йас скодтаид йæ рæвдыд ныхасæй. Фæстагмæ кæд йæ ныхас йæ дзыхы дзæбæх нал бадти, уæддæр-иу мын исты хъарм ныхас загъта.
Фæстаг хатт ма сæм куы уыдтæн, уæд мын дуары раз ныхъхъæбыс кодта, фæлмæн мæм бахудти æмæ загъта: «Хорз амонд дæ хай, мæ чызг». Уыцы хъæлæсы уаг, уыцы фæстаг ныхæстæ, уыцы хъарм хъæбыс мæнæй никуы ферох уыдзысты.
Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой: «Хорз адæймаг йæ адæмæй хæс дары. Хорз адæймаг йæ адæмы мæт æмæ сагъæстæй цæры». Ахæм адæймаг уыд Исахъ дæр. Адæмы рисæй йæ зæрдæ дурæфхæлд кодта, сæ цин та йæ амонды базыртыл бæрзонд иста. Исахъ йæ адæмæй хæс дардта, уымæн æмæ йæ рæсугъд аивадæй стыр кад æмæ стыр мæсыг самадта йæ Иры уарзон адæмæн. Исахъ уыд рæсугъд зæрдæйы хицау. Рæсугъд зæрдæмæ та маст тынгдæр хъары…
Хорз лæгæй фæцард Исахъ. Зынаргъ ын уыдысты йæ ирон адæм, сæ культурæ, æмæ йæ фæндыд уыдонæн кæстæриуæг кæнын, сæ фарныл сын фарн бафтауын, сæ кадыл — кад. Æмæ йæ адæм дæр уый тыххæй уарзтой æмæ уарзынц абон дæр.
Йæ уды фарн баззад уæлæуыл цæргæйæ. Æмæ йын мах уыцы фарн, уыцы хорздзинæдтæ агурдзыстæм, театры æмæ кинойы кæй сарæзта, уыцы сурæтты…
ДЗЫНЫХТЫ Анжелæ
https://растдзинад.рф/2020/03/16/zaerdaejae-tsy-tsaeuy-zaerdaemae-daer-uyj-hary-2.html
VIDEO
VIDEO
VIDEO
Гогичев Исак в воспоминаниях заслуженной артистки ЮОР Эвелины Гугкаевой. Здесь же рассказ о том, как Высоцкий и Гогичев пели "Додой" на траурной церемонии Книппер-Чеховой в МХАТе
VIDEO