Гуырдзыбеты Блашка
(1868-1905)
Ирон адæммæ Хетæгкаты Къостайы нæртон хъæлæс цы дзырды дæснытæ растын кодта, уыдонæй иу у Гуырдзыбеты Майрæмсауы фырт Блашка.
Райгуырд паддзахы æфсады афицеры хæдзары, фæци Павлодольскы райдиан ахуыргæнæндон, ахуыр кодта Стъараполы гимназы дæр, уый фæстæ – службæ Хъызлары Гребенаг 1-æм полчы, ахуыр – Стъараполы хъазахъхъаг юнкерты скъолайы æмæ офицеры куыст æфсæддон хæйтты суанг хæсты быдыры йæ амæлæты боны онг. Фылдæр – Ирыстонæй иппæрд, цæугæцард æцæгæлон адæмы æхсæн. Уæдæ куыдæй сси йæ дзыллæйы фæндырдзæгъдæг?
Дунейы ристæ иууылдæр поэты зæрдæ цæвынц. Блашка та уыдис курдиатджын зæрдæйы хицау, йæ дуне та, фыццаджыдæр, – йæ мæгуыр ирон адæм. Уыдон маст æмæ йын цин агуырдтой йæ фæндыры тæгтæ.
Уыны «кæуджыты» æмæ сæ фæдзæхсы Хуыцауыл, куры «Уæрдунгунтæн федар сæмæн, хуймонæн – федар рæтæн…» («Кувд»). Мæгуыр лæппуйы зæрдæйы уарзондзинад дидинæг рафтыдта; фæлæ ирæдаг – нæй, чызджы ахæсдзæн æхцаджын... Поэты тæрхон: «Думд фæууæд, думд, нæ жин æгъдау…» («Мæгур уосгор»). Низæн исы сидзæргæсы уавæр: «Ку нæбал дæн кустгъон кæрджинбæл рист къохæй!» («Саудари бон»). Мæгуыргуры хъысмæт ыл æфтауы æрхæндæг: «Фæндон- æ адзал унги æнæ ‘нгъуыд…»(«Мæгургор»). Хуыздæр нæ уыдзæн, сæрæн лæг уæвгæйæ, адæмæй чи фæхауæггаг, йæ бæстæ йæ мад чи хоны, фæлæ дзы фæлæууæн кæмæн нæй, уыцы абырæджы фæстаджы бон дæр:
Ка нцъолдзæнæй мæ цæштитæ
Мæнæн, хъурмæй ку мæлон?
Кенæ, стонгæй, цъæх æршитæ,
Кенæ надбæл нæ бæлццон. («Абæрег»)
Аргъау-кадæг «Сахи рæсугъд» поэты хуыздæр уацмыстæй иу. Рæстдзинад æмæ хæрамы тохы фæуæлахиз сыгъдæг уд, царды цин. Куырм фæндырдзæгъдæджы бындар Батырадз Сахы рæсугъд – Сæниаты баиргъæвта бæсты фыдбылыз Æвдиуы азарæй æмæ йемæ сиу кодта йæ амонд.
Лæг фенхъæлдзæн: ахæм кадæджы хъæрныхас, æвзыст æмæ карды дзæхстæй базмæлæн нæ уыдзæн. Нæ, ам удыхъæд равдисыныл æнцайынц ныхмæвæрдтæ æмæ нывæзт. Батрадз Æвдиуы ныхмæ куы рараст, уæд фыссæг нæ зæгъы, цирхъ райста, фæлæ: «Æ фæсонти – æ фæндур». Кард дæр æм, ай-гъай, уыд, фæлæ йæ раздæр басаста зарæгæй, зондæй, уæздандзинадæй. Æгас кадæджы ис æрмæст иунæг туджы ‘ртах: æндæр ын нал бахъуыд Æвдиуæн.
Дзыдтæй нывкæнæджы дæсныйадæн æвдисæнæн ацы поэмæ арæх фæхæссынц. Зæгъæм, лæгхоры бакаст:
Къупри – æ хъæстæ,
Æ цæсгом – сæмпæл;
Æ гуртæ – дорфæрстæ,
Æ закъæ – хæмпæл…
Кæнæ – цыма заргæ дæр æмæ кафгæ дæр строфа йæхæдæг кæны:
Кафтонцæ бадæнтæ,
Кафтонцæ фингитæ.
Кафтонцæ уасинтæ,
Кафтонцæ жингитæ…
Гуырдзыбеты Блашкайы ахадгæдæр, бæркадджындæр уацмыс у йæ комеди «Æдули».
Царды стыр хъуыддаг æвæрд ис сæ размæ…Губадтæ раздæр уыд уæздан – Хъасболы мыггагæй. Йæ мой – Бадзай Борхатæй – цауддæр мыггагæй. Йæ хъалæй йæм не ‘рхауд Губадтæ. Сты мæгуыр. Фæлæ ус мысы сæ мыггагон традицитæ, рагон цæрдтытæ. Æрмæст йæ къух ницæуылуал хæцы, йæ мойы загъдау, йæ дзабыры зыхъхъыртæй зынынц йе ‘нгуылдзтæ, уæддæр ма, фадаты, йæхи сивазид уæлæмæ.
Уарзы йæ хорз чызг Хан-Гуассæйы, кæд ын йæ зæрдæйы конд не ‘мбары, уæддæр: «Шилистæги æ берæ зонун кæнуй уæлдай дзорун». Цард исбоны бындурыл кæй у, уый йыл фæуæлахиз, сразы вæййы йæ хъæбулы бынтон ницæййагæн, хæрз æдылыйæн раттыныл. Раздæр фаудта Цæругты, зноны кусджытæ сты, зæгъгæ, фæлæ йын лæг куы ‘рдзырдта, мæгуырæй нын фервæзыны фадат ис, зæгъгæ, уæд пайда анымадта:
Кæд нин ратдзæнæнцæ æрмæги
Федауæггаг дæс соми,
Уой фæсте ба фондз мини æруæди,
Уæд дин кæнун æз соми,
Куд дæттун син мæ кижги,
Феронх уогæй мæ фиди!
Фыд бирæ джискъус нæ фæкодта Хан-Гуассæйы Цæругтæм раттыныл: бæзджын, дам, у сæ хæдзарæн йæ риу.
Хан-Гуассæйы нæй æмбарæг, уавæртæ йæ тынг æлхъивынц. Бар иууылдæр йæхимæ айста купон(æхца, пайда, æфтиаг, мулк), уый халы традицитæ, зондахаст, æвæры йæхи æгъдæуттæ. Чызг бауыдзæн йе ‘намонд хъысмæты амæттаг.
Мулк йæхиау бынтон æдзæсгом кæй скодта, уый у Тезадæ – æнæмагъз Æхшнирфы мад. Куыд пайдадæр у, уый – йæ барæн. «…догæмæ кæсæ…»–амоны йæ лæгæн æмæ йæхæдæг кæнгæ дæр кæны æрмæстдæр афтæ. Йе ‘взагыл арæх бады дзырд «хай», æмæ йын уый хуымæтæджы нæу: хай ратон, кæм дын æнтысы, уырдыгæй; дæхæдæг æй куы радтай, уæд та дзы исты рамбул, уæд та – дæ зондцух бындайраг – разагъды чызджы!
Йæ ныхмæ бæргæ лæууыди йæ мой Цæрай. Уый хорз æмбары цард, нæу разы мулчы тыхдзинадыл, нæ йæ фæнды Хан-Гуассæйы фæнамонд, йæ фырты ницæййагдзинадыл сæтгæйæ. Зæгъы Тезадæйæн : «Уæд кезги тæрегъæд ба?» Тезадæ срæцугъы: «Тæрегъæдтæ ку хинцай, нæхеон!»
Гъе, афтæмæй тæригъæд дæлджинæгæй баззайы, уарзондзинад æмæ æнæуарзондзинад нымады дæр нæ бахауынц, сæрыстырдзинад нынныгъуылы – йæ удхалæн тых, йе ‘дзæсгомдзинад равдисы исбонад, нырыккон æвзагæй дзургæйæ та капиталистон уаг. Уыцы уаг йæхи хорз равдыста Ирыстоны дæр – ХIХ æнусы кæрон æмæ ХХæнусы райдианы.
Пьесæйы ма ис дзырддзуангæнæг сылгоймаджы ирон тип – Уолмес .
Фыссæджы стыр курдиат ацы комедийы хуызæн никуы разынд. Архайджытæй алчидæр – тип, æвзаг – индивидуалондзинад, йæ нывæфтыд æмæ æхсæст сты цæвиттойнаг, стих – классикон йæ формæйæ дæр æмæ йæ хæрзхъæддзинадæй дæр.
Блашкайы æндæвта йæ адæмы хъысмæт, хорз ын æмбæрста йæ зæрдæ, иттæг арф зыдта адæмон сфæлдыстад, – æмæ уыдон уыдысты йе сфæлдыстады ратæдзæнтæй иу.
Тынг фæзынд Блашкайыл Хетæгкаты Къоста. Фыццаджыдæр Къостайы фæдыл цæугæйæ уый дæр, куыд арæхст, афтæ йæ фæндыр нывондæн хаста ирон адæмæн. Ахуыр ын кодта йæ поэтикон дæсныйад. Йæхи фæндыры тæнтæ æлвасгæйæ, уыцы фæндыр «уæлхъур царди мæтæй хъæбæрдæр» кæнгæйæ, Блашкайæн йæ хъустыл фыццагдæр уад Къостайы «Ирон фæндыр»-ы цагъд. Уымæн дæр «нæ дзыллæйы зæрдæ» уыдис йæ «хуымгæнды хай», зыдта йæхи хъару дæр, уыцы хуымгæнды йæ бон кæй у кусын, æмæ уый тыххæй загъта афтæ: «Хъал зайуй нæхе хуми дзурди тауæ æнæ нгъæл!». Ирон зæрдæты «фæззыгон найы» Блашкайы бæркад, æцæгдæр, у «хуæрзбæрæг». Йе ‘мдзæвгæтæй бирæ рæнхъытæ æддаг бакастæй дæр сты Къостайы рæнхъыты æнгæс: «Сог хæстайдæ æргъомæй…» («Сугтæ мын хæссис æргъомæй…»), «Уæддæр мин даридæ мæ цъухи æ сор реу æнæвгъау»). «Йæ дзидзи нæ ласта мæ дзыхæй, мæгуыр»), «Додой фæккæнайтæ, Турки æфсæдтæ…»(«Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ…»), «Сæрдæй, зумæгæй – пæлæз æ рагъи…» («Сæрдæй, зымæгæй, гуыбыр тызмæгæй…») æмæ æндæртæ.
Сæрмагондæй дæр иу æмдзæвгæйæ ссардта Къостайы ном («Къоста»). Хетæджы-фырт ирон дзыллæйы лæг кæй уыд, адæмы хъысмæт фæрогдæры сæраппонд йæ удæй арт кæй цагъта, уый хорз зыдта Блашка æмæ йын аргъ дæр кодта уыдæттæм гæсгæ. Хаты, Къоста кæй у ирон аив дзырды бындур сæвæрæг:
Ка сдзурдта, ниййергæй нæ мадæ
Адæммæ йе ‘взагæй дæуау?
Йæ поэтикон артдзæстмæ Блашка зынджы хай æрбахаста дунеон æмæ уырыссаг классикæйæ, фæцис Пушкины, Грибоедовы, Гоголы, Лермонтовы «æрмадзты», фæрогдæр дзы кодта йæ сис.
Нæ поэт тæлмац дæр кодта классикты. (Зæгъæм, М.Ю.Лермонтовы æмдзæвгæ «Тамарæ»).
Блашкамæ ис, разы кæмæй не стæм, ахæм фыстытæ дæр. « Сæребари манифест»-ы автор дзуры 1861 азы 19 февралы манифесты сæрыл, федта дзы йæ адæмы амонд:
Оссаг!Реги райстай сæребарæ,
Йисдæ паддзахæн йевгет,
Нир æфтауæ джиуарæ,
Цардæй исширдтай келбет!
Фæлæ уымæй рæдигæ кодта, нæ бамбæрста, Уæрæсейы зæхкусæг адæмтæ сайды кæй фесты, уый. Йæ царды уавæртæ афтæ раййæфтой, æмæ паддзахы æфсады службæ дæр нымадта, сæрыстыр уæвын кæмæй æмбæлы, ахæм хъуыддагыл; стыр кад æм каст Уæрæсейы паддзахдзинады сæрыл мæт:
Паддзахи æппæлд йеретæ
Уездон ижди ма кардæй!
……………………………
Гъæйтт, нæ муггаг, гъæйтт. Дигорæ,
Размæ цо нин, фæшевæд!
«Кувд», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйæ дæр хуыцауæй куры «Не ‘фсæддонтæн – федар кард».
Йæ адæмы кæд иттæг бирæ уарзы, се ‘цæг сæрибармæ сын бæллы æмæ ууыл зарæгæй тох кæны Блашка, уæддæр нæ иртасы паддзахы хицаудзинады фыдæх адæммæ. Фæлæ уырыссаг адæмы культурæимæ фæиу ирон адæмы хъысмæтвæндæгтæн пайда кæй у, уый банкъарын æвдисæн у йæ зæрдæйы хорз æмбудындзинадæн.
«Мæлæг æфсæддон» ын рауад йæхи мæлæт базонæгау…Дард, æцæгæлон бæсты хъазуаты фæмард, йæ хæстон ардыл чи нæ бавдисæн кодта («Æд кадæ фæццæун æз мæрдтæмæ»), уыцы хъæбатыр. Исчи куы фæуид йæ цуры, уæд утæхсæнгæнæг лæг арвитид йæ фæстаг ныстуан йæ мадмæ (…куд сомий æфстауи хуцауан, гъæуагкин нæ байзадтæн кадæмæ»), уæд бæргæ бафæдзæхсид йæ хоты, йæ бинойнаджы æмæ йæ «цъæх сабийы».
Афтæ, хъазуат скæнгæйæ, Японы хæсты фæмард Гуырдзыбеты Блашка йæхæдæг дæр 1905 азы 18 июны. Йæ мард ын дард Маньчжурийæ æрбаластой йæ райгуырæн Мæсхъæумæ (ныр – Ново-Осетиновское) æмæ йæ стыр кадимæ бавæрдтой.
Нæ поэты зондахаст йæ рæстæджы революцион змæлдимæ кæй нæ баиу, уымæн бамбарæн ис, йæ цардвæндæгтæм ын æркæсгæйæ. Стæй æнæуи дæр нæ культурæ æмæ аивады рагон минæвæрттæн се сфæлдыстадæн уыцы домæнмæ гæсгæ аргъ кæнын раст дæр нæ уаид. Диссаг уый у, æмæ, цæрæнбонты æфсады уæвгæйæ, æцæгæлон адæмты ‘хсæн фæцæргæйæ, Блашка ирон литературæйы классик кæй сси! Афтæ баст уыд йæ адæмимæ зæрдæйæ.
Сахъ лæг æмæ стыр поэт уыд Гуырдзыбеты Блашка, хæцыд кард æмæ сисæй. Хорз арæхст кардæй, фæлæ йын ирон адæмы æхсæн æнусон кад скодта зарæг. Йæ фæндыры тæнтæй райхъуыст ног зæл («нæуæг гъæр») æмæ уый цалынмæ ирон фæндыр цæгъда, уæдмæ нæ банымæг уыдзæн.
Цæрукъаты Владимир
Уац ист æрцыд чиныг: Критикон уацты æмбырдгонд. Дзæуджыхъæу: Ир, 1992. Ф. 142-146