ТЕЯ
« Мæ уарзон, мæ иузæххон адæмыл нæ фæстаг заманты уый бæрц бæллæхтæ æрцыдис, афтæ зын уавæрты бахаудысты æмæ цæмæй сæ зæрдæтæм фылдæр рухс бацæуа, уый тыххæй æз кусын æрвылбон, уый тыххæй у ме сфæлдыстад иууылдæр»
Челæхсаты Тея
Æрæджы мæ мæ хæлар, зындгонд ирон нывгæнæг Сабанты Степан, æрбахуыдта Мæскуйы ЦДХ-йы (Центральный дом художника) цы стыр нывгæнджыты равдыст уыдис, уырдæм. Цалдæр стыр залы дзы ахстой равдыст « Хуссар Уæрæсейы нывгæнджытæ».
Бирæ фæзылдыстæм уыцы галуаны залты æмæ къуымты. Æркастыстæм сæдæгай нывгæнджыты куыстытæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ дзы уыдис хорз куыстытæ. Фæлæ дзы бирæ уыдис ахæм куыстытæ, авангардизмы цавæрдæр хуызты нывтæ æмæ, раст зæгъгæйæ, мæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты.
- Фен-ма, – мæ къухыл мын ахæцыд Степан залы иу ранмæ куы бахæццæ стæм уæд,- фен ма не мзæххоны нывтæ! Мæнæ сæ автор дæр нæ размæ рацæуы!
Нæ размæ нæм рацыд рæсугъд, æрыгон сылгоймаг.
Афтæ нæ базонгæ кодта Сабанты Степан.
Афта базонгæ дæн не мзæххон Челæхсаты Тея æмæ йæ диссаджы сфæлдыстадимæ.
Бындæр мæ уацхъуыды æрхæсдзынæн цы аргъ кæнынц Теяйы сфæлдыстадæн аивад уарзджытæ.
Мæскуйы ирæтты æхсæнады разамонджытæй сæ зындгонддæр æмæ кадджындæр хистæр, стыр дохтыр, поэт æмæ композитор Торчынты Амырхан афтæ зæгъы Челæхсаты Теяйы сфæлдыстады тыххæй:
- «Ирыстон хъуамæ райгонд уа, ахæм куырдиатджын нывгæнæг нæм кæй фæзындис, уый тыххæй.
Йæ нывтæ, кæд сæ уынд, сæ сюжеттæ «хуымæтæг» зынынц, уæддæр сты тынг зæрдæмæдзæугæ æмæ, мæнæ диссаг!- чи сæм фæкæсы, уый райдайы йæ мыдбылты худын! Уый та дзурæг у стыр куырдиатыл! Мæ зæрдæ йын зæгъы бирæ хорздзинаддæ æмæ сфæлдыстады стыр æнтыстытæ!»
Нывгæнæг Сабанты Степан загъта:
- «Челæхсаты Тея нырма æрыгон нывгæнæг у. Фæлæ йæ куыстытæ æвдисынц, уый ныртæккæ кæй æссис стыр мастер, уый. Цы фæнды дæр дзурæд æмæ фыссæт критиктæ æмæ аивадиртасджытæ - Теяйы æссардта йæ бынат аивады ( нашла свою нишу в изобразительном искусстве), йæ куыстытæ, йæ нывтæ адæмы æмæ коллекционерты зæрдæмæ цæуынц æмæ йын сæ æлхæнынц. (приобретают). Уый та у, нæ разы стыр, куырдиатджын нывгæнæг кæй ис, уый æвдисæндар».
Мæмæ цымыдис фæкастис, куыд дзырдта Челæхсаты чызджы сфæлдыстады тыххæй гуырдзиаг нывгæнæг Омар Чхеидзе:
- «Рассматривая работы, написанные талантливой Келехсаевой Теей, легко угадывается, что их автор солнечный, доброжелательный и порядочный человек. К счастью, я знаком с нею и она на самом деле является таким человеком!».
Цæгат Ирыстоны иудадзыг минæварады пресс-службæйы кусæг Тменаты Зæринæ:
- «Мæ зæрдæмæ тынг цæуы Теяйы сфæлдыстад. Теайы нывтæй мæм ракæсы хур, йæ ахурæнтæ сты хъæздыг æмæ сæм куы фæкæсын, уæд мæ настроение фæхуыздæр вæййы. Йæ алы нывы дæр мæнмæ зыны нæ ирон колорит».
Учительница рисования из города Реутов Московской области Нелюбина Надежда:
- С большим интересом я познакомилась с работами Теи Келехсаевой. Бесподобные работы! Автор подкупает зрителей не размерами картин, не сложностью сюжета, а искренностью в каждой работе, неподражаемым колоритом! Бесподобны, написанные ею натюрморты!
Райгуырдис куырдиатджын Тея Гуырдзыстоны Ахметайы районы ирон хъæу Пичхуаны.
Йæ фыд Георги куыста инженерæй, прорабæй арæзтадты. Уый хорз æмбæрста ахуырæн йæ пайда, йæ сывæллæты æнææнкъуылымпыйæ ахуырыл æфтыдта. Скъолайы райдайæн къласты ахуыргæнгæ, Тея бирæ буарзта нывтæ кæнын йæ тетрады. Кæд-иу æм бирæ ахуыргæнджытæ скъолайы хæцыдысты, ма нывтæ кæн, зæгъгæ, уæддæр чысыл Теяйы тырнындзинад нывгæнынмæ бафиппайдта йæ ахуыргæнæг Цицино. Уый бацыд Теяйы ныййарджытæм æмæ сын загъта сæ чызгмæ кæй ис нывгæнæджы куырдиат æмæ цæмæй ма фесæфа уыцы тырнындзинад нывтæ кæнынмæ, уый тыххæй йæ кæй хъæуы фылдæр ахуыр кæнын. Ныййарджытæ рахастой уынаффæ æмæ Теяйы барвыстой ахуыр кæнынмæ Ахметайы сывæллæтты нывгæнджыты скъолама. Æрвылбон дæр уый, йе скъолайы урокты фæстæ, фæцыд-иу автобусыл Ахметайы горæтмæ сывæллæтты нывгæнджыты скъоламæ. Афта Тея фæахуыр кодта уыцы скъолайы æртæ азы.
Уыцы рæстæджы ,1991 азы, стыр цаутæ æрцыд нæ бæстæйыл. Гуырдзыстоны разамонджытæ куы ахæцыдысты Советон Цæдисæй «сæрибар» цардмæ, ирæтты куы райдыттой æфхæрын, æрмæст Хуыссары Ирыстоны цæрджыты нæ, фæлæ ма Гуырдзыстоны иннæ районты чи цардис, уыдоны, уæд Георги дæр йæ бинонтимæ ралыгъдис Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардис Заманхъулы хъæуы. Ацы хъæуы скъола каст фæцис куырдиатджын Тея. Кæдæм бацæуа ахуыр кæнынмæ дарддæр, уый рабарæг , йæ куыстытæ куы фенын кодта йæ зындгонд æрвад – нывгæнæг Челæхсаты Магрезæн, уæд.
- Æнæмæнгæй на Дзæуæджыхъæуы университетмæ,- йæ ныхас хъæбæрæй «алыг кодта» зындгонд нывгæнæг. Цæмæй хъæууон чызг мацæмæй фæтыхса, уый тыххæй Магрез нæ ауагъдта йæ бинонтæй Теяйы нæдæр фатер исынмæ, нæдæр студенты æмдзæрæнмæ. Афтæ цалдæр азы Тея йæ ахырмæ цыдис Магрезы бинонтæй æмæ хъуыддаг хорз чи нæ зыдта, уыдон æанхъæлдтой Тея Магрезы чызг у, зæгъгæ.
Зæрдææргъæвд студенткæ хорз ахуыр кодта, йæхимæ иста, цы «сусæгдзинæддæ йын амыдта йæ ахуыргæнæг профессор Бедойты Шалва æмæ иннæ ахуыргæнджытæ-нывгæнджытæ, уыдон иууылдæр. Ам та, университеты аивады факультеты, ахуыр кæнынц, цæмæй ма студенттæ, нывгæнæджы дæсныйадыл ахуыр кæнынимæ, сахуыр уой «раст» хъуыды кæнын цардыл, нæ рæстæджы уавæртыл. Ардыгæй уагъд рацæуынц æцæг патриоттæ, йæ бæстæйы, йæ Иры кадæн тыхтæ æмæ йæ хъару чы дæтты, ахæмтæ.
Университеты ахуыр куы фæцæйхæццæ кодта кæронмæ, уæд рабæрæг, иумæ къурсы цы куырдиатджын лæппу – Тедеты Димитримæ ахуыр кодта, уыйимæ сын кæй ис бирæ имæйаг хъуыдытæ, бæлиццтæ. Сыгъдæг уарзондзинады сыуадон сæ бахуыдда ирон чындзæхсæвмæ - Димитр æмæ Тея систы иу бинонтæ. Куырдиатджын нывгæнджытæн райгурдис æмæ рæзы диссаджы фырт Арсен
Иу-цалдæр азы размæ Мæскуйы ЦДХ равдысты рæстæджы, Тея æмæ йæ æмкъай Димитрийы куыстыты феныны фæстæ , авторты æрцагуырдта иу лæг- аивадуарзæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй уый уыд Бельгийы паддзахады цы уырыссаг культурайы хæдзар ис, уый директор Александр Лапушинский.
Уый æрбахуыдта Димитр æмæ Теяйы Бельгимæ сæ нывтæй равдыст саразынмæ.
Мингай адæмтæ федтой нæ куырдиатджын æмзæххонты мидисджын куыстытæ. Уыцы ранæй сæ ахуыддой Германимæ. Стыр аивады галуаны сын сарæзтой сæ равдыст, скодтой сын тынг хорз уавæртæ сæхицæн æмæ сын загътой: «кусут!», зæгъгæ.
Тынг æнтыстджынæй ахицæн ацы равдыст дæр. Тынг бирæ адæм арвылбон дæр цыдысты равдыстмæ. Тынг дис фæкодта Тея, талмацгæнæджы фæрцы-иу куы аныхæстæ кодта равдыстмæ чи æабацыд уыцы немыцæгты.
«Уæ зæрдæмæ цæмæн цæуынц мæ куыстытæ?,- афтæ- иу куы афарста немыцæгты, уæд-иу ын арæх загътой: «Ацы нывтæ мах цардæй райстай!»,- зæгъгæ.
Бельги, Германы, Люксембурджы цы равдыстыты архайдтой Тея æмæ Димитр, уыдоны фæрцы бирæ Европæйы цæрджытæ дæр базонгæ сты нæ æмзæххонты сфæлдыстадимæ. Бирæ фæсарæны цæрджытæ балхæдтой Тея æмæ Димитры куыстытæ.
Уæрæсейы дæр бирæ колекционертæ райстой (балхæдтой)(приобрели) Теайы нывтæ. Уæрæсейы зындгонд коллекционер Дмитрий Бугаенко балхæдта Теайы нывтæй 18!
Создатель сети итальянских ресторанов Петр Шедровицкий для украшения всех своих ресторанов приобрел работы Теи Келехсаевой.
- «Кæй зæгъын æй хъæуы,- дзуры Тея,- æз сæрыстыр дæн мæ куыстытæ мын кæй балхæдтой музейтæ æмæ коллекционертæ. Уыдон сты: США (АИШ), Бельгийы, Германы, Голландийы, Францы, Ног Зеландийы, Англисы, Италийы, Хуссар Корейы æмæ æндæр рæтты. Фæлæ мын иуæй-иу хатт афтæ зын вæййы, мæ куыстытæ мын фæсарæнтæм куы аласынц уæд æмæ мæ цæсты сыг нал бауромын».
Челæхсиан у æцæг патриот, йæ Фыдыбæстæ, йæ адæмы тынг чи уарзы, ахæм æрыгон сылгоймаг. Фылдæр рæстæг Мæскуйы цæргæ, уый тынг лæмбынæг кæсы куыд æмæ цавæр уавæрты цæрынц нæ ирон адæм Цæгæт æмæ Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстоны районты. Ирыстонæй алы хорз хабарыл дæр фæкæны цин. Сæрыстырæй фæдзуры куы йæ фæфæрсынц, уæд «Æз ИРОН нывгæнæг дæн!», зæгъгæ.
Мæ фарстатæн дзуапп дæтгæйæ, Тея загъта йæ хъуыдытæ йæ сфæлдыстады, йæ фидæны тыххæй:
« Мæ уарзон, мæ иузæххон адæмыл нæ фæстаг заманты уый бæрц бæллæхтæ æрцыдис, афтæ зын уавæрты бахаудысты æмæ цæмæй сæ зæрдæтæм фылдæр рухс бацæуа, уый тыххæй æз кусын
æрвылбон, уый тыххæй у ме сфæлдыстад иууылдæр.
Цы уыдзæн фидæны, куыд аивдзæнис мæ куыст, ме сфæлдыстад, уый æз нæ зонын. Ацы рæстæджы, мæ мæгуыр адæмæн мæн фæнды ныффыссын ахæм нывтæ, кæцæй сæм ракæсы (а?) хур. Куыд уыныс афтæ, æз иу ныв дæр нæ ныккодтон хæсты тыххæй. Мæ нывтæм кæсгæйæ адæймаг йæ мидбылты куы бахуды, куы дзы ферох уа йæ уæззау царды уавæр, уымæй хуыздæр лæвар мæн нырыккон рæстæджы нæ хъæуы. Уадз æмæ уал мæ адæмæн сæ зæрдæйы хъæдгæмттæ бадзæбæх уой! Уый тыххæй та æз кусдзынæн мæ бон куыд у, афтæ!».
Зынаргъ газетмæкæсæг, зынаргъ æмзæххон! Мæскумæ куы бахауай, уæд ма фæзивæг кæн – бацу-иу Мæскуыйы ЦДХ æмæ-иу фен ирон бинонтæ Тедееты Димитр æмæ Чилæхсаты Теяйы диссаджы нывтæ! Алы нывæй дæр, чи сæм фæкæсы, уыдонмæ, цыма хур фæкæсы, цыма рагон зонгæйыл фембæлддæ, афтæ фæзыны, æмæ, æцæгæй дæр, - лæг ( или - нывтæм кæсæг) йæ мидбылты фæхуды!.
Хуыбецты Олег