Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ИРЫ ИСТОРИ (2-аг хай)
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

2-аг хай. 

 

ВИЗАНТИÆГТЫ ДУГ 

Гунн æрбахызтысты Идылæй 372 азы Чырыстийы фæстæ, 441 азы та фæзындысты Балхъаны бæстæ 90, æмæ амæй зыны, гунн семæ цы иры айстой, уыдон дæр уымæй фыццаг дæр кæй нæ бацыдысты Хурныгуылæн Европæмæ. Фæлæ 58 аз уый агъоммæ чи царди, уыцы ромаг император Грацианмæ уыди æгас полк ирон æфсад 91, æмæ уый æвдисы, ир гунны агъоммæ ромаг императормæ хъуыддаг кæнынмæ кæй райдыдтой цæуын арæхгомау. 

Ир цыдысты хъуыддагмæ византиаг императормæ дæр, æмæ уым афтæ сарæх сты, æмæ сæ тæрсын дæр ма байдыдтой 92. Византиа Ромæй бирæ хæстæгдæр уыд Ирмæ, æмæ уый тыххæй фыццаджыдæр ир уырдæм цæуын байдыдтаиккой. 

 

Куыд уынæм, афтæмæй гунны агъоммæ ир райдыдтой хъуыддагмæ цæуын Ром æмæ Византимæ. Æмæ цас тынгæй-тангдæр цыдысты ир уырдæм, уыйас ирон дзыллæ æдыхæй-æдыхдæр кодта, æмæ гот æмæ гуырдзы, стæй та гунн дæр афтæ æнцон иры уый тыххæй абырстой. Уымæй фалæмæ уый æрхаста ирæн ноджы фыддæр зиан: ромæгтæ æмæ византиæгтæ æдзæсгом, æнаккаг уыдысты, æмæ сæ астæу цæргæйæ ир уыдоны æнæ фæзмгæ нæ уыдаиккой, уымæн æмæ, чи кæмæн хъуыддаг кæны, уый фæзмы. 

Афтæмæй, уыдоны фæзмгæйæ, ир чысылгай уыдон хуызæн кодтой æнаккаг, æдзæсгом, æмæ фæстæмæ хи бæстæм афтæмæй здæхгæйæ сæ фыдзонд чысылгай æфтыдтой æгас ирыл. Æмæ куыд фæстагмæ, æнаккаг æмæ æдзæсгом кæнгæйæ, намыс нал баззад ирмæ. Намыс кæмæ нал вæййы, уыцы адæм та сæ Хуыцау ферох кæнынц, æмæ уæд кæцыдæриддæр йæхицæн пайдадæр æмæ æдасдæр цы у, æрмæст уый кæны. Пайда æмæ æдас та уый у, æрмæст хи мæтæй цæрын æмæ тыхджындæртæн кувын, æдыхдæрты æргæвдын. Ахæм адæм тыхджындæрты Хуыцауæн бакувынц, уыдон диныл ацæуынц, æмæ уæды ир дæр бакодтой афтæ æмæ бакуывтой византиæгты Хуыцауæн, уымæн æмæ уыдон тыхджындæр уыдысты. 

 

6-æм æнусы Чырысгийы фæстæ византиæгты дин ахæлиу Ирыстоны 93, æмæ уымæй дæр бæрæг у, ир византиæгты фыдзонд кæй бафæзмыдтой, намыс сæм кæй нал баззад æмæ сæ Хуыцау, сæ дины кæй ферох кодтой. Æхца сси иры хуыцау уыцы рæстæджы, æмæ фылдæр æхца чи лæвæрдта, уымæн уæй кодтой сæ хъару, сæ уд. Тæккæ уыцы рæстæджы перс æмæ византиæгтæ Фæскавказы тыххæй сæ кæрæдзиимæ хæцын байдыдтой 94, æмæ ир куы сæ иуы, куы се 'ннæйы фарс фесты: 528 азæй 542 азы æхсæн персы тыххæй ир абырстой Гуырдзыстоны æмæ уый бафтыд персы къухы 95. 

 

Фæлæ стæй византиæгты фарс фесты æмæ 549 азы схæцыдысты уыдон тыххæй персимæ 96. Уымæн йæ дыккаг азы аппæрстой византиæгты æмæ ногæй персы фарс фесты 97. Фæлæ та персыл дæр сайдæй разылдысты æмæ фæстæмæ византиæгты æмбал баисты, уыдон император Устин II куы сси, уæд 98. Æмæ æхцайы фыдæй ир сæ туг афтæ куы калдтой искæй номыл, Идылы быдырты та хазар фæзындысты æмæ Ирыстоны бырсын байдыдтой. Æнахъаз искæй тыххæй сæ туг уадзгæйæ, иры тых уæдмæ байсысти æмæ хазарæй сæхи хъахъхъæнын нал бафæрæзтой. Афтæмæй, 579 азы Чырыстийы фæстæ хазар абырстой иры æмæ сыл æлдарад кæнын байдыдтой 99. 

 

ХАЗАРЫ ÆМÆ АРАБЫ ДУГ 

626 азы Чырыстийы фæстæ хазар ахызтысты Арвыкомыл хæхтæй, бабырстой Гуырдзыстоны æмæ айстой Калачы 100. 

Амæй æргом бæрæг кæны, хазар канд быдираг иры нæ, фæлæ хæххон иры дæр кæй абырстой, уымæн æмæ хæххон ир сæрибар куы уыдаиккой, уæд сæ æнæбандзæвгæ хæхтыл се знаг хазары нæ ауагътаиккой. Хазар иры куы абырстой, уæд сæ паддзах Турксант грекъæн йæхи афтæ стыдта: «Акæсут-ма, адæмтæ хурскæсæнæй хурныгуылæнмæ нæ къухы сты, акæсут-ма ирмæ, уыдон кæд тынг бæгъатыр сты, уæддæр, немæ куы схæцыдысты, уæд ницы бафæрæзтой æмæ нæ къухы сты» 101. 

Амæй уынæм, кæд уый агьоммæ æнахъаз хæстытæй ирæн сæ тых байсысти, уæддæр ма сæ бæгьатырдзинадæй знæгты дис кæнын кодтой, æмæ æнцон абырсæн кæй нæ уыдысты хазарæн. 

 

Ир хазары къухы куы бафтыдысты, уæд сæ уыдон сæхи тыххæй райдыдтой хæстмæ æрвитын — византиаг сахартæ исынмæ 102, фæлæ араб, адæмты бырсгæ, Фæскавказмæ куы 'рцыдысты, æмæ уый уыдонæй хъахъхъæнгæйæ, византиæгтæ семæ куы схæцыдысты, уæд ир византиæгты æмбал уыдысты 103, æмæ амæй зыны, ир уæд хазары къухы кæй нал уыдысты æмæ сæхи бар кæй уыдысты. 

8-æм æнусы райдайæнæй ир æххуыс кодтой византиæгтæн 104, æмæ ай æвдисы, хазары къухæй ир сæхи 7-æм æнусы кæй суæгъд кодтой, уый. Грекъаг чингуытæ куыд æвдисынц, афтæмæй ирмæ 8-æм æнусы райдайæны уыди сæрдар Итаз, кæцы уыди византиæгты императоры хуыздæр лымæн 105. Гуырдзиаг историк Джанашвили куыд раргом кодта, афтæмæй та, иры нæртон паддзах Алгъуыз 8-æм æнусы царди 106. 

Амæй æргом кæны, ир хазары къухæй куы суæгъд сты, уæд хи паддзахад кæй æрцарæзтой, уый. 

 

Иры паддзах Алгьуыз абырста кæсæджы (кæсæг уæд цардысты Лабæйæ Сау денджызы æхсæн), цæцæны, хъуымыхъы æмæ ноджы æндæр адæмты 107. Амæй уынæм, Алгьуыз-паддзахы дуджы Цæгат Кавказ денджызæй денджызмæ иры къухы кæй бафтыд, æмæ ир уæд Кавказы тыхджындæр адæм кæй уыдысты. 

735 азы Чырыстийы фæстæ араб абырстой иры 108. Уый фæстæ араб схæцыдысты хазаримæ, æмæ куы сæ иу, куы се'ннæ кодта тыхджындæр, фæлæ æппынфæстаг фæсæр сты араб æмæ 851 азы хазарæй бирæ адæм акодтой семæ 109. Афтæмæй сæдæ азæй фылдæр ир хъиамæт фæкодтой арабæй хазары æхсæн, æмæ æргом кæны, Алгьуыз-паддзах, 8-æм æнусы цæргæйæ, 735 азы фæстæ кæй нæ царди, фæлæ уый фыццаг, уымæн æмæ, дыууæ арты астæу уæвгæйæ, иры бон уый фæстæ не суыдаид искæй абырсын нæ, фæлæ хи хъахъхъæнын дæр. 

Ир æмæ византиæгтæ, æмварс уæвгæйæ, арабимæ куы хæцыдысты, уæд Кавказы иннæ адæмтæ та арабы фарс уыдысты 110, æмæ уый тыххæй уыдон иримæ æнæ хæцгæ нæ уыдаиккой уæд. Æмæ сæ Алгьуыз-паддзах бырсгæ дæр æвæдзы уымæн акодта, цæмæй сæ бæллæхæй фервæзын кæна иры. Фæлæ сæрибар хæххон адæмтæ иры æлдарадыл искуыма сразы уыдаиккой, æмæ æрæджиау араб иры куы бырстой, уæд хæххон адæмтæ, цæмæй фервæзой иры къухæй, уый тыххæй æвæдзы сыстадысты ирыл æмæ фылдæр уый фæрцы абырстаиккой араб иры. 

 

Араб иры куы абырстой, уымæй 11 аз куы раивгъуыд, уæд (744 азы) хазар Арвыкомæй ахызтысты фæсхохы æмæ бабырстой Гуырдзыстоны . Амæй æргом кæны, араб иры куы абырстой, уæд тагъд уый фæстæ хазар арабыл кæй фæтыхджындæр сты æмæ сæ Цæгат Кавказæй кæй фæтардтой. Арабмæ маст даргæйæ, ир дæр уæд æнæххуыс нæ фæуыдаиккой хазарæн, æмæ арабы тæргæ дæр Цæгат Кавказæй уый фæрцы фæкодтаиккой хазар. Фæлæ хæст ууыл нæ банцади. Æмæ æппынфæстаг фæсæр сты араб, сæ разæй фæлыгьдысты хазар 112, æмæ уæдæй фæстæмæ æнæ къуылымпы æлдарад кодтаиккой араб Цæгат Кавказы, цалынмæ сæ ацы ранæй нæ фæтардтаиккой ир. 

 

Арабы чингуытæ куыд зæгъынц, афтæмæй 851 азы (Чырыстийы фæстæ) араб хъавыдысты Ирыстонмæ бацæуын æмæ сын уый нæ бантысти. Уый дыккаг аз араб хъавыдысты Ирыстоны бабырсын, фæлæ сын уый дæр нæ бантыст 113. Амæй бæрæг у, ир уæд арабы къухы кæй нал уыдысты, фæлæ сæ араб уæлдæр ма æрсабыр кæнынмæ кæй хъавыдысты æмæ уый сæ бон кæй нал уыди. 

Грекъы чингуытæй зыны, 10-æм æнусы райдайæнæй ир сæрибар кæй уыдысты æмæ сæм хи паддзахад кæй уыди 114. Амæй дæр æргом кæны, 9-æм æнусы арабы къухæй ир сæхи кæй суæгъд кодтой æмæ ногæй хи паддзахад кæй æрцарæзтой уæд. 

 

Куыд уынæм, афтæмæй ир хазары къухæй сæхи куы суæгъд кодтой, уæд схæцыдысты арабимæ æмæ уыдоны æмбал хæххон адæмтимæ, фæлæ баурæдтой арабы æфсæрсты дæр, абырстой хæххон адæмты дæр æмæ равдыстой уæд нæртон тых. 

Амæй æргом кæны, хазары къухы уæвгæйæ, ир сæ фыццаг низæй кæй сдзæбæх сты æмæ фæстæмæ Хуыцауæй тæрсын кæй базыдтой, сæ кæрæдзийыл хæцын кæй байдыдтой æмæ сын уый стыр тых кæй радта. Фæлæ кæй абырстой, уыцы хæххон адæмты сæ къухмæ кæй айстой, уымæй рæдыд æрцыди ирыл, уымæн æмæ тагъд уый фæстæ араб иримæ ногæй куы схæцыдысты, уæд иры арабимæ хæцын дæр хъуыди, бырст адæмтыл хæцын дæр, æмæ лæг кæй абырса, ууыл хæцгæ куы кæна, уæд æндæримæ схæцын йæ бон куыд нæу, Иры хъуыддаг дæр уæд афтæ уыди, æмæ æрæджиау уый фæрцы фæсæр сты араб ирыл. 

Ир арабæй пысылмон дин нæ айстой 115, æмæ уый æвдисы, ир арабы рæстæджы æцæгдæр лæмагъ адæм кæй нæ уыдысты æмæ знаджы къухы дæр сæхи хъахъхъæнын кæй зыдтой. Уый уæлдай диссаг уымæн у, æмæ араб уæд кæй бырстой, уыцы адæмтæ иууылдæр цыдысты уыдон диныл, æмæ кæд ир, уыдон къухы уæвгæйæ, уыдон диныл нæ ацыдысты, уæд уый æвдисы, ир уæд удыхъæдæй къæдзæхау фидар кæй уыдысты æмæ сæ дин, сæ æгъдæуттыл кæй хæцыдысты фидар. 

 

ГУЫРДЗЫЙЫ ДУГ 

10-æм æнусы фыццаг æрдæджы византиæгты император Иры паддзахы йæхи æмхуызон уыдта, Ирæй фалæмæ Кавказы æмæ Фæскавказы адæмты паддзахтæн та уынаффæ кодта 116. Амæй уынæм, Кавказы æмæ Фæскавказы адæмты сæр кæй уыдысты ир уæд æмæ Европæйы тыхджындæр дзыллæты æмрæнхъ кæй лæууыдысты. Афтæмæй тыхгæнæг æрцæугæ арабы къухæй ир сæхи куы суæгъд кодтой, уæд ногæй аивæзтой сæ уæнгтæ æмæ Кавказы сæйраг адæм систы. 

Хазар, печенег, тмутаракан, кæсæг, абхаз æмæ хъуымыхъ уæд иры сыхаг уыдысты 117. 

Хазар цардысты уæд Идылы быдырты, печенег — Донæй Дунаймæ 118, тмутаракан ахста Кавказы хурныгуылæн къуым (Таманский полуостров), кæсæг уæд цардысты Хурныгуылæн Кавказы хæхты Сау денджызы фарсмæ 119. Абхаз, хъуымыхъ æмæ дагестан уæд дæр сæ ныры бынæтты уыдысты. 

Афтæмæй ир уæд ахстой Цæгат Кавказ хæхтæй Доны æмæ Идылы онг, Азов-денджызæй Каспийы денджызы æхсæн. Амæй уынæм, ир куы аивæзтой сæ уæнгтæ, уæд сæ зæххы арæнтæ ногæй кæй афалдæр кодтой æмæ сæ фыццаг тыгъд быдыр фæстæмæ кæй æрцахстой. Фæлæ 10-æм æнусы фæстаг азты цыдæр бæллæх æрцыди ирон паддзахадыл, уымæн æмæ, гуырдзиаг чингуытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Иры æлдæрттæ уæд кæрæдзиимæ схæцыдысты æмæ æппынфæстаг фæтыхджындæр и сæ иу — Ордуре, æмæ Иры паддзах сси 120. 

Æлдæртты схæцыны агъоммæ цы паддзах уыди, уый, æвæдзы, йе маргæ ачынди, йе та йæ фæстæ фырт кæнæ æфсымæр, йæ бынат чи æрбадтаид, ахæм нал баззад, æмæ афтæмæй Иры паддзахад æнæ сæрæй куы баззад, уæд паддзахады тыххæй æнæ фæбыцæу нæ уыдаиккой æлдæрттæ æмæ кæрæдзиимæ дæр уымæн схæцыдаиккой. 

Фæлæ Ордуре гуырдзиаг паддзахы мыггагæй уыди, æмæ Иры паддзах куы сси, уæд Ирыстоны дæр гуырдзиаг паддзахады уагыл æрцарæзта æмæ йæ æлдæртты паддзахад (феодальное государство) скодта 121. 

Уæдæй фæстæмæ æлдæрттæй алчидæр йæхи бар сси æмæ райдыдтой иуæй сæ кæрæдзиимæ быцæу кæнын, иннæмæй сæ адæмы æргæвдын 122. Æлдæртты астæу тыхæй уæд рабæрæг сты æртæ мыггаджы: Сидамонтæ, Цæразонтæ æмæ Кусæгонтæ 123. Ирыстоны фидар мæсыгтæ æмæ галуантæ уæд фæзындысты, аргьуантæ æмæ манастыртæ уæд сарæх сты 124. 

Фидар мæсыгты æмæ галуанты фæрцы æлдæрттæ сæ адæмыл фидар хæцыдысты æмæ æнæбаныдзæвгæ фидарты æдасæй цæргæ, адæмы фæллойæ минас кæнгæйæ сæхицæн цардысты хъæлдзæг 125. Аргъуантæ æмæ манастыртæ уæд арæхдæр, æвæдзы, уымæн систы, цæмæй сæ фæрцы сæтта адæмы маст æмæ фæразой æфхæрдæн. 

Æлдæртты сæр-паддзах гуырдзыйырдæм хæцыди æмæ уыдон тыххæй нæ ауæрста иры тых. Афтæ: гуырдзы Хъарабахы адæмимæ куы хæцыдысты, уæд Иры паддзах Дурдулей 40 мин ирон æфсадимæ ралæууыди гуырдзыйы фарс, æмæ гуырдзы уый фæрцы рамбылдтой хæсты 126. 1121 азы Турк Гуырдзыстоны куы бабырстой, уæддæр та ирон æфсæдтæ æххуыс кодтой гуырдзыйæн 127. Ирон паддзах Давид-Сослан кæй мой уыди, уыцы гуырдзиаг ус-паддзах Тамарæ Гуырдзыстоныл бафтыдта Хуссар Йрыстоны 128, æмæ амæй зыны дзæбæх, уæды ирон паддзæхтæ Ирыстоны мæт куыд кодтой, уый, уымæн æмæ Давид-Сослан куы не сразы уыдаид, уæд йæ ус Тамарæ Ирыстонæй ахæм гæбаз нæ атыдтаид. 

Иу ныхасæй, уыцы дуг æлдæртты дуг уыди æмæ ирæн уæд сæ бон дæр ницыуал уыд, сæ хъару дæр æмæ, æлдæртты кусæг уæвгæйæ, цагьайраджы дуг æрвыстой уæд, æмæ сыл уыцы хуызæнæй Хуыцау Чингисханы æфсæдты æрбахаста. 

 

МОНГОЛЫ ДУГ 

1218 азы Чингисханы æфсæдтæ æрбацыдысты Фæскавказмæ, бабырстой Гуырдзыстоны æмæ 1221 азы айстой Калачы 129, стæй хъавыдысты хæхтыл цæгатырдæм ахизын дæр, фæлæ сæ ир Арвыкомы баурæдтой 130, æмæ уæд монгол хурыскæсæнырдæм фæзылдысты æмæ æфсæн дуар Дербенты рæзты æрбацыдысты Цæгат Кавказмæ 131. Ир æмæ кипчак ралæууыдысты сæ размæ, фæлæ сæ монгол кæрæдзийæ фæхицæн кодтой æмæ сæ радыгай абырстой 132. Уый фæстæ тæтæр ныххафтой быдираг иры 133 æмæ цæгатырдæм ацыдысты Уæрæсемæ, стæй хурыскæсæнырдæм фæзылдысты æмæ аздæхтысты Астæуккаг Азимæ, фæлæ 13 азы фæстæ уыцы ранæй раздæхтысты æмæ абырстой Уæрæсе кæрæй-кæронмæ, æрбынат кодтой Идылы быдырты æмæ уыцы ранæй Кавказы бырсын ногæй райдыдтой. Фæлæ цалынмæ монгол фæстæмæ здæхтысты, уалынмæ ир æрæмбырд кодтой сæ тых æмæ ацы хатт сæттын нал бакуымдтой монголæн. Уый уымæй æргом кæны, æмæ, Рубриквис куыд зæгъы, афтæмæй уый Хъырымæй монголы ханы сахармæ 1252 азы куы цыди, уæд сæрибар уыдысты æмæ монголимæ хæцгæ кодтой 134. 

 

Æрмæст 1277 азы абырстой монгол иры æмæ сæ райдыдтой хъалон исын 135. Афтæмæй ир куы æрæмбырд кодтой сæ тых, уæд дыууиссæдз азмæ æввахс лæгæй-лæгмæ фæхæцыдысты дуне бырсæг монголимæ æмæ сын нæ бакуымдтой æнцонты сæттын. 

Гуырдзиаг чингуытæ куыд зæгъынц, афтæмæй 13-æм æнусы фæстаг азты хуссар ир сыстадысты Сæ гуырдзиаг æлдæрттыл, æмæ уый асайдта стыр хæст ирæй гуырдзыйы æхсæн. Иры астæу уæд фæзынди нæртон фæтæг Ос-Бæгъатыр, кæцы райста Гуырдзыйы Гори-сахар æмæ йæ Ирыл æрфидар кодта. Байста Гуырдзыйы Карталины æмæ Триалеты бæстæ æмæ фæтардта уыцы ранæй гуырдзиаг æлдæртты 136. 

 

Ос-Бæгъатыр абырста Кавказы æмæ хæцыди цыппар паддзахадимæ 137. Уыцы цыппар паддзахадæй иу Гуырдзыстон уыди, иннæ та Монголы паддзахад уыдаид, уымæн æмæ Кавказ уый агъоммæ монголы къухы уыди, æмæ йæ ир кæй айстой, уый æвдисы бæлвырд, монголы къухæй ир сæхи дæр кæй суæгъд кодтой, монголы Кавказæй тæргæ дæр кæй акодтой. 

Афтæмæй ир уæд Ос-Бæгъатыры фæрцы суæгъд кодтой сæхи гуырдзиаг æлдæртты къухæй æмæ Карталины æмæ Триалеты бæстæ Гуырдзыйæ байстой, адæмты бырсæг монголæй суæгъд кодтой сæхи æмæ сæ фæтардтой Кавказæй, æнæ бандзæвгæ хæхты цы адæмтæ царди, уыдоны абырстой æмæ Кавказы хицау систы. 

 

Иры æфсæдтон зарæг уæд арыдта хæхты, быдырты. Ос-Бæгъатыры хъазуатæй рызтысты сау айнæг къæдзаехтæ. 

Иры къухæй уæд рацыди нæртон хъуыддæгтæ, æмæ уыдон уæлдай диссаг уымæн сты, ир уый агъоммæ цагъды дæр, дыууæ адæмы къахы бын дæр кæй фесты æмæ сæм уæддæр ныфс æмæ лæджыхъæд кæй разынди тыхгæнджытыл ралæууынмæ 138. 

 

Иры фæтæг Ос-Бæгъатыр раскъæфта гуырдзиаг паддзахы хойы 139, фæлæ йыл гуырдзиаг паддзах хинæй разылд. Ахуыдта йæ Мцхетмæ, æмæ йæ афтæмæй иунæгæй куы ссардта, уæд æй амарын кодта æмæ йæ доны баппарын кодта 140. Уый фæстæ ралæууыди ирыл æмæ сын се'фсæдты ныццагъта 141, хохæрбахизæнты онг бырсгæ æрбахæццæ æмæ айста Хуссар Иры 142. Афтæмæй ир сæ нæртон фæтæгæй афтидæй куы баззадысты, уæд уый тагъддæр гуырдзы ныппырх кодтой иры æфсæдты, æмæ уый æвдисы, Ос-Бæгъатыры фæстæ ахæм фæтæг кæй нал разынди ирмæ, стæй алырдæм хæцын кæй байдыдтой уайтагъддæр. 

1318 азы Монголы паддзах Узбек-хан уыди Иры сæйраг сахары æмæ амарын кодта уым иу уырыссаг къниазы 143. 

 

Амæй æргом кæны, цæгат ир уæд монголы къухы кæй уыдысты, уымæн æмæ афтæ куы нæ уыдаид, уæд Иры сæйраг сахары монголы хан цы агуырдта æмæ уым цæмæн амарын кодта уырыссаг къниазы? Амæй уынæм, Ос-Бæгъатыры фæстæ цæгат иры ногæй монгол кæй абырстой æмæ Ирыстоны хицауад кæнын кæй байдыдытой. Тæтæр сæ зæрдæ кæуыл дардтой, ахæм ирæтты ныссагътой Ирыл хицауад кæнынмæ 144. Ахæмтæ, тæтæрыл æгæр архайгæйæ, æвæдзы адæмы сæ бæстæй лидзынты фæкодтой, æмæ ир уæд арæхгомау фæлыгъдысты Сау денджызы быдыртæм, стæй мингæйттæ Византимæ ногæй цæуын байдыдтой æмæ, уым хъуыддаг кæнгæйæ, фесæфтысты 16 мин лæджы 145. Афтæмæй Ирыстон сафтид и йæ адæмæй дæр, афтидæй баззади йæ хуыздæр фæсивæдæй дæр, æмæ лæгæн йæ туг куы рауадзай, уæд дзы хъару куыннæуал баззайы, афтæ Ирыстоны дæр æппын нал баззади тых æмæ йæ 1395 азы æнцон ныххафтой Тамерланы æфсæдтæ 147. 

 

Уый фæстæ быдираг ир стæнæг сты æгасæй, фæлæ Тамерланы бырстæй смæллæг сты иры сыхæгтæ дæр, уæлдайдæр та монгол (тæтæр), æмæ уый фæрцы иу дзæвгар уый фæстæ дæр ма ир баурæдтой быдыры сæхи. Уый уымæй æргом кæны, æмæ 1436 азы Таны (ныр Ростов кæм лæууы, уый фыццаг Тан уыди) чи уыди, уыцы Иосафат Барбаро куыд зæгъы, афтæмæй ир уæд цардысты куыд хæхты, афтæ быдыры дæр, æмæ сæ бæстыл арæх уыди обæуттæ 148. 

Нæхуыдтæг куыд зонæм, афтæмæй Цæгат Кавказы тыгъд быдыры обæуттæ бирæ ис, æмæ уыцы обæуттæ уыдаиккой, Иосафат Барбаро кæй кой кæны, уыдон. Амæй зыны, ир уæддæр ма Цæгат Кавказы тыгъд быдыр кæй ахстой, уый. 

 

1453 азы турк Стамбулы куы айстой, уæд Хъырымы хантæ райдыдтой иры быдырæй æфсæрын, æмæ ир хæхтæм балыгъдысты, Ирыстоны ном та «Кæсæджы бæстæ сси», зæгъы иу гуырдзиаг фыссæг Вахушти 149. Æндæр ныхасæй, 1453 азы фæстæ иры Цæгат Кавказы быдыртæй рафсæрстой тæтæр æмæ сæ хæхтæм æрбатардтой, иры бынаты та, быдыры, кæсæг æрцахстой. 

Фæлæ кæсæг, Хурныгуылæм Кавказæй хурскæсæнырдæм цæугæ, Хъубаны донæй куы 'рбахызтысты, уæд Бестауы æмæ Малкæй быдырты æрæййæфтой тæтæры150, æмæ уый æвдисы, тæтæр Цæгат Кавказы быдыртæй иры куы рафсæрстой æмæ сæ хæхтæм куы батардтой, уæд, иры кæдæм батардтой, уыцы хæхты рæбын сæхуыдтæг кæй æрцахстой. 

Хъырымы тæтæрæй сæ сæр хæсгæйæ, ир Хъубаны быдыртæй æмбырд кодтой Хъубаны уæллаг фæзты æмæ уый хурскæсæнырдыгæй хохбæсты æмæ афтæмæй хæхты æхгæд фесты 151. 

 

Ныр, Лиаскенæй Хъубаны æхсæн цы хæххон тæтæр цæры, уыдон цæгатырдыгæй æрцæугæ сты 152, æмæ уый æвдисы, уыдон уыцы тæтæрæй кæй сты, иры хæхтæм чи батардта, Лиаскенæй хурскæсæнырдыгæй кæй нæ ахæлиу сты уыдон, уый та æвдисы, тæтæр иры Цæгат Кавказы быдыртæй куы рафсæрстой, уæд Лиаскены хурскæсæнырдыгæй хæхты рæбын кæй не 'рцахстой æмæ Дзæуджыхъæуы быдыр сæ къухы кæй нæ бафтыд. Амæй æргом кæны, Дзæуджыхъæуы быдыры цæгатырдыгæй чи хъахъхъæны, уыцы арыхъхъытæй тæтæры æрбахизын кæй не 'рбауагьтой Ир. 

 

Урухы æмдæргъ, галиуæрдыгæй, æнæ баныдзæвгæ хæхтæ уæларвмæ фæцыдысты, æмæ уый хурныгуылæнырдыгæй тæтæр иры хæхты куы бахгæдтой, уæд уыцы иры хурскæсæн сæрибар ирæй ахицæн кодтой уыцы хæхты, æмæ афтæмæй, хи дзыллæйæ аскъуыддзаг уæвгæйæ, уыцы ир сæмхæццæ сты æрцæугæ тæтæримæ, æвзагæй сæ бафæзмыдтой, ферох кодтой хи æвзаг æмæ афтæмæй тæтæйраг систы 153. 

Профессор Миллер куыд равзæрста, афтæмæй хæххон тæтæры æхсæн дыууæ хуыз адæм ис: иу ирон хуыз, иннæ тæтæйраг хуыз, фæлæ тæтæйраг хуыз чи у, уыдон дæр сыгъдæг тæтæрхуыз не сты 154, æмæ ирон æнгæс сты 155. Амæй æргом кæны, ирон хуыз чи у, уыдон тугæй сыгъдæг ирон кæй сты æмæ æрмæст се 'взаг кæй у тæтæйраг. Тæтæйраг хуыз уæвгæйæ, ирон æнгæс чи у, уыдон уæнгты та дзæвгар ирон туг кæй зилы. 

 

КÆСÆДЖЫ ДУГ 

Кæсæг, Бестауы æмæ Малкæйы быдырты кæй æрæййæфтой, уыцы тæтæры алырдæм ныппырх кодтой 156 æмæ афтæмæй æрбахæццæ сты нæ арыхъхъытæм, фæлæ ир уым бауромын кæсæджы кæй нæ базыдтой, уый бæрæг у уымæй дæр, Дзæуджыхъæуы быдырæй дæр ир хæхтæм кæй балыгъдысты. Кæсæг арæнтæй куы 'рбахызтысты, уæд сын тыгъд быдыры ир зын абырсæн нал уыдысты, æмæ батардтой иры хæхтæм æмæ сæ уыцы ранæй быдырмæ ракæсын дæр нал уагътой 157. 

 

Иннæрдыгæй Гуырдзы нал уагътой иры æнцой, æмæ дыууæ арты астæу афтæмæй сау уынгæг хæхты ир фесты æхгæд 158. Æдзæрæг хæхты цæргæйæ, ир бар-æнæбары царды фæрæзтæ агургæйæ, базыдтой къæдзæхтыл хуымтæ кæнын æмæ донхъуаг рæттæм дон уадзын 159. Фæлæ уæлейæ куы цъити ракæлы, куы хох-дур ратулы æмæ хуымы фесафы, куы тыгъды зæй æрцæуы æмæ дон хуымы цъар адавы йемæ, куы ног хортæ уазалæй ныссæлынц. Афтæмæй хæххон лæгæн йæ фыдæбон дæр бæсты нæ цыди, æмæ сæ фаг хор нæ аргæйæ, ир мардысты сыдæй. 

Æнæбандзæвгæ бæрзонд хæхтæ хицæн кæнынц кæрæдзийæ нæ кæмтты, æмæ стыр фыдæбæттæй фæцарæзтой ир фæндæгтæ иу комæй иннæмæ, фæлæ уыдон дæр, сæ хохахизæнтыл, азы æрдæг митæй æмбæрзт вæййынц æмæ афтæмæй, кæрæдзи аскъуыддзаг кæнгæйæ, адихтæ сты ирон адæм, ферох кодтой, иу туг, иу стæг кæй сты, æмæ уæлладжыр, дыгур, туалтæ, куырттатæ æмæ тæгиатæ кæрæдзимæ знаджы цæстæй кæсын байдыдтой, æмæ, æфсон-æнæфсон быцæу кæнгæйæ, цагътой сæ кæрæдзи 160. 

 

Фæлæ иры уыцы фондз хайы сæхи мидæг фидауын дæр нæ зыдтой, æмæ сæ кæцыдæриддæр цал хъæуы уыди, уал хайы аци; уый нæ, фæлæ ма хъæуты мидæг хицæн мыггæгтæ дæр нæ фидыдтой æмæ «туг исыны» æфсон цагътой кæрæдзи 161. Уый уæлæмæ фыдцардæй алы низтæ стыхджын сты æмæ цагътой ирон адæмы 162. 

Афтæмæй сцыбыр сты ир æмæ æнæзынгæ адæм ныйисты. Сæ кæрæдзи тонгæ æмæ сæ кæрæдзи хæргæ, знæгтæй сæхи хъахъхъæнын æнæбандзæвгæ хæхты дæр нал фæрæзтой æмæ сæ кæсæг æмæ гуырдзы хæхты мидæмæ бырсын дæр байдыдтой. 

Дыгур, тæгиатæ æмæ куырттатæ кæсæджы къухы бафтыдысты æмæ сын хъалон фидын райдыдтой 163, туалтæ та гуырдзыйы къухы бафтыдысты æмæ сæ гуырдзиаг æлдæрттæ сæхицæн кусæг скодтой 164. Æрмæстдæр уæлладжыр нæ бакуымдтой сæттын æмæ сæ сæрибарæй æрæййæфтой уырыс 165. 

 

УЫРЫСЫ ДУГ 

18-æм æнусы уырыс райдыдтой Цæгат Кавказ ахсын, æмæ кæсæджы хæхтырдæм куы æфсæрстой, уæд ир та кæсæджы сæрты уырысмæ сæ къух бадардтой æмæ кæсæджы чъылдымырдыгæй хъыгдардтой 166. Уæд кæсæджы бон нал уыди уырысимæ хæцын æмæ балыгъдысты Хъæбæрдайы хæхтæм 167. Уырыс æнæкъуылымпы æрбалæууыдысты хæхты рæбын æмæ сын ир байгом кодтой фæндаг Арвыкомыл Фæскавказмæ 168. Уæдæй фæстæмæ уырысы æфсæдтæ фæйнæрдæм кодтой Уæрæсейы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн, фæлæ сæ мæхъæл æмæ цæцæн æнцой нæ уагътой: кæсæгæй чи сæфтыди, уыцы æдзæрæг быдыры хибарæй зилгæ, цæцæн-иу бабадтысты уырысы размæ, æвиппайды сæ-иу ныццавтой æмæ сын-иу стыр зиантæ скодтой 169.  

 

Уырыс ницы фæрæз ардтой цæцæны бауромынмæ æмæ æрхъуыды кодтой уыцы æдзæрæг быдырмæ иры рахонын æмæ фæндаг хъахъхъæнæн ирæн бафæдзæхсын 170. Ир рацыдысты хæхтæй æмæ сæ фылдæр хай Дзæуджыхъæуы быдыр æрцахста, сæ къаддæр хай та Мæздæджы тыгъд быдыр. Зæххы бузныгмæ ир баисты уырысы цæдис æмбал æмæ уырысы тыххæй, се 'мзæххон адæмтимæ хæцгæйæ, сæ туг нæ ауæрстой. Уырыс сæрæй хæцыдысты ирыл æмæ сæ хъыг ницæмæй дардтой. 

Фæстæдæр хъуыддаг афтæ рацыди, æмæ ирон адæм ранæй-ран сызмæлыдысты. Фæлæ 1830 азы уырыс æрсабыр кодтой иры. 

 

БÆТТÆН НЫХАС 

Ирæй рагондæр адæм ацы сахат нæй, æмæ фыццаджыдæр арт кæнын ир базыдтой, ног царды фæрæзтæ ир æрхъуыды кодтой, æмæ адæмты сæр бæргæ сысты, фæлæ сæ историйы райдайæнæй суанг дыккаг мин азы онг Чырыстийы агъоммæ, сæ культурæ таугæ, алырдæм хæлиу кæнгæ фæцыдысты æмæ бахæццæ сты иуæрдыгæй Индо-Китайы онг, иннæрдыгæй — Европæйы хурныгуылæн былтæм, æмæ æнæнымæц адæмты æхсæн, чысылгай тайгæ, фесæфтысты, фæлæ нæ фесæфти сæ культурæ, кæцы разынди афтæ тыхджын, æмæ Индо-Китайæ Европæйы хурныгуылæн къуымты онг цы алы мыггаг адæмтæ царди, уыдоныл уый сæвæрдта иу джипп, æмæ уымæ гæсгæ ахуыргонд адæм уыдоны иу уидагæй рацæугæ мыггæгтыл дæр ма банымадтой æмæ сæ ариаг адæм схуыдтой. 

 

Фæлæ ирæй иу мур фервæзти Кавказы æнæбаныдзæвгæ хæхты руаджы, æмæ уый фæрцы иры мыггаг нæ сыскъуыди, фæлæ ма ирæй чи баззади, уыдон та хæхты мидæг, фыдцардæй сау кæнгæ, сæ бæрзонд культурæйæ афтидæй баззадысты, æмæ стæй кæд быдыры сæхиуыл ногæй схæцыдысты, уæддæр сæ культурæ фыццагау атæрын нал бафæрæзтой, уымæн æмæ Астæуккаг Азиаг быдыртæй уæд райдыдтой Европæмæ цæуын Туры адæмтæ (скиф, гунн, турк, тæтæр) æмæ, уыдоны æфсæрст уромгæйæ, иры нал равдæлди сæ культурæмæ базилын æмæ æрæджиау иннæ адæмты фæстæ дæр уымæн баззадысты, хи чиныг æрхъуыды кæнын дæр сын уымæн нæ бантысти. 

 

 

 

1 Миллер В. Ф. Осетинские этюды. Ч. III. С. 71. 

2 Р е к л ю Э. «Человек и земля», прил. к журн. «Природа и люди», 1908. С. 199, 202, 204. 

3 Ивид р. 235—236 (ивид амоны: уый дæр уым) 

4 Ивид р. 210. 

5 Осетинские этюды. Ч. III. С. 71. 

6 «Человек и Земля», прил. к журн. «Природа и люди», 1908. С, 714. 

7 Ивид, р. 210—211. 

8 Ивид р. 199 в примечании. 

9 Каррьера М. Искусство в связи с общим развитием культуры. С. 418—419. 

10 «Человек и земля», прил. к журн. «Природа и люди». 1908. С. 236—238. 

11 Каррьера М. Искусство в связи с общим развитием культуры. С. 305—306. 

12 Ивид р. 286: «Человек и земля», прил. к журн. «Природа и люди». 1908. С. 722—723. 

13 Ивид р. 293—294. 

14 Ивид р. 290. 

15 Ивид р. 320. 

16 Ацы фиппаинаг чиныджы амынд нæ цæуы. (Редакторы фиппаинаг.) 

17 ивид. р. 293. 

18 ивид. р. 305—306. 

19 ивид. р. 326. 

20 ивид. р. 293. 

21 «Человек и земля», прил. к журн. «Природа и люди». 1908. С. 718. 

22 ивид р. 204 æмæ 230. 

23 ивид. р. 248. 

24 ивид. р. 227. 

25 ивид. р. 298. 

26 ивид. р. 228. 

27 ивид. р. 227—228. 

28 ивид. р. 220—222. 

29 ивид. р. 708—749. 

30 ивид. р. 750. 

31 ивид. р. 726. 

32 ивид. р. 223. 

33 ивид. р. 208—209. 

34 Добавление к № 660-49 газеты «Кубанский край» за 1912 г. 

35 Там же. 

36 Кодзаев А. Древние осетины и Осетия. С. 16—18. 

37 Проф. Гомель. «Истории Древнего Востока», прил. к. ж. «Вестник и библ. самообразование». С. 26. 

38 Т а м ж е. 

39 Осетинские этюды. Ч. 1. С. 125. 

40 Древние осетины и Осетия. С. 3—4. 

41 Марков Е. Очерки Кавказа. С. 152. (Тексты бæрæг нæу.— Редакторы фиппсшнаг.) 

42 ивид. р. 152. (Тексты бæрæг нæу.— Редакторы фиппаинаг.) 

43 ивид. р. 152. 

44 ивид. р. 445 в примечании, и ивид. р. 554—555. 

45 ивид. р. 458. 

40 ивид. р. 554—555. 

47 Древние осетины и Осетия. С. 18. 

48 ивид. р. 17. 

49 Марков Е. Очерки Кавказа. С. 152—153. 

50 «Человек и земля», прил. к журн. «Природа и люди». 1908. С. 458. 

51 Искусство в связи с общей культурой. С. 267—288. 

52 Кавказский календарь за 1910 г. С. 538—542. 

53 «Человек и земля», прил. к журн. «Природа и люди». 1908 г. С. 202—203. 

54 Осетинские этюды. Ч. III. С. 87, 101. 

55 ивид. р. 145. 

56 ивид. р. 88, 122—123 и 135. 

57 ивид. р. 135. 

58 Там же. 

59 Древние осетины и Осетия. С. 3—4. 

60 Осетинские этюды. Ч. III. С. 15—23. 

61 ивид. р. 84. 

62 ивид. р. 84—85. 

63 ивид. р. 85. 

64 Осетинские этюды. Ч. III. С. 19. 

65 Нечволодов А. «Сказание о русской земле», прил. к газ. «Сельский вестник». 1910. С. 35. 

66 Осетинские этюды. Ч. III. С. 19. 106 

67 «Человек и земля», прил. к журн. «Природа и люди». 1908. С. 518—520. 

68 «Сказание о русской земле», прил. к газ. «Сельский вестник». 1910. С. 35—36. 

69 Древние осетины и Осетия. С. 60. 

70 Осетинские этюды. Ч. III. С. 49. 

71 «Сказание о русской земле», прил. к газ. «Сельский вестник». 1910. С. 37—38. 

72 Древние осетины и Осетия. С. 60. 

73 Осетинские этюды. Ч. III. С. 28. 

74 Древние осетины и Осетия. С. 60. 

75 «Сказание о русской земле», прил. к газ. «Сельский вестник». 1910. С. 39. 

76 Осетинские этюды. Ч. III. С. 29. 

77 Древние осетины и Осетия. С. 56. 

78 Там же. 

79 Древние осетины и Осетия. С. 63.  

80 «Человек и Земля», прил. к журн. «Природа и люди». 1908. С. 810—831.  

81 Древние осетины и Осетия. С. 57. 

82 Ай иу фондз азы размæ бакастæн иу чиныджы, фæлæ мæ чиныджы ном ферох. (Авторы фиппаинаг.) 

83 Древние осетины и Осетия. С. 57. 

84 «Человек и земля», прил. к журн. «Природа и люди». 1908. С. 810, прим. 

85 Осетинские этюды. Ч. III. С. 60. 

86 ивид. р. 43—44. 

87 Кавказ. сбор. Том XXX, «Народы Западн. Кавказа». С. 6. 

88 Осетинские этюды. Ч. III. С. 29—30. 

89 Осетинские этюды. Ч. III. С. 34. 

90 «Человек и земля», прил. к журн. «Природа и люди». 1908. С. 810, прим. 

91 Древние осетины и Осетия. С. 63. 

92 Там же. 

93 Древние осетины и Осетия. С. 65—66. 

94 Осетинские этюды. Ч. III. С. 53. 

95 ивид. р. 54. 

96 ивид. р. 53—54. 

97 ивид. р. 54. 

98 ивид. р. 54—55. 

99 ивид. р. 61. 

100 Мар'ков Е. Очерки Кавказа. С. 351  

101 Осетинские этюды. Ч. III. С. 55—56. 

102 ивид. р. 61. 

103 Древние осетины и Осетия. С. 67. 

104 Осетинские этюды. Ч. III. С. 56- 57. 

105 Древние осетины и Осетия. С. 67; Осетинские этюды. Ч. III. С. 57. 

106 Древние осетины и Осетия. С. 76. 

107 ивид. р. 77, 33-34. 

108 Осетинские этюды. Ч. III. С. 33. 

109 Там же. 

110 Древние осетины и Осетия. С. 67. 

111 М а р к о в Е. Очерки Кавказа. С. 352. 

112 Осетинские этюды. Ч. III. С. 33. 

113 ивид. р. 33—34. 

114 Древние осетины и Осетия. С. 73—74. 

115 Осетинские этюды. Ч. III. С. 46.  

116 Древние осетины и Осетия. С. 73.  

117 Осетинские этюды. Ч. Ш. С. 45—46. 

118 Древние осетины и Осетия. С. 74. 

119 Осетинские этюды. Ч. III. С. 46. 

120 «Кавказ», сб. Т. XIII. С. 9. 

121 Там же. С. 9—10. 

122 Марков Е. Очерки Кавказа. С. 155. 

123 Там же. 

124 «Кавказ», сб. Т. XIII. С. 9. 

125 Тексты бæрæг нæу. (Редакторы фиппаинаг.) 

126 Осетинские этюды. Ч. III. С. 34—35. 

127 Джанашвили. Царица Тамара. С. 12—13. 

128 «Кавказ», сб. Т. XIII. С. 10. 

129 Осетинские этюды. Ч. III. С. 39. 

130 Марков Е. Очерки Кавказа. С. 80. 

131 Осетинские этюды. Ч. III. С. 36. 

132 ивид. р. 36—37 и 68. 

133 Осетинские этюды. Ч. III. 

134 Марков Е. Очерки Кавказа. С. 154. 

135 Древние осетины и Осетия. С. 103. 

136 «Кавказ», сб. Т. XII. С. 10; Осетинские этюды. Ч. III. С. 37—38. 

137 Древние осетины и Осетия. С. 95. Прим. 3-е. 

138 Осетинские этюды. Ч. III. С. 68. 

139 Древние осетины и Осетия. С. 95. Прим. 3-е. 

140 Там же; Марков Е. Очерки Кавказа. С. 121. 

141 Древние осетины и Осетия. С. 95. Прим. 3-е. 

142 «Кавказ», сб. Т. XII. С. 10. 

143 Древние осетины и Осетия. С. 80, 89. 

144 ивид. р. 103. 

145 «Кавказ», сб. Т. XIII. С. 71. 

146 Осетинские этюды. Ч. III. С. 59- 

147 ивид р. 38. 

148 Древние осетины и Осетия. С. 89. 

149 ивид, р. 86. Прим. 4-е. 

150 Надеждин П. Кавказский «срай. С. 184. 

151 ивид. р. 123. 

152 Осетинские этюды. Ч. III. С. 7. 

153 ивид. р. 6—11. 

154 Надеждин П. Кавказский край. С. 201. 

155 Осетинские этюды. Ч. III. С. 7. 

156 «Кавк. край». С. 184. 

157 «Кавказ», сб. Т. XIII. С. 71. 

158 Марков Е. Очерки Кавказа. С. 168. 

159 Осетинские этюды. Ч. III. С. 99. 

160 Осетинские этюды. Ч. III. С. 96; «Кавказ», сб. Т. XIII. С. 72; Марков Е. Очерки Кавказа. С. 165. 

161 «Кавказ», сб. Т. XIII. С. 72. 

162 Осетинские этюды. Ч. III. С. 99. 

163 Там же. Ч. I. С. 143. 

164 «Кавказ», сб. Т. XIII. С. 10—11; Марков Е. Очерки Кавказа. С. 165. 

165 «Кавказ», сб. Т. XIII. С. 72. 

166 Осетинские этюды. Ч. I. С. 143. 

167 «Кавказ», сб. Т. XIII. С. 78. 

168 Там же; Осетинские этюды. Ч. I. С. 143. 

169 Надеждин П. Кавказский край. С. 394. 

170 «Кавказ», сб. Т. XIII. С. 78.



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ