Цитатæ Темырханты Сосланы "Иры истори"-йæ:
"Æлдæртты сæр-паддзах гуырдзыйырдæм хæцыди æмæ уыдон тыххæй нæ ауæрста иры тых. Афтæ: гуырдзы Хъарабахы адæмимæ куы хæцыдысты, уæд Иры паддзах Дурдулей 40 мин ирон æфсадимæ ралæууыди гуырдзыйы фарс, æмæ гуырдзы уый фæрцы рамбылдтой хæсты [126]. 1121 азы Турк Гуырдзыстоны куы бабырстой, уæддæр та ирон æфсæдтæ æххуыс кодтой гуырдзыйæн [127]. Ирон паддзах Давид-Сослан кæй мой уыди, уыцы гуырдзиаг ус-паддзах Тамарæ Гуырдзыстоныл бафтыдта Хуссар Йрыстоны [128], æмæ амæй зыны дзæбæх, уæды ирон паддзæхтæ Ирыстоны мæт куыд кодтой, уый, уымæн æмæ Давид-Сослан куы не сразы уыдаид, уæд йæ ус Тамарæ Ирыстонæй ахæм гæбаз нæ атыдтаид."
Гъе ахæм лæг уыди.
http://www.iriston.com/nogbon/news.php?newsid=109
|