Здравствуйте, Гость
Регистрация| Вход
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Баллаев Владимир
< назад  Комментарии к статье (0)      Версия для печати

Баллаев Владимир Давидович  

(14.03.1911)  

Выдающийся советский осетинский актёр театра,  

исполнитель народных и лирических песен. 

Народный артист России и Северной Осетии (1955).  

 

 

 

В 1935 окончил ГИТИС. С этого года начал работать в Северо-Осетинском драматическом театре. Около 60 лет Владимир Баллаев отдал этой сцене.  

Сыграл огромное количество ролей в спектаклях из мировой классики и осетинских драматургов. 

Роли: Батраз ("Нарт Батраз" Корзунаи Казбекова), Садула ("Чермен" Плиева), Ахсарбек ("Желание Паша" Туаева), Борис ("Гроза"), Кассио ("Отелло"), герцог Альбанский ("Король Лир"), Ходжич ("Олеко Дундич" Каца и Ржешевского), Дзержинский ("Кремлёвские куранты"), Пупа («Две сестры» Бритаева)б Лука Лукич («Ревизор» Гоголя) 

Владимир Баллаев был поистине народным любимцем, целой эпохой в осетинском национальном искусстве.  

Народные и лирические песни в его исполнении многие десятилетия с наслаждением слушали и слушают в каждом осетинском доме не только в родной Осетии но и во многих странах.  

 

 

Песни в исполнении Владимира Баллаева:  

 

"Сердце матери"  

 

Уарзондзинад.  

 

Абон нае фырцинаей зараем.  

 

"Фёрсыс мё гыцци"  

 

"Цъёйдон"  

 

"Мё фыд" (Мой отец).  

 

Видеоклипы: 

http://www.youtube.com/watch?v=BrCTAmNXx30 

http://www.youtube.com/watch?v=o0VBW_konB8 

 

 

 
Баллаты Валодяйы райгуырдыл сæххæст 95 азы. 

 

Уæвгæйæ та нæ чысыл Ирыстоны зæххыл цас æмæ цас курдиатджын артисттæ æмæ зарæггæнджытæ рантыст, цас! Чи сæ фæуыдзæн нымад!? Номæй-номмæ сæ нымай-æм, зæгъгæ, уæд та сын аразын бахъæуид стыр номхыгъд. 

Уыцы стыр курдиатты 'хсæн Бонвæрнон стъалыйау æнустæм æрттивгæйæ баззад, адæм фырбуцæй, нæ Иры булæмæргъ, зæгъгæ, кæй хуыдтой, уыцы номдзыд актер, Иры зарæг-гæнæг, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист, Цæгат Иры-стоны адæмон артист Баллаты Ва-лодя. 

Баллайы-фырт у, 1935 азы фыццаг ирон национ профессионалон театры æмбæрзæн чи байгом кодта, ирон актерты уыцы фæлтæрæй. Йе сфæлдыстадон царды æппæт 60 азы дæргъы ахъазыд бирæ ролты ирон пьесæты æмæ дунеон классикæйы авторты уацмыстæм гæсгæ арæзт спектаклты. Йæ арæзт сурæттæ æмæ, йæ фæстæ цы зæрдæмæхъаргæ зарджытæ ныууагъта, уыдонæй бирæтæ бацыдысты ирон аивады сыгъзæрин фонды къæбицмæ. 

Театрдзауты зæрдæты цæрæнбонтæм баззайдзысты: Æхсарбег (Туаты Д. "Пæсæйы фæндон"), Садул (Плиты Г. "Чермен"), Хъуыдайнат (Мамсы-раты Д. "Æфхæрдты Хæсанæ"), Мурат (Цæлыккаты М. "Мураты цу-ан"), Уæхæнæз (Саулохты М. "Усгур Гаци"), Кассио (В.Шекспир "Отелло"), Ор-сино (В. Шекспир "Дыууадæсæм æхсæв") æмæ бирæ æндæртæ. 

Уыимæ Валодяйы адæм зыдтой, куыд курдиатджын зарæггæнæг, афтæ дæр. Ирыстоны цæрджытæ стырæй-чысылæй иууылдæр бирæ уарзтой Валодяйы диссаджы зæрдæмæхъаргæ зарджытæм хъусын. 

Хорз зыдтон æз дæр Валодяйы. Газет "Рæстдзинад"-ы-иу исты хорз æрмæг куы ра-цыд, уæд-иу нæм арфæтæ кæнынмæ арæх æрбадзырдта. 

Мæ зæрдыл дзы уæлдай тынгдæр та ахæм цау бадардтон. Нæ рес-публикæйы дарддæр æмæ чысылдæр хъæутæй иу у Ираны хъæу. Сæ колхоз хæссы нæ газет "Рæстдзинад"-ы ном. Мах, редакцийы кусджытæ, иу фæззыгон бон сфæнд кодтам Ираны хъæуы цæрджытимæ фембæлд саразын. Зæрдæ сын бавæрдтам нæ зындгонд артисттæй дæр искæйты уырдæм аласынæй. Уыдонимæ — Баллаты Валодяйы. 

Фæлæ Валодя æнæнхъæлæджы фæрынчын. Махæн, не 'ппæтæн дæр, зын уыд ацы ха-бар. Æнæ цæугæ та нын нæ уыд. Уæд дын кæсæм, æмæ, мæнæ Валодя нæ редакцийы раз куы фæзынид. Рынчынæй цæмæн цæуыс, зæгъгæ, йæ куы бафарстам, уæд фæлмæн бахудт æмæ аф-тæ: 

— Лæг иугæр ныхас загъта, уæд хъуамæ йæ ныхасæн хицау уа... 

Уыцы бон кæд уаргæ кодта, уынгты цъыфæй азмæлæн нæ уыд, уæддæр ираныхъæук-кæгтæ стырæй-чысылæй иууылдæр æмгуыппæй æрбамбырд сты сæ Культурæйы хæдзармæ. 

Абоны хуызæн ма мæ хъустыл уайы, хъæуы цæрджытæ кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг куыд дзырдтой, уый: "Мæнæ диссаг, Баллаты Валодя дæр нæм куы 'рцыдис!" "Ныр кæдæй-уæдæй мах дæр хæстæгмæ, лæгæй-лæгмæ фендзыстæм Баллаты Валодяйы!".. 

Уыцы æхсызгон фембæлды æмæ концерты рæстæг Валодяйы хъæуы цæрджытæ сце-нæмæ рахизын кодтой цалдæр хатты. "Ма-ды зарæг" та йын фæд-фæдыл акæнын кодтой дыу-уæ хатты. Ира-ныхъæуккæгтæй алкæйы дæр фæндыд, цæмæй сын сæ хæдзармæ саккаг кодтаид Баллаты Валодя. 

Фæстæмæ æнафоны куы цыдыстæм Дзæуджыхъæумæ, уæд нын Валодя худгæйæ фæл-мæн хъæлæсы уагæй загъта: "Ныр мæ низ дæр фæцыдæр..." 

Зын, тынг зын у, Валодяйы хуызæн курдиатджын актер Ирыстонæй кæй фæхъуыд, уый. Мæ цæстытæй абон дæр нæ хицæн кæн;ы Валодяйы ныгæнæн бон. Æз дæр уыцы саударæн бон сæркъулæй лæууыдтæн ацы уæззау зианы уæлхъус. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу аивæй мæ цæст ахастон Валодяйы æмцæдис æмбæлтты æнкъард цæсгæмттыл. Ал-чидæр сæ Валодяйы рисыл рыст йæхирдыгонау. 

Мæ фарсмæ лæуд фæци нæ номдзыд актертæй иу, Советон Цæдисы адæмон артист Саламты Къола. Ницы дзырдта. Фæлæ йæ цæстæнгасыл бæрæг уыд, йæхинымæр куыд тынг тыхст, уый. Иу ран лæууын йæ бон нæ уыд. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу арф ныуулæфыд. Аивæй-иу йæ къухмæрзæн сласта æмæ-иу йæ уымæл цæстытæ асæрфта. Æрмæстдæр-иу йæ дзыхæй схауд иунæг дзырд: "Ехх!.." 

Бирæгъты Къоста дæр фыццаг бакастæй йæхи фидархуыз бæргæ дардта, фæлæ зæр-дæйы афтæ æнцонтæй нæ асайд-зынæ. Иурæстæг катайтæ кæнгæ рудзынджы размæ йæхи бай-ста. Цыма æддæмæ касти, уыйау йæхи скодта, афтæмæй та уырдæм йæ цæссыгтæ сæрфынмæ бауади. Бæргæ фæфидар кодта уыйфæстæ йæхи Къоста, фæлæ йæм мæрддзыгойы устытæй иу куы фæкомкоммæ æмæ йæм ризгæ хъæлæсæй афтæ куы бахъарæг кодта, ныр ма дæ, Гаци, цæ-вæджы састæй чи дасдзæн, зæгъгæ, уæд Къостайæн йæ зæрдæ бынтондæр æрбауынгæг æмæ ма кæуыс æмæ нал. 

Зæрдæйы иннæрдæм хызтысты, адæмон поэт Плиты Грис Валодяйы чырыны уæлхъус цы ныхæстæ ракодта, уыдон: "Ды, Валодя, æрмæст курдиатджын актер нæ уыдтæ, фæлæ — æрдз æвæджиауы хъæлæс кæмæн балæвар кодта, ахæм дæсны зарæггæнæг дæр. Дæуæн-иу дæ зарджытæ кæддæриддæр урс бæлæттау пæр-пæр кодтой нæ сæрмæ. &AELIG;мæ кæд абон ды не 'хсæнæй цæуыс, уæддæр дæ бирæ зæрдæмæхъаргæ зарджытæ уы-цы урс бæлæттау баззайдзы-сты уæлæуыл, дæ уд та нæм ирд стъалыйау æрттивдзæнис бæрзонд арвæй". 

Валодяйы уæззау чырын Ирон театры бæстыхайæ куы рацæйхастой, йæ хъæлæс плен-кæйыл фыстæй Ирон театры уæрæх залы куы азæлыд, уæлдайдæр та — "Мады зарæг", уæд æппæт дзыллæтæ дæр нал æмæ нал урæдтой сæ кæуын. Иры фæсивæд сæ къухты æнгуылдзтыл бæрзонд куы систой Баллаты Вало-дяйы чырын æмæ йæ къух-къух, кæрæдзимæ дæтгæйæ адæ-мы фурды сæрты размæ куы фæцæйхастой, уæд мæ зæрдыл æрбалæууыдысты Къостайы ны-хæстæ: 

Дæ кад мыггагмæ у цæринаг, 

Дæ цард гъе ныр дæр у сæдæ: 

Зæххыл дын нал баззад кæнинаг, — 

Дæ мæсыг амайын фæдæ. 

Валодя Ирон театр йæ дыккаг хæдзарыл кæй нымадта, уый бæрæг у мæнæ ацы хаба-рæй дæр. Иурæстæджы йæ æрфæндыд йæ цæрæн бынат аивын. Хуыздæр цæрæн бынатæн рав-зæрста, Ирон театрмæ хæстæг цы хæдзар уыд, ахæм. Фатеры балкъонæй йæм Ирон театр зынд йæ армы тъæпæнау. Низ ыл куы стыхджын, йæ бон цæуын куынæуал уыд Вало-дяйæн, уæддæр-иу суанг æнафонтæм фæбадт балкъоны æмæ-иу йæ цæстæнгас нал æмæ нал иста Ирон театры бæстыхайæ. Йæ рудзгуыты рухс уыд йæ уды рухс. Уыцы рухс мысгæйæ бацыд мæрдтæм дæр. 

Баллаты Валодяйы хæстæгмæ чи зыдта, бирæ азты йемæ чи фæкуыста, уыдон æй хорзæй бадардтой сæ зæрдыл. Дæлдæр дзы æрхæсдзыстæм цалдæры мысинæгтæ: 

 

Цæриаты Валери, Ирон театры аивадон раз-амонæг: 

— Валодя уыд тынг æгъдауджын хистæр. Уый алкæддæр зæрдиагæй аудыдта йæ кæс-тæртыл. Мах, йæ фæстæйы фæлтæртæ, уымæй бирæ хорз миниуджытæ райстам. Фæзмыдтам æй алы хъуыддаджы дæр, ахуыр кодтам йæ бирæ азты фæлтæрддзинадыл. 

Иуахæмы мын спектакль "Пæсæйы фæндон"-ы Æхсарбеджы роль бахæс кодтой. Æз æй зыдтон, мæ размæ йæ Валодя кæй хъазыд, уый. Уымæ гæсгæ рагагъоммæ тыхстæн, уæдæ куыд рауайдзæн мæ ног фæлгонц, зæгъгæ. Стæй Валодяйæ дæр æфсæрмы кодтон. Спектаклы раз-мæ йæм бацыдтæн æмæ дзы хатыр ракуырдтон, йæ бæсты ацы ролы кæй хъазын, уый тыххæй. Валодя мын хионау ныхъхъæбыс кодта æмæ загъта: "Уый хорз у.  

Цард размæ цæуы, æмæ хъуамæ фæлтæртæ кæрæдзийы ивой. Уылæн уылæны фæстæ куы нæ цæуа, уæд цæугæдонæн размæ цæуæн нæй. Тыхсгæ ма кæн". Йæ ныфсы ныхæстæ мын тынг феххуыс сты. 

 

Дзиуаты Анатоли, РЦИ-Аланийы адæмон артист: 

— Баллаты Валодяйæн уыд рæсугъд, фæлмæн æмæ уарзæгой зæрдæ. Алкæмæн дæр æй фæндыд æрмæст-дæр хорздзинад ракæнын. Уыдис цардуарзон, хъæлдзæг адæймаг. Æнкъар-дæй йæ никуы федтон. Театрмæ-иу куы 'рбацыд, уæд-иу йæ хъазæн, рæвдаугæ ныхæстæ хъус-гæйæ актерты зæрдæтæ барухс сты. Уый-иу хъæлдзæг, хъазæн ныхæстæ уымæн кодта, цæмæй-иу актертæй сæ зын уавæртæ иуцасдæр уæддæр айрох уыдаиккой æмæ сæ зæрдæтæм бынтон ма ныхъхъуыстаиккой. 

Махæн Валодя нæ зæрдæты баззад, мæнæ Уæрæсейæн Марк Бернес куыд уыд, афтæ-мæй. Валодя цы зард-жытæ кодта, уыдон-иу æндæр исчи куы зарыд, уæд-иу зæрдæмæ афтæ арф нæ хъардтой. Уымæн йæ хъæлæс никæимæ уыд фæивддзаг кæнæн. Йæ зарæджы зæлтæ уæлдай арфдæр хъардтой зæрдæмæ. 

Ирон театры-иу премьерæ куы уыд, уæд-иу уый стыр цау уыд Ирыстоны культурон царды. Æппæтæй дæр-иу æрæмбырд стæм тымбыл фынд-жы уæлхъус. Бахæрынмæ æмæ бана-зынмæ — нæ. Ак-тертæ, режиссертæ, театры иннæ кусджытæ-иу цин кодтой кæрæдзийы æнты-стытыл. 

Арæх-иу фынджы хистæрæн бадт Валодя. Æмæ-иу фынджы æгъдау хаста тынг рæ-сугъдæй. Фæкафыдыстæм, фæзарыдыстæм-иу. Æмæ-иу хъазгæмхасæнты ног куысты хъæндзи-нæдтыл дæр æрдзырдтам. 

Валодяйы адæм тынг бирæ уарзтой. "Мады зарæджы", уарзондзинады æмæ-иу Иры-стоны тыххæй цы зарджытæ кодта, уый тыххæй йын уæлдай стырдæр аргъ кодтой. Кæд ыл азтæ дзæвгар рауад, уæддæр-иу уыцы зарджытæ куы кодта, уæд-иу цыма ферыгондæр, афтæ-иу каст адæймагмæ. 

Валодя уарзта цард, ноджы фылдæр та — Ирон театр. Зæгъæн ис аф-тæ, æмæ ирон аи-вадæн Баллаты Валодя куы нæ уыдаид, уæд бирæ мæгуырдæр уы-даид. 

Баллайы-фырт ирон культурæ æмæ историмæ бацыд сыгъдæгзæрдæйæ æмæ сыгъдæг-зæрдæйæ ацыд. Уый хистæримæ уыд хорз хистæр, кæстæримæ та хорз кæстæр. Уымæн лæггад кæнынæй æз никуы ба-тыхстæн. Бæргæ, абон дæр ма не 'хсæн куы уаид... 

 

Къуымæлæгкаты Мурат, Ирон театры актер: 

— Дæргъвæтин æмæ курдиатджын уыд Баллаты Валодяйы цард аивады, Ирон театры сценæйы. Афтæ куы зæгъæм æмæ Валодя йæ фæстæ æрмæст зарæг ныууагъта, уæд раст нæ уыдзæн. Ирон театрдзаутæй алкæмæн дæр ис йæхи уарзон артист. Бирæ дзыллæтæн уыд уарзон актер. Уымæн Ирон театры репертуары ис йæхи æргъомбаст ролтæ. Театрдзау Валодяйы æцæг уарзтæй бауарзта "Пæсæйы фæндон"-ы. Ацы спектаклы цы диссаджы фæлгонц сарæзта, уый абон дæр ма цæры мингай адæмты зæрдæты.  

Валодя куыд зарæггæнæг, афтæ йæ фыццаг къахдзæфтæ райдыдта Икъаты Серафинимæ, уый фæстæ Гæздæнты Булатимæ, Мыстулаты Ирæимæ, Гуыриаты Розæимæ, Хуытыгаты Ма-ринæимæ æмæ иннæтимæ...Æвæдза, куыд хивæнд у зæрдæ... 14 мартъийы, Баллаты Валодяйыл — Иры булæмæргъыл хъуамæ сæххæст уыдаид 95 азы. Мæ цæстытыл уайы, уыцы кармæ куы фæцардаид, уæд ын йæ рай-гуырæн боныл куыд тынг цин кодтаиккой дзыллæтæ, уый. Валодя абон кæд не 'хсæн нал ис, уæддæр йæ бирæ зæрдæмæхъаргæ фæлгонцтæ æмæ зарджытæ абон дæр сты немæ. &AELIG;з мæхи стыр амондджыныл нымайын, хъысмæт мын кæй балæвар кодта Баллаты Валодяимæ хорз зонгæ кæй уыдтæн æмæ йемæ сценæйы дæр кæй акуыстон, уымæй. Мæ зæрдыл дзы бирæ хорз мысинæгтæ бадардтон. Радзурдзынæн дзы иуы тыххæй. Иу-хатт æнафоны фæсконцерт иу хъæуæй здæхтыстæм фæстæмæ горæтмæ. Валодяимæ фæрсæй-фæрстæм бадт фестæм. Фæндагыл цæугæйæ дæ царды дын зынаргъдæр актеры дæсныйад æви зарæг у, зæгъгæ, куы ба-фарстон, уæд арф ныуулæфыд, йæ цæстытæ цины æрттывд фæкодтой æмæ мын афтæ: 

— Ехх, зарæг, зарæг!.. Уымæн дзы æмбал нæй!.. Уый мын фыдæй баззад, фыдææй... 

"Мады зарæджы" тыххæй йæ куы бафарстон, уæд мын уый тыххæй та ахæм хабар ракодта. Мады зарæг... Цы ис ныййарæгæй зынаргъдæр? Ницы! 

Сидзæртæй хъомыл кодтам мах. Нæ фед-тон фыды рæвдыд. Нæ мад дæр нæ, Къостайы загъдау, ингæнмæ раджы фæлыгъд тæргай. Æмæ "Мады зарæг" куы фæкæнын, уæд мæ цæстыты раз слæууы мæ мад æмæ уый фæлгонцмæ кæсгæйæ зарæджы бавæрын мæ зæрдæйы хъарм. Уымæн æй айсынц адæм дæр афтæ тынг сæ зæрдæтæм". 

Баллаты Валодя... Уæздан, хæдæфсарм, нæ кадджындæр хистæртæй иу. Нал дæ абон не 'хсæн. Фæлæ нын "Мады зарæг"-æй самадтай егъау æвæджиауы цыртдзæвæн ныййарæг мады номæн. Æмæ уыцы зарæджы зæрдæскъæфæн зæлтæ абон дæр зæлынц Иры хæхты æмæ кæм-тты. Рухс дзæнæты бад, нæ буц хистæр.  

 

Черчесты Хъасполат 

 

Æрмæг ист у мæнæ ацы ирон сайтæй:  

http://zilahar.narod.ru/AivadOc.html#Balaev



 Комментарии к статье (0)      Версия для печати
 
Выдающиеся осетины