Здравствуйте, Гость
Регистрация| Вход
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Доклад Председателя Координационного Совета на IX съезде МОД
< назад  Комментарии к статье (0)      Версия для печати

Иры Стыр Ныхасы Координацион Советы Сæрдæры раныхас змæлды æнæрадон 9-æм Уанелы 

 

27.10.20117 

 

«Рухсмæ æнæзивæг цомут æнгомæй!» 

 

Зынаргъ уанелы архайджытæ! Нæ цытджын уазджытæ! 

Ацы сæрды Координацион Совет æнæрадон Уанел (Съезд) саразыны фæдыл йæ уынаффæ куы рахаста, уæд уый фæстæ дзыллон информацион фæрæзты, интернеты, стæй адæмы ‘хсæн арæх фехъусæн уыдис фарста: «Цымæ цæмæн бахъуыдис ног уанел, кæд æмæ уыйразмæйыонæй нырма æртæ азы йедтæмæ нæма рацыдис?» Фарста æнæмæнг раст æвæрд у, æмæ йын мах, гæнæнæй-амалæй дзуапп лæвæрдтам æмбырдты, стæй районты конференциты. Абон та хъуамæ ацы ранæй дзуапп ратдтæм æгас ирон адæмæн, уыйтыххæй æмæ комкоммæ баст у нæ æппæтдунеон змæлды абоны уавæримæ, стæй йæ фидæнимæ.  

 

«Цæмæн хъæуы Стыр Ныхас? Цы пайда сæ ис?» - фæфæрсынц бирæтæ, фылдæр ацы куыст хорз чи нæ зоны, ахæмтæ. Уымæн ис йæхи аххосæгтæ. Мæ зæрдæ дарын, абон сæ ам уанелы раныхасгæнджыты фæрцы сбæлвырд кæндзыстæм. Фæлæ уын æз фидарæй зæгъын мæхи хъуыды. Кæд ацы змæлд арæзт æрцыдис 25 азы размæ, уæддæр нæ абон куыд тынг хъæуы, афтæ никуы хъуыдис. Уымæн æмæ абон цы зын æмæ тæссаг уавæры ис на Иры дзыллæ, уый абарæн ис æрмæстдæр тугдзых Тамерланы æрбабырстимæ. «Фæдис!» хъæр кæныны рæстæг æрцыдис куы зæгъон, уæддæр нæ фæрæдийдзынæн. Гъе, уыцы цæстæнгасæй æргом кæнын абон уæ разы мæ хъуыдытæ æмæ дарддæры фæндтæ. Уымæн æмæ ацы уавæрты «Иры Ныхасы» хъомысæй раст куынæ спайда кæнæм, уæд уый уыдзæн стыр æмæ æнæрастгæнгæ рæдыд.  

 

Æз никуы рафаудтон мæнæ нæ разы цы хистæртæ бадынц, бирæ æзты æвæллайгæ куыст чи кодта адæмы хорзæн, уыдоны. Сæ бон цы уыдис, уый кодтой. Кæм сæ фадат фылдæр нæ амыдта, кæм фæрæзтæ нæ фаг кодтой, кæм та сæм фаг цæстæнгас нæ уыдис. Цæвиттон куыст йæ нысаныл æххæстæй не’мбæлдис, адæм ын нæ уыдтой йæ бæрæггæнæнтæ æмæ йæ уый тыххæй фаудтой. Æз афтæ фæзæгъын, зынаргъ компютер куы балхæнай, æмæ дзы æрмæстдæр калькуляторы куыст куы кæнай, уæд де’хца доны бакалдтай. Хъуамæ бæстон ахъуыды кæнæм, цы хуызы æмæ цæй фæрцы сахуыр уæм уыцы компютерæй æххæстæй пайда кæнын.  

Æрцыди рæстæг нæ Иры Стыр Ныхасы куыстмæ зынгæ ивддзинæдтæ бахæссынæн, ног куыстхъом æмæ дзырддзæугæ адæм æрбатымбыл кæнынæн, уыцы куыстмæ ног цæстæнгасæй бакæсынæн. Рæстæг ивы æмæ нын нæй дарддæр гæнæн цардмæ ивгъуыд æнусæй кæсæн. Æргомæй зæгъдзынæн, цæстмæ ныхас никуы кодтон, мæнæн уыцы фæндагыл ныллæугæйæ стыр ныфс дæтты нæ республикæйы ныры хицауады национ риссаг фарстæм æргомæздæхт.  

 

Хъыгагæн, ацы фæстаг 30 азы ивддзинæдтæ, æнæхаиры перестройкæтæ æмæ «прихватизацитæ» ирон адæмæн æрхастой стыр зиан. Кæддæры нæргæ заводтæ, фабрикæтæ, куыстуæттæ кæй ныггафут æмæ ныддæрæн кодтой, уый иу хъуыддаг у. Фæлæ мæнмæ ноджы стырдæр зиан кæсы, нæ фыдæлтыккон æхсæнадон зондахаст хиуарзын æмæ æрмæст хиуыл аудынæй кæй раивтæм. Æвæллайгæ тъыссæм хи дзыппыты, æфсымæры, сыхаджы, хионы æрдумæ дæр нал дарæм. Æрмæстдæр мæнæн уæд хорз, стæй иннæтæ цыфæнды кæнæт. Уыцы зондахаст нын зыны царды алы фæзилæны дæр.  

 

Нæ фыдæлтæ иу афтæ загътой: «Æхца цы хъуыддаджы бацæуы, уым æгъдауæн бынат нал вæййы». Уыцы Æгъдау абон арæх нæ къæхты бын ныккæнæм, мулк, дзаджджын бынæттæ æмæ æхцайыл тохы. Нæ фыдæлтæ сæ диссаджы уæздандзинад суанг ныгуылæн Европæмæ дæр ахæццæ кодтой, фæхъæстæ дзы кодтой уымы адæмты. Мах та йæ нæхæдæг рох кæнæм. Арæх кæрæдзийы æфхæрæм, фыдæнæнтæ кæнæм, хæлæг æмæ цæстмæмитæ сарæх сты.  

Æз Дзæуджыхъæуы уынгты хæдтулгæйыл цæугæйæ, куы фенын æрыгон лæппуты æдзæсгом, схъиуд цыд кæнгæйæ, иннæты фæндаг лыг кæнгæйæ, уæд ахъуыды кæнын: «Цымæ цы бинонты ‘хсæн схъомыл ис ацы гуырд? Æппын ын уæздандзинадæй иу чысыл гæбаз куыд нæ сæвæрдтой йæ сæры йæ ныййарджытæ! Адæмæн аргъ кæнын æй куыд нæ сахуыр кодтой!»  

 

Советон рæстæджы нæ паддзахад æмæ парти иу кодтой коммунистон идеологийæ, кæцы уыдис ахсджиаг æмæ хъомысджын мадзал адæмы æмзондæй размæ цæуыны фæндагыл. Ныр уыцы политикон фæрæз байрох ис, партитæ сбирæ сты, кæрæдзийы тонынц бынæттыл тохы.  

Æмæ кæд нæ сыхæгтæ иумæйаг дины фæрцы кæрæдзиуыл хæцынц, размæ тырнынц, уæд махмæ абон официалон динты нымæц партиты нымæцæй бирæ къаддæр нæу, æмæ дингæнджытæ арæх кæрæдзийы не’мбарынц, быцæу кæнынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый раст нæу. Чи цы диныл хæцы, уый хъуамæ уа æрмæстдæр йæхи хъуыддаг, тыххæй никæйы зонд хъæуы ивын. Уыимæ, иуыллдæр стæм æфсымæртæ æмæ хотæ. Иры Ныхас фидарæй лæууы æмæ дарддæр дæр лæудзæн уыцы бындурыл. Не’хсæнадон царды та æппæты бæрзондæр хъуамæ æвæрæм нæ ирондзинад æмæ нæ адæмы фидæн.  

 

Уæдæ нæ цы иу кæны неппæты дæр? Цы нын амоны раст фæндаг уыцы фидæнмæ? Цы хъуамæ райсæм нæ адæмон идеологийы бындурæн? Æз фидарæй зæгъын – нæ фидар Ирон Æгъдау. Уым фыст ис алцыдæр. Чысылæй фæстæмæ йæ уæнгты кæмæн ахъардта, куырыхон хистæрты алы ныхасимæ дæр фыдæлты Фарнæй чи фæхъæстæ ис, уымæн амонын нæ хъæуы, цы у Ирон Æгъдау. Фæлæ уыцы хорзæхæй чи нæ фæхъæстæ, уыдонæн абон зын у йæ бамбарын, айдагъ чингуытæ кæсгæйæ.  

 

Мæнмæ гæсгæ, Ирон Æгдауыл æнæхъæн библиотекæйы бæрц куы ныффыссай чингуытæ, уæддæр æй æххæстæй нæ раргом кæндзынæ. Ахæм æнæкæрон æмæ арф мидисджын у. Уый нымайгæйæ æз, нæ мадæлон æвзаджы фидæныл чи кусы Цæгаты æмæ Хуссары, уыдонмæ, стæй æппæт Ирон адæммæ сидын – цæй æмæ райдайæм фыссын Ирон Æгъдау æмæ Фарн стыр дамгъæтæй. Афтæ кæнынц бирæ адæмтæ, канд нæ алфамбылай нæ, фæлæ фæсарæнты дæр.  

 

Хъыгагæн, æз хъысмæты тæрхонæй мæ цардæн йæ æртыккæгæм хай арвыстон уыцы фæсарæнты. Фæлæ уыимæ федтон цард, бирæ адæмыхæттыты зондахаст æмæ культурæимæ базонгæ дæн. Ис ахæм æхсæнадтæ, æппындæр æгъдау цы у, уый чи нæ зоны. Уыдон рагæй æрæгмæ зонынц закъон æмæ уымæ гæсгæ аразынц сæ цард. Закъонæй иваргонд цы хъуыддаг нæ цæуы, уый ис гæнæн. Зæгъæм, кæд дын, сылгоймагæй – нæлгоймагæй астæуæй уæлæмæ бæгънæгæй закъонмæ гæсгæ ис цæуæн, уæд гъайт кæн, дæ цæстмæ дын æй ничи бадардзæн.  

Хæрзæрæджы, Канадæй уæвгæйæ цай ацымынмæ бауадтæн иу кафемæ, университеты раз. Мæ фæстæ бахызтис æрыгон студентка. Йæ уæлæ уыдис, мæнæ денджызы был найгæйæ цы уæлæдарæс скæнынц, уыдонæй ноджы къаннæгдæр дзæумæттæ. Иннæтæй йæм йæ сæр дæр ничи раздæхта, æз та бадтæн æмæ хъуыды кодтон: «Ау, мах дæр мæнæ ахæм уавæрмæ цæуæм?! Æмæ кæд о, уæд абон цæмæй бауромæн ис уыцы сæрсæфæнмæ тылд?» Закъонæй? Чи зоны, æмæ уыцы фæрæзæй дæр æнæмæнг арæхстгай пайда кæнын хъæуы.  

Фæлæ нæ Ирон Æфсарм царды фæстæмæ куынæ сфидар кæнæм, уæд нын закъон дæр ницыуал баххуыс кæндзæн, уымæн æмæ райсом закъонтæ æвæрдзысты абон бæгънæгæй чи цæуы æмæ сæ хистæртæ ирондзинадæй æппындæр кæй нæ фæхъæстæ кодтой, уыдон. Уæ фарн бирæ, фæлæ æз иу сæрды мæ чысыл хæрæфыртты Дзæуджыхъæуы паркмæ куы рахуыдтон, уæд иу хатгæй мæхи цæсгом ссыгъди, боныгон æнæфсармæй хъомыл лæппутæ æмæ чызджытæ кæрæдзиуыл ныттыхсынц, сæ алыварс адæмы æрдумæ дæр нæ дарынц. Иу ахæмты ратардтон Намысы Мемориалы беслæныхъæуы æдзард сывæллæттæн цы цыртдзæвæн ис, раст уый рæбынæй. Карзæй сын бауайдзæф æмæ хатыр ракуырдтой. Фæлæ дарддæр та цы? Иугай уайдзæфтæй хъуыддаг аивдзæн. Нæ.  

 

Иумæ куынæ æрбалæууæм, куынæ ссарæм ахадгæ мадзæлттæ, фурды раивылдау нæм фæсарæнтæй парахатæй интернеты æмæ киноты фæрцы цы лакъондон цæуы, уый ныхмæ, уæд райсом байрæджы уыдзæн. Гъе, уымæн нæ хъæуы не’хсæнадон змæлд æмæ мæнæ ацы уанел дæр. Фæсивæды ‘хсæн æвæстиатæй рапарахат кæнын хъæуы аггаг хъомыладон куыст. Хъуамæ ссарæм фæндаг сæ зæрдæтæм, сæ миддунемæ.  

Афтæ чи фæзæгъы: «Нæ фæсивæд фесæфтысты», уыдонимæ æз разы нæ дæн. Ис нæм æвзæртæ дæр, æнæмæнг. Фæлæ æмткæй райсгæйæ нæ фæсивæд абон сты тынг хорз, зæрдæргъæвд, зондджын, ныфсджын. Лæгдзинад равдисын куы бахъæуы, уæддæр сæхи нæ бамбæхсынц, раст фараст азы размæ Хуссар Ирыстоны куыд æрлæууыдысты знаджы ныхмæ, афтæ. Уæдæ кæцæй цæуынц нæ алыварс цы фыдуынд æмæ æнæгъдау митæ уынæм, уыдæттæ? 

 

Æргом ныхасы къæм нæй, æмæ хъыг макæмæ фæкæсæд, фæлæ абоны фæсивæдæй бирæтæ сæ хистæртæй нæ райстой нæдæр фыдæлты фарны хай, нæдæр æгъдау, нæдæр мадæлон æвзаджы стыр хъомыс. Бирæ хистæртæ арæх сæхæдæг дæр вæййынц æнæхай кæй ранымадтон уыцы хорзæхтæй. Чи баххæст кæндзæн кæстæрты хъомылады уыцы афтид бынат? Чи сæ сараздзæн раст фæндагыл, мах дæр сыл нæхи куы атигъ кæнæм, уæд?  

 

Кæстæрмæ уæлейæ дæлæмæ кæсын нæ хъæуы, нæ дæ бамбардзæн. Йæ фарстмæ æрбад, æмæ йемæ æргомæй, уæзданæй ныхас кæн. Уымæй ахсджиагдæр та у, кæстæртæн раст дæнцæг æвдисын. Æгъдау афтид ныхæстæй нæу. Йæхи адæмы раз æнæуагæй, æнæгъдауæй чи ’вдисы, фынджы уæлхъус фыднуазт чи кæны, уымæ кæстæртæ никуы байхъусдзысты, цыфæнды домд сæ куы кæна, уæддæр. Уый нæ арæх ферох вæййы. Нæ хъæуты, горæтты, районты Ныхасты кæд исчи йæхиуыл уыцы хъуыддагæй йæ зæрдæ нæ дары, уæд хуыздæр уыдзæнис куынæ кæна æхсæнадон куыст. Зиан йедтæмæ ницы æрхæсдзæн. Уыцы домæн æххæстæй хауы райсом цы Координацион Советы уæнгты æвзардзыстæм уыдонмæ дæр, стæй комкоммæ мæхимæ.  

 

Адæмимæ ныхас кæнгæйæ арæх фенæн ис ахæм быцæу: «Цы нын у ахсджиагдæр, æгъдау æви мадæлон æвзаг?» Æз ахæм фарста растыл нæ нымайын. Уымæн æмæ уыцы дыууæ хæзнайæн æнæ кæрæдзи царæн нæй. Цы у иронау чи дзуры, фæлæ æгъдау кæмæ нæй? Гъе та чи бамбардзæн æгъдау æххæстæй, йæ мадæлон æвзагыл чи нæ дзуры? Бирæтæм, фылдæр ам, Дзæуджыхъæуы, мадæлон æвзаг кæсы æрмæст дзурынан æмæ дзурæджы æмбарынæн иу мадзал. Ис æй баивæн æндæр ахæм мадзалæй дæр, цы хъауджыдæр у? Уырыссагау дæр дæ бамбардзысты адæм. Уæдæ фæсарæнты та – англисагау. Æрмæст ахæмтæ нæ бамбарынц иу æцæгдзинад. Мадæлон æвзаг айдагъ дзурынæн кæй нæу.  

Мæнæ мын ацы галуаны дунейы хæзнатæ байтау, фæлæ мын дуарæй дæгъæл ма ратт. Куыдæй базондзынæн куыд аив æмæ диссаг сты уыцы хæзнатæ? Гъе, уыцы дæгъæл у махæн нæ мадæлон æвзаг. Æрмæстдæр нын уый гом кæны дуар нæ адæмы хæзнадонмæ, нæ фыдæлты Фарнмæ. Æмæ кæд нæ мадæлон æвзагыл нæ бæстæй хицауады аххосæй 60-70 æзты нæ къух ауыгътам, уæд уыцы рæстæджы чи схъомыл ис, мæнæ мæхи фæлтæрæй дæр, уыдонæй бирæтæ æнæхай баззадысты хæзнатæй, не сты фарн æмæ æгъдау хæссæг. Адæймагмæ йæхимæ цы нæ уа, уымæй нæу йæ бон фæхай кæнын йæ кæстæртæн дæр.  

 

Абайты Васо афтæ фыста: «Национ химбарынад æнæскъуыйгæ баст у национ æвзагимæ. Мадæлон æвзаджы мæлæт адæмы æнæмæнг æркæны сæфтмæ». Нæ куырыхон зындгонд ахуыргондæй æвæццæгæн хуыздæр зæгъæн нæй. Уæдæ цы зондæй хæссынц абон мингай ирон ныййарджытæ, нанатæ æмæ дадатæ марыны тæрхон нæ ирон адæмы фидæнæн? Цы зондæй кæнынц æнæхай сæ кæстæрты, æгас дунейы ахуыргæндтæ дис кæуыл кæнынц, нæ уыцы хæзнадонæй? Кæд Хъамболты Тамерланы нымадмæ гæсгæ абон Дзæуджыхъæуы сывæллæттæй 10-15% йедтæмæ сæ мадæлон æвзагыл нæ дзурынц, уæд цы уавæры уыдзæн на Ирыстон, уыцы кæстæртæ куы байрæзой æмæ адæмæн къухылдариуæг куы кæной, уæд? Ацы фарстатæн æз мæхæдæг зæрдæмæдзæугæ дзуапп не ссардзынæн. Уæдæ бавдæлæм, æмæ сыл иумæ ахъуыды кæнæм, бинонты, мыггæджы, сыхбæсты, хъæубæсты мидæг, не’хсæнадон змæлды мидæг. Рахæссæм аггаг уынаффæтæ.  

 

Бæлвырд у, скъолаты ирон æвзаг ахуыр кæныны уавæрмæ бæстон æркæсын хъæуы республикæйы хицауады дæр æмæ мах дæр. Æнæмæнг, ахуыргæнæн æрмæджытæ дæр хъуамæ уой лыстæг луæрст, сывæллæтты раз æрывæрыны размæ. Беслæныхъæуы Стыр Ныхасы конференцийы рæстæджы мæм æрбахастой Ирон æвзаджы хрестомати 5-æм къласæн. Уым иу сыфыл 10-11 азыдзыд лæппутæ æмæ чызджытæн лæвæрд цæуы радзырд, ус æмæ лæг чындзæхсæвы фæстæ, бахатыр кæнут, иу сынтæджы цауылнæ хуыссыдысты, уый тыххæй. Чи зоны, чиныг аразæгæн йæ хъуыдыйы уыдис, скъоладзаутæн цыдæр æгъдау бацамонын, фæлæ 5-æм къласонтæн æгæр раджы нæу ахæм æгъдæуттæ ахуыр кæнынæн? Æвæццæгæн, мах бадомын хъæудзæн цæмæй ахуыргæнæн чингуыты æрмæджыты æвзарæн къамисты мах ирон æвзаджы комитеты архайджытæ дæр хайад куыд исой. Ис нæм фæлтæрджын ахуыргæнджытæ æмæ специалисттæ.  

 

Æвзаджы хъысмæтыл ныхас куы фæкæнæм, уæд арæхдæр нæ тыхст вæййы национ ахуырады проблемæтыл. Фæлæ æз куыд кæсын æфтæмæй абон нæ сæйраг сагъæс хъуамæ суа ныййарджыты ахаст нæ мадæлон æвзаджы ‘рдæм. Дзæуджыхъæуы ирон адæмæн цæры се’мбис гыццыл хъуагæй. Æмæ кæд бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты абон сывæллонæй ирон ныхас фехъусæн нал ис, уæд уый ууыл дзурæг у, æмæ сæм сæ ныййарджытæ хæдзары дзурынц уырыссагау, афтæ сын æнцондæр у.  

Цалынмæ уыцы «модæйæн» исты æрхъуыды кæнæм, уæдмæ ницавæр мадзæлттæ сæвзæрын кæндзысты сывæллæтæм сæ мадæлон æвзагмæ раст цæстæнгас дарын. Ахуыр æй кæнынц куыд фæсарæйнаг æвзаг, дзурын нæ зонынц афтæмæй хорз бæрæггæнæнтæ исынц. Ахæм ныййарджытæн æз нывæрин тæккæ æвзæрдæр бæрæггæнæн, уымæн æмæ сæхицæн зын нæ кæнынц, сæ сабиты национ фидæныл нæ хъуыды кæнынц. Иуæй-иутæ ма суанг курдиат дæр бадæттынц, мæ сывæллоны мын ирон æвзагæй суагъд кæнут, зæгъгæ. Худинаг сæм нал кæсы ахæм знаггад кæнын, раст цыма базары хæринаг æвзарынц: уый нæ уарзын æмæ мæ нæ хъæуы. Мах бæстон ахъуыды кæнын хъæуы, цы чындæ уа ацы тæссаг уавæры. Цы хуызы ис нæ хотæ æмæ æфсымæрты уыцы фынæйæ райхъал кæнын, нæ адæмы национ фидæнмæ сæм бæрнондзинад сæвзæрын кæнын.  

 

А фæстаг дыууæ – æртæ азы арæхдæр райдыдтам дзурын нæ рагфыдæлтæ, аланты тыххæй. Нæ сыхæгтæ цас фылдæр ныхилынц ирон адæмы историмæ, уыйас нæхæдæг тынгдæр дзурæм чи уыдысты нæ рагфыдæлтæ, ууыл. Фæлæ æз та æрхъуыды кæнæн Къостайы ныхæстæ: «Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæз». Фæфæнды мæ иуæй-иуты бафæрсын: «Цымæ цæмæй аланты фæдонтæ сты? Алайнаг æвзагыл афтæ æнцонæй сæ къух кæй ауыгътой æмæ сæ кæстæртæм айдагъ уырыссагау кæй дзурынц уымæй, æви сын сæ зондахаст, сæ царды æгъдау кæй чъизи кæнынц, уымæй? Гъе та кæд рагон æфсæддонтау иумæ, æмзондæй, æмдыхæй цæуæм размæ?» Уæдæ уæ бауырнæд, ничи нын байсдзæн нæ истори, ничи йæ адавдзæн, нæхæдæг æй фидарæй куы хъахъхъæнæм, уæд.  

Искæйы фаугæйæ, йæхи чи бæрзонд кæны, уый дзы ницы рамбулдзæн. Уый сыхæгтæ дæр хъуамæ æмбарой.  

Мах нæ фыдæлтау фæнды алкæимæ дæр хæларæй цæрын, никæйы фауæм, никæимæ быцæу агурæм. Уæдæ Ирыстоны немæ цы адæмтæ цæрынц, уыдонæн дæр кæддæриддæр аргъ кæнæм. Иры Стыр Ныхас æнæмæнгæй дардзæн фидар бастдзинад уыцы адæмтимæ æмæ сæ æхсæнадон организацитимæ. Уаринаг нын æппындæр ницы ис. Иу фыдыбæстæ, иу фидæн нын ис.  

 

Уæдæ мæ сæрмагондæй зæгъын фæнды нæ Хуссар æмæ Цæгаты ахастдзинæдтыл дыууæ ныхасы. Иунæг минут дæр никуы кодтон дызæрдыг, нæ адæмы дих хъуамæ ма кæнæм. Административон арæнтыл æвæццæгæн бæстон ныхас кæндзысты политиктæ, фæлæ нæ цин, нæ хъыг, нæ бæлицтæ нæ сомбон хъуамæ уой иу. Мах не’змæлды мидæг бæстон ахъуыды кæнын хъæудзæн, цæмæй иумæ саразæм нæ бæрæгбæттæ, стæй нæ æдзард æфсымæртæ æмæ хоты мысæн бонтæ дæр. Уыимæ хорз уаид Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады 10-æм азы юбилеймæ уым куы æрæмбырд кæниккам æппæт Иры мыггæгты æвзаргæ лæгты æмæ æгас дунейæн дæр куы равдисиккам нæ иудзинад.  

 

Хъыгагæн абон нæ æхсæнады мидæг фæзындис бирæ æвзæрдзинæдтæ, æмæ сраст кæнæн кæмæн нал ис, ахæм адæмтæ дæр. Наркотиктæ уæйгæнджытæ, давджытæ, зæрæтты пенси стигъджытæ, æмæ суанг сывæллæттæн тыхмигæнджытæ дæр. Ахæмтæн закъонæй хъуамæ æнæмæнг карздæр тæрхон хаст цæуа. Фæлæ ма уыимæ нæ фыдæлтæм уыдис ноджы æндæр мадзæлттæ – сæхи, æхсæнадон тæрхон, худинаг адæмыл айхъусын кæнын, æвзæргæнæджы æхсæнады мидæг æгады бынаты сæвæрын. Уыцы мадзæлттæй абон мах æппындæр нал пайда кæнæм. Алчи йæхи иуварс ласы, мæ хæдзар кæронæй ис, зæгъгæ. Уый дæр у нæ абоны зылын зондахасты миниуæг.  

Цæуылнæ хъуамæ æркæса мыггаг, чъизи йæ чи кæны ахæм хицæн адæймæгтæм, кæнæ бинонтæм, цæуылнæ сæ æрдома дзуапп? Нæ фыдæлтæм йæ мыггаджы æгад чи кодта, уымæн карздæр тæрхон хаста мыггаг йæхæдæг. Ахъуыды кæнæм, уыцы æгъдау нæ бон раздахын у, æви нæ. Æз сидын Координацион Советмæ райсом æвзæрст чи æрцæуа, уыдонмæ, стæй уеппæтмæ дæр. Мыггæгты мидæг æмæ Иры Стыр Ныхасы змæлды саразæм æхсæнадон Тæрхон, кæцы кæсдзæн худинаг нæ чи кæны уыцы адæмы уагмæ, фидауын кæндзæн туджджынты æмæ хынцдзæн иннæ ахæм æхсæнадон фарстатæ. Кæд уыцы Тæрхон йæ раст бынат ссара нæ æхсæнады, уæд дарддæр уыдзæн ахъуыды кæнæн Хъодыйы æгъдау раздахыныл дæр, куыд ахъаззагдæр æхсæнадон мадзал ирон адæмы ныхмæ тæккæ æвирхъаудæр фыдракæндты фæдыл. Ома раздæрау йæ цæрæн бынæтæй ничи никæй сыстын кæндзæн, уый закъон нæ уадзы. Фæлæ хъодыгондæн салам мауал дæттын, йæ хæдзармæ йын мауал цæуын æмæ йæ мауал хонын, мыггаджы æмæ сыхбæсты мидæг ын æххуыс мауал кæнын, - уый нæдæр Конституци, нæдæр паддзахадон закъонтæ халы.  

 

Мæ хотæ æмæ ме’фсымæртæ!  

Иры Стыр Ныхасы ис фаг хъомыс, ис уæрæх авналæнтæ, цæмæй æхсæнадон цард фæхуыздæр кæнæм, уымæн. Хъæуы дзы арæхстгай пайда кæнын. Мæ фыды æрцыдмæ дзæбæхæй цæрут уеппæтдæр. Кæд Уæрæсейы сгуыхт ахуыргæнæг уыдис, уæддæр бирæ уарзта хæдзары къухæй кусын дæр. Æмæ иу исты стыр куысты размæ дзæвгар рæстæг бахардз кодта йæ кусæн гæрзтæ барæвдз кæныныл. Уый фæстæ дам кусын бирæ æнцондæр вæййы. Æмæ мæнæн абон мæ зæрды уæ размæ рахæссын ис, Иры Стыр Ныхасы кусæн гæрзтæ, цы ахсджиаг куыст нæм кæсы, уый размæ бацæттæ кæныны мадзæлттæ.  

 

Фыццаджыдæр, не змæлды æхсæнадон къæпхæн зынгæ фæбæрзонддæр кæнын хъæуы. Афтæмæй нын æнцондæр уыдзæн нæ размæ цы хæстæ æвæрæм, уыдоныл сæмбæлын. Æз сидын Республика Цæгат Ирыстон – Алани æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны парламенттæм, цæмæй æркæсой не змæлдæн, йæ стыр хастæ æмæ нысантæ нымайгæйæ, закъонхæссæн хъæппæристы бар раттыны фарстамæ. Уыимæ, хорз уаид парламентты ахсджиаг æхсæнадон фарстатæм æркæсынмæ иу мах дæр куы фæхониккой.  

 

Дарддæр, Координацион Советы уæнгты нымæц зынгæ фæкъаддæр кæнын хъæуы. Кæд абоны онг 120 уыдысты, уæд райсом фагыл банымайæн уыдзæн 70-йæ 80-йы онг нымæц.  

Æнæмæнг фæкъаддæр кæнын хъæуы Советы комитетты нымæц. Ныртæккæ сты 14. Куыд хъуыды кæнын афтæмæй, абоны уавæры нæ бон уыйбæрц куыстыл аххæссын нæ бауыдзæн. Рахицæн дзы кæнын хъæуы сæйрагдæртæ, æмæ уыдоныл бæстондæр бакусын.  

Нæ нæ хъæуынц Координацион Советы сæрдары бирæ хæдивджытæ дæр. Æртæ уыдзæн фаг, уыдонимæ иу – Хуссар Ирыстоны.  

 

Ис ма мæм ноджы иу хъуыды. Æз, чидæр куыд зæгъы, афтæ 18-æм æнусы царды уаг абонмæ хæссыныл нæ архайын. Фæлæ нæ фыдæлты æгъдауы бындурон цæджындзтæн та сафæн нæй, уæд нæ бæстыхай хæлгæ кæны. Уыцы фыдæлты Ныхасы уыдис уæздандзинад, алкæмæн дæр хиуылхæцгæ фæлæ æргом ныхасы фæрцы йæ хъуыдытæ раргом кæнын бар. Абон нæ хатгай уыцы уагæвæрд ферох вæййы, кæрæдзийы ныхас исæм, иу иннæмæ нал фæхъусы, йæ ныхасæн ын аргъ нал фæкæны. Чидæртæ æрдомынц М.Горбачев нын нæ царды цы лæджы цæсгом чъизи кæнæн æгъдæуттæ сæвæрдта, уыдон æххæст кæнын дæр.  

Никуы уыдис нæ фыдæлтæм æмбæхстæй ныхас кæныны æмæ фæскъуымæй искæмæн аргъ кæныны агъдау. Уый махæн нæу сæрмæ хæссинаг. Кæд дæм æргомæй дæ хъуыдытæ зæгъыны фаг лæгдзинад нæй, уæд нæ цасгомæмбæхстæй дæр нæ хъæуынц уыцы хъуыдытæ. Уæд бауадз кæмæ ис уыцы лæгдзинад, уыдоны. Уыцы хъуыдыимæ æз уæ размæ хæссын мæ фæнд, Иры Стыр Ныхасы куыстæй иуварс айсын уынаффæтыл сусæгæй хъæлæс кæныны æгъдау. Нæй нæ Уæгæвæрды (Уставы) ахæм æгъдау, æмæ йæ нæ куысты дæр мауал кой кæнæм.  

 

Ныхасы сæрдæрæй мæ куынæма равзæрстой, уæддæр арæх дзырдтон ирон мыггæгты стыр хъомысы фæдыл. Æз федтон ахæм адæмыхæттыты, нæдæр бинонтæ, нæдæр сыхаг, нæдæр мыггаг царды исты ахадгæ бынат кæмæ нæ ахсынц. Ахæм ратты адаймаг цæры йæхицæн, исы цардæй æхсызгондзинад кæй йæ ничи ницæмæ дары, уымæй. Уыцы зондимæ, зæгъæм, АИШ æмæ Канадайы официалон сфарстыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæсивæдæн се’ртыккæгæм хаймæ бинонтæ кæныны хъуыды нæй. Афтæ сын æнцондæр у. Махæн нæ бындурон зондахаст у æндæр. Хиуарзондзинад нæ сафгæ кæны. Уый хъуыдыгæнгæйæ ирон мыггæгтæн се’нгомдзинад кæд чысыл фæцудыдта, уæддæр сæм ис фаг хъомыс æмæ фыдæлты фарн, цæмæй фæстæмæ сæ ахсджиаг бынат бацахсой æхсæнады мидæг. Хорз у 2-3 азы иу хатт мыггаджы куывд скæнын, хиуæттæ кæрæдзийы фенынц, бацин кæнынц. Фæлæ уыимæ зынгæ хуыздæр у, мыггаджы хуыздæр æмæ дзырдзæугæдæр минæвæрттæ куы æрымбырд уой, се’хсæн æвзæрст лæгтæ куы снысан кæной, æмæ уыцы лæгтæ мыггаджы иудзинадыл, йæ фидæныл куы бакусой. Уыцы фæндагыл ныллææугæйæ ис тынг бирæ хæрзтæ саразæн мыггагæн йæхицæн дæр, стæй нæ адæмы фидæнæн. 

 

Мах ахæм мыггæгтæн æнæмæнг баххуыс кæндзыстæм. Ис нæм мыггæгты комитет, йæ сæргълæууæг Агкацаты Юри, кæцы æвæллайгæйæ кусы уыцы фарстатыл. Табуафси, æрбацæут нæм æмæ уын мах бацамондзыстæм цы хъæуы саразын æмæ куыд. Куы хъæуа, уæд уын уæ мыггаджы æмбырдтæн рахицæн кæндзыстæм нæ агъуыст дæр. Фидæны махæн ис нæ зæрды мæнæ ахæм уанелтæм немæ бастдзинад чи дары, уыцы мыггæгтæй комкоммæ делегаттæ æвзарын. Уыимæ саразын хъæуы иудадзыг кусæг, мыггæгты æвзæрст лæгты Совет. Уый архайдзæн мыггæгты иумæйаг фарстатыл æмæ хæсдзæн уынаффæтæ, кæцытæм иу мах уый фæстæ æркæсдзыстæм нæ Коордипнацион Советы кæнæ йæ президиумы æмбырды. Уыцы бындурыл ис сæвæрæн мыггæгтимæ иумæйаг куыст. 

 

Районты конференциты æмæ дзыллон информацион фæрæзты арæх цыдис ныхас не’змæлды ном аивыны фæдыл. Бирæтæ растыл нæ нымайынц Стыр Ныхас æй кæй хонæм, уый. Уыимæ ацы уанелы нæ зæрды уыдис нæ Уставмæ дæр чысыл ивддзинæдтæ бахæссын. Фæлæ дыууæ хъуыддаджы дæр сæмбæлдысты иу стыр къуыхцыйыл. Куыд зонут афтæмæй нæ æхсæнæдон организаци æхсæз азы размæ фидаргонд æрцыдис Мæскуыйы, Уæрæсейы Юстицийы Министрады куыд æппæтдунеон змæлд. Уымæн бахъуыдис тынг бацархайын, стæй бирæ стыр офистыл æмæ зындгонд бæрнон адæмыл фæзилын. Ныртæккæ Уарасейы ис æрмæст æртæ ахæм организацийы, æмæ мах иуылдæр сæрыстыр стæм уымæй. Уставмæ ивддзинæдтæ куы бахæссæм, кæнæ нæ организацийы ном куы аивæм, уæд уыцы статус гæнæн ис фесафæм, æмæ нын уый æрхæсдзæн фылдæр зиан. Уый фæдыл уæм сидын, уыцы фарстатæ ацы уанелы ма æвæрут. Стыр Ныхасы ном кæй зæрдæмæ нæ цæуы уыдонæн йæ сæ бон у Иры Ныхас, кæнæ Ныхас хонын. Гæххæттыл та уал æй куыд у афтæ уадзæм.  

 

Зынаргъ уанелы архайджытæ!  

Мах арæх нæ цард фæхуыздæр кæнынмæ æнхъæлмæ фæкæсæм хорз хицаумæ. Кæм республикæйы сæргълæуæгмæ, кæм министырмæ, кæм Иры Ныхасы сæрдæрмæ. Æнæмæнг уыдонæй бирæ аразгæ у, фæлæ нæхæдæг дæр ам цæрæм, уый нæ арæх ферох вæййы. Мæнæ доны ныгъуылгæйæ Уастырджимæ æххуысмæ чи æнхъæлмæ кастис, уый хуызæн.  

Бирæ фарстатæ нæхимæ кæсынц, æддагон сæ нæ бахынцдзæн. Нæдæр Битарты Вячеслав, нæдæр министыртæ, нæдæр Кучиты Руслан æрцæудзæн уæ хæдзармæ æмæ уын уæ кæстæрты иронау дзурыныл нæ сахуыр кæндзæн. Уæхимæ кæсы уыцы хъуыддаг. 

Ацы куыстмæ Зиуы цæстæй кæсын хъæуы. Æрмæстдæр иумæ ис саразæн нæ цард хуыздæр, нæ фидæн райдзастдæр. Кæрæдзийы нымайгæйæ, кæрæдзимæ хъусгæйæ, кæрæдзийæн æххусгæнгæйæ.  

Æмæ нын иунæг Кадджын Стыр Хуыцау иудзинадмæ тырныны фидар зонд балæвар кæнæд! 

Стыр бузныг уеппæтæн дæр. 

 

Кучиты Руслан 



 Комментарии к статье (0)      Версия для печати
 
Выдающиеся осетины