Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Лæгуын хъазтæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (1)      Мыхуыры рауадзын

Мæ фыды мадæй фехъуыстон ахæм хабар, æрцыд советон хицауад арахъ уадзын куы нæ уагътой, уæд.  

Мæдинæт (ном бæлвырд нал хъуыды кæнын) сæ мæргъты кæрты арахъ уагъта. Фыццаг аг уагъд фæци, æнтыды уæлдæйттæ дард хæссынмæ фæзивæг кодта, æмæ сæ кæркдоны фарсмæ акалдта.  

Агтæ арахъхъагæй айдзаг кодта æмæ дарддæр йæ куыст каены. Стаей хæдзармæ цæмæдæр бауад æмæ дзы дзæвгар афæстиат. Кæртмæ фæстæмæ куы рахызт уæд кæсы æмæ йæ хъазтæ бындзагъд фесты. Цы сыл æрбамбæлыдаид, кæд сыл, мыййаг, низ фæтых - хъуыдытæ кодта ус. Схæцтытæ сыл кодта, кæд ма æргæвдынмæ бæззынц, зæгъгæ. Фæлæ хъазтæй сæ иу дæр нал базмæлыд. Тынг сыл фæхъыгтæ кодта, сæ бумбулитæ сын базтæн нытыдта æмæ сæ фæсхъæу цы бырондон уыд, уырдæм аппæрста.  

Изæры, фос ривæдæй здæхын куы байдыдтой, уæд уынгæй Мæдинæты хъустыл ауад адæмы уынæр. Æддæмæ ракаст æмæ сагъдауæй баззад: йæ кæртыдуармæ цудгæ-мудгæ æрбахæццæ сты æрдæгтынд хъазтæ. Хабар афтæ рауад æмæ хъазтæ æнтыдæй фыдхæрд фесты æмæ срасыг сты. Сæ нозт куы ссыд, уæд сæ хæдзармæ æрцыдысты.  

Цы гæнæн ма уыд, хабар куыд уыд, уый адæмæн радзырдта ус. Сыхæгтæ сæ цæссыг калгæ худæгæй мардысты, суанг ма абон дæр ацы хабар нæ рох кæнынц, æрмæст хъазтæ лæгуынæй цы баисты, уый ничиуал хъуыды кæны. 

 

Сайтмæ йæ æрбæрвыста  

"Нанайычызг"



 Фиппаинæгтæ (1)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ